3 зарӕг
«Хуыцау у уарзондзинад»
1. У Йегъовӕ уарзондзинад.
Алкӕй хоны: «Мемӕ цу!»
Уарзӕм адӕмы, Хуыцауы,
Тауӕм хорздзинад ӕдзух.
Уарзт у иунӕг фӕндаг цардмӕ,
Уыцы цардмӕ мах бӕллӕм.
Уарзта ’цӕг уарзтӕй Чырысти,
Мах дӕр уыцы уарзт фӕзмӕм.
2. Уарзӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм,
Мах кӕй бауарзта Хуыцау.
Кӕд фӕрӕдийӕм, уӕддӕр нын
Уый ӕххуыс кӕны фыдау.
Уарзт у рухс, хӕлӕг нӕ кӕны
Ӕмӕ алцӕмӕн быхсы.
Уарзӕм не ’фсымӕрты тынгдӕр!
Фенӕм, уарзт цы цин хӕссы!
3. Маст ӕмӕ тӕргӕйттӕн ма уадз
Ды дӕ зӕрдӕйы бынат.
Де скаст алкӕд уӕд Хуыцаумӕ,
Уый дын амоны фӕндаг:
Уарз Хуыцауы,– уый сӕйраг у,
Стӕй уӕд адӕмы дӕр уарз.
Цӕй, кӕддӕрид уарзӕм алкӕй,
Цӕй, фӕзмӕм Хуыцауы уарзт!
(Кӕс ма Мар. 12:30, 31; 1 Кор. 12:31–13:8; 1 Иоан. 3:23.)