Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 13 радз., 28–29 фф.
  • Тимофейы фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Тимофейы фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Павел ӕмӕ Тимофей
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • «Мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Фӕсивӕд, Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Де ’нтыстдзинад дын алчидӕр уынӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 13 радз., 28–29 фф.
Гыццыл Тимофейы йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ ахуыр кӕнынц

13 РАДЗЫРД

Тимофейы фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын

Тимофей уыд ӕрыгон лӕппу, ӕмӕ тынг уарзта иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Тимофей алы рӕттӕм цыд, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ йӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд. Тимофейы тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? ~

Тимофейӕн йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад дзырдтой Йегъовӕйы тыххӕй

Тимофей схъомыл горӕт Листрӕйы. Гыццыл ма куы уыд, уӕд ын йӕ мадымад Лоидӕ ӕмӕ йӕ мад Евникӕ Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтой. Ӕмӕ куы сыстыр, уӕд йӕхи дӕр бафӕндыд иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын.

Тимофей ӕрыгон куы уыд, уӕд ын Павел загъта, цӕмӕй йемӕ ацыдаид, ӕмӕ алы рӕтты хорз хабар хъусын кодтаиккой. Тимофей ӕнӕзивӕгӕй сразы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.

Тимофей Павелимӕ ацыд Грецимӕ, горӕт Фессалоникӕмӕ. Цӕмӕй уырдӕм бахӕццӕ уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ фыццаг бирӕ хъуыди фистӕгӕй цӕуын, уый фӕстӕ та ма лодкӕйыл дӕр. Цасдӕры фӕстӕ уыцы горӕтмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд бирӕтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй базыдтаиккой. Фӕлӕ сӕм чидӕртӕ мӕсты кодтой ӕмӕ сын хъавыдысты исты фыдми ракӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Тимофей уырдыгӕй ацыдысты, ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кодтой.

Тимофей апостол Павелимӕ науыл

Тимофей уыд амондджын, стӕй йӕ царды ӕрцыд бирӕ диссаджы хабӕрттӕ

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ Павел Тимофейӕн загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Фессалоникӕмӕ ацыдаид, ӕмӕ уым ӕфсымӕрты бабӕрӕг кодтаид. Фӕстӕмӕ уыцы горӕтмӕ ацӕуынӕн стыр хъӕбатырдзинад хъуыди! Куыд дӕм кӕсы, Тимофей сразы ис? ~ О, сразы, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕртыл тынг мӕт кодта. Тимофей Павелмӕ ӕрыздӕхт хорз хабаримӕ. Фессалоникӕйы ӕмбырды ӕфсымӕртӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз уыдысты!

Тимофей Павелимӕ лӕггад кодта бирӕ азты дӕргъы. Иухатт Павел ныффыста, зӕгъгӕ, ӕмбырдтӕн баххуыс кӕнынмӕ Тимофейӕ хуыздӕр кӕй арвитон, ахӕм мын нӕй. Тимофей Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тынг уарзта.

Ды дӕр адӕмы уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй сын Йегъовӕйы тыххӕй базонынӕн баххуыс кӕнай? ~ Кӕд о, уӕд дӕуӕн дӕр Тимофейы хуызӕн дӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн!

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • 2 Тимофеймӕ 1:5; 3:15

  • Хъуыддӕгтӕ 16:1–5; 17:1–10

  • 1 Фессалоникӕгтӕм 3:2–7

  • Филиппӕгтӕм 2:19–22

ФАРСТАТӔ

  • Тимофей кӕм схъомыл?

  • Тимофейы Павелимӕ ацӕуын фӕндыд? Цӕмӕн?

  • Тимофей фӕстӕмӕ Фессалоникӕмӕ цӕмӕн ацыд?

  • Цӕмӕй дӕуӕн дӕр Тимофейы хуызӕн дӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын