Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 15/12 11–15 фф.
  • Де ’нтыстдзинад дын алчидӕр уынӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Де ’нтыстдзинад дын алчидӕр уынӕд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Не ’нтыстдзинад бӕрӕг кӕд уыдзӕн
  • Нӕ дзыхыныхасӕй фӕзминаг уӕм
  • Фӕзминаг стӕм нӕ уаг, не ’гъдау ӕмӕ нӕ сыгъдӕгдзинадӕй
  • Сӕйраг сты уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад
  • Архай, цӕмӕй де ’нтыстдзинад бӕрӕг уа
  • Фӕсивӕд, уе ’нтыстдзинад уын алчидӕр уынӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Де ’нтыстдзинад бӕрӕг уӕт алкӕмӕн дӕр
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, Тимофей уын фӕзминаг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 15/12 11–15 фф.

Де ’нтыстдзинад дын алчидӕр уынӕд

«Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 ТИМ. 4:15).

1, 2. Цы зонӕм Тимофейы сабибонты тыххӕй ӕмӕ йыл 20 азы бӕрц куы цыди, уӕд йӕ царды цы фӕивта?

ТИМОФЕЙ гыццылӕй цард ромаг провинци Галатийы (ныр хауы Туркмӕ). Йесойы мӕлӕтӕй дӕсазтӕ куы рацыд, уӕд дзы фӕзынд цалдӕр чырыстон ӕмбырды. Ӕрыгон Тимофей, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад систы чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайдтой (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрыгон Тимофей ӕхсызгонӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн, бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уавӕр фӕивта.

2 Уый уыди, апостол Павел Галатимӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уый фӕстӕ. Уыцы рӕстӕг Тимофейыл цыдаид 20 азы бӕрц. Павел, ӕвӕццӕгӕн, Листрӕйы куы уыди, уӕд йӕ хъус ӕрдардта, бынӕттон ӕмбырдты ӕфсымӕртӕ Тимофейӕ тынг кӕй ӕппӕлыдысты, уымӕ (Ап. хъ. 16:2). Тимофей кӕд ӕвзонг уыд, уӕддӕр тынг фӕлтӕрдджын чырыстон уыди. Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг уды разамындӕй Павел ӕмӕ бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ къухтӕ Тимофейыл ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ йын ӕмбырды ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодтой (1 Тим. 4:14; 2 Тим. 1:6).

3. Цавӕр стыр кад ӕрхауд Тимофеймӕ?

3 Тимофейӕн фӕзынд диссаджы фадат – апостол Павел ӕй фӕхуыдта, цӕмӕй йемӕ уацамындон балцыты цыдаид (Ап. хъ. 16:3). Ахъуыды-ма кӕн, Тимофейӕн уый куыд ӕхсызгон уыдаид ӕмӕ йыл куыд бадис кодтаид! Бирӕ азты дӕргъы Тимофей Павелимӕ, хатт та-иу ӕндӕр чырыстӕттимӕ, горӕттыл зылди, ӕмӕ-иу ын апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы бахӕс кодтой, уый арӕзта. Павел ӕмӕ Тимофей зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй ӕфсымӕрты уырнындзинад фидар кодтаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5.) Тимофей Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын кӕй уыди, уый тыххӕй йӕ бирӕтӕ базыдтой. Апостол Павел Тимофеимӕ дӕс азы бӕрц куы балӕггад кодта, уый фӕстӕ филиппӕгтӕм ныффыста: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл [Тимофейау] афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса [...] Зонут, йӕхи цавӕр адӕймагӕй равдыста, уый: сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы» (Фил. 2:20–22).

4. а) Тимофейӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодтой? ӕ) 1 Тимофеймӕ 4:15 цы ныхӕстӕ ис, уыдоны фӕдыл цавӕр фарстатӕ ’взӕры?

4 Павел Филиппӕгтӕм куы фыста, уыцы рӕстӕг Тимофейӕн бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг – хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты нысан кӕнын (1 Тим. 3:1; 5:22). Бӕрӕг у, Тимофей кӕй сси, ӕууӕндӕн кӕуыл уыд, ахӕм цӕстдарӕг. Фӕлӕ ма Павел Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй архайдтаид, йе ’нтыстдзинад ын алчидӕр куыд уыдтаид, ууыл (1 Тим. 4:15). Цымӕ уӕдмӕ Тимофейӕн йе ’нтыстдзинад бӕрӕг нӕ уыди? Павелы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд ӕмӕ нын йӕ уынаффӕ цы пайда у?

Не ’нтыстдзинад бӕрӕг кӕд уыдзӕн

5, 6. Ефесы ӕмбырды сыгъдӕгдзинадӕн тӕссаг цӕмӕй уыди ӕмӕ Тимофейӕн йӕ бон куыд уыд ӕмбырд бахъахъхъӕнын?

5 Ӕркӕсӕм 1 Тимофеймӕ 4:15 контекстмӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:11–16.) Ацы ныхӕстӕ ныффыссыны размӕ Павел уыди Македонийы. Фӕлӕ Тимофейӕн загъта, цӕмӕй баззадаид Ефесы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы горӕты фӕзынд, ӕмбырды мӕнгахуырӕдтӕ чи парахат кодта ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ чи кодта, ахӕм адӕм. Тимофей хъуамӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕдтаид. Цӕй фӕрцы йын бантыстаид уый? Зӕгъӕм, алы хъуыддаджы дӕр фӕзминаг куы уыдаид, уый фӕрцы.

6 Павел ныффыста Тимофеймӕ: «Дӕ дзыхыныхасӕй, дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад ӕмӕ дӕ сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:12, 15). Уыцы ӕнтыстдзинад Тимофейы кадджын хӕстӕй бӕрӕг нӕ уыди, фӕлӕ йӕ чырыстон миниуджытӕй. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ тырна, цӕмӕй йе ’нтыстдзинад йӕ миниуджытӕй бӕрӕг уа.

7. Ӕмбырды алчидӕр цӕуыл хъуамӕ архайа?

7 Тимофейы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ абон дӕр ӕмбырды ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц алыхуызон хӕстӕ. Иуӕй-иуты снысан кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй йе та кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Иннӕтӕ та сты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынц цӕугӕ цӕстдарджытӕй, Вефилы кӕнӕ миссионертӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц алыхуызон ахуырадон программӕты, зӕгъӕм, конгрессты. Фӕлӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр – нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн дӕр – сӕ бон у архайын, цӕмӕй се ’нтыстдзинад бӕрӕг уа (Матф. 5:16). Йӕ бӕрны ахсджиаг хӕстӕ кӕмӕн ис, суанг уыдон дӕр хъуамӕ Тимофейау архайой, цӕмӕй сын сӕ чырыстон миниуджытӕ иууылдӕр уыной.

Нӕ дзыхыныхасӕй фӕзминаг уӕм

8. Нӕ дзыхыныхас нӕ лӕггадыл куыд фӕзыны?

8 Тимофей хъуамӕ фӕзминаг уыдаид йӕ дзыхыныхасӕй дӕр. Уыцы хъуыддаджы не ’нтыстдзинад бӕрӕг цӕмӕй уыдзӕн? Нӕ ныхасӕй бӕрӕг у, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Йесойы ӕфсымӕр Иаков дӕр дзырдта, адӕймагӕн йӕ дзыхыныхас йӕ лӕггадыл кӕй фӕзыны: «Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы, уӕд йӕхи сайы, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у» (Иак. 1:26).

9. Нӕ дзыхыныхасӕй фӕзминаг кӕд уыдзыстӕм?

9 Нӕ ныхасӕй не ’мчырыстӕттӕн сӕ бон у бамбарын, Хуыцаумӕ куыд ӕввахс стӕм, уый. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ сӕхи хизынц фауӕн, ӕфхӕрӕн, ӕнӕгъдау ӕмӕ зӕрдӕкъахӕн ныхӕстӕй. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй сӕ ныхасӕй иннӕты фидар кӕной, удӕнцой сын хӕссой ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой (Ӕмб. 12:18; Еф. 4:29; 1 Тим. 6:3–5, 20). Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон раст кӕй сты ӕмӕ нӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уый тыххӕй куы дзурӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм (Ром. 1:15, 16). Рӕстзӕрдӕ адӕм уындзысты, иннӕтимӕ куыд ныхас кӕнӕм, уый ӕмӕ нӕ чи зоны бафӕзмой (Фил. 4:8, 9).

Фӕзминаг стӕм нӕ уаг, не ’гъдау ӕмӕ нӕ сыгъдӕгдзинадӕй

10. Цӕмӕй не ’нтыстдзинад бӕрӕг уа, уый тыххӕй нӕ уырнындзинад ӕнӕхин цӕмӕн хъуамӕ уа?

10 Чырыстон фӕзминаг ӕрмӕст дзыхыныхасӕй нӕ вӕййы. Адӕймаг раст цы у, уый куы дзура, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ та раст куы нӕ уой, уӕд суыдзӕн цӕстмӕхъус. Павел тынг хорз зыдта, фарисейтӕ цӕстмӕ митӕ кӕй кодтой ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта. Павел Тимофейы бирӕ хӕттыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыдоны хуызӕн цӕстмӕхъус ма уыдаид ӕмӕ хинмитӕ ма кодтаид (1 Тим. 1:5; 4:1, 2). Фӕлӕ Тимофей цӕстмӕхъус нӕ уыд. Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста: «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы дӕ ӕнӕхин уырнындзинад» (2 Тим. 1:5). Кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр Тимофей хъуамӕ архайдтаид, цӕмӕй иннӕтӕ уыдтаиккой, Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕны. Уый хъуамӕ фӕзминаг уыдаид йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй.

11. Павел Тимофеймӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы ныффыста?

11 Павел Тимофеймӕ цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уым ын радта цалдӕр уынаффӕйы уаг ӕмӕ ’гъдауы тыххӕй. Зӕгъӕм ӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй хъӕздыгдзинадмӕ ма бабӕллыдаид. Павел фыста: «Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуынц ӕппӕт фыдбылызтӕ дӕр. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ, уыцы уарзты фӕдыл ацӕугӕйӕ, уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тим. 6:10). Адӕймаг хъӕздыгдзинад куы уарза, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Хуымӕтӕг цардӕй, ома хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынатӕй, разы чи у, уыцы чырыстӕттӕн та се ’нтыстдзинад бӕрӕг вӕййы (1 Тим. 6:6–8; Фил. 4:11–13).

12. Нӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ миниуджытӕй не ’нтыстдзинад бӕрӕг куыд уыдзӕн?

12 Павел Тимофеймӕ фыста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной «аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты» (1 Тим. 2:9). Уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ чи фӕархайы, уыцы хотӕ ӕцӕгдӕр сты фӕзминаг (1 Тим. 3:11). Ацы уагӕвӕрд хауы чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Павел цӕстдарджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, уой уӕззау зонды хицау, уаг ӕмӕ ӕгъдау зоной» (1 Тим. 3:2). Алы бон дӕр уыцы миниуджытӕ куы ’вдисӕм, уӕд нын не ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн.

13. Нӕ бон куыд у, цӕмӕй Тимофейау сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг уӕм?

13 Тимофей ма фӕзминаг хъуамӕ уыдаид сыгъдӕгдзинадӕй дӕр. Павел ацы ныхасӕй куы спайда кодта, уӕд йӕ хъуыдыйы уыди, адӕймаг хӕрзӕгъдау уа, уый. Тимофеймӕ хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн ма уыдаид, уӕлдайдӕр сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй касти, уымӕй. Уый хъуама «хистӕр сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кодтаид, цыма йӕ мадимӕ ныхас кодта; ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма йӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл» (1 Тим. 4:12; 5:2). Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йын йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ ничи базондзӕн, уӕддӕр сӕ Хуыцау фӕзоны ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг йе ’муырнджытӕ дӕр базонынц. Раст афтӕ нӕй бамбӕхсӕн хорз хъуыддӕгтӕ дӕр (1 Тим. 5:24, 25). Ӕмбырды алкӕмӕндӕр ис фадат, цӕмӕй йе ’нтыстдзинад бӕрӕг уа йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй, стӕй йӕ сыгъдӕгдзинадӕй.

Сӕйраг сты уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад

14. Кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый фӕдыл Фыстад цы дзуры?

14 Ӕцӕг чырыстӕтты сӕйраджыдӕр базонӕн ис уарзондзинадӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоан. 13:35). Куыд у нӕ бон ахӕм уарзондзинад ӕвдисын? Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барӕм», «кӕрӕдзимӕ уӕм хӕларзӕрдӕ, нӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм», кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм ӕмӕ уазӕгуарзон уӕм (Еф. 4:2, 32; Дзут. 13:1, 2). «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй»,– ныффыста апостол Павел (Ром. 12:10).

15. Не ’ппӕт дӕр, уӕлдайдӕр та цӕстдарджытӕ, уарзондзинад цӕмӕн хъуамӕ ’вдисӕм?

15 Тимофей уыди хорз ахуыргӕнӕг ӕмӕ хорз цӕстдарӕг. Фӕлӕ уыцы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕнӕпайда фӕуыдаиккой, йе ’мчырыстӕттимӕ схуыст ныхас куы кодтаид, йе та сӕм тызмӕг куы уыдаид, уӕд. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:1–3.) Тимофей йе ’фсымӕртыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсти, уазӕгуарзон кӕй уыди ӕмӕ сын кӕй лӕггад кодта, уымӕй бӕрӕг уыди йе ’нтыстдзинад. Уӕдӕ диссаг нӕу, апостол Павел йӕ фыстӕджы Тимофеймӕ сӕйраджыдӕр уарзондзинады кой кӕй кодта – Тимофей хъуамӕ фӕзминаг уыдаид йӕ уарзондзинадӕй.

16. Тимофейы фидар уырнындзинад цӕмӕн хъуыди?

16 Тимофей Ефесы куы уыди, уӕд йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Иуӕй-иутӕ парахат кодтой, рӕстдзинады ныхмӕ чи уыди, ахӕм ахуырӕдтӕ. Иннӕтӕ та кодтой, ӕмбырды уырнындзинадӕн зиан чи хаста, ахӕм «аргъӕуттӕ» кӕнӕ, сӕхӕдӕг кӕй рацагур-бацагур кодтой, ахӕм ӕнӕпайда хабӕрттӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:3, 4.) Павел уыцы адӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, сты «сӕрбӕрзонд. ...Ницы ӕмбарынц, фӕлӕ радзур-бадзурты ӕмӕ цыдӕр ныхӕстыл быцӕу кӕныны низӕй фӕрынчын» сты (1 Тим. 6:3, 4). Цымӕ ’мбырдмӕ чи ’рбахъуызыд, уыцы зианхӕссӕг хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ, уый Тимофейы ’взарын хъуыди? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй «хъӕбатырӕй тох кодтаид уырнындзинады сӕрыл» ӕмӕ йӕхи хызтаид, «сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй ӕмӕ, „зонындзинад“ кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та ахӕм чи нӕу, уый мидӕг цы хӕццӕ хъуыдытӕ ис, уыдонӕй» (1 Тим. 6:12, 20, 21). Дзырд дӕр ыл нӕй, Тимофей Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта (1 Кор. 10:12).

17. Абон нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд цӕуы?

17 Павел ма Тимофейӕн загъта: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм» (1 Тим. 4:1). Алы чырыстон дӕр, уыимӕ бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ дӕр, хъуамӕ Тимофейау уырнындзинады уой фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ахуырӕдты ныхмӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд не ’нтыстдзинад бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ фӕзминаг уыдзыстӕм нӕ уырнындзинадӕй.

Архай, цӕмӕй де ’нтыстдзинад бӕрӕг уа

18, 19. а) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын не ’нтыстдзинад алчидӕр уына? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

18 Ӕцӕг чырыстон Хуыцауы хъуыддӕгты ӕнтыстджын кӕй у, уый йе ’ддаг бакаст, йӕ курдиӕттӕ йе та йын стыр бынат кӕй ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу, стӕй ӕмбырды цал азы лӕггад кӕны, уымӕй дӕр. Не ’нтыстдзинад бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы коммӕ куыд кӕсӕм нӕ хъуыдыты, нӕ ныхасы ӕмӕ нӕхи куыд дарӕм, уымӕй (Ром. 16:19). Мах хъуамӕ хъусӕм Павелы уынаффӕмӕ ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи уарзӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ хъуыды кӕнӕм, Павел Тимофейӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстыл ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм, цӕмӕй нын не ’нтыстдзинад алчидӕр уына.

19 Не ’нтыстдзинад ӕмӕ нӕ фӕлтӕрддзинад бӕрӕг сты ӕндӕр миниуӕгӕй дӕр – циндзинадӕй. Уый у, сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу (Гал. 5:22, 23). Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уӕззау рӕстӕджыты дӕр нӕ циндзинад ма сафӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нӕ дзыхыныхас адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

• Не ’нтыстдзинад куыд зыны нӕ уаг, не ’гъдау ӕмӕ нӕ сыгъдӕгдзинадӕй?

• Чырыстӕттӕ сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой?

[Ныв 11 фарсыл]

Тимофей ӕрыгонӕй дӕр уыди фӕлтӕрдджын

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Де ’нтыстдзинад дын иннӕтӕ уынынц?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын