Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bt 14 сӕр, 122–131 фф.
  • «Ӕмвӕндӕй бауынаффӕ кодтам»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕмвӕндӕй бауынаффӕ кодтам»
  • Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр» (Хъуыд. 15:13–21)
  • «Дыууӕ адӕймаджы равзӕрстой ӕмӕ сӕ... арвыстой» (Хъуыд. 15:22–29)
  • «Бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой» (Хъуыд. 15:30–35)
  • Разамонӕг совет абон куыд архайы?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Абон Хуыцауы адӕмӕн разамынд ӕцӕгӕй чи дӕтты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • «Семӕ не сразы сты»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ цы аразы?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
bt 14 сӕр, 122–131 фф.

14 СӔР

«Ӕмвӕндӕй бауынаффӕ кодтам»

Разамонӕг совет уынаффӕ куыд рахаста ӕмӕ уый ӕмбырдты иудзинадӕн куыд фӕпайда

Арӕзт у Хъуыддӕгты 15:13–35

1, 2. а) Фыццаг ӕнусы разамонӕг советы цавӕр ахсджиаг фарстатӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын? б) Ӕфсымӕртӕн сӕ бон раст уынаффӕ рахӕссын цӕй фӕрцы уыд?

ИЕРУСАЛИМЫ, иу хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цы уынаффӕ хаст ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕс кӕнынц, ӕмбарынц ӕй, ахсджиаг хъуыддаг сӕ кӕй хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын. Сунӕт кӕныны фарстайыл ныхас кӕнгӕйӕ фӕзынд ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕ: чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕви нӕ? Дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй исты уӕлдай ис?

2 Хъуыддаг йӕ къухмӕ чи райста, уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастысты. Сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Хуыцауы Ныхасы уый тыххӕй цы фыст ис, уый. Стӕй сӕ чидӕртӕ, Йегъовӕ ӕндӕр адӕмтӕн куыд арфӕ кӕны, уый сӕхи цӕстӕй федтой. Гъемӕ се ’ппӕт дӕр сӕ хъуыды ӕргом загътой. Ныр сӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис фагӕй фылдӕр. Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй бацамыдта, цы сӕ хъӕуы бакӕнын, уый. Цымӕ ӕфсымӕртӕ уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайдзысты?

3. Хъуыддӕгты чиныджы 15 сӕры цы хабар фыст ис, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

3 Цӕмӕй ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ бакӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Дзуттаг дины разамонджытӕ сӕм ӕнӕуи дӕр мӕсты сты, ӕмӕ тӕссаг у, ноджы тынгдӕр сӕм куы смӕсты уой. Стӕй ма ӕмбырды дӕр сӕ ныхмӕ сты, афтӕ чи дзуры, Хуыцауы адӕмы Моисейы закъон ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон. Уӕдӕ куыд бакӕндзӕн разамонӕг совет? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм. Ацы хабармӕ лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет уыцы ӕфсымӕртау кӕй архайы. Мах дӕр хъӕуы афтӕ архайын, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ исты уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа кӕнӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд.

«Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр» (Хъуыд. 15:13–21)

4, 5. Иаков Пехуымпарты чингуытӕй цавӕр ныхӕстӕ ӕрхаста?

4 Ныхасы рацыд ахуыргӕнинаг Иаков, Йесойы ӕфсымӕрa. Куыд зыны, афтӕмӕй ацы фембӕлд уый уагъта. Иаков цыбыртӕй загъта, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр цы хъуыдымӕ ӕрцыдысты, уый. Мах кӕсӕм: «Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм. Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр» (Хъуыд. 15:14, 15).

5 Симеоны, кӕнӕ Симон Петры, раныхас, стӕй, Варнавӕ ӕмӕ Павел цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, Иаковы зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, уыцы фарста хуыздӕр чи ӕмбарын кодта, ахӕм стихтӕ (Иоан. 14:26). Афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр», уӕд ӕрхаста Амосы 9:11, 12 цы фыст ис, уый. Амосы чиныг хаст ӕрцыд, Дзуттаг Фыстытӕй «Пехуымпарты чингуытӕ» кӕй хуыдтой, уыдонмӕ (Матф. 22:40; Хъуыд. 15:16–18). Иаков цы ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ Амосы чиныджы цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдонмӕ куы ’ркӕсай, уӕд бафиппайдзынӕ, кӕрӕдзийӕ цӕмӕйдӕр кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн, Иаков уыцы ныхӕстӕ ӕрхаста Септуагинтӕйӕ, Дзуттаг Фыстыты грекъаг тӕлмацӕй.

6. Цы фарста ӕвзӕрст цыди, уый Фыстад куыд ӕмбарын кӕны?

6 Йегъовӕ Амосы уылты загъта, фидӕны «Давиды... хӕдзар» йӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн, ома Давиды байзӕддагӕн паддзахы бартӕ кӕй ратдзӕн ӕмӕ кӕй сфидар кӕндзӕн, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы Паддзахад (Йез. 21:26, 27). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ та израилӕгтӕ фӕстӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы адӕм суыдаиккой? Нӕ. Уыцы пехуымпарады ма фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, «ӕппӕт адӕмтӕй йын йӕ ном чи хӕссы, уыдоны». Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, гыццыл раздӕр Петр цы загъта, уый, зӕгъгӕ, Хуыцау «махмӕ дӕр [ома, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонмӕ] ӕмӕ уыдонмӕ дӕр [ома, ӕндӕр адӕмтӕй уырнджытӕ чи сси, уыдонмӕ] иухуызон цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ уырнындзинады фӕрцы ссыгъдӕг кодта» (Хъуыд. 15:9). Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй йӕ Паддзахады бындартӕ суой дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ дӕр (Ром. 8:17; Еф. 2:17–19). Пехуымпарӕдты никуы ис фыст, зӕгъгӕ, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон Хуыцауы Паддзахады бындартӕ суой, уый тыххӕй уал сӕ фыццаг хъӕуы сунӕт скӕнын кӕнӕ дзуттаг дин райсын.

7, 8. а) Иаков ӕфсымӕртӕн цы загъта? б) Иаковы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

7 Фыстады цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, стӕй сӕ чидӕртӕ сӕхи цӕстӕй цы диссаджы хабӕрттӕ федтой, уыдонмӕ гӕсгӕ Иаков ӕфсымӕртӕн загъта, цӕмӕй ахъуыды кодтаиккой мӕнӕ ацы ныхӕстыл: «Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у ахӕм: иннӕ адӕмтӕй Хуыцаумӕ чи раздӕхт, уыдоны къуылымпы кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, цӕмӕй сӕхи хизой, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй, хӕтындзинадӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ ӕмӕ тугӕй. Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Моисейы ныхӕстӕ хъусын кӕнынц алы горӕты дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ алы сабаты дӕр ӕмбырдгӕнӕнты хъӕрӕй фӕкӕсынц» (Хъуыд. 15:19–21).

8 Цымӕ, Иаков уыцы фембӕлд кӕй уагъта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бартӕй спайда кодта, цӕмӕй уынаффӕ йӕхӕдӕг рахастаид? Ӕппындӕр нӕ! Иаков афтӕ кӕй загъта, «мӕ хъуыды у ахӕм», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕн йӕ хъуыды нӕ хъардта. Фӕлӕ сын загъта, цӕмӕй ахъуыды кодтаиккой, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Фыстады цы фыст ис ӕмӕ цы хабӕрттӕ фехъуыстой, ууыл ӕмӕ уынаффӕ уымӕ гӕсгӕ рахастаиккой.

9. Иаков цы хъуыды загъта, уый хорз цӕмӕй уыд?

9 Цымӕ Иаков хорз хъуыды загъта? О, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ сразы сты. Уыцы хъуыды хорз цӕмӕй уыд? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ, афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд ӕндӕр адӕмты нӕ «къуылымпы кодтаиккой», кӕнӕ сыл «уӕлдай уаргъ не ’вӕрдтаиккой», ома сын Моисейы закъон не ’ххӕст кӕнын кодтаиккой (Хъуыд. 15:19; «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Иннӕмӕй та, ӕфсымӕртӕ афтӕмӕй равдыстаиккой, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕнынц – уыдон раджы замантӕй фӕстӕмӕ хъуыстой «Моисейы ныхӕстӕ... уымӕн ӕмӕ сӕ алы сабаты дӕр ӕмбырдгӕнӕнты хъӕрӕй кастысты»b (Хъуыд. 15:21). Афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд уый фӕрцы, дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон ӕнӕмӕнг кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр фӕуыдаиккой. Сӕйраджыдӕр та, уый ӕхсызгон уыдаид Йегъовӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ уыд. Ӕвӕдза, ӕфсымӕртӕ куыд хорз аскъуыддзаг кодтой уыцы фарста, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕдтаиккой! Ӕмӕ абон чырыстон ӕмбырдӕн цӕй хорз цӕвиттон сты!

Альберт Шрёдер 1998 азы ӕппӕтдунеон конгрессы

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ фыццаг ӕнусы разамонӕг совет куыд архайдта, абон дӕр Разамонӕг совет афтӕ архайы?

10 Айразмӕйы сӕры федтам, фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет уынаффӕтӕ куы фӕхӕссы, уӕд алы хатт дӕр разамынд кӕй фӕагуры Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырыстийӕc (1 Кор. 11:3). Куыд? Ӕфсымӕр Альберт Шрёдер 1974 азӕй уыди Разамонӕг советы ӕмӕ йӕ зӕххон цард фӕци 2006 азы, мартъийы. Уый ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Разамонӕг совет ӕрӕмбырд вӕййы алы ӕртыццӕджы дӕр. Фембӕлды райдианы ӕфсымӕртӕ Йегъовӕмӕ скувынц ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тыхы разамынд ракурынц. Уыдон архайынц, цӕмӕй, цы фарстатыл фӕныхас кӕнынц ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссынц, уыдон иууылдӕр Хуыцауы Ныхас Библимӕ гӕсгӕ уой». Милтон Хеншель дӕр бирӕ рӕстӕг уыд Разамонӕг советы, йӕ зӕххон цард фӕци 2003 азы, мартъийы. Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 101-ӕм кълас чи фӕци, уыдонмӕ ахӕм ахсджиаг фарста радта: «Исчи ма уӕ ахӕм организаци зоны, ӕмӕ йӕ сӕргъы чи лӕууы, уыдон исты уынаффӕ рахӕссыны размӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ ӕркӕсынц?» Дзуапп бӕлвырд у.

«Дыууӕ адӕймаджы равзӕрстой ӕмӕ сӕ... арвыстой» (Хъуыд. 15:22–29)

11. Разамонӕг совет цы уынаффӕ рахаста, уый ӕмбырдтӕм куыд фӕхӕццӕ кодта?

11 Иерусалимы разамонӕг советы чи уыд, уыдон сунӕт кӕныны фӕдыл ӕмвӕндӕй уынаффӕ рахастой. Фӕлӕ цӕмӕй ӕмбырдты ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр уыцы уынаффӕйыл сразы уыдаиккой, уый тыххӕй сын ӕй хъуыди бӕлвырд бамбарын кӕнын. Стӕй сӕм ӕй афтӕ хъуыди фӕхӕццӕ кӕнын, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, кӕй сыл тыхсынц ӕмӕ сӕ сӕ хорз кӕй фӕнды. Уыцы хъуыддаг хуыздӕр куыд уыд саразӕн? Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис: «Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕгас ӕмбырдимӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕй дыууӕ адӕймаджы равзарын ӕмӕ сӕ Павел ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ равзӕрстой, Варсавӕ кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы ӕмӕ Силӕйы – сӕ дыууӕ дӕр уыдысты, разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм ӕфсымӕртӕ». Семӕ ма сын арвыстой фыстӕг дӕр, цӕмӕй йӕ Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы ӕмбырдты бакастаиккой (Хъуыд. 15:22–26).

12, 13. Разамонӕг советӕн йӕ къухы цы бафтыд: а) Иудӕ ӕмӕ Силӕйы кӕй арвыста, уый фӕрцы? б) фыстӕг кӕй арвыста, уый фӕрцы?

12 Иудӕ ӕмӕ Силӕ уыдысты, ӕмбырды «разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм ӕфсымӕртӕ» ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд разамонӕг советы номӕй архайын. Ӕмбырдтӕм цыппар адӕймаджы кӕй арвыстой, уый фӕрцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстаиккой: ӕрмӕст уый зӕгъинаг сын не сты, ӕмӕ сунӕт кӕныны фарста лыггонд ӕрцыд, фӕлӕ разамонӕг совет дӕтты ног разамынд. Уыцы ӕрвыст ӕфсымӕрты фӕрцы, Иерусалимы цӕрӕг дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси ӕмӕ ӕмбырдты ӕндӕр адӕмтӕй цы чырыстӕттӕ уыд, уыдон кӕрӕдзимӕ ноджы ӕнгомдӕр фӕуыдаиккой. Разамонӕг совет ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уымӕй равдыста стыр уарзондзинад ӕмӕ, уӕззау зондӕй кӕй архайдта, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй, уый стыр ӕххуыс фӕци ӕмбырдтӕн, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайдтаиккой.

АБОН РАЗАМОНӔГ СОВЕТ КУЫД АРХАЙЫ

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр разамынд дӕтты Разамонӕг совет. Разамонӕг советы ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, ахӕм иузӕрдион ӕфсымӕртӕ. Разамонӕг советы чи ис, уыдон фембӕлынц алы къуыри дӕр. Уыцы ӕфсымӕртӕ лӕггад кӕнынц ӕхсӕз комитеты ӕмӕ сӕ алчидӕр дзуапп дӕтты бӕлвырд хъуыддӕгтӕн.

  • Ахуырадон комитет. Ацы комитет цӕттӕ кӕны конгрессты ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты программӕтӕ, стӕй алыхуызон аудио- ӕмӕ видеопродукци. Цӕттӕ ма кӕны, Галаады скъолайы, Пионерты скъолайы ӕмӕ ӕндӕр скъолаты кӕй фӕахуыр кӕнынц, уыцы программӕтӕ дӕр. Стӕй ма сӕрмагонд программӕ бацӕттӕ кӕны, филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны уырнындзинад фидар кӕнынӕн дӕр.

  • Координаторты комитет ӕххуыс кӕны закъонимӕ баст хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн ӕмӕ, куы бахъӕуы, уӕд ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕны, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй телевизор, радио ӕмӕ интернеты уылты радзурой, ӕмӕ адӕм зоной, ӕцӕгӕй чи стӕм, уый. Йӕ хӕстӕм ма хауы, ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, сӕ фӕдыл куы фӕзилынц кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ куы ’рцӕуы, уӕд, йе та, ӕвӕстиатӕй архайын кӕм фӕхъӕуы, ӕндӕр ахӕм уавӕрты.

  • Лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитет. Ацы комитеты ӕфсымӕртӕ тыхсынц, цӕмӕй, ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны уырнындзинад фидар уа ӕмӕ мацы цух уой. Ацы комитет ма снысан кӕны филиалтӕм ног лӕггадгӕнджыты дӕр.

  • Рауагъдады комитет. Ацы комитет йӕ цӕст дары, Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ мыхуыр куыд цӕуы ӕмӕ ӕмбырдтӕм куыд хӕццӕ кӕны, уымӕ. Йӕ бӕрны ма сты типографитӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийӕн ӕгас дунейы дӕр цы исбон ис, уый. Уыимӕ ма дзуапп дӕтты филиалтӕ аразыны хъуыддагӕн, стӕй Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразыны хъуыддагӕн дӕр. Ацы комитет ма йӕ хъус дары, Паддзахады хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон цӕуыл хардз кӕнынц, уымӕ дӕр.

  • Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет. Ацы комитет йӕ цӕст дары хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Дзуапп ма дӕтты, ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ пионертимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст сты, уыдонӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма студентты фӕхоны Галаады скъоламӕ. Уыцы скъола каст чи фӕвӕййы, уыдон ӕмбырдтӕн феххуыс кӕнынц, стӕй фӕархайынц, цӕмӕй, нӕ организаци ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы куыст кӕны, уый размӕ цӕуа.

  • Фысджыты комитет. Ацы комитет разамынд дӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Стӕй, кӕсджытӕм Библийы фӕдыл цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дӕр дзуапп ратты. Уымӕй уӕлдай ма, ацы комитеты цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон лӕмбынӕг ӕркӕсынц драмӕты сценаритӕм ӕмӕ раныхӕсты конспекттӕм ӕмӕ фӕзӕгъынц, разы сты ӕви нӕ. Сӕ хъус ма дарынц, ӕгас дунейы тӕлмацгӕнджыты куыст куыд цӕуы, уымӕ дӕр.

Разамонӕг совет архайы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. Цы ӕфсымӕртӕ дзы ис, уыдон сӕхи Йегъовӕйы адӕмы разамонджытыл нӕ нымайынц. Иннӕ сӕрст чырыстӕттау уыдон дӕр, «Уӕрыкк [ома Йесо Чырысти] кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Рарг. 14:4).

13 Разамонӕг совет цы фыстӕг арвыста, уым фыст уыд бӕлвырд амындтӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕн. Сунӕт кӕнын сӕ хъӕуы ӕви нӕ, ӕрмӕст уый кой дзы нӕ цыд, фӕлӕ ма, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссардтаиккой ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъуыд, уый кой дӕр. Фыстӕгӕн йӕ сӕйраг ныхӕстӕ уыдысты ахӕм: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй мах ахӕм уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уыл мӕнӕ ацы ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй уӕлдай ӕндӕр уаргъ мауал ӕвӕрӕм. Уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уӕхи хизат, мӕнгхуыцӕуттӕн цы снывонд кӕнынц, уыдӕттӕй, тугӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ ӕмӕ хӕтындзинадӕй. Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг. Дзӕбӕх ут!» (Хъуыд. 15:28, 29).

14. Ацы змӕст дунейы цӕргӕйӕ Йегъовӕйы адӕм ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕй фӕрцы архайынц?

14 Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 8 000 000 фылдӕр ӕмӕ, ӕгас зӕххыл цы ӕмбырдты сты, уыдоны нымӕц та у 100 000 фылдӕр. Кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр хӕст сты иу зондыл ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайынц. Ацы змӕст ӕмӕ хӕццӕ дунейы цӕргӕйӕ сын уый куыд ӕнтысы? Сӕйраджыдӕр, ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырысти сын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», ома Разамонӕг советы уылты разамынд кӕй дӕтты, уый фӕрцы (Матф. 24:45–47). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн ма ӕгас дунейы иудзинад ноджыдӕр уый фӕрцы ис, ӕмӕ сын Разамонӕг совет цы разамынд дӕтты, уымӕ ӕнӕзивӕгӕй хъусынц.

«Бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой» (Хъуыд. 15:30–35)

15, 16. Сунӕт кӕныны фарста куыд аскъуыддзаг кодтой, уымӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ уыцы фарста афтӕ хорз цӕй фӕрцы аскъуыддзаг кодтой?

15 Хъуыддӕгты чиныджы дарддӕр фыст ис, зӕгъгӕ, ӕрвыст ӕфсымӕртӕ Иерусалимӕй Антиохимӕ куы ’рцыдысты, уӕд «ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕм фыстӕг радтой». Цымӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ разамонӕг советы разамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты? «Фыстӕг куы бакастысты, уӕд бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой» (Хъуыд. 15:30, 31). Уымӕй уӕлдай ма Иудӕ ӕмӕ Силӕ «бирӕ раныхӕстӕй ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ сӕ фидар кодтой». Ӕмӕ уый тыххӕй уыдоны дӕр Варнавӕ, Павел ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртау схуыдтой «пехуымпартӕ». Ацы дзырд амоны, Хуыцауы фӕндон иннӕтӕн чи хъусын кодта кӕнӕ чи ӕргом кодта, уыдонмӕ (Хъуыд. 13:1; 15:32; Рац. 7:1, 2).

16 Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта, уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнынӕн цыдӕриддӕр арӕзт цыд, уымӕн. Уыцы фарста афтӕ хорз цӕй фӕрцы аскъуыддзаг кодтой? Разамонӕг совет Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы. Стӕй, цы уынаффӕ рахаста, уый ӕмбырдтӕн бӕлвырд ӕмӕ афоныл бамбарын кодта ӕмӕ сӕм ӕй афтӕ фӕхӕццӕ кодта, цӕмӕй федтаиккой, кӕй сӕ уарзынц ӕмӕ сыл кӕй тыхсынц.

17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ абон районон цӕстдарджытӕ, фыццаг ӕнусы ӕфсымӕртӕ цы куыст кодтой, ахӕм куыст кӕнынц?

17 Абон дӕр Разамонӕг совет афтӕ архайы – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас зӕххыл дӕр афоныл разамынд дӕтты. Исты уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд ӕй ӕмбырдтӕн фехъусын кӕны, зӕгъӕм, районон цӕстдарджыты уылты. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырдтӕ куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бӕлвырд бамбарын кӕнынц, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауынц. Павел ӕмӕ Варнавӕйау уыдон дӕр уацамынды бирӕ рӕстӕг ӕрвитынц – «адӕмы ахуыр кӕнынц ӕмӕ иннӕтимӕ хъусын кӕнынц хорз хабар, Йегъовӕйы ныхас» (Хъуыд. 15:35). Стӕй Иудӕ ӕмӕ Силӕйау «бирӕ раныхӕстӕй ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауынц ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц».

18. Цӕмӕй Хуыцау йӕ адӕмӕн дарддӕр дӕр арфӕ кӕна, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъӕуы?

18 Цы зӕгъӕн ис ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй та? Ацы змӕст дунейы сын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕгас зӕххыл се ’хсӕн фарн уа ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайой? Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, фӕстӕдӕр мӕнӕ ацы ныхӕстӕ ахуыргӕнинаг Иаков кӕй ныффыста: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс... Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иак. 3:17, 18). Иаков ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд Иерусалимы цы фембӕлд уыди, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ, Хъуыддӕгты 15 сӕры цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй фӕарфӕ кӕны, ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы фӕархайынц.

19, 20. а) Антиохийы ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у? б) Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн ныр сӕ бон цы уыд аразын?

19 Антиохийы ӕмбырды ныр уыди ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад. Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ, Иерусалимӕй сӕм чи ’рцыд, уыцы ӕфсымӕртимӕ быцӕу нӕ кодтой, фӕлӕ тынг фӕбузныг сты, Иудӕ ӕмӕ сӕм Силӕйы кӕй ӕрӕрвыстой, уый тыххӕй. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Силӕ «уым иуцасдӕр фесты, стӕй сын ӕфсымӕртӕ фӕндараст загътой, ӕмӕ уыдон фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты»d (Хъуыд. 15:33). Ӕмӕ Иерусалимы ӕфсымӕртӕ дӕр куыннӕ цин кодтаиккой, уыцы дыууӕ чырыстоны сын сӕ балцы тыххӕй цы радзырдтой, ууыл. Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы сӕ нысан сӕ къухы бафтыд!

20 Ныр Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн сӕ бон уыд сӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ саразын ӕмӕ уыцы хъуыддаджы хорз разамынд дӕттын. Ӕмӕ абон районон цӕстдарджытӕ дӕр афтӕ кӕнынц (Хъуыд. 13:2, 3). Цӕй стыр ӕххуыс у уый Йегъовӕйы адӕмӕн! Фӕлӕ уыцы дыууӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы хъусын кӕныны хъуыддаджы дарддӕр куыд архайдтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кодта? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ сӕры.

Мад ӕмӕ чызг конгрессы кӕсынц чиныгмӕ «Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ», 2 томмӕ.

Чырыстӕттӕн стыр пайда хӕссы, Йегъовӕ сын Разамонӕг советы ӕмӕ, уыцы советы номӕй чи архайы, уыдоны уылты цыдӕриддӕр дӕтты, уый

ИАКОВ – «ХИЦАУЫ ӔФСЫМӔР»

Библийы Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕрты тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, уым фыццаг цӕуы Иосиф ӕмӕ Марийӕйы фырт Иаковы кой (Матф. 13:54, 55). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иаков уыди Марийӕйы дыккаг сывӕллон. Иаков Йесоимӕ хъомыл кодта ӕмӕ уыдта, Йесо зӕххыл куыд лӕггад кодта, уый. Стӕй, цы «диссӕгтӕ» арӕзта, уый дӕр зыдта, йӕхи цӕстӕй сӕ федта ӕви нӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕрыл «не ’ууӕндыдысты» (Иоан. 7:5). Уый нӕ, фӕлӕ ма Иаков дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, Йесойы иннӕ хӕстӕджытӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕ. Уыдон Йесойӕ дзырдтой, «йӕ сӕрызонд фӕцыди», зӕгъгӕ (Марчы 3:21).

Иаков тыхтонӕй скъуыддзаг кӕсы.

Фӕлӕ Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ уавӕр фӕивта. Кӕд ма Грекъаг Фыстыты ноджыдӕр ӕртӕ Иаковы кой цӕуы, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй Йесо йӕ райгасы фӕстӕ 40 боны дӕргъы зӕххыл куы уыди, уӕд йе ’фсымӕр Иаковмӕ фӕзынд (1 Кор. 15:7). Ӕмӕ йӕ Иаков йӕхи цӕстӕй кӕй федта, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕрцы бамбӕрста, йӕ хистӕр ӕфсымӕр ӕцӕгӕй чи у, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ апостолтӕ уӕллаг уаты куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ куы куывтой, уӕд Иаков, йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр уым уыдысты (Хъуыд. 1:13, 14).

Ӕппынфӕстаг Иаков сси, Иерусалимы ӕмбырд стыр аргъ кӕмӕн кодта, ахӕм ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хуыдтой апостол, кӕнӕ «ӕрвыст» (Гал. 1:18, 19). Иаков зындгонд кӕй уыд, уый бӕрӕг у, зӕд апостол Петры ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ кӕй загъта, «ацы хабар Иаковӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр фехъусын кӕнут», зӕгъгӕ, уымӕй (Хъуыд. 12:12, 17). Куыд зыны, афтӕмӕй «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» Иерусалимы сунӕт кӕныны фарстайы фӕдыл куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уыцы фембӕлд уагъта Иаков (Хъуыд. 15:6–21). Апостол Павел та загъта, Иаковы дӕр Кифӕйау (ома Петрау) ӕмӕ апостол Иоаннау кӕй нымадтой Иерусалимы «ӕмбырды цӕджындзыл» (Гал. 2:9). Цалдӕр азы фӕстӕ Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд дӕр бацыд «Иаковмӕ. Уым ӕрӕмбырд сты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр» (Хъуыд. 21:17–19).

Куыд зыны, афтӕмӕй, Павел «Хицауы ӕфсымӕр» кӕй хоны, растдӕр уыцы Иаков ныффыста Библийы чингуытӕй иу – йӕ ном чи хӕссы, уыцы фыстӕг (Гал. 1:19). Уыцы фыстӕджы Иаков йӕхицӕй не ’ппӕлы, ӕз апостол кӕнӕ Йесойы ӕфсымӕр дӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕхи сӕрныллӕгӕй хоны «Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар» (Иак. 1:1). Иаковы фыстӕгӕй бӕрӕг у, уый дӕр Йесойау хорз кӕй зыдта ӕрдзы хабӕрттӕ ӕмӕ, адӕймаг куыд конд у, уый. Хуыцауы хъуыдытӕ бамбарын кӕнынӕн Иаков цӕвиттонӕн хӕссы адӕмӕн зонгӕ хабӕрттӕ: мӕй ӕмӕ стъалыты рухс, судзгӕ хур, пиллон арт, дымгӕ кӕй фӕйлауы, ахӕм денджыз, ӕвиппайды чи бахус вӕййы, ахӕм дидинджытӕ ӕмӕ, кӕй ӕрцахуыр кӕнынц, ахӕм сырдтӕ (Иак. 1:6, 11, 17; 3:5, 7). Иаков Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы хорз ӕмбӕрста адӕмӕн сӕ зондахаст ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн саразынц, уый, ӕмӕ диссаджы уынаффӕтӕ радта, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕн куыд ис, уый тыххӕй (Иак. 1:19, 20; 3:2, 8–18).

Павел 1 Коринфӕгтӕм 9:5 куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иаковӕн уыди бинонтӕ. Библийы ницы ис фыст, Иаков кӕд ӕмӕ куыд амард, уый тыххӕй. Фӕлӕ рагон дзуттаг историк Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, н. э. 62 азмӕ ӕввахс, ома Ромы ӕвӕрд хицау Порций Фест куы амард ӕмӕ йын йӕ бынат Альбин куы нӕма бацахаста, уыцы рӕстӕг, хистӕр сауджын Анан (Анани) «ӕрӕмбырд кодта Синедрионы тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ сын сӕ разы ӕрлӕууын кодта иу адӕймаджы, Иаков, зӕгъгӕ, Чырысти кӕй хуыдтой, уыцы Йесойы ӕфсымӕры, ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр кӕйдӕрты». Иосиф куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ Анан «фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, закъон халынц, ӕмӕ сӕ дуртӕй амарын кодта».

a Кӕс рамкӕ «Иаков – „Хицауы ӕфсымӕр“».

b Иаков ӕфсымӕртӕн сӕ хъус ӕрдардта, Моисей ӕрмӕст Закъон кӕй нӕ ныффыста, фӕлӕ, Закъон куы нӕма фӕзынд, уӕд Хуыцау адӕмимӕ куыд архайдта ӕмӕ йӕ фӕндон цы уыди, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау тугмӕ, хӕтындзинадмӕ ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕм кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй бӕлвырд фыст ис Райдианы чиныджы (Райд. 9:3, 4; 20:2–9; 35:2, 4). Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, уыцы уагӕвӕрдтӕ кӕй хауынц ӕппӕт адӕммӕ дӕр, дзуттӕгтӕ уой ӕви нӕ, уӕддӕр.

c Кӕс рамкӕ «Абон Разамонӕг совет куыд архайы?».

d Иуӕй-иу тӕлмацты 34 стихмӕ бафтыдтой ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Силӕ сфӕнд кодта Антиохийы баззайын («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы ныхӕстӕ иуӕй-иу рагон къухфыстыты фӕстӕдӕр фӕзындысты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын