СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ТИМОФЕЙ
«Мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы»
ТИМОФЕЙ фидар къахдзӕфтӕй цӕуы, йӕ хӕдзарӕй йӕ дард кӕдӕмдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, разӕй йӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Йе ’мбӕлтты фӕстӕ фӕцӕуы, алы къуыпп дӕр ӕмӕ алы дзыхъхъ дӕр кӕм зоны, уыцы быдыртыл. Кӕм цӕры, уыцы горӕт Листрӕ ис къуыбырыл, ӕмӕ дзы цас дарддӕр кӕнынц, уыйас къаддӕрӕй-къаддӕр кӕны. Йӕ мад ӕмӕ-иу йӕ мадымадыл куы ахъуыды кӕны ӕмӕ йӕ цӕстытыл куы ауайы, йӕ фӕстӕ уыцы сӕрыстырӕй куыд кастысты ӕмӕ сӕ цӕссыгтӕ куыд ӕмбӕхстой, уый, уӕд йӕ цӕсгомыл фӕлмӕн мидбылхудт ахъазы. Уӕд та ма сӕм иу хатт – фӕстаг хатт – фӕстӕмӕ фӕкӕсид ӕмӕ ма сӕм иу хатт йӕ къух фӕтилид?
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу апостол Павел Тимофеймӕ фӕзылди, фӕлмӕн-иу ӕм бахудти, алцыдӕр хорз уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмбӕрста йӕ, Тимофей ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй уыд, фӕлӕ йыл бӕрӕг уыди, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕй куыд тынг фӕндыд, уый. Тимофей нырма ӕрыгон уыди, ӕвӕццӕгӕн ыл 20 азы дӕр нӕма цыд. Лӕппу Павелы тынг уарзта ӕмӕ йын тынг аргъ кодта. Уый цӕттӕ уыд уыцы зынгзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион Хуыцауы лӕггадгӕнӕгимӕ ахӕм дард балцы ацӕуынмӕ. Бирӕ цӕуын сӕ хъуыди фистӕгӕй дӕр ӕмӕ денджызыл дӕр, уымӕ гӕсгӕ сын тӕссаг уыди исты фыдбылызы бахауынӕй. Тимофей ма йӕ бинонты искуы фендзӕн, уый дӕр нӕ зоны.
Цымӕ уыцы ӕрыгон лӕппу ахӕм цард цӕмӕн равзӕрста? Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст йӕ удуӕлдай царды тыххӕй? Йӕ царды хабӕрттӕ нын нӕ уырнындзинад куыд бафидар кӕндзысты?
«ЙӔ ГЫЦЦЫЛӔЙ ФӔСТӔМӔ»
Цӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхӕм, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ азы раздӕр Листрӕйы, ӕвӕццӕгӕн, Тимофей кӕм схъомыл, уыцы горӕты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Листрӕ уыди гыццыл горӕт хибар ран, донӕфсӕст бынаты. Йӕ цӕрджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, грекъаг ӕвзаг ӕмбӕрстой, фӕлӕ дзургӕ кодтой бынӕттон, ликаойнаг, ӕвзагыл. Иубон уыцы сабыр горӕт схъомпал ис. Стырдӕр сыхаг горӕт Иконийӕ уырдӕм ӕрцыд дыууӕ миссионеры, апостол Павел ӕмӕ йе ’мбал Варнавӕ. Адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Павел фӕкомкоммӕ, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм нӕлгоймагмӕ. Бӕрӕг уыд, уырнындзинад ӕм кӕй уыди. Ӕмӕ Павел диссаг сарӕзта: сдзӕбӕх ӕй кодта! (Хъуыддӕгтӕ 14:5–10).
Листрӕйы цӕрджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, бирӕты уырныдтой бынӕттон таурӕгътӕ, зӕгъгӕ, раздӕр-иу уыцы бынатмӕ хуыцӕуттӕ адӕмы хуызы ӕрцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Павелы фенхъӕлдтой Гермес, Варнавӕйы та – Зевс! Ӕмӕ сын нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ма сӕ уыцы дыууӕ сӕрныллӕг чырыстоны тыххӕй баурӕдтой (Хъуыддӕгтӕ 14:11–18).
Фӕлӕ Листрӕйы цӕрджытӕ се ’ппӕт афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕм таурӕгъты хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты. Уыдон ӕмбӕрстой, Павел ӕмӕ Варнавӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты ӕмӕ сын диссаджы хабар кӕй ӕрхастой. Зӕгъӕм, Евникӕ, йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг грекъагa кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг ӕмӕ сӕм йӕ мад Лоидӕ тынг лӕмбынӕг хъуыстой. Уыдон сын радзырдтой, Хуыцаумӕ кувӕг дзуттӕгтӕй алчидӕр цы цины хабар фехъусынмӕ бӕллыд, уый – Мессийӕ ӕрцыд ӕмӕ Фыстадӕй бирӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта!
Павелы ӕрцыд Тимофейыл куыннӕ хъуамӕ фӕзындаид! Тимофей «йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ» зыдта ӕмӕ уарзта Дзуттаг Фыстытӕ (2 Тимофеймӕ 3:15). Йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымадау Тимофей дӕр ӕмбӕрста, Павел ӕмӕ Варнавӕ Мессийӕйы тыххӕй цы дзурынц, уый раст кӕй у. Ахъуыды-ма кӕн, Павел кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы къуылых нӕлгоймаджы хабарыл. Тимофей йӕ Листрӕйы уынгты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федта. Ӕмӕ ныр уыцы лӕг йӕ къӕхтыл цыди – фыццаг хатт йӕ царды мидӕг! Диссаг нӕу, Евникӕ, Лоидӕ ӕмӕ Тимофей чырыстӕттӕ кӕй систы, уый. Абоны онг дӕр, цот кӕнӕ цоты цот кӕмӕн ис, уыдонӕн Лоидӕ ӕмӕ Евникӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты фӕзминаг. Цымӕ сымахӕн дӕр уӕ бон у ӕрыгӕттыл хуыздӕрырдӕм ӕндавын?
«БИРӔ ЗЫНДЗИНӔДТӔ БАВЗАРЫН ХЪӔУЫ»
Листрӕйы цӕрджытӕй чырыстон дин чи райста, уыдон тынг бацин кодтой, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цы ныфс ис, уый куы базыдтой, уӕд. Фӕлӕ ма уый дӕр базыдтой, ӕмӕ, Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый ӕнцон кӕй нӕу. Горӕтмӕ Иконийӕ ӕмӕ Антиохийӕ ӕрцыдысты, сӕ дин сӕ зонд кӕмӕн бакуырм кодта, уыцы дзуттӕгтӕ. Уыдон горӕты цӕрджытӕн ахӕм цыдӕртӕ фӕдзырдтой, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ систы. Адӕм сызнӕт сты, сӕхи Павелыл ныццавтой ӕмӕ йӕ дуртӕй фӕхостой. Цалдӕр дуры йыл куы сӕмбӕлд, уӕд ахауд. Уый фӕстӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ раластой ӕмӕ йӕ мардӕфсон ныууагътой (Хъуыддӕгтӕ 14:19).
Фӕлӕ Листрӕйы ахуыргӕнинӕгтӕ Павелмӕ ацыдысты, ӕмӕ йӕ разы ӕрӕмбырд сты. Куыд тынг бацин кодтаиккой, йӕхимӕ куы ӕрцыд, куы сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ горӕтмӕ куы бацыд, уӕд! Уымӕн хъуыди стыр хъӕбатырдзинад. Дыккаг бон Павел ӕмӕ Варнавӕ араст сты Дервимӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Уым ног ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодтой, ӕмӕ уый фӕстӕ, кӕд сын тӕссаг уыд, уӕддӕр Листрӕмӕ раздӕхтысты. Цымӕ цӕмӕн? «Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой» ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕ фӕдзӕхстой, «цӕмӕй уырнындзинады фидар уыдаиккой». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Павел ӕмӕ Варнавӕ уыцы чырыстӕттимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрыгон Тимофей куыд лӕмбынӕг хъуыста, уый. Уыдон сын дзырдтой, фидӕнӕй сӕ цы диссаджы ныфс ис, уый уыцы хъизӕмӕртты аргъ кӕй у, уый тыххӕй. Загътой ма сын: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы» (Хъуыддӕгтӕ 14:20–22).
Тимофей йӕ зӕрдӕмӕ арф айста, Павел цӕуыл ахуыр кодта, уый
Тимофей федта, Павел йӕхӕдӕг уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй царди ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл дӕр разы кӕй уыди. Зыдта йӕ, Павелы куы фӕзма, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ Листрӕйы цӕрджытӕ, ӕмӕ ма суанг йӕ фыд дӕр, йӕ ныхмӕ суой. Фӕлӕ Тимофей аскъуыддзаг кодта, уыдӕттӕ йӕ кӕй нӕ бахъыгдардзысты Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Тимофейы хуызӕн ӕрыгӕттӕ абон дӕр бирӕ ис. Уыдон сӕхицӕн равзарынц, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, сӕ ныфсыл сын ныфс чи ӕфтауа ӕмӕ-иу сӕ фарсмӕ чи балӕууа, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Ахӕм ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕцӕг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынц, иннӕтӕ сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр.
«ТИМОФЕЙӔ ТЫНГ ӔППӔЛЫДЫСТЫ... ӔФСЫМӔРТӔ»
Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй сӕм Павел ӕндӕр хатт ӕрцыд, чи зоны, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ азы фӕстӕ. Ацы хатт та йемӕ уыд Силӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Павелы фенгӕйӕ Тимофей, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад куыд бацин кодтаиккой! Ӕмӕ Павелӕн дӕр сӕ фенд ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Ныр йӕ бон уыди йӕхи цӕстӕй фенын, Листрӕйы цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ байтыдта, уыдон куыд ссыдысты, уый. Павел федта, Лоидӕмӕ ӕмӕ йӕ чызг Евникӕмӕ, уыцы рӕстӕг иузӕрдион чырыстӕттӕм, кӕй уыд «ӕнӕхин уырнындзинад», ӕмӕ тынг бацин кодта (2 Тимофеймӕ 1:5). Ӕмӕ ӕрыгон Тимофейӕ та цы зӕгъӕн ис?
Павел базыдта, уыцы лӕппу ныр бирӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕй сси. Тимофейӕ «тынг ӕппӕлыдысты... ӕфсымӕртӕ» ӕрмӕст Листрӕйы нӕ, фӕлӕ уырдыгӕй цӕгат-скӕсӕнырдӕм иу-32 километры дарддӕр чи уыд, уыцы горӕт Иконийы дӕр (Хъуыддӕгтӕ 16:2). Цымӕ ахӕм ном йӕхицӕн цӕй фӕрцы скодта?
Тимофейӕн йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» цы «сыгъдӕг Фыстытӕ» амыдтой, уыдоны фыст уыд, зондджын ӕмӕ, царды чи бахъуыдаид, ахӕм хорз уынаффӕтӕ ӕрыгӕттӕн (2 Тимофеймӕ 3:15). Зӕгъӕм, ахӕм уынаффӕ: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Екклесиаст 12:1). Тимофей чырыстон дин куы райста, уӕд уыцы ныхӕстӕ хуыздӕр бамбӕрста. Бамбӕрста, цӕмӕй йе Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы йӕ зӕрдыл дара, уый тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы хъусын кӕнын хорз хабар Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы тыххӕй. Тимофей ӕфсӕрмыгӕнаг уыд, ӕмӕ йӕ уый хъыгдардта хъусын кӕнын, фӕлӕ сабыргай сахуыр хорз хабар иннӕтӕн хъӕбатырӕй дзурын.
Ӕмбырдты разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ бафиппайдтой, Тимофейы уырнындзинад куыд сфидар, уый. Уыцы ӕрыгон лӕппу иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтыдта, ууыл, бӕгуыдӕр, тынг цин кодтаиккой. Фӕлӕ сӕйрагдӕр та у, Тимофеймӕ йӕ хъус Йегъовӕ кӕй ӕрдардта. Хуыцау Тимофейы тыххӕй ныффыссын кодта цалдӕр пехуымпарады – ӕвӕццӕгӕн, бирӕ ӕмбырдтӕн кӕй хъуамӕ баххуыс кодтаид, уый фӕдыл. Павел сӕм куы ӕрцыд, уӕд бамбӕрста, Тимофей йын йӕ уацамындон балцыты стыр ӕххуыс кӕй уаид. Листрӕйы ӕфсымӕртӕ йемӕ сразы сты. Уыдон Тимофейыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы йӕ бӕрны сӕрмагонд хӕс кӕй бакодтой (1 Тимофеймӕ 1:18; 4:14).
Ӕфсымӕртӕ йыл афтӕ тынг кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йын йӕ бӕрны ахӕм стыр хӕс кӕй бакодтой, уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, кӕмдӕр тӕрсгӕ дӕр кодта, кӕмдӕр та йӕ ныфс дӕр нӕ хаста. Фӕлӕ йӕ уыдон бацӕттӕ кодтойb. Цымӕ Тимофей цӕуӕг цӕстдарӕг кӕй хъуамӕ суыдаид, уымӕ йе ’нӕуырнӕг фыд та цы цӕстӕй ракаст? Ӕвӕццӕгӕн ӕм йӕ фырты тыххӕй ӕндӕр пълӕнттӕ уыд. Ӕмӕ йын йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымадӕй та цы зӕгъӕн ис? Ӕвӕццӕгӕн дзы сӕрыстыр уыдысты, фӕлӕ йыл мӕт дӕр куыннӕ кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис.
Тимофейы бинонтӕ цӕуыл хъуыды кодтой, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, фӕлӕ бӕлвырд у, Тимофей Павелимӕ кӕй ацыд. Статьяйы райдианы цы райсомы кой кодтам, уыцы райсомӕй фӕстӕмӕ Тимофей апостол Павелимӕ йӕ балцыты цӕуын райдыдта. Листрӕ фӕсте баззад. Тимофей цас дарддӕр кодта йӕ хӕдзарӕй, уыйас хӕстӕгдӕр кодта, цы ӕнӕзонгӕ цард ӕм ӕнхъӕлмӕ касти, уымӕ. Уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы ӕнӕхъӕн бон фӕндагыл фӕцыдысты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Иконимӕ ӕрхӕццӕ сты. Уым Тимофей федта, Павел ӕмӕ Силӕ Иерусалимы разамонӕг советы фӕстаг уынаффӕтӕ Иконийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд фехъусын кодтой ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад куыд фидар кодтой (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5). Фӕлӕ хабӕрттӕ нырма разӕй уыдысты.
Миссионертӕ Галатийы ӕмбырдтӕ куы бабӕрӕг кодтой, уӕд дуртӕй конд Ромы уӕрӕх фӕндӕгтӕй ахызтызты ӕмӕ сӕдӕгай километртӕ фӕцыдысты Фригийы уӕлвӕзы, фыццаг цӕгатырдӕм, стӕй та ныгуылӕнырдӕм. Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ ӕркодта Троадӕмӕ. Уым науыл сбадтысты ӕмӕ Македонимӕ ацыдысты (Хъуыддӕгтӕ 16:6–12). Уӕдмӕ Павел федта, Тимофей хорз ӕмкусӕг кӕй у, ӕмӕ йӕ Верийы Силӕимӕ ныууагъта (Хъуыддӕгтӕ 17:14). Фӕстӕдӕр та йӕ суанг иунӕгӕй дӕр арвыста Фессалоникӕмӕ. Тимофей йӕ ахуыргӕнджытӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр ӕмӕ, уым цы чырыстӕттӕ цард, уыдоны уырнындзинад бафидар кодта (1 Фессалоникӕгтӕм 3:1–3).
Фӕстӕдӕр Павел Тимофейы тыххӕй ныффыста: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса» (Филиппӕгтӕм 2:20). Тимофейӕн ахӕм ном йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзынд. Уый тыххӕй бирӕ фыдӕбон кодта, сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта ӕмӕ уӕззау фӕлварӕнты йӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ бауагъта. Куыд хорз цӕвиттон у Тимофей абоны ӕрыгӕттӕн! Рох уӕ макуы уӕд, цы ном уын уыдзӕн, уый сӕйраджыдӕр уӕхицӕй кӕнгӕ кӕй у. Ӕрыгӕттӕ, диссаджы фадат уын ис уӕхицӕн хорз ном скӕнынӕн. Уый уӕ къухы бафтдзӕн, уӕ царды Йегъовӕ Хуыцауы фыццаг бынаты куы ӕвӕрат, иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ куы уат ӕмӕ сын куы аргъ кӕнат, уӕд.
«БАЦАРХАЙ, ЦӔМӔЙ МӔМ... ӔРЦӔУАЙ»
Тимофей ӕрыгонӕй йӕ цард снывонд кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн
Тимофей 14 азы бӕрц фӕлӕггад кодта йе ’мбал апостол Павелимӕ. Иумӕ бирӕ тӕссаг уавӕрты бахаудысты, фӕлӕ сыл ӕхсызгон хабӕрттӕ дӕр бирӕ ’рцыд (2 Коринфӕгтӕм 11:24–27). Иухатт Тимофей йӕ уырнындзинады тыххӕй суанг ахӕстонмӕ дӕр бахауд (Дзуттӕгтӕм 13:23). Уый дӕр Павелау хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзта ӕмӕ сыл тыхсти. Павел дӕр ӕм афтӕ уый тыххӕй ныффыста: «Дӕ цӕссыгтӕ мӕ зӕрдыл... ӕрлӕууынц» (2 Тимофеймӕ 1:4). Ӕвӕццӕгӕн, Тимофей дӕр Павелау сахуыр, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕуын». Ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый фӕрцы та йын ӕнцондӕр уыд иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ромӕгтӕм 12:15). Цӕй ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Тимофейы фӕзмӕм!
Уӕдӕ диссаг нӕу, Тимофейӕ хорз цӕстдарӕг кӕй рауад. Павел ын ӕрмӕст ӕмбырдтӕ фидар кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын нӕ бахӕс кодта, фӕлӕ ма йын бахӕс кодта, цӕмӕй-иу ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты снысан кодтаид (1 Тимофеймӕ 5:22).
Павел ӕрыгон Тимофейы хъӕбулы уарзт кодта ӕмӕ йын фыдау зонд амыдта, стӕй йын бирӕ хорз уынаффӕтӕ радта. Павел ӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ Хуыцау кӕмӕй схайджын кодта, уыцы курдиаты зынг ахуыссын ма бауагътаид ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кодтаид, алчидӕр ын йе ’нтыстдзинад куыд уыдтаид, афтӕ (1 Тимофеймӕ 4:15, 16). Дзырдта ма йын, рӕстдзинады фарс фидар кӕй хъуамӕ лӕууыдаид, кӕд ӕрыгон ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕфсӕрмыгӕнаг дӕр уыди, уӕддӕр (1 Тимофеймӕ 1:3; 4:6, 7, 11, 12). Павел зыдта, Тимофей арӕх кӕй рынчынтӕ кодта, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ахсӕн кӕй рыст, уый тыххӕй, ӕмӕ йын бацамыдта, цы йын баххуыс кӕндзӕн, уый (1 Тимофеймӕ 5:23).
Павел ӕмбӕрста, йӕ царды бонтӕ нымад кӕй сты, ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуамӕ тагъд амардтаиккой. Растдӕр уыцы рӕстӕг Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста йӕ фӕстаг фыстӕг Тимофеймӕ. Уыцы фыстӕджы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Бацархай, цӕмӕй мӕм тагъддӕр ӕрцӕуай» (2 Тимофеймӕ 4:9). Павел Тимофейы фӕлмӕн уарзтӕй уарзта ӕмӕ йӕ хуыдта «мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы» (1 Коринфӕгтӕм 4:17). Уӕдӕ диссаг нӕу, йӕ мӕлӕты размӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ хорз ӕмбал йӕ фарсмӕ уыдаид! Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕнмӕ дӕр исчи тыхст уавӕры бахаугӕйӕ удӕнцой агурӕг ӕрбацӕуы?»
Тимофей ма Павелы федта? Уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, алкӕддӕр йӕ тых, йӕ бонӕй кӕй архайдта, цӕмӕй Павелӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр удӕнцойы хос уыдаид ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Тимофей цард йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ – «Хуыцауы чи кадджын кӕны, уый». Ӕмӕ йӕ уырнындзинад абон фӕзминаг у куыд ӕрыгӕттӕн, афтӕ ацӕргӕтӕн дӕр.
a Кӕс ацы брошюрӕйы статья «Зыдтай йӕ?».
b Кӕд чырыстӕттӕн уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг нӕ уыд, уӕддӕр Тимофей сразы ис, цӕмӕй йын Павел сунӕт скодтаид. Тимофейы фыд уыд грекъаг, ӕмӕ Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй, цы дзуттӕгтӕн хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уыдон ӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастаиккой (Хъуыддӕгтӕ 16:3).