Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bt 15 сӕр, 133–140 фф.
  • Ӕмбырдтӕ «фидар кодта»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕмбырдтӕ «фидар кодта»
  • Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Цӕй, аздӕхӕм ӕмӕ... ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнӕм» (Хъуыд. 15:36)
  • «Тынг фӕбыцӕу сты» (Хъуыд. 15:37–41)
  • «Тынг [дзы] ӕппӕлыдысты» (Хъуыд. 16:1–3)
  • «Ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта» (Хъуыд. 16:4, 5)
  • «Мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Марк – стыр ӕххуыс иннӕтӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Марк фидар фӕлӕууыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Фылдӕр фенын
Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
bt 15 сӕр, 133–140 фф.

15 СӔР

Ӕмбырдтӕ «фидар кодта»

Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой

Арӕзт у Хъуыддӕгты 15:36–16:5

1–3. а) Павелы ног ӕмбал чи у ӕмӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй цы ис зӕгъӕн? б) Ацы сӕрӕй цы базондзыстӕм?

БӔЛЦЦӔТТӔ иу горӕтӕй иннӕмӕ фӕцӕуынц ӕвзӕр фӕндӕгтыл. Апостол Павелӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, йӕ фарсмӕ чи цӕуы, уыцы ӕрыгон лӕппуйыл. Йӕ ном хуыйны Тимофей. Тимофей ис йӕ тӕккӕ тыхыл, цӕуы йыл ссӕдз азмӕ ’ввахс. Йӕ алы къахдзӕф дӕр ӕй дарддӕрӕй-дарддӕр кӕны йӕ хӕдзарӕй. Боны кӕронмӕ Листрӕ ӕмӕ Икони дард кӕмдӕр баззадысты. Бӕлццӕттӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Павел уый тыххӕй цыдӕртӕ зоны, уымӕн ӕмӕ ныр дыккаг хатт ис ахӕм дард балцы. Зоны йӕ, иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ бахаудзысты тӕссаг уавӕрты ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты. Цымӕ ацы ӕрыгон лӕппу ахӕм зын балцы бафӕраздзӕн?

2 Павел ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕны, кӕд уыцы сӕрныллӕг лӕппуйы йӕхицӕй уыйбӕрц ныфс нӕй, уӕддӕр. Павелыл ӕрӕджы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ гӕсгӕ ныр ноджы хуыздӕр ӕмбары, фӕндагыл ӕй, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дара, ахӕм ӕмбал кӕй хъӕуы. Павел ӕй зоны, ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынӕн ӕмӕ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнынӕн кӕй хъӕуы фидардзинад, стӕй, уыцы куыст чи кӕны, уыдон хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайой. Павел афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны? Чи зоны, уымӕй размӕ Варнавӕимӕ кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбӕрстой ӕмӕ кӕй фӕхицӕн сты, уый тыххӕй.

3 Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд хуыздӕр куыд у бакӕнын. Базондзыстӕм ма, Павел йӕхицӕн ӕмбалӕн Тимофейы цӕмӕн равзӕрста, уый дӕр. Стӕй хуыздӕр бамбардзыстӕм, абон районон цӕстдарджытӕ цы стыр куыст кӕнынц, уый.

«Цӕй, аздӕхӕм ӕмӕ... ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнӕм» (Хъуыд. 15:36)

4. Павел йӕ дыккаг балцы ацӕуын цӕмӕн сфӕнд кодта?

4 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй, Антиохийы ӕмбырдмӕ кӕй арвыстой, уыцы цыппар ӕфсымӕры – Павел, Варнавӕ, Иудӕ ӕмӕ Силӕ – уым радзырдтой, разамонӕг совет сунӕт кӕныны фӕдыл цы уынаффӕ рахаста, уый ӕмӕ сӕ уымӕй бафидар кодтой. Цымӕ Павел уый фӕстӕ та цы куыста? Цы фӕндтӕ йӕм уыд, уый тыххӕй Варнавӕйӕн загъта: «Цӕй, аздӕхӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы ныхас цы горӕтты хъусын кодтам, уым ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ, куыд сты, уый фенӕм» (Хъуыд. 15:36). Чырыстон ӕрӕджы чи сси, уыдоны Павел ӕнӕуи абӕрӕг кӕнын нӕ фӕнд кодта. Хъуыддӕгты чиныгӕй зыны, Павелы дыккаг балцӕн бӕлвырд нысан кӕй уыд. Фыццаг: хъуамӕ ӕмбырдтӕн дарддӕр дӕр дзырдтаид, разамонӕг совет цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдон (Хъуыд. 16:4). Дыккаг: Павел цӕуӕг цӕстдарӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд ӕмбырдты уырнындзинад фидар кӕнын (Ром. 1:11, 12). Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, апостолтӕ цы цӕвиттон ныууагътой, уымӕ гӕсгӕ архайынц?

5. Абон Разамонӕг совет ӕмбырдтӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ сӕ куыд фидар кӕны?

5 Абон Чырысти йе ’мбырдӕн разамынд дӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уылты. Уыцы иузӕрдион сӕрст ӕфсымӕртӕ, ӕгас зӕххыл цыдӕриддӕр ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн разамынд дӕттынц ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц фыстӕджыты, мыхуыргонд ӕмӕ сайты чи ис, уыцы публикациты, фембӕлдты ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлтты фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма Разамонӕг совет тыхсы алы ӕмбырдыл дӕр хицӕнӕй. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕгас дунейы дӕр мингай фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгты районон цӕстдарджытӕй снысан кодта.

6, 7. Районон цӕстдарджыты хӕстӕм цы хауы?

6 Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырды алкӕмӕн дӕр рӕстӕг ссарой ӕмӕ йын Хуыцауы Ныхасӕй йӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Куыд ӕфты уый сӕ къухы? Уыдон фӕзмынц фыццаг ӕнусы чырыстӕтты, зӕгъӕм, Павелы. Павел иу цӕстдарӕгӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй, ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр, иннӕтӕн уайдзӕф кӕн, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ – у бирӕфӕразон ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕн... Хорз хабар хъусын кӕн» (2 Тим. 4:2, 5).

7 Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ районон цӕстдарджытӕ – кӕд сын устытӕ ис, уӕд уыдон дӕр – ӕмбырды хъусынгӕнджытимӕ алыхуызон уавӕрты фӕхъусын кӕнынц. Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт уадзынц, стӕй сты хорз ахуыргӕнджытӕ. Ӕмӕ сӕм ахӕм миниуджытӕ кӕй ис, уый ӕмбырдыл хорзырдӕм фӕзыны (Ром. 12:11; 2 Тим. 2:15). Районон цӕстдарджыты иннӕтӕ сӕйраджыдӕр зонынц, ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты кӕй уарзынц ӕмӕ сын сӕ уды хардзӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй. Уыдон сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ, цыфӕнды ӕвзӕр боныхъӕд ма уа, стӕй сӕ цыфӕнды тӕссаг ранмӕ ма хъӕуа цӕуын, уӕддӕр сӕ хъуыддаг никуы ныууадзынц (Фил. 2:3, 4). Районон цӕстдарджытӕн ма вӕййы, Библимӕ гӕсгӕ арӕзт чи у, ахӕм раныхӕстӕ, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнынц, ахуыр сӕ кӕнынц ӕмӕ сын зонд амонынц. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр стыр пайда уыдзӕн, уыцы лӕггадгӕнджыты цардыл куы хъуыды кӕной ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад куы фӕзмой, уый (Дзут. 13:7).

«Тынг фӕбыцӕу сты» (Хъуыд. 15:37–41)

8. Павелы хъуыды Варнавӕмӕ куыд фӕкаст?

8 Варнавӕ сразы, цӕмӕй Павелимӕ «ӕфсымӕрты бабӕрӕг кодтаиккой» (Хъуыд. 15:36). Уый размӕ дӕр ӕмбырдтӕ иумӕ бӕрӕг кодтой ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр хорз зыдтой, кӕдӕм цӕуинаг уыдысты, уыцы рӕттӕ дӕр ӕмӕ бабӕрӕг кӕнын кӕй хъуыди, уыцы адӕмы дӕр (Хъуыд. 13:2–14:28). Уӕдӕ уыцы хъуыддаг иумӕ бакӕнын сӕ дыууӕмӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хорз фӕкасти. Фӕлӕ иу цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстой. Хъуыддӕгты 15:37 кӕсӕм: «Варнавӕ сфӕнд кодта, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр акӕнын». Варнавӕ афтӕ нӕ загъта, Марчы дӕр немӕ куы акӕниккам, зӕгъгӕ, фӕлӕ «сфӕнд кодта», уый дӕр семӕ кӕй ацӕудзӕн.

9. Павел Варнавӕимӕ цӕуылнӕ сразы?

9 Уыцы фӕнд Павелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Цӕуылнӕ? Библийы кӕсӕм: «Павел разы нӕ уыд, цӕмӕй Марчы семӕ акодтаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ Марк Памфилийы ныууагъта ӕмӕ, цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрвыст уыдысты, уый бакӕнынмӕ семӕ нӕ ацыди» (Хъуыд. 15:38). Марк уыди Павел ӕмӕ Варнавӕимӕ сӕ фыццаг уацамындон балцы, фӕлӕ йын цы бахӕс кодтой, уый кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кодта (Хъуыд. 12:25; 13:13). Сӕ балцы райдианы, Памфилийӕ дарддӕр нӕма ацыдысты, афтӕ сӕ Марк ныууагъта ӕмӕ сӕхимӕ Иерусалиммӕ аздӕхт. Цӕмӕн сӕ ныууагъта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ Марк афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йыл апостол Павел, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныфс нал дардта. Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Марк уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсы, цы йын бахӕс кӕнынц, уымӕ.

10. Павел ӕмӕ Варнавӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй фӕбыцӕу сты, уый цӕмӕ ’ркодта?

10 Фӕлӕ Варнавӕ уӕддӕр Марчы акӕныныл ныллӕууыд. Ӕмӕ Павел та ныллӕууыд, нӕ йӕ кӕнӕм, зӕгъгӕ. Хъуыддӕгты 15:39 фыст ис: «Гъемӕ афтӕ тынг фӕбыцӕу сты, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты». Варнавӕ науыл ацыд йӕ райгуырӕн бӕстӕ Кипрмӕ ӕмӕ Марчы дӕр йемӕ акодта. Павел та ацыд, кӕдӕм сфӕнд кодта, уырдӕм. Мах кӕсӕм: «Павел... равзӕрста Силӕйы, ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ Павелы Йегъовӕйы стыр хорзӕхыл куы бафӕдзӕхстой, уӕд йӕ фӕндагыл араст» (Хъуыд. 15:40). Уыдон иумӕ зылдысты «Сири ӕмӕ Киликийы ӕмбырдтыл ӕмӕ сӕ фидар кодтой» (Хъуыд. 15:41).

11. Цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ чи фӕхъыг кодта, уыимӕ бафидауӕм?

11 Ацы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм. Павел ӕмӕ Варнавӕ архайдтой разамонӕг советы номӕй. Павел та, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг дӕр уыд разамонӕг советы. Фӕлӕ сыл уӕддӕр ацы хатт се ’нӕххӕстдзинад фӕтых. Цымӕ уыцы хабары тыххӕй кӕрӕдзимӕ афтӕ тынг фӕхъыг сты, ӕмӕ нал бафидыдтой? Кӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр, Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кодтой ӕмӕ уыдысты сӕрныллӕг. Дзырд дӕр ыл нӕй, рӕстӕг куы рацыд, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕцӕг чырыстон уарзондзинад равдыстой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныххатыр кодтой (Еф. 4:1–3). Цасдӕры фӕстӕ та Павел ӕмӕ Марк иумӕ ӕххӕст кодтой ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕa (Кол. 4:10).

12. Павел ӕмӕ Варнавӕйау абон дӕр районон цӕстдарджытӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа?

12 Варнавӕ ӕмӕ Павел кӕрӕдзиимӕ кӕй фӕбыцӕу сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймӕгтӕ уыдысты. Варнавӕйӕн йе ’цӕг ном уыд Иосиф. Фӕлӕ ахӕм фӕлмӕн ӕмӕ рӕдау адӕймаг уыди, ӕмӕ йӕ апостолтӕ йӕхи номӕй нӕ хуыдтой, фӕлӕ йӕ хуыдтой Варнавӕ, ома «Рӕвдыддзинады фырт» (Хъуыд. 4:36). Павелы дӕр зыдтой, иннӕты чи рӕвдыдта ӕмӕ сӕ фӕлмӕн уарзтӕй чи уарзта, ахӕм адӕймагӕй (1 Фес. 2:7, 8). Абон дӕр чырыстон цӕстдарджытӕ се ’ппӕт дӕр, уыимӕ районон цӕстдарджытӕ дӕр, хъуамӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйау ӕдзухдӕр архайой, цӕмӕй сӕрныллӕг уой ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгты, стӕй ӕмбырды алкӕй дӕр фӕлмӕн уарзтӕй уарзой (1 Пет. 5:2, 3).

«Тынг [дзы] ӕппӕлыдысты» (Хъуыд. 16:1–3)

13, 14. а) Чи уыди Тимофей ӕмӕ Павел йемӕ куыд базонгӕ? б) Павел Тимофеймӕ йӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг цӕмӕн ӕрдардта? в) Тимофейӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодтой?

13 Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг ацыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатимӕ. Уӕдмӕ дзы уыди цалдӕр ӕмбырды. Мах кӕсӕм: «Павел бахӕццӕ Дервимӕ, стӕй та Листрӕмӕ. Уым цард иу ахуыргӕнинаг, Тимофей, зӕгъгӕ. Йӕ мад уыди дзуттаг, Хуыцауӕн кувӕг сылгоймаг, йӕ фыд та уыди грекъаг»b (Хъуыд. 16:1).

14 Павел Тимофейы бинонтимӕ, ӕвӕццӕгӕн, базонгӕ н. э. 47 азы, йӕ фыццаг уацамындон балцы рӕстӕг уыцы бӕстӕйы куы уыд, уӕд. Уӕдӕй рацыдаид дыууӕ-ӕртӕ азы, ӕмӕ ныр Павел уыцы лӕппумӕ йӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг ӕрдардта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзы ӕфсымӕртӕ «тынг ӕппӕлыдысты». Тимофейӕн хорз ном ӕрмӕст йӕхи ӕмбырды нӕ уыди. Хъуыддӕгты чиныг нын дзуры, ӕфсымӕртӕ дзы ӕрмӕст Листрӕйы кӕй не ’ппӕлыдысты, фӕлӕ ма, 30 километры дарддӕр чи уыд, уыцы горӕт Иконийы дӕр (Хъуыд. 16:2). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Тимофейӕн сыгъдӕг тыхы разамындӕй йӕ бӕрны бакодтой стыр хъуыддаг – Павел ӕмӕ Силӕйӕн уацамындон балцы ӕххуыс кӕнын (Хъуыд. 16:3).

15, 16. Тимофейӕн хорз ном цӕй фӕрцы уыди?

15 Тимофейӕн ӕрыгонӕй ахӕм хорз ном цӕй фӕрцы уыди? Мыййаг, бакастӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй уыд кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ кӕй уыд, йе та, зондджын кӕй уыд, уый фӕрцы? Адӕм фылдӕр уыдӕттӕм фӕкӕсынц. Суанг пехуымпар Самуилы дӕр иухатт фӕсайдта, адӕймагӕн йӕ уындмӕ кӕй касти, уый. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Сам. 16:7). Тимофейӕн йе ’мчырыстӕтты ’хсӕн хорз ном уыд, цавӕрдӕр курдиӕттӕ йӕм кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕм рӕсугъд миниуджытӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.

16 Цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел ныффыста Тимофейы чырыстон миниуджытӕй иуӕй-иуты тыххӕй, зӕгъӕм, иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсти ӕмӕ йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста, стӕй йӕ чырыстон хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй (Фил. 2:20–22). Тимофейы ма зыдтой йӕ «ӕнӕхин» уырнындзинадӕй дӕр (2 Тим. 1:5).

17. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Тимофейы фӕзмын?

17 Абон дӕр ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ Тимофейау сӕ удыхъӕды рӕзын кӕнынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ. Уый фӕрцы сын хорз ном ис Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы раз дӕр, кӕд ӕрыгон сты, уӕддӕр (Ӕмб. 22:1; 1 Тим. 4:15). Сӕ уырнындзинад у ӕнӕхин, ома сӕхи ӕмбырды куыд фӕдарынц, афтӕ фӕдарынц ӕндӕр рӕтты дӕр (Пс. 26:4). Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕтӕн сӕ бон у Тимофейау ӕмбырды бирӕ хъуыддӕгтӕ аразын. Ӕрыгӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнын куы райдайынц, сӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд, Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр куыд тынг фӕцин кӕнынц!

«Ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта» (Хъуыд. 16:4, 5)

18. а) Павел ӕмӕ Тимофей цӕуӕг цӕстдарджытӕй куы лӕггад кодтой, уӕд цавӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кодтой? б) Йегъовӕ ӕмбырдтӕн куыд арфӕ кодта?

18 Павел ӕмӕ Тимофей иумӕ лӕггад кодтой бирӕ азты дӕргъы. Цӕуӕг цӕстдарджытӕй кӕй лӕггад кодтой, уымӕ гӕсгӕ разамонӕг советы номӕй архайдтой. Библийы фыст ис: «[Уыдон] горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой» (Хъуыд. 16:4). Бӕрӕг у, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕ рахастой, уымӕ ӕмбырдтӕ кӕй байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы «ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:5).

19, 20. Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусой, «разамынд сын чи дӕтты», уыдонмӕ?

19 Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, «разамынд сын чи дӕтты», уыдонмӕ сӕрныллӕгӕй кӕй хъусынц, уый фӕрцы хайджын сты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (Дзут. 13:17). Ацы дунейӕн йӕ хуыз театры нывтау ӕдзухдӕр кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ пайда кӕной, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы хӕринаг дӕтты, уымӕй ӕмӕ нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайой (Матф. 24:45; 1 Кор. 7:29–31). Уый фӕрцы уырнындзинады фӕндагӕй нӕ ахаудзыстӕм ӕмӕ ацы дунейӕ нӕхи фӕчъизи кӕнын нӕ бауадздзыстӕм (Иак. 1:27).

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон цӕстдарджытӕ, ӕмӕ суанг Разамонӕг советы чи ис, уыдон дӕр, фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕттау, Павел, Варнавӕ, Марк ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтау, сты ӕнӕххӕст (Ром. 5:12; Иак. 3:2). Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ архайынц фыццаг ӕнусы апостолты цӕвиттонмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый тыххӕй сты ӕууӕнчы аккаг (2 Тим. 1:13, 14). Афтӕ кӕй архайынц, уый фӕрцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны.

ТИМОФЕЙ ЦАГЪАРАУ ЛӔГГАД КӔНЫ «ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАДЖЫ»

Тимофей уыди апостол Павелы ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ йын Павел тынг аргъ кодта. Иуӕндӕс азы бӕрц иумӕ куы фӕлӕггад кодтой, уӕд Павел Тимофейы тыххӕй ныффыста: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса. Тимофейы тыххӕй... зонут, йӕхи цавӕр адӕймагӕй равдыста, уый: сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы» (Фил. 2:20, 22). Тимофей йӕхиуыл нӕ ауӕрста, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыдаид, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Павел тынг бауарзта. Тимофей уыцы хъуыддаджы махӕн дӕр у фӕзминаг.

Тимофей.

Тимофей, ӕвӕццӕгӕн, схъомыл Листрӕйы. Йӕ фыд уыд грекъаг, йӕ мад та – дзуттаг. Гыццылӕй фӕстӕмӕ йын йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ амыдтой Фыстад (Хъуыд. 16:1, 3; 2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Ӕвӕццӕгӕн, Тимофей йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымадимӕ чырыстон сси, Павел Тимофейы райгуырӕн горӕтмӕ фыццаг хатт куы ’рцыд, уӕд.

Цалдӕр азы фӕстӕ та сӕм Павел ногӕй куы ’рцыд, уӕдмӕ Тимофейӕ «тынг ӕппӕлыдысты Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ». Уыцы рӕстӕг Тимофейыл цыдаид 20 азы бӕрц (Хъуыд. 16:2). Ӕрыгон Тимофейы тыххӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы зӕгъын кодта «пехуымпар-ныхӕстӕ», ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Тимофейы бар бакодтой сӕрмагонд лӕггад (1 Тим. 1:18; 4:14; 2 Тим. 1:6). Тимофей хъуамӕ Павелимӕ цыдаид уацамындон балцыты. Уый тыххӕй йӕ хъуыди йӕ бинонты ныууадзын, стӕй ма йын хъуыди сунӕт скӕнын дӕр, цӕмӕй, цы дзуттӕгтӕн хъусын кодтаид, уыдонӕн йӕ ныхмӕ исты зӕгъыны ӕфсон ма уыдаид (Хъуыд. 16:3).

Тимофей бирӕ рӕтты уыди. Павел ӕмӕ Силӕимӕ хъусын кодта Филиппты, стӕй Силӕимӕ – Верийы, уый фӕстӕ та иунӕгӕй – Фессалоникӕйы. Коринфы Павелимӕ ногӕй куы фембӕлд, уӕд ын ӕрхаста хорз хабар, фессалоникӕгтӕ кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр уарзондзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад ӕвдисынц, зӕгъгӕ (Хъуыд. 16:6–17:14; 1 Фес. 3:2–6). Павел Ефесы куы уыд ӕмӕ Коринфӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ куы фехъуыста, уӕд сфӕнд кодта Тимофейы Коринфмӕ арвитын (1 Кор. 4:17). Фӕстӕдӕр Павел Ефесӕй Тимофей ӕмӕ Ерасты арвыста Македонимӕ. Фӕлӕ Павел Ромӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд та Тимофей ногӕй уыд йемӕ Коринфы (Хъуыд. 19:22; Ром. 16:21). Адон сты, Тимофей хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ цы балцыты уыд, уыдонӕй ӕрмӕст цалдӕр.

Ӕвӕццӕгӕн, Тимофей хатт йӕ бартӕй спайда кӕнынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Уый бӕрӕг у, Павел ӕй цы ныхӕстӕй фидар кодта, уыдонӕй: «Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд» (1 Тим. 4:12). Павел Тимофейыл йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд, хъуыддӕгтӕ хорз кӕм нӕ уыдысты, уыцы ӕмбырдмӕ арвитын ӕмӕ йын бахӕс кӕнын: «Иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй ӕндӕр цыдӕртӕ ма амоной» (1 Тим. 1:3). Уымӕй уӕлдай, Павел Тимофейӕн ахӕм бартӕ радта, цӕмӕй-иу ӕмбырды снысан кодтаид цӕстдарджытӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ (1 Тим. 5:22).

Павел Тимофейы тынг уарзта йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй. Библийӕ бӕрӕг у, ацы лӕппу йын кӕй уыд адджын, ӕнувыд ӕмӕ уарзаг ӕмбал, раст йӕхи хъӕбулы хуызӕн. Павел Тимофеймӕ фыста, зӕгъгӕ, дӕ цӕссыгтӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, дӕ фенынмӕ фӕбӕллын ӕмӕ дӕу тыххӕй фӕкувын. Павел ыл тыхсти уарзӕгой фыдау, ӕмӕ-иу Тимофей «арӕх рынчын кӕй уыд»,– ӕвӕццӕгӕн, йӕ ахсӕн кӕй рыст, уый тыххӕй йын, цы саразӕн ис, уый дӕр бацамыдта (1 Тим. 5:23; 2 Тим. 1:3, 4).

Павел Ромы фыццаг хатт куы уыд ахст, уӕд Тимофей дӕр йӕ фарсмӕ уыди. Тимофей йӕхӕдӕг дӕр иуцасдӕр рӕстӕг уыди ахст (Филим. 1; Дзут. 13:23). Ацы дыууӕ чырыстоны кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд кӕй уыдысты, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Павел, йӕ мӕлӕт кӕй ӕрхӕстӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Тимофеймӕ ныффыста: «Бацархай, цӕмӕй мӕм тагъддӕр ӕрцӕуай» (2 Тим. 4:6–9). Фӕлӕ ма Тимофей йӕ зынаргъ зондамонӕджы федта ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст.

МАРК ӔХХӔСТ КӔНЫ БИРӔ КАДДЖЫН ХӔСТӔ

Марчы Евангелийы фыст ис, Йесойы чи ӕрцахста, уыдон ма «иу лӕппуйы дӕр» кӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыцы лӕппу «афтид хӕдоны мидӕг» алыгъд (Мар. 14:51, 52). Ацы хабары тыххӕй фыссы ӕрмӕстдӕр Марк (хуыдтой ма йӕ Иоанн Марк дӕр), ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, цы лӕппуйы кой кӕны, уый йӕхӕдӕг кӕй уыд. Кӕд афтӕ у, уӕд Марк Йесойы зыдта лӕгӕй-лӕгмӕ.

Марк ацӕргӕ нӕлгоймагмӕ хъусы ӕмӕ цыдӕртӕ фыссы.

Уыцы хабарӕй 11 азы фӕстӕдӕр, Ирод Агриппӕ чырыстӕтты куы ’фхӕрдта, уыцы рӕстӕг, Иерусалимы ӕмбырдӕй «бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕрӕмбырд сты Марчы мад Марийӕйы хӕдзары ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой. Зӕд апостол Петры ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд уый дӕр уыдоны хӕдзармӕ ацыд (Хъуыд. 12:12). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Марк схъомыл, фӕстӕдӕр чырыстӕттӕ кӕм ӕмбырд кодтой, уыцы хӕдзары. Уымӕ гӕсгӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, Марк Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгты хорз кӕй зыдта, ӕмӕ йыл уыдон хорзырдӕм кӕй фӕзындысты.

Марк лӕггад кодта фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты цӕстдарджытӕй цалдӕримӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй йӕм цы кадджын хӕстӕ ӕрхауд, уыдонӕй фыццаг уыди, йӕ хӕстӕг Варнавӕимӕ ӕмӕ апостол Павелимӕ Сирийы Антиохийы кӕй лӕггад кодта, уый (Хъуыд. 12:25). Стӕй Варнавӕ ӕмӕ Павел сӕ фыццаг уацамындон балцы куы араст сты, уӕд Марк дӕр семӕ ацыд, фыццаг Кипрмӕ, стӕй та Къаннӕг Азимӕ. Уырдыгӕй Марк фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт, фӕлӕ цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу (Хъуыд. 13:4, 13). Хъуыддӕгты 15 сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй, Варнавӕ ӕмӕ Павел Марчы тыххӕй куы фӕбыцӕу сты, уый фӕстӕ Марк ӕмӕ Варнавӕ ацыдысты Кипрмӕ ӕмӕ уым хъусын кодтой (Хъуыд. 15:36–39).

Н. э. 60 кӕнӕ 61 азы та Марк ногӕй лӕггад кодта Павелимӕ, ацы хатт Ромы. Уӕдмӕ сӕ уыцы быцӕу, ӕвӕццӕгӕн, рох дӕр фӕци. Ромы Павел уыд ахст. Ӕмӕ уырдыгӕй Колоссты ӕмбырдмӕ куы фыста, уӕд сӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Салӕмттӕ уын ӕрвиты Аристарх, мӕнау ахст чи у, уый, ӕмӕ ма Варнавӕйы хӕстӕг Марк дӕр, загъд уын кӕй тыххӕй уыд, мыййаг уӕм куы ’рцӕуа, уӕд-иу ӕй суазӕг кӕнут, зӕгъгӕ, уый» (Кол. 4:10). Уӕдӕ Павел фӕнд кодта Ромӕй Колосстӕм йӕ номӕй Иоанн Марчы арвитын.

Марк ма лӕггад кодта апостол Петримӕ Вавилоны. Уый уыдаид н. э. 62–64 азты. Ацы чиныджы 10 сӕры куыд федтам, афтӕмӕй Петр ӕмӕ Марк тынг балымӕн сты, уымӕн ӕмӕ Петр Марчы тыххӕй фыссы, «мӕ хъӕбул Марк», зӕгъгӕ (1 Пет. 5:13).

Ӕппынфӕстаг, н. э. 65 азмӕ ’ввахс апостол Павел Ромы дыккаг хатт куы уыд ахст, уӕд йе ’мкусӕг Тимофеймӕ Ефесмӕ ныффыста: «Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс ӕхсызгонӕй хъӕуы» (2 Тим. 4:11). Дзырд дӕр ыл нӕй, Марк уайтагъд сразы ӕмӕ Ефесӕй Роммӕ ацыд. Уӕдӕ йын Варнавӕ, Павел ӕмӕ Петр куыннӕ хъуамӕ аргъ кодтаиккой!

Марчы хӕстӕй ӕппӕты кадджындӕр уыд, Йегъовӕйы фӕндӕй Евангели кӕй ныффыста, уый. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Марк цы хабӕрттӕ ныффыста, уыдонӕй бирӕтӕ базыдта апостол Петрӕй. Ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕй зыны, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ Марчы Евангелийы ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ фыст ис, ӕмӕ сӕ зыдтаид, йӕхи цӕстӕй сӕ чи федта, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаг, зӕгъӕм, Петр. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Марк йӕ Евангели ныффыста, Петримӕ Вавилоны куы уыд, уӕд нӕ, фӕлӕ Ромы. Марк спайда кодта бирӕ латинаг дзырдбӕстытӕй. Стӕй ма, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн зынӕмбарӕн чи уыдаид, уыцы дзуттаг ныхӕстӕ дӕр ратӕлмац кодта. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕйраджыдӕр фыста, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн.

a Кӕс рамкӕ «Марк ӕххӕст кӕны бирӕ кадджын хӕстӕ».

b Кӕс рамкӕ «Тимофей цагъарау лӕггад кӕны „хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы“».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын