24 СӔР
Давӕг дӕ макуы рауайӕд!
ИСКУЫ дӕ исты адавтой? ~ Ӕмӕ дын ӕхсызгон уыди? ~ Давгӕ чи кӕны, уыдоны ничи уарзы. Фӕлӕ адӕймаг давӕг куыд свӕййы? Давӕгӕй райгуыры? ~
Куыд ӕй базыдтам, афтӕмӕй адӕймаг райгуыры тӕригъӕдджынӕй. Уый тыххӕй иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст. Фӕлӕ давӕгӕй ничи райгуыры. Давӕг схъомыл вӕййы хорз бинонты ’хсӕн дӕр. Йӕ ныййарджытӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ вӕййынц хорз, давгӕ нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ уый давын райдайы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы бирӕ ӕхца кӕнӕ, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕ.
Куыд хъуыды кӕныс, фыццаг давӕг чи уыди? ~ Иумӕ-ма йыл ахъуыды кӕнӕм. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уӕлӕрвты куы цард, уӕд уыцы давӕджы хорз зыдта. Уыцы давӕг уыди зӕд. Фӕлӕ кӕд Хуыцау зӕдты се ’ппӕты дӕр ӕххӕстӕй сфӕлдыста, уӕд уыцы зӕд давӕг куыд сси? ~ 8-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй йӕ ӕрхъуыди, йӕхи цы нӕ уыд, ахӕм цыдӕр. Цы йӕ бафӕндыд, уый ма хъуыды кӕныс? ~
Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕд уыцы зӕды бафӕндыди, цӕмӕй уымӕн кувой. Фӕлӕ йын уый бар нӕ уыди. Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ куывтаиккой ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн. Фӕлӕ сӕ уыцы зӕд йӕхирдӕм фӕкодта, ӕмӕ уымӕн кувын райдыдтой. Ӕмӕ афтӕмӕй уый сси давӕг. Уӕд сси Сайтан Хӕйрӕг.
Куыд хъуыды кӕныс, адӕймаг давӕг цӕмӕн свӕййы? ~ Уымӕн ӕмӕ йӕ бафӕнды, йӕхи цы нӕу, уый йӕхицӕн райсын. Уыцы фӕнд ахӕм тыхджын вӕййы, ӕмӕ хорз адӕм дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын райдайынц. Давгӕ чи кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ митыл никуы ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ никуыуал схорз вӕййынц. Иу ахӕм адӕймаг уыди Йесойы апостол Иудӕ Искариот.
Иудӕ зыдта, давын ӕвзӕр кӕй у, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцауы Закъон йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ амыдтой. Зыдта ма, иухатт Хуыцау йӕхӕдӕг йӕ адӕммӕ арвӕй кӕй ӕрдзырдта: «Ма адав» (Рацыд 20:15). Иудӕ куы сыстыр, уӕд базонгӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгимӕ ӕмӕ сси йӕ ахуыргӕнинаг. Фӕстӕдӕр та сси Йесойы 12 апостолӕй сӕ иу.
Йесо-иу искуыдӕм куы цыди, уӕд-иу йӕ апостолтӕ дӕр уыдысты йемӕ. Хӕргӕ дӕр иумӕ кодтой. Се ’хцатӕ та иууылдӕр ӕвӕрд уыдысты иу къоппы. Уыцы къопп Йесо радта Иудӕмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕхцатӕ Иудӕйы нӕ уыдысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр цы райдыдта аразын, уый зоныс? ~
Иудӕ давын цӕмӕн райдыдта?
Иудӕ райдыдта къоппӕй йӕхицӕн ӕхцатӕ исын. Иста-иу дзы, иннӕтӕ йӕ куы нӕ уыдтой, уӕд. Ӕмӕ йын фаг дӕр нӕ кодта, хъуыди йӕ ноджы фылдӕр. Уый хъуыды кодта ӕрмӕстдӕр ӕхцатыл. Ӕмӕ уый тыххӕй бакодта тынг ӕвзӕр хъуыддаг. Уыцы хабар ӕрцыд, Йесойы куы амардтой, уымӕй цалдӕр боны размӕ.
Йесо йе ’мбал Лазӕрмӕ куы уыди, уӕд Лазӕры хо Марийӕ райста зынаргъ сой ӕмӕ дзы Йесойы къӕхтӕ байсӕрста. Фӕлӕ Иудӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдта. Зоныс, цӕмӕн? ~ Иудӕ дзырдта, зӕгъгӕ, уыцы сой хъуыди ауӕй кӕнын ӕмӕ ӕхцатӕ мӕгуыртыл байуарын. Ӕцӕгӕй та мӕгуыртыл нӕ мӕт кодта, фӕлӕ йӕ фӕндыди, цӕмӕй уыцы ӕхцатӕ къоппы сӕвӕрдтаиккой ӕмӕ дзы уый фӕстӕ йӕхицӕн систаид (Иоанны 12:1–6).
Йесо Иудӕйӕн загъта, ныууадз ӕй, зӕгъгӕ. Марийӕ йын хорздзинад сарӕзта. Уыцы ныхӕстӕ Иудӕйӕн хъыг уыдысты, ӕмӕ уӕд ацыди сауджынты хистӕртӕм, Йесойы знӕгтӕм. Уыдон хъавыдысты Йесойы ӕрцахсынмӕ. Фӕлӕ сӕ фӕндыди, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой ӕхсӕвы, куыд ничи сӕ федтаид, афтӕ.
Иудӕ сауджынтӕн загъта: «Ӕхца мын куы раттат, уӕд уын зӕгъдзынӕн, Йесойы куыд ис ӕрцахсӕн, уый. Цас мын ратдзыстут?»
«Ратдзыстӕм дын ӕртын ӕвзист ӕхцайы»,– дзуапп ын радтой сауджынтӕ (Матфейы 26:14–16).
Иудӕ уыцы ’хцатӕ райста. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы ауӕй кодта. Ахъуыды-ма кӕн, цы ’взӕр хъуыддаг бакодта! Адӕймаг давӕг куы свӕййы ӕмӕ ӕхцатӕ куы фӕдавы, уӕд ахӕм митӕ бакӕны. Уый ӕхца фӕуарзы адӕмӕй ӕмӕ суанг Хуыцауӕй дӕр фылдӕр.
Чи зоны, ӕмӕ зӕгъай: «Ӕз Йегъовӕйӕ фылдӕр никуы ницы уарздзынӕн!» Афтӕ кӕй хъуыды кӕныс, уый хорз у. Йесо Иудӕйы апостолӕй куы равзӕрста, уӕд Иудӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта. Ӕмӕ давӕг чи сси, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ раздӕр афтӕ хъуыды кодтой. Аныхас кӕнӕм ӕртӕ ахӕм адӕймагыл.
Ахан ӕмӕ Давид цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хъуыды кодтой?
Уыдонӕй иу уыди Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Ахан. Уый цард, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг куы райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр. Иухатт Ахан федта рӕсугъд дарӕс, сызгъӕрины къӕртт ӕмӕ ӕвзист ӕхцатӕ. Фӕлӕ уыдон Аханы нӕ уыдысты. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыдон уыдысты Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕ адӕм се знӕгтӕй байстой. Фӕлӕ Аханы афтӕ тынг ӕрхъуыдысты, ӕмӕ сӕ адавта (Йесо Навин 6:19; 7:11, 20–22).
Иннӕ адӕймаг та уыди Давид. Уый дӕр цард тынг раджы. Йегъовӕ Давиды сӕвӕрдта израилӕгтӕн паддзахӕй. Иухатт Давид федта иу рӕсугъд сылгоймаг Вирсавийы, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Давид ӕм бирӕ фӕкаст, ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ хӕдзармӕ йӕ ӕрбакӕнын. Фӕлӕ Вирсавийӕн уыди лӕг – Ури. Куыд хъуамӕ бакодтаид Давид? ~
Давид хъуамӕ Вирсавийы ферох кодтаид, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Йӕ хӕдзармӕ йӕ ӕрбакодта. Уый фӕстӕ та Урийы амарын кодта. Давид уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн сарӕзта? ~ Уымӕн ӕмӕ хъуыды кодта кӕйдӕр усыл ӕмӕ уыцы хъуыды йӕ сӕрӕй нӕ аппӕрста (2 Паддзахӕдты 11:2–27).
Цӕмӕн ис Авессаломы давӕг схонӕн?
Давид йӕ митыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ удӕгасӕй ныууагъта. Фӕлӕ йыл ӕрцыд бирӕ бӕллӕхтӕ. Йӕ фырт Авессаломы бафӕндыд, цӕмӕй йын йӕ бынат, ома паддзахы бынат, бацахстаид. Ӕмӕ-иу Давидмӕ цы адӕм ӕрбацыд, уыдонӕн-иу хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодта. Библийы афтӕ фыст ис: «Авессалом давта израилӕгты зӕрдӕтӕ». Афтӕмӕй израилӕгты бафӕндыд, цӕмӕй Давиды бӕсты паддзах суыдаид Авессалом (2 Паддзахӕдты 15:1–12).
Дӕу дӕр искуы Ахан, Давид ӕмӕ Авессаломау афтӕ тынг исты ӕрхъуыди? ~ Мах цы нӕу, уый ӕнӕфӕрсгӕйӕ куы райсӕм, уӕд давгӕ кӕнӕм. Хъуыды ма йӕ кӕныс, фыццаг давӕг Хӕйрӕджы цы фӕндыд? ~ Фӕндыди йӕ, цӕмӕй адӕм Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн кувой. Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы йӕхирдӕм куы фӕкодта, уӕд адавта, Хуыцауы цы уыд, уый.
Искӕй исты райсын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ бафӕрса уыцы дзаумайы хицауы. Зӕгъӕм, де ’мбӕлттӕй искӕмӕ хъазынмӕ ацыдтӕ. Куыд хъуыды кӕныс, уырдыгӕй исты куы рахӕссай, уӕд уый раст уыдзӕн? ~ Йӕ фыд кӕнӕ дын йӕ мад куы нӕ зӕгъа, ахӕсс ӕй, зӕгъгӕ, уӕд раст нӕ уыдзӕн. Искӕмӕй исты ӕнӕфӕрсгӕйӕ куы рахӕссай, уӕд давгӕ кӕныс.
Адӕймаджы цӕмӕн бафӕнды адавын? ~ Уымӕн ӕмӕ, йӕхи цы нӕу, уый йӕ тынг ӕрхъӕуы. Ӕмӕ йӕ адӕмӕй куы ничи фена, уӕддӕр ӕй чи фендзӕн? ~ Йегъовӕ Хуыцау. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: давгӕ чи кӕны, уыдоны Хуыцау нӕ уарзы. Уӕдӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы куы уарзай, уӕд дӕ давӕг никуы рауайдзӕн.
Библийы ӕргом фыст ис, давын ӕвзӕр кӕй у. Бакӕс-ма Марчы 10:17–19; Ромӕгтӕм 13:9 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:28.