Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • sn 22 зарӕг
  • «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»
  • Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕ — мӕ Фыййау
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Иегъовӕ – нӕ Фыййау
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
Фылдӕр фенын
Зарут Йегъовӕйӕн!
sn 22 зарӕг

22 зарӕг

«Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

(Псалом 23)

1. Мӕ Хорз Фыййау у Йегъовӕ.

Цӕмӕй ма у тас мӕнӕн?

Йӕ фыстыл се ’ппӕтыл дӕр тыхсы,

’Мӕ никуы ныууадздзӕн мӕн.

Уый мӕн сабыр донмӕ ’ркӕны,

Мӕ удӕн ӕнцой дӕтты.

Йӕ номы кадӕн уый мӕн кӕны

Рӕстдзинады фӕндӕгтыл.

Йӕ номы кадӕн уый мӕн кӕны

Рӕстдзинады фӕндӕгтыл.

2. Ӕз талынг комы куы цӕуон,

Уӕд дӕр ӕз нӕ тӕрсдзынӕн.

Мӕ Фыййау алкӕд мӕ цуры ис,

Йӕ лӕдзӕг мӕ хъахъхъӕндзӕн.

Мӕ сӕр мын байсӕрста сойӕ,

Мӕ нуазӕн хӕрзтӕй дзаг у.

Ӕз йе ’нувыд уарзтӕй хайджын дӕн,

Йӕ хӕдзар мӕ къона у.

Ӕз йе ’нувыд уарзтӕй хайджын дӕн,

Йӕ хӕдзар мӕ къона у.

3. Мӕ Фыййау зондджын у, уарзаг.

Йӕ кадыл ӕз зардзынӕн!

«Йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавы мах»,–

Зӕгъдзынӕн сӕрныллӕгтӕн.

Ӕххӕст кӕндзынӕн йӕ Ныхас,–

Йӕ фӕдыл цӕуын ӕдзух.

Ӕз ын лӕггад кӕнын алы бон.

Мӕнӕн уый ыстыр кад у!

Ӕз ын лӕггад кӕнын алы бон.

Мӕнӕн уый ыстыр кад у!

(Кӕс ма Пс. 28:9; 80:1.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын