Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 39 сӕр, 202–206 фф.
  • Хуыцау йӕ Фырты нӕ ферох кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау йӕ Фырты нӕ ферох кодта
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо райгас
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо райгас
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо ӕгас у!
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 39 сӕр, 202–206 фф.

39 СӔР

Хуыцау йӕ Фырты нӕ ферох кодта

ЙЕСОЙӔН йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст ӕмӕ ма кӕугӕ дӕр фӕкодта. Ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг куы хъизӕмар кодта ӕмӕ куы амард, уӕд цымӕ Йегъовӕйӕн зын нӕ уыди? Куыд хъуыды кӕныс? ~ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй ис Хуыцауы фӕхъыг кӕнӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕн дӕр (Псалом 78:40, 41; Иоанны 11:35).

Куыд зын уыдаид Йегъовӕйӕн, йӕ уарзон Фырт куыд мӕлы, уымӕ кӕсын! Фӕлӕ йӕ Йесо зыдта, Хуыцау ӕй кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ фӕстагмӕ уый тыххӕй загъта афтӕ: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ цард» (Лукайы 23:46).

Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ «ингӕны» кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Йесо куы райгас, уӕд апостол Петр загъта, уый размӕ Библийы Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ уыд фыст, уыдон: «Уый ингӕны нӕ баззад ӕмӕ йӕ буар нӕ бамбыд» (Хъуыддӕгтӕ 2:31; Псалом 16:10). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесойы буар ингӕны бирӕ нӕ фӕци ӕмӕ нӕ бамбыд, стӕй тӕф дӕр не скодта.

Йесо ма зӕххыл куы цард, уӕд йӕхӕдӕг дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, куы амӕла, уӕд ингӕны бирӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн. Загъта сын, кӕй йӕ «амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон кӕй райгас уыдзӕн» (Лукайы 9:22). Уӕдӕ Йесо куы райгас уыдаид, уӕд уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хъуамӕ диссаг ма фӕкастаид. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди? ~ Базонӕм-ма йӕ.

Йесо амард майрӕмбоны, боны 3 сахатмӕ ’ввахс. Йесойӕн уыди иу ахуыргӕнинаг, Иосиф, зӕгъгӕ, фӕлӕ, Йесойыл кӕй ӕууӕнды, уый никӕмӕн дзырдта. Уый уыди хъӕздыг адӕймаг ӕмӕ уыд Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕй сӕ иу. Йесо кӕй амард, уый Иосиф куы базыдта, уӕд ӕрбацыд Пилатмӕ, ромаг хицаумӕ, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын бар ратта, ӕмӕ Йесойы мард хъӕдӕй ӕриса ӕмӕ йӕ баныгӕна. Уый фӕстӕ йӕ Иосиф бавӕрдта, уырдӕм хӕстӕг дыргъдоны цы зӕппадз уыди, уым. Зӕппадз у, марды-иу кӕм бавӕрдтой, ахӕм бынат.

Йесойы зӕппадзы куы бавӕрдтой, уӕд бахизӕныл бафӕлдӕхтой стыр дур. Уӕдмӕ ӕртыккаг бон дӕр ралӕууыд. Уый уыди хуыцаубон. Хур нӕма скаст, ӕмӕ нырма уыди талынг. Зӕппадзы раз лӕууыд хъахъхъӕнджытӕ. Уым сӕ сӕвӕрдтой сауджынты хистӕртӕ. Зоныс, цӕмӕн? ~

Йесо афтӕ кӕй загъта, райгас уыдзынӕн, зӕгъгӕ, уый сауджынтӕ дӕр фехъуыстой. Ӕмӕ зӕппадзы раз сӕвӕрдтой хъахъхъӕнджыты, цӕмӕй, дам, ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ мард ма адавой ӕмӕ стӕй ма зӕгъой, Йесо райгас, зӕгъгӕ. Гъемӕ хъахъхъӕнджытӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ ӕвиппайды зӕхх ныззыр-зыр кодта! Уыцы талынджы цыдӕр ферттывта, тынг ныррухс. Уый уыди Йегъовӕйы зӕд! Хъахъхъӕнджытӕ фыртӕссӕй змӕлгӕ дӕр нал кодтой. Зӕд бацыди зӕппадзмӕ ӕмӕ дур иуварс афӕлдӕхта. Фӕлӕ зӕппадз уыди афтид!

Зӕд хъахъхъӕнджытӕн Йесойы афтид зӕппадз куы равдыста, уӕд тынг фӕтарстысты

Зӕппадз афтид цӕмӕн у?

Уыцы хабары тыххӕй дзырдта фӕстӕдӕр апостол Петр дӕр, зӕгъгӕ, «уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта» (Хъуыддӕгтӕ 2:32). Хуыцау ӕй куы райгас кодта, уӕд ын радта, зӕдтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, ахӕм ӕнӕуынгӕ буар. Йесо зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд дӕр ын ахӕм буар уыди (1 Петры 3:18). Уӕдӕ йӕ цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон фенын уыдаид, уый тыххӕй сӕм Йесо хъуамӕ фӕзындаид адӕймаджы хуызы. Куыд хъуыды кӕныс, Йесо афтӕ бакодта? ~ Ныртӕккӕ уый дӕр базондзыстӕм.

Уӕдмӕ хур дӕр скаст. Хъахъхъӕнджытӕ уым нал уыдысты. Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ та ӕрбацӕйцыдысты зӕппадзмӕ. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, зӕгъгӕ нын ныр бахизӕнӕй уыцы уӕззау дур чи афӕлдахдзӕн (Марчы 16:3). Фӕлӕ зӕппадзмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ йӕ бахизӕн гом. Зӕппадз та уыд афтид! Йесойы мард уым нал уыди! Уӕд Марийӕ Магдалинӕ азгъордта, цӕмӕй уыцы хабар апостолтӕн радзырдтаид.

Иннӕ сылгоймӕгтӕ та уым баззадысты. Ӕмӕ хъуыдытӕ кодтой, цымӕ Йесойы мард цы фӕуыдаид, зӕгъгӕ. Ӕвиппайды сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дзаумӕтты. Уыдон уыдысты зӕдтӕ! Ӕмӕ сылгоймӕгтӕн загътой: «Йесойы ам цӕмӕн агурут? Ам нӕй, райгас. Тагъддӕр ацӕут ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут». Ахъуыды-ма кӕн, куыд тагъд кодтаиккой! Фӕлӕ сыл фӕндагыл фембӕлд иу лӕг. Зоныс ӕй, чи уыди? ~

Уый уыди Йесо йӕхӕдӕг, фӕзынди сӕм адӕймаджы хуызы! Ӕмӕ сын уый дӕр загъта: «Цӕут ӕмӕ ацы хабар мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзурут». Сылгоймӕгтӕ ма фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой! Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты куы ссардтой, уӕд сын загътой: «Йесо ӕгас у! Мах ӕй нӕхӕдӕг федтам!» Уӕдмӕ Марийӕ дӕр Петр ӕмӕ Иоаннӕн радзырдта, зӕппадз афтид кӕй уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр зӕппадзмӕ ацыдысты. Мӕнӕ йӕ ам нывыл фенӕн ис. Ракӕс-бакӕс кӕнынц, Йесо тыхт кӕм уыди, уыцы хӕцъилтӕм, фӕлӕ уӕддӕр дзӕбӕх нӕма ’мбарынц, цы ’рцыд, уый. Куыннӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо райгас уыдаид, фӕлӕ сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта.

Петр ӕмӕ Иоанн кӕсынц, Йесо цы хъуымӕцты уыд тыхт, уыдонмӕ

Цымӕ Петр ӕмӕ Иоанн цӕуыл хъуыды кӕнынц?

Уыцы хуыцаубон ма фӕстӕдӕр Йесо фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ. Уыдон фӕцӕйцыдысты иу хъӕумӕ, Еммаус, зӕгъгӕ. Йесо дӕр сӕ фарсмӕ цыди ӕмӕ семӕ ныхӕстӕ кодта. Фӕлӕ йӕ уыдон уайтагъд нӕ базыдтой, уымӕн ӕмӕ йӕ буар ныр ӕндӕрхуызон уыди. Цалынмӕ Йесо семӕ фынгыл не ’рбадт ӕмӕ не скуывта, уӕдмӕ йӕ нӕ базыдтой. Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы цингӕнгӕйӕ фестадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ тагъд-тагъдӕй ацыдысты! Иерусалим та уыд тынг дард. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ Йесо фӕзынд Петрмӕ дӕр, цӕмӕй Петр федтаид, ӕгас кӕй у, уый.

Уыцы хуыцаубон изӕрӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ бирӕйӕ ӕрӕмбырд сты иу хӕдзары. Дуӕрттӕ уыдысты ӕхгӕд. Фӕлӕ дын кӕцӕйдӕр Йесо сӕ астӕу куы февзӕрид! Ӕмӕ уӕд се ’ппӕты дӕр бауырныдта, сӕ Ахуыргӕнӕг ӕцӕгдӕр ӕгас кӕй у. Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг цин кодтаиккой! (Матфейы 28:1–15; Лукайы 24:1–49; Иоанны 19:38–20:21).

Йесо 40 боны дӕргъы бирӕ хӕттыты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕймаджы хуызы, цӕмӕй йӕ федтаиккой, ӕгас кӕй у. Ӕмӕ уый фӕстӕ аздӕхт уӕлӕрвтӕм йӕ Фыдмӕ (Хъуыддӕгтӕ 1:9–11). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ракӕ-бакӕ нал кодтой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр райдыдтой дзурын, Хуыцау Йесойы кӕй райгас кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ дзы кӕд сауджынтӕ иуӕй-иуты нӕмгӕ дӕр фӕкодтой, кӕйдӕрты та дзы маргӕ дӕр акодтой, уӕддӕр уыдон не ’рлӕууыдысты ӕмӕ адӕмӕн уыцы хабар дзырдтой. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ зыдтой, куы сӕ амарой, уӕддӕр сӕ Хуыцау кӕй нӕ ферох кӕндзӕн, йӕ Фырты куыд нӕ ферох кодта, афтӕ.

Куадзӕны тӕрхъус ӕмӕ ӕйчытӕ

Йесо кӕй райгас, уый номыл алы аз дӕр бирӕтӕ цы фӕаразынц? Ды та уыцы рӕстӕг цӕуыл фӕхъуыды кӕныс?

Ныртӕккӕ адӕм, Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ цы арӕзтой, уый нӕ аразынц. Чырысти кӕй райгас, уый номыл бирӕтӕ фӕбӕрӕг кӕнынц Куадзӕн, сахорынц ӕйчытӕ, иуӕй-иу бӕстӕты та скӕнынц тӕрхъустӕ. Фӕлӕ Библийы Куадзӕны тӕрхъусты ӕмӕ ахуырст ӕйчыты тыххӕй ницы ис фыст. Уым фыст ис, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй.

Хуыцау цы стыр диссаг сарӕзта, ома йӕ Фырты куыд райгас кодта, уый тыххӕй адӕмӕн куы дзурӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгты хуызӕн. Исчи нӕм куы ӕртхъирӕн кӕна, амардзыстӕм уӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. Мӕлгӕ дӕр куы акӕнӕм, уӕд дӕр нӕ Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн ӕмӕ, Йесойы куыд райгас кодта, афтӕ мах дӕр райгас кӕндзӕн.

Зӕгъ-ма, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕ чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл нӕ цин кӕныс? ~ Ӕмӕ кӕд уый зонӕм, уӕд нӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды базонын, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна. Зыдтай йӕ, уый тыххӕй нӕ бон цыдӕр кӕй у аразын? ~ Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ сӕры.

Йесо кӕй райгас, уый нӕ куы уырна, уӕд нӕ ныфс ӕмӕ нӕ уырнындзинад кӕндзысты фидардӕр. Бакӕс-ма ноджыдӕр Хъуыддӕгтӕ 2:22–36; 4:18–20 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8, 20–23.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын