Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lv 7 сӕр, 84–97 фф.
  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?
  • Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦАРД ӔМӔ ТУГ СТЫ ТАБУЙАГ
  • ТУГ МЕДИЦИНӔЙЫ
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪӔТТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ
  • ДӔ ЗӔРДӔЙЫ МАСТ МАКӔМӔ ХӔСС!
  • ТУГНЫККАЛДЫ АХХОСДЖЫН ЧИ У, УЫЦЫ ОРГАНИЗАЦИТИМӔ ДЫН ИУМӔЙАГӔЙ МАЦЫ УӔД
  • ЦАРДӔН АРГЪ КӔН ӔМӔ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ТЫХХӔЙ ХЪУСЫН КӔН
  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Цардӕн аргъ кӕн
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Ӕгас Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъус
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Фылдӕр фенын
Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
lv 7 сӕр, 84–97 фф.
Чырыстон сылгоймаг туджы тыххӕй гӕххӕтт дзаг кӕны

7 СӔР

Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?

«Дӕумӕ ис царды суадон» (ПСАЛОМ 36:9).

1, 2. а) Хуыцау нын цавӕр зынаргъ лӕвар скодта? б) Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнын нӕ рӕстӕджы уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

НӔ УӔЛАРВОН Фыд нын скодта зынаргъ лӕвар – радта нын цард ӕмӕ нӕ схайджын кодта зондӕй ӕмӕ, йӕхимӕ чи ис, уыцы миниуджытӕй (Райдиан 1:27). Уыцы зонды фӕрцы нӕ бон у Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнын. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд суыдзыстӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ «йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», ахӕм фӕлтӕрд адӕймӕгтӕ (Дзуттӕгтӕм 5:14).

2 Цард раздӕрау хуымӕтӕг нал у, ӕмӕ адӕймаг цынӕ уавӕрты бахауы, ахӕм нӕй. Ӕмӕ гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алы уавӕры фӕдыл закъон уа. Уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕджы Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнын уӕлдай ахсджиаг у. Цӕвиттонӕн райсӕм медицинӕ, уӕлдайдӕр тугӕй конд хостӕ ӕмӕ тугимӕ баст дзӕбӕх кӕныны мадзӕлттӕ. Ацы хъуыддаг хъуыдыйаг у, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Библийы уагӕвӕрдтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый куы зонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын, Хуыцауы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн ӕмӕ йӕ уарзтӕй дӕр ӕнӕхай нӕ фӕуыдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 2:6–11). Уӕдӕ уыцы уагӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

ЦАРД ӔМӔ ТУГ СТЫ ТАБУЙАГ

3, 4. Туг табуйаг кӕй у, уый кой Библийы фыццаг хатт кӕм ис ӕмӕ уый цавӕр уагӕвӕрдтӕй зыны?

3 Цард ӕмӕ туг ӕнгом баст кӕй сты ӕмӕ табуйаг кӕй сты, уый Йегъовӕ фыццаг хатт бамбарын кодта, Каин Авелы куы амардта, уый хӕдфӕстӕ. Хуыцау Каинӕн загъта: «Хъусыс? Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы» (Райдиан 4:10). Йегъовӕйы цӕсты Авелӕн йӕ туг амыдта йӕ цардмӕ, ӕмӕ уыцы цард кӕйдӕр къухӕй аскъуыд. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн уыд, Авелы туг Хуыцаумӕ йӕ маст райсыны тыххӕй кӕй дзынӕзта (Дзуттӕгтӕм 12:24).

4 Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау адӕмӕн бар радта, цӕмӕй цӕрӕгойты дзидза хӕрой, ӕрмӕст ӕнӕ тугӕй: «Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд, ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза. Ӕмӕ ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн уӕ туджы тыххӕй дӕр» (Райдиан 9:4, 5). Ацы фӕдзӕхст хауы Нойы байзӕддӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, ома, нӕ рӕстӕджы цы адӕм цӕры, уыдонмӕ дӕр. Хуыцау Каинӕн куыд бамбарын кодта, афтӕ та ногӕй бамбарын кодта, алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ туг кӕй амоны йӕ удмӕ, ома йӕ цардмӕ. Уыцы фӕдзӕхстӕй ма бӕрӕг у, Йегъовӕ, царддӕттӕг Хуыцау, дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн, туг ӕмӕ цардӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр (Псалом 36:9).

5, 6. Туг табуйаг ӕмӕ зынаргъ кӕй у, уый Моисейы закъонӕй бӕрӕг куыд уыд? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Аргъ кӕн цӕрӕгойты цардӕн».)

5 Туг цардмӕ кӕй амоны ӕмӕ табуйаг кӕй у, уый тыххӕй фыст ӕрцыд Моисейы закъоны дӕр. Левиты 17:10, 11 стихты фыст ис: «Исчи цӕйфӕнды туг дӕр куы хӕра, уӕд ӕз, туг чи хӕры, уымӕн йӕ ныхмӕ суыдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис туджы, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат, уымӕн ӕмӕ туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй, уд туджы кӕй ис, уый фӕрцы»a. (Кӕс рамкӕ «Туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй».)

ТУГ СЫГЪДӔГ КӔНЫ ТӔРИГЪӔДТӔЙ

Хуыцауы Ныхас туг ӕмӕ цард иу цӕуылдӕр нымайы. Уымӕ гӕсгӕ, рагон Израилы-иу Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи фехӕлдта, фӕлӕ-иу чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн-иу, цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцыдаид, уый тыххӕй йӕ бон уыд Хуыцауы нывондхӕссӕныл нывонд ӕрхӕссын (Левит 4:27–31). Ӕмӕ-иу уыцы нывонды фӕрцы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг, фӕлӕ-иу уый уыд ӕрмӕст рӕстӕгмӕ.

Дзырдбаст «тӕригъӕдӕй сыгъдӕг кӕнын»-ӕн Библийы йӕ хъуыды у «баивын» кӕнӕ «ӕмбӕрзын». Уый абарӕн ис, исты мигӕнӕнӕн йӕ сӕр растдӕр йӕхи аккаг куыд уа ӕмӕ йӕ дзӕбӕх куыд ӕмбӕрза, уыимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу фосы нывонд дӕр адӕймаджы тӕригъӕдтӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ «не ’мбӕрзта», ома Адамӕй йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уымӕй йӕ нӕ сыгъдӕг кодта. Фӕлӕ фосы нывӕндтӕ амыдтой, фидӕны алцӕмӕй ӕххӕст нывонд хаст кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:1, 4).

Мах нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг стӕм, «Йесо Чырысти йӕхи ӕрмӕстдӕр иу хатт нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы» (Дзуттӕгтӕм 10:10). Чырыстийы ӕххӕст цардӕн, йӕ «зынаргъ тугӕн... ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы тугӕн», уыди, Адам ӕнӕхай цы цардӕй фӕци, растдӕр ахӕм аргъ (1 Петры 1:19). Афтӕмӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы. Уый бакодта, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ, ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат фӕзынд «ӕнусон ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттӕгтӕм 9:11, 12; Иоанны 3:16; Раргомад 7:14).

6 Фосы туг-иу нывондхӕссӕнӕн куы нӕ хъуыд, уӕд-иу ӕй хъуамӕ зӕхмӕ акалдтаиккой. Уый нысан кодта, цард кӕй аздӕхт, чи йӕ радта, уымӕ (Дыккаг закъон 12:16; Йезекил 18:4). Фӕлӕ Йегъовӕ израилӕгтӕй нӕ домдта, цӕмӕй-иу дзидзайы иу туджы ӕртах дӕр ма ныууагътаиккой. Фос-иу, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы аргӕвстой ӕмӕ-иу ын йӕ туг дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы рауагътой, уӕд уыцы дзидза сӕ бон уыд сыгъдӕг цӕсгомимӕ хӕрын, уымӕн ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, Царддӕттӕгӕн кӕй аргъ кодтой.

7. Давид туг табуйагыл кӕй нымадта, уый куыд равдыста?

7 Давид, Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг, ӕмбӕрста, туджы тыххӕй закъонӕн йӕ бындуры цавӕр уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдон (Хъуыддӕгтӕ 13:22). Иухатт ын тынг дойны куы уыди, уӕд йе ’фсӕддонтӕй ӕртӕйӕ, знӕгты ӕфсад кӕм лӕууыд, уырдӕм бабырстой ӕмӕ йын уырдыгӕй дон ӕрбахастой. Куыд бакодта Давид? «Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг бануазон?» – загъта Давид. Уыцы дон йӕ цӕсты йе ’фсӕддонты тугӕй уӕлдай нӕ уыд. Ӕмӕ кӕд дойныйӕ марди, уӕддӕр ӕй «Йегъовӕйы раз... акалдта» (2 Самуилы 23:15–17).

8, 9. Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Хуыцау цард ӕмӕ тугмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Нойӕн туджы тыххӕй фӕдзӕхст лӕвӕрд куы ’рцыд, уымӕй 2 400 азы бӕрц куы рацыд ӕмӕ, Закъоны бадзырд арӕзт куы ’рцыд, уымӕй та иу-1 500 азы фӕстӕ фыццаг ӕнусы разамонӕг совет Йегъовӕйы фӕндӕй ныффыста: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй мах ахӕм уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уыл мӕнӕ ацы ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй уӕлдай ӕндӕр уаргъ мауал ӕвӕрӕм. Уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уӕхи хизат, мӕнгхуыцӕуттӕн цы снывонд кӕнынц, уыдӕттӕй, тугӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ ӕмӕ хӕтындзинадӕй» (Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29).

9 Уымӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы разамонӕг совет кӕй ӕмбӕрста, туг табуйаг кӕй у ӕмӕ дзы, куыд не ’мбӕлы, афтӕ куы пайда кодтаиккой, уӕд уый дӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй уӕлдай кӕй нӕ уыдаид. Абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайынц. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы уагӕвӕрдтыл кӕй хъуыды кӕнынц, уый фӕрцы тугимӕ баст фарстаты фӕдыл раст уынаффӕтӕ рахӕссынц ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынц.

ТУГ МЕДИЦИНӔЙЫ

Чырыстон сылгоймаг дохтырӕн ӕмбарын кӕны, тугӕй хос кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый

Туджы фракцитӕй хос кӕныны тыххӕй мӕ фӕндон дохтырӕн куыд бамбарын кӕнин?

10, 11. а) Туг ӕмӕ туджы сӕйраг хӕйттӕ бауадзыны тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъуыды кӕнынц? б) Алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг уынаффӕ цавӕр хъуыддӕгты фӕдыл хъуамӕ рахӕсса?

10 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, фӕдзӕхст, уӕхи хизут тугӕй, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ туг кӕй хъуамӕ ма уадзой, стӕй сӕ туг искӕмӕн кӕнӕ сӕхицӕн бауадзыны тыххӕй дӕр кӕй хъуамӕ ма дӕттой. Хуыцауы закъонӕн кӕй аргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ хос кӕнынц туджы цыппар сӕйраг хайӕ дӕр: эритроциттӕ, лейкоциттӕ, тромбоциттӕ ӕмӕ плазмӕйӕ.

11 Абон алыхуызон технологиты фӕрцы туджы сӕйраг хӕйттӕ арӕх адих кӕнынц фракцитыл, ома гыццыл хӕйттыл, ӕмӕ сӕ медицинӕйы арӕх пайда кӕнынц. Цымӕ чырыстонӕн йӕ бон у уыцы фракцитӕй хос кӕнын? «Тугыл» сӕ нымайдзӕн? Ацы хъуыддаджы алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ. Уый хауы адӕймагӕн йӕхи тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕм дӕр, зӕгъӕм, гемодиализмӕ, гемодилюцимӕ ӕмӕ реинфузимӕ (ӕрмӕст кӕд йӕ туг ӕвӕрд никуы уыд, уӕд). (Кӕс Уӕлӕмхасӕн, статья «Туджы фракцитӕ ӕмӕ, операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон».)

12. Нӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕнӕм, уыцы фарстатӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ-иу ахӕм фарстаты фӕдыл уынаффӕ куыд хъуамӕ рахӕссӕм?

12 Кӕд ахӕм фарстатӕ нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, уӕд, мыййаг, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн уӕлдай нӕу, цы уынаффӕ рахӕсдзыстӕм, уый? Уый афтӕ нӕу. Нӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цы хъуыды кӕнӕм, уымӕ Йегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дары. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:3; 24:12.) Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы скувӕм ӕмӕ, нӕхи цӕмӕй ӕмӕ куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уый куы раиртасӕм, уӕд хъуамӕ Библимӕ гӕсгӕ ахӕм уынаффӕ рахӕссӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ма худа (Ромӕгтӕм 14:2, 22, 23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕ нын хъуамӕ ма дзурой, куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уый ӕмӕ сӕ мах дӕр хъуамӕ ма фӕрсӕм, ды мӕ бынаты куыд бакӕнис, зӕгъгӕ. Ахӕм хъуыддӕгты алы чырыстон дӕр «йӕхи хӕссинаг» хъуамӕ «йӕхӕдӕг ахӕсса» (Галатӕгтӕм 6:5; Ромӕгтӕм 14:12; кӕс рамкӕ «Туг табуйагыл нымайын?»)b.

ТУГ ТАБУЙАГЫЛ НЫМАЙЫН?

Уагӕвӕрд: «Цӕмӕй сӕхи хизой... тугӕй» (Хъуыддӕгтӕ 15:20).

Ахъуыды кӕн

  • Туджы цыппар сӕйраг хайы туджы фракцитӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый куыд бамбарын кӕнин?e

  • Туджы фракцитӕй хос кӕныныл кӕнӕ мӕхи тугимӕ баст дзӕбӕх кӕныны мадзӕлттыл сразы уыдзынӕн ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ мӕхӕдӕг цӕмӕн хъуамӕ рахӕссон? (Ромӕгтӕм 12:2; Галатӕгтӕм 6:5).

  • Мӕ дохтырӕн куыд бамбарын кӕнин, туджы фракцитӕй хос кӕныныл разы цӕмӕн дӕн кӕнӕ разы цӕуылнӕ дӕн, уый? (Ӕмбисӕндтӕ 13:16).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪӔТТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ

13. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕй цы ис базонӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Библийы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ зондджын Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ уарзӕгой Фыд кӕй у ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл тынг кӕй тыхсы (Псалом 19:7–11). Кӕд ацы фӕдзӕхст, уӕхи тугӕй хизут, зӕгъгӕ, ӕнӕниздзинады тыххӕй лӕвӕрд не ’рцыд, уӕддӕр нӕ хъахъхъӕны, туг куы бауадзынц, уӕд уый цы фӕстиуджытӕм ӕркӕны, уыдонӕй (Хъуыддӕгтӕ 15:20). Абон дохтыртӕй бирӕтӕ ӕнӕ тугӕй операцитӕ кӕнын нымайынц ӕппӕты хуыздӕр мадзалыл. Медицинӕйы кусджытӕ ахӕм хъуыдымӕ кӕй ӕрцыдысты, уый ӕцӕг чырыстӕттӕн Йегъовӕйы ӕнӕкӕрон зондыл ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг у. (Бакӕс Исайы 55:9; Иоанны 14:21, 23.)

14, 15. а) Хуыцау йӕ адӕмы кӕй уарзта, уый цавӕр закъӕттӕй у бӕрӕг? б) Уыцы закъӕттӕ цы уагӕвӕрдтыл уыдысты арӕзт, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын куыд у?

14 Раджы заманты Хуыцау йӕ адӕмыл – Израилыл – кӕй тыхсти, уый хорз зыны, цы закъӕттӕ сын радта, уыдонӕй. Зӕгъӕм, адӕм-иу бирӕ хъуыддӕгтӕ кодтой хӕдзары сӕр. Ӕмӕ-иу дзы цӕмӕй мачи рахаудаид, уый тыххӕй-иу ын йӕ кӕрӕттыл хъуамӕ сарӕзтаиккой ныллӕг къул (Дыккаг закъон 22:8; 1 Самуилы 9:25, 26; Нееми 8:16; Хъуыддӕгтӕ 10:9). Цӕваг гал кӕмӕ уыд, уый та-иу хъуамӕ йӕ галы йӕхи бар ма уагътаид, цӕмӕй макӕй ныццавтаид (Рацыд 21:28, 29). Ахӕм закъӕттӕм йӕ хъус чи нӕ дардта, уыцы адӕймагмӕ иннӕтӕ нымады дӕр нӕ уыдысты ӕмӕ, гӕнӕн ис, искӕй мӕлӕты дӕр аххосджын фӕуыдаид.

15 Ацы закъӕттӕ цы уагӕвӕрдтыл уыдысты арӕзт, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон куыд у архайын? Ахъуыды кӕн дӕ хӕдзарыл, дӕ кусӕн бынатыл, дӕ фосыл ӕмӕ дӕ машинӕйыл, стӕй, машинӕ куыд фескъӕрыс ӕмӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл. Иуӕй-иу бӕстӕты ӕрыгӕттӕ арӕхдӕр авариты фӕмард вӕййынц, уымӕн ӕмӕ машинӕ тагъд фескъӕрынц. Фӕлӕ кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕуа, уыцы ӕрыгӕттӕ цардӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕхи хизынц тӕссаг ирхӕфсӕнтӕй. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иугӕр ӕрыгӕттӕ сты, уӕд сыл ницы ’рцӕудзӕн. Уыдонӕн се ’рыгон бонтӕ цины хос сты, уымӕн ӕмӕ сӕхи фыдбылызы не ’ппарынц (Екклесиаст 11:9, 10).

16. Цавӕр уагӕвӕрдӕй у бӕрӕг, Библи аборты ныхмӕ кӕй у, уый? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

16 Хуыцауӕн зынаргъ у, чи нӕма райгуырд, суанг уыцы сывӕллоны цард дӕр. Рагон Израилы-иу исчи сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццавтаид ӕмӕ сылгоймаг йӕхӕдӕг йе та йӕ сывӕллон куы амардаид, уӕд уыцы адӕймаджы Хуыцау нымадта лӕгмарыл, ӕмӕ хъуамӕ бафыстаид «уды тыххӕй уд». (Бакӕс Рацыд 21:22, 23.)c Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн куыд зын у, алы аз дӕр абортты тыххӕй мингай сывӕллӕттӕ царды рухс кӕй нӕ фенынц, уый – кӕмӕндӕр хъыгдарыны хос кӕй сты кӕнӕ сӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй.

17. Рӕстдзинад базоныны размӕ аборт чи скодта, ахӕм сылгоймаджы ныфс куыд бауадзис?

17 Рӕстдзинад базоныны размӕ аборт чи скодта, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау ын йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕндзӕн? Ӕнӕмӕнг! Йӕ рӕдыдыл зӕрдиагӕй чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн, Йесо нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы (Псалом 103:8–14; Ефесӕгтӕм 1:7). Чырысти йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм» (Лукайы 5:32).

ДӔ ЗӔРДӔЙЫ МАСТ МАКӔМӔ ХӔСС!

18. Бирӕ туг сӕйраджыдӕр цӕмӕн ныккалд, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны?

18 Уӕдӕ базыдтам, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад аразӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ. Уый фӕнды, цӕмӕй, кӕд искӕмӕй не сӕфт уынӕм, уӕд уыцы ӕнкъарӕн нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм. Зӕххыл уыйбӕрц туг сӕйраджыдӕр уымӕн ныккалд, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц. «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар»,– ныффыста апостол Иоанн (1 Иоанны 3:15). Ахӕм адӕймаг йе ’фсымӕрмӕ ӕрмӕст ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кӕсы, фӕлӕ йын йӕ мӕлӕтмӕ бӕллы. Йе сӕфт дзы кӕй уыны, уый бӕрӕг вӕййы, йӕ фыдкой кӕй фӕкӕны кӕнӕ, адӕймаджы Хуыцауы тӕрхон кӕй тыххӕй баййафдзӕн, ахӕм хъуыддӕгты йӕ кӕй фӕаххосджын кӕны, уымӕй (Левит 19:16; Дыккаг закъон 19:18–21; Матфейы 5:22). Уӕдӕ кӕд искӕмӕ маст хӕссӕм, уӕд хъуамӕ уыцы ӕнкъарӕн нӕ зӕрдӕйӕ стонӕм! (Иаковы 1:14, 15; 4:1–3).

19. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы адӕймагӕн Псалом 11:5 стих ӕмӕ Филиппӕгтӕм 4:8, 9 стихтӕ цӕуыл дзурӕг сты?

19 Йегъовӕйау цардӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ, йӕ уарзтӕй ӕнӕхай фӕуа, уый кӕй нӕ фӕнды, уыдон ма сӕхи хизынц, тыхми ӕмӕ фыддзинад цыдӕриддӕр схонӕн ис, уымӕй. Псаломы 11:5 стихы фыст ис: «Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый йе сӕфт уыны». Ацы стихӕй, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, ӕрмӕст уый нӕй базонӕн, фӕлӕ нӕ куыд цӕрын хъӕуы, уый дӕр. Хуыцауы чи уарзы, уыдоны ацы ныхӕстӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕхи хизой, фыддзинад сын чи бауарзын кӕна, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ «фарны Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд дзаг кӕной, уарзинаг, хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг цы у, уымӕй – иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн цыдӕриддӕр ӕххуыс кӕны, уымӕй. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8, 9.)

ТУГНЫККАЛДЫ АХХОСДЖЫН ЧИ У, УЫЦЫ ОРГАНИЗАЦИТИМӔ ДЫН ИУМӔЙАГӔЙ МАЦЫ УӔД

20–22. Чырыстӕттӕ ацы дунемӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ цӕмӕн?

20 Хуыцауы цӕсты Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр аххосджын у адӕмы тугныккалды. Библийы ацы дунейы хицауӕдтӕ ӕвдыст сты знӕт сырдтӕй. Уыдон фӕцагътой дуне адӕм, уыимӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты (Данел 8:3, 4, 20–22; Раргомад 13:1, 2, 7, 8). Коммерци ӕмӕ наукӕ ахӕм хицауӕдтимӕ ӕмгуыст кӕнгӕйӕ ӕрхъуыды кодтой амӕй-ай ӕвирхъаудӕр хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ стыр ӕхцатӕ бакуыстой. Ӕцӕгӕйдӕр, «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы»! (1 Иоанны 5:19).

21 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ «ацы дунейӕ не сты», ома политикӕйы ӕмӕ хӕстыты ӕппындӕр нӕ архайынц, ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ никӕй туг ис (Иоанны 15:19; 17:16)d. Чырыстийау уыдон дӕр се ’фхӕрджытӕй сӕ маст нӕ исынц, фӕлӕ се знӕгты дӕр уарзынц ӕмӕ суанг уыдоны тыххӕй дӕр Хуыцаумӕ фӕкувынц (Матфейы 5:44; Ромӕгтӕм 12:17–21).

22 Сӕйраджыдӕр та, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи хизынц «Стыр Вавилонӕй», ома мӕнг динтӕй, уымӕн ӕмӕ тугныккалды ӕппӕты тынгдӕр уыдон сты аххосджын. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Ацы горӕты ныккалд пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты туг ӕмӕ, зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны туг». Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕдзӕхсы: «Рацӕут дзы, мӕ адӕм» (Раргомад 17:6; 18:2, 4, 24).

23. Цы нысан кӕны Стыр Вавилонӕй рацӕуын?

23 Стыр Вавилонӕй рацӕуын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ нын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уа. Хъуамӕ ма не сӕфт уынӕм, мӕнг динтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕмӕ кӕсынц кӕнӕ ма суанг хорз дӕр кӕй хонынц, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Уыдонмӕ хауынц ӕнӕгъдау митӕ, политикӕйы архайын ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын. (Бакӕс Псалом 97:10; Раргомад 18:7, 9, 11–17.) Ацы хъуыддӕгты тыххӕй адӕмы туг арӕх ныккӕлы.

24, 25. а) Тугныккалды аххосджын чи у, уый куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын Хуыцау цӕй фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн? б) Хуыцау нӕ куыд хъахъхъӕны, уый нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

24 Цалынмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ нӕ алчидӕр цыдӕр хъуыддаджы Хӕйрӕджы дунеимӕ баст уыд ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, адӕмы тугныккалды аххосджын уыд. Фӕлӕ нӕ цард кӕй фӕивтам, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдыстӕм ӕмӕ нӕ цард Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам, уый фӕрцы Хуыцауы хорзӕх ссардтам ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, ӕппӕт уыдӕттӕй (Хъуыддӕгтӕ 3:19). Хуыцау нӕ куыд хъахъхъӕны, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, раджы заман цы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ уыди, уыдон (Нымӕцтӕ 35:11–15; Дыккаг закъон 21:1–9).

25 Цӕмӕн хъуыдысты уыцы горӕттӕ? Израилы-иу исчи адӕймаджы, марынмӕ йӕ нӕ хъавыд, афтӕмӕй куы амардта, уӕд-иу хъуамӕ алыгъдаид ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ. Тӕрхонгӕнджытӕ-иу хъуыддаг куы равзӕрстой, уӕд-иу уыцы адӕймаг горӕты баззад хистӕр сауджыны мӕлӕты онг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыди цӕрын, кӕм ӕй фӕндыд, уым. Ацы хабар хорз ӕвдисы, Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ адӕймаджы цардӕн куыд тынг аргъ кӕны. Ӕмбӕхсӕн горӕттӕ адӕймаджы цард бахъахъхъӕнынӕн куыд хъуыдысты, афтӕ хъӕуы, Хуыцау нын Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ цард бахъахъхъӕнынӕн цы дӕтты, уый дӕр. Уый у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ, Хуыцау туг ӕмӕ царды тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕнӕрхъуыдыйӕ куы фехалӕм, уӕд вӕййӕм мӕлӕты тӕрхоны аккаг. Хуыцау ныл афтӕ кӕй батыхст, уымӕн аргъ кӕныс? Уый дӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, адӕмӕн дзур, цӕмӕй спайда кӕной, Хуыцау нын нӕ цард бахъахъхъӕнынӕн цы сарӕзта, уымӕй, уӕлдайдӕр та «стыр бӕллӕх» ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ (Матфейы 24:21; 2 Коринфӕгтӕм 6:1, 2).

ЦАРДӔН АРГЪ КӔН ӔМӔ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ТЫХХӔЙ ХЪУСЫН КӔН

26–28. Нӕ уавӕр пехуымпар Йезекилы уавӕримӕ абарӕн цӕмӕн ис ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм?

26 Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕмы уавӕр абарӕн ис пехуымпар Йезекилы уавӕримӕ. Йегъовӕ йӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдта хъахъхъӕнӕгӕй, ома сын хъуамӕ Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кодтаид. «Цы дын дзурын, уымӕ байхъус ӕмӕ сӕ мӕ номӕй бафӕдзӕхс»,– загъта Хуыцау. Йезекил йӕ хӕслӕвӕрдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы ракастаид, уӕд аххосджын уыдаид тугныккалды – Хуыцау Иерусалимӕн куы стӕрхон кодта, уӕд чи фӕмард, уыдоны туг ууыл уыдаид (Йезекил 33:7–9). Фӕлӕ Йезекил коммӕгӕс разынд ӕмӕ адӕмы тугӕй сыгъдӕг уыд.

27 Мах зонӕм, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, хӕсджын кӕй стӕм, цӕмӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы «мастисӕн боны» тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл дӕр нымайӕм (Исай 61:2; Матфейы 24:14). Уыцы ахсджиаг куысты зӕрдиагӕй архайыс? Апостол Павел хъусын кӕныны хъуыддаг тынг ахсджиагыл нымадта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – хъусын уын кодтон, Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый» (Хъуыддӕгтӕ 20:26, 27). Мах дӕр хъуамӕ Павелы бафӕзмӕм.

28 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕ Фыды фӕлмӕн уарзтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй цардмӕ ӕмӕ тугмӕ йӕ цӕстӕй кӕсӕм. Хъуамӕ ма Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг дӕр уӕм. Ууыл та дзырд цӕуы иннӕ сӕры.

a Хуыцау афтӕ кӕй загъта, «уд ис туджы», зӕгъгӕ, уый тыххӕй иу журналы фыст ис: «Туджы цы алыхуызон кълеткӕтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг цӕра» (Scientific American).

b Кӕс 2006 азы августы «Пробудитесь!», 3, 4, 5–9, 10–12 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

c Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ, гуырдзыл кӕнӕ эмбрионыл цас цыди, Йегъовӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кодта.

d Кӕс 5-ӕм сӕр «Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд».

e Фылдӕр базонӕн ис Уӕлӕмхасӕнӕй, статьяйӕ «Туджы фракцитӕ ӕмӕ, операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон».

АРГЪ КӔН ЦӔРӔГОЙТЫ ЦАРДӔН

Кӕд нын Йегъовӕ бар дӕтты, цӕмӕй цӕрӕгойтыл хӕринаджы ӕмӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй цуан кӕнӕм кӕнӕ сӕ ӕргӕвдӕм, йе та сӕ нӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй маргӕ дӕр акӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Райдиан 3:21; 9:3). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, сырдты ӕрмӕстдӕр хи аирхӕфсыны тыххӕй чи мардта, уыцы ӕгъатыр цуанон Нимроды хуызӕн уӕм (Райдиан 10:9). Хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмӕм – уый тыхсы цӕрӕгойтыл се ’ппӕтыл дӕр, суанг гыццыл сырддонцъиутыл дӕр (Ионӕ 4:11; Матфейы 10:29).

Йегъовӕ цӕрӕгойтыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у Моисейы закъонӕй (Рацыд 23:4, 5, 12; Дыккаг закъон 22:10; 25:4). Ӕмбисӕндты 12:10 стихы дӕр уый тыххӕй ӕрцыд афтӕ фыст: «Рӕстгӕнӕг тыхсы йӕ фосыл дӕр, фыдгӕнджытӕн та сӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр ӕгъатыр у». Фӕлӕ тагъд ӕгъатыр адӕмӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын