Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bhs 13 сӕр, 154–164 фф.
  • Цардӕн аргъ кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цардӕн аргъ кӕн
  • Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Фенын Библи цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ ЦАРДМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?
  • ЦАРД ТАБУЙАГЫЛ НЫМАЙ
  • ТУГ ХЪУЫДИ ӔРМӔСТДӔР ИУ ХЪУЫДДАГӔН
  • Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
bhs 13 сӕр, 154–164 фф.

13 СӔР

Цардӕн аргъ кӕн

1. Цард нын чи радта?

ЙЕГЪОВӔ у «удӕгас Хуыцау» (Йереми 10:10). Уый у не Сфӕлдисӕг. Йегъовӕ нын радта цард. Библийы фыст ис: «Ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Раргомад 4:11). Кӕй цӕрӕм, уый Йегъовӕйы фӕндон уыд. Уӕдӕ цард у Хуыцауы зынаргъ лӕвар. (Бакӕс Псалом 36:9.)

2. Ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

2 Йегъовӕ нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ, зӕгъӕм, хӕринаг ӕмӕ дон (Хъуыддӕгтӕ 17:28). Фӕлӕ ма йӕ уымӕй уӕлдай фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса (Хъуыддӕгтӕ 14:15–17). Ӕмӕ цӕмӕй ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ (Исай 48:17, 18).

ХУЫЦАУ ЦАРДМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

3. Каин Авелы куы амардта, уӕд Йегъовӕ куыд бакодта?

3 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй алы адӕймаджы цард дӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ у. Зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕйы фырт Каин йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Авелмӕ куы смӕсты, уӕд ӕй Йегъовӕ бафӕдзӕхста, йӕ маст кӕй хъуамӕ баурома. Фӕлӕ йӕм Каин нӕ байхъуыста. Уый йӕ масты фӕдыл ацыд, ӕмӕ «йе ’фсымӕр Авелыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта» (Райдиан 4:3–8). Йегъовӕ Каины уый тыххӕй бафхӕрдта (Райдиан 4:9–11). Уӕдӕ искӕмӕ куы смӕсты уӕм ӕмӕ дзы не сӕфт куы фенӕм, уӕд уый тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй, гӕнӕн ис, уыцы адӕймагӕн исты фыдми дӕр бакӕнӕм. Ӕмӕ афтӕ чи кӕны, уыдонӕн ӕнусон цардӕй хай нӕ уыдзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 3:15.) Цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм алкӕй дӕр уарзын (1 Иоанны 3:11, 12).

4. Хуыцау израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы закъӕттӕй иуӕй цы ис базонӕн, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?

4 Миназтӕ фӕстӕдӕр та Йегъовӕ ногӕй равдыста, цард йӕ цӕсты зынаргъ кӕй у, уый. Моисейӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй иу у ахӕм: «Ма амар» (Дыккаг закъон 5:17). Адӕймаг зонгӕ-зонын уыцы закъоны сӕрты куы ахызтаид ӕмӕ искӕй куы амардтаид, уӕд ын йӕхи дӕр хъуамӕ амардтаиккой.

5. Хуыцау абортмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

5 Цымӕ абортмӕ та Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы? Суанг, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цард дӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ у. Израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым ныффыссын кодта, зӕгъгӕ, дам, исчи сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццӕва ӕмӕ йӕ сывӕллон куы амӕла, уӕд, чи йӕ ныццавта, уыцы адӕймаджы хъуамӕ амарой. (Бакӕс Рацыд 21:22, 23; Псалом 127:3.) Уымӕй базонӕн ис, аборт кӕнӕн кӕй нӕй. (Кӕс 28-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

6, 7. Нӕ бон куыд у равдисын, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

6 Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр тӕссаг уавӕры куы не ’ппарӕм, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ тамако, хъылма, кальян нӕ дымдзыстӕм ӕмӕ наркотиктӕ нӕ кӕндзыстӕм. Уыдӕттӕ ӕнӕниздзинадӕн хӕссынц зиан ӕмӕ адӕймаг, гӕнӕн ис, мӕлгӕ дӕр акӕна.

7 Нӕ цард ӕмӕ нӕ буар Хуыцауы лӕвар сты, ӕмӕ сӕм хъуамӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ буармӕ дӕр хорз зилӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг нал уыдзыстӕм (Ромӕгтӕм 6:19; 12:1; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Цардӕн куы нӕ аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн, цард нын чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Чи зоны нын ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын тынг зын уа. Фӕлӕ уӕддӕр куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн.

8. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр тӕссаг уавӕры ма ӕппарӕм?

8 Уӕдӕ базыдтам, цард зынаргъ лӕвар кӕй у. Ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппарӕм. Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, машинӕ кӕнӕ мотоцикл куыд скъӕрӕм, уымӕ. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ нӕхи хизӕм, тӕссаг чи у кӕнӕ тыхми кӕм ис, ахӕм спортӕй (Псалом 11:5). Стӕй хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый саразӕм, цӕмӕй нӕ хӕдзары цӕрын ӕдас уа. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Ног хӕдзар куы саразай, уӕд-иу дӕ хӕдзары сӕрӕн йӕ кӕрӕтты ныллӕг къул самай, цӕмӕй хӕдзары сӕрӕй мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугныккалды ма фӕаххосджын уа» (Дыккаг закъон 22:8).

9. Цӕрӕгойты цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

9 Йегъовӕ ма йӕ хъус дары, цӕрӕгойты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, суанг уымӕ дӕр. Уый нын бар дӕтты, цӕмӕй цӕрӕгойты марӕм, хӕринаг кӕнӕ нӕ уӕлӕдарӕс куы хъӕуа, уӕд, стӕй нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд дӕр (Райдиан 3:21; 9:3; Рацыд 21:28). Фӕлӕ тынг ӕвзӕр уыдзӕн, фыдмитӕ сын куы кӕнӕм кӕнӕ сӕ нӕхи аирхӕфсыны тыххӕй куы марӕм йе та сӕ кӕрӕдзийыл куы ардауӕм (Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

ЦАРД ЗЫНАРГЪ У

  • Чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны нӕ амардзыстӕм

  • Нӕ дымӕм тамако, хъылма, кальян ӕмӕ нӕ кӕнӕм наркотиктӕ

  • Иннӕтӕй не сӕфт нӕ уынӕм

1. Чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллон; 2. Адӕймаг йӕ къухы ныцъцъӕл кодта тамакоты къопп; 3. Дыууӕ ӕмбалы алыхуызон адӕмыхӕттытӕй

ЦАРД ТАБУЙАГЫЛ НЫМАЙ

10. Туг цардмӕ кӕй амоны, уый кӕцӕй зонӕм?

10 Йегъовӕ туг табуйагыл нымайы, уымӕн ӕмӕ туг амоны цардмӕ. Каин Авелы куы амардта, уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы» (Райдиан 4:10). Авелы туг амыдта йӕ цардмӕ, ӕмӕ Йегъовӕ Каины бафхӕрдта, Авелы кӕй амардта, уый тыххӕй. Нойы рӕстӕджы цы Доны хъаймӕт уыд, уый фӕстӕ дӕр та Йегъовӕ бамбарын кодта, туг цардмӕ кӕй амоны. Нойӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн бар куы радта, цӕмӕй цӕрӕгойты дзидза хордтаиккой, уӕд сын загъта: «Зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн. Зайӕгойтӕ уын куыд радтон, афтӕ уын уыдон дӕр иууылдӕр дӕттын хӕрынӕн. Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд [кӕнӕ цард], ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза» (Райдиан 1:29; 9:3, 4). Йегъовӕ бар нӕ радта, цӕмӕй дзидза тугимӕ хордтаиккой, уымӕн ӕмӕ туг амыдта удмӕ, ома цардмӕ.

11. Хуыцау Израилы адӕмӕн туджы тыххӕй цавӕр фӕдзӕхст радта?

11 Йегъовӕ Нойӕн уыцы фӕдзӕхст куы радта, уымӕй иу-800 азы фӕстӕ йӕ адӕмӕн ногӕй загъта: «Израилы фырттӕй кӕнӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи цуаны, хӕрӕн кӕй ис, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы ’рцахса, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза ӕмӕ туг сыджыты бын фӕкӕна». Уый фӕстӕ сын загъта, туг ма хӕрут, зӕгъгӕ (Левит 17:13, 14). Йегъовӕ йӕ хъуыды нӕ фӕивта: йӕ адӕм хъуамӕ туг нымадтаиккой табуйагыл. Дзидза сын хӕрӕн уыд, фӕлӕ туг – нӕ. Ӕмӕ-иу исты сырд куы амардтой, уӕд-иу ын хъуамӕ йӕ туг зӕхмӕ рауагътаиккой.

12. Чырыстӕттӕ тугмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

12 Йесойы мӕлӕтӕй цалдӕр азы фӕстӕ апостолтӕ ӕмӕ Иерусалимы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фембӕлдысты иу ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл. Уыдоны хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, израилӕгтӕн чи уыд лӕвӕрд, уыцы Закъонӕй чырыстӕтты цы хъуыд ӕххӕст кӕнын, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29; 21:25.) Йегъовӕ сын баххуыс кодта бамбарынӕн, раздӕрау туг йӕ цӕсты зынаргъ кӕй уыд ӕмӕ йӕ уыдон дӕр дарддӕр табуйагыл кӕй хъуамӕ нымадтаиккой. Фыццаг чырыстӕттӕн нӕ уыд туг хӕрӕн кӕнӕ нуазӕн, стӕй, туг дзӕбӕх кӕмӕй нӕ рауагътой, ахӕм дзидза хӕрӕн. Уыцы фӕдзӕхсты сӕрты куы хызтаиккой, уӕд уый мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ хӕтынӕй уӕлдай нӕ уыдаид. Цымӕ уыцы фӕдзӕхст абон махмӕ дӕр хауы? О, Йегъовӕйы ныр дӕр фӕнды, цӕмӕй туг табуйагыл нымайӕм. Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ туг нуазгӕ дӕр нӕ кӕнынц ӕмӕ хӕргӕ дӕр.

13. Чырыстӕттӕ туг цӕуылнӕ уадзынц?

13 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстӕттӕн туг уадзӕн дӕр нӕй? О, уый афтӕ у. Зӕгъӕм, дохтыр дын куы зӕгъид, нозт дын дӕ дзыхмӕ хӕссӕн нӕй, зӕгъгӕ, уӕд ӕй дӕ тугдадзины бауадзис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Раст афтӕ, кӕд нӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хӕрӕм ӕмӕ йӕ ма нуазӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ туг уадзӕн дӕр нӕй. (Кӕс 29-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

14, 15. Чырыстӕттӕ цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Сӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы закъон фехалдзысты? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Фӕлӕ дын дохтыр куы зӕгъид, туг куы нӕ бауадзай, уӕд амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд та? Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕндзӕн ӕви нӕ. Чырыстӕттӕ цардӕн – Хуыцауы лӕварӕн – тынг аргъ кӕнынц. Ӕмӕ мах фӕагурӕм, туджы бӕсты хос кӕнӕн кӕмӕй ис, ахӕм хостӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй дарддӕр цӕрӕм. Фӕлӕ туг бауадзыныл не сразы уыдзыстӕм.

15 Мах, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм, ӕмӕ нӕ мӕлын дӕр нӕ фӕнды. Фӕлӕ туг цардмӕ кӕй амоны ӕмӕ Хуыцауы цӕсты табуйаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ туг нӕ бауадздзыстӕм. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Йегъовӕйы закъоны сӕрты ахизӕм, уымӕн ӕмӕ нын ахсджиагдӕр у йӕ коммӕ кӕсын. Йесо загъта: «Йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн» (Матфейы 16:25). Мах фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзӕм. Уый зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Ӕмӕ мах цардмӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй – нымайӕм ӕй зынаргъыл ӕмӕ табуйагыл (Дзуттӕгтӕм 11:6).

16. Хуыцауы коммӕ цӕмӕн кӕсӕм?

16 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар хӕцынц, туджы тыххӕй цы закъон радта, ууыл. Уыдон туг нӕ нуазынц ӕмӕ йӕ нӕ хӕрынц, стӕй туг хосӕн куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр ӕй сӕ буары нӕ бауадзынцa. Фӕлӕ уыдон сразы вӕййынц ӕндӕр хос кӕныны мадзӕлттыл. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, не Сфӕлдисӕг кӕй зоны, хуыздӕр нын цы у, уый. Дӕу та уырны, ӕппӕты хуыздӕр дын цы у, уый кӕй зоны?

ТУГ ХЪУЫДИ ӔРМӔСТДӔР ИУ ХЪУЫДДАГӔН

17. Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон ӕрмӕстдӕр цавӕр хъуыддаджы уыд тугӕй пайда кӕнын?

17 Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уым фыст уыд: «Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис туджы, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат [кӕнӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр курат], уымӕн ӕмӕ туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй» (Левит 17:11). Израилӕгтӕ-иу тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд-иу сӕ бон уыд Йегъовӕйӕ хатыр ракурын. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ нывонд ӕрхастаиккой. Сӕ нывондимӕ-иу сауджынмӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу сауджын нывонды тугӕй кувӕндоны нывондхӕссӕныл бапырх кодта. Йегъовӕ израилӕгтӕн бар радта, цӕмӕй тугӕй ӕрмӕстдӕр афтӕ пайда кодтаиккой.

18. Йесойы нывонды фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

18 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ цард, кӕнӕ йӕ туг, радта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, фосы нывӕндты тыххӕй цы закъон уыд, уый йӕ тыхы нал уыд (Матфейы 20:28; Дзуттӕгтӕм 10:1). Йесойы цард афтӕ зынаргъ уыд, ӕмӕ йӕ нывонды фӕрцы Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр радта ӕнустӕм цӕрыны фадат (Иоанны 3:16; Дзуттӕгтӕм 9:11, 12; 1 Петры 1:18, 19).

Чырыстон сылгоймаг рынчындоны йӕ дохтырӕн ӕмбарын кӕны, Библимӕ гӕсгӕ туджы фарстайы фӕдыл цы хъуыдыйыл хӕст у, уый

Дӕ бон куыд у равдисын, цардӕн ӕмӕ тугӕн кӕй аргъ кӕныс, уый?

19. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг» уӕм?

19 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй! Уый у диссаджы лӕвар. Ӕмӕ нӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр дзурын, Йесойыл куы ӕууӕндой, уӕд сӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй уыдзӕн. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй сын амонӕм, сӕ бон царды фӕндагыл ӕрлӕууын куыд у, уый (Йезекил 3:17–21). Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн апостол Павелау зӕгъын: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – хъусын уын кодтон, Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый» (Хъуыддӕгтӕ 20:26, 27). Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, цард йӕ цӕсты куыд зынаргъ у, уый тыххӕй куы дзурӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, цардӕн ӕмӕ тугӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм.

a Тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты тыххӕй дӕ бон фылдӕр бакӕсын у чиныджы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 87–89 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

ЦЫ БАЗЫДТАМ

1. ЦАРДӔН АРГЪ КӔН

«Дӕумӕ ис царды суадон» (Псалом 36:9)

Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд ис равдисӕн?

  • Хъуыддӕгтӕ 17:28; Раргомад 4:11

    Цард у Йегъовӕйы лӕвар, ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм.

  • Рацыд 21:22, 23; Дыккаг закъон 5:17

    Адӕймаджы марӕн ӕмӕ аборт кӕнӕн нӕй.

  • 1 Иоанны 3:11, 12, 15

    Искӕмӕй йе сӕфт чи уыны, уый тӕригъӕд аразы.

  • 2 Коринфӕгтӕм 7:1

    Дӕхи хиз чъизи хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, тамако дымынӕй ӕмӕ наркотиктӕ кӕнынӕй.

  • Псалом 11:5

    Дӕхи хиз, тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ ахӕм спортӕй.

2. ЦАРД ӔМӔ ТУГ

«Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд [кӕнӕ цард] ис сӕ туджы – уд ис туджы» (Левит 17:14)

Хуыцау цардмӕ ӕмӕ тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Райдиан 4:10; Дыккаг закъон 12:23

    Туг амоны цардмӕ.

  • Райдиан 9:3, 4

    Дзидза ис хӕрӕн, фӕлӕ туг – нӕ.

  • Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29; 21:25

    Хуыцауы фӕдзӕхст, уӕхи тугӕй хизут, зӕгъгӕ, хауы тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлттӕм дӕр.

  • Дзуттӕгтӕм 11:6

    Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр нын царды ницы ис.

3. ТУГ ХЪУЫД ӔРМӔСТДӔР ИУ ХЪУЫДДАГӔН

«Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоанны 1:7)

Йесойы нывонды фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

  • Левит 17:11

    Израилӕгтӕ-иу тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд-иу сӕ бон уыд Йегъовӕйӕ хатыр ракурын. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ нывонд ӕрхастаиккой. Сӕ нывондимӕ-иу сауджынмӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу сауджын нывонды тугӕй кувӕндоны нывондхӕссӕныл бапырх кодта.

  • Матфейы 20:28; Дзуттӕгтӕм 9:11–14

    Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ цард, кӕнӕ йӕ туг, радта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, фосы нывӕндты тыххӕй цы закъон уыд, уый йӕ тыхы нал уыд.

  • Иоанны 3:16

    Йесойы цард афтӕ зынаргъ уыд, ӕмӕ Хуыцау йӕ нывонды фӕрцы, Йесойыл чи ӕууӕнды, ӕппӕт уыцы адӕмӕн радта ӕнустӕм цӕрыны фадат.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын