4 ЗАРӔГ
«Йегъовӕ у мӕ Фыййау»
1. Мӕнӕн Хуыцау у мӕ Фыййау,
Йӕ фӕдыл ӕдзух цӕуын.
Уый зоны, цардӕн цы хъӕуы мӕн,
Уыны йӕ, цӕмӕ бӕллын.
Мӕн сойджын хизӕнтӕм здахы,
Фӕхизы мӕ сабыр ран,
Уый мын йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны,
Дӕтты мын зӕрдӕйы фарн.
Ӕнувыд уарзтӕй мын хай кӕны,
Дӕтты мын зӕрдӕйы фарн.
2. Дӕ раст фӕндӕгтӕ дын уарзын,
Уӕнгрогӕй сыл ӕз цӕуын.
Дӕ номы тыххӕй мын баххуыс кӕн –
Дӕ разы рӕстӕй цӕрын.
Ӕз талынг комы куы цӕуон,
Мӕ фарсмӕ уыдзынӕ уӕд,
’Мӕ нӕ фӕтӕрсдзынӕн ӕз ницӕмӕй –
Мӕ Хуыцау, мӕ Хӕлар дӕ.
Нӕ фӕтӕрсдзынӕн ӕз ницӕмӕй –
Мӕ Хуыцау, мӕ Хӕлар дӕ.
3. Йегъовӕ, ды дӕ мӕ Фыййау,
Дӕ фӕдыл цӕудзынӕн ӕз.
Рӕдауӕй алцы дӕттыс мӕнӕн,
Мӕ удӕнцой дӕ, мӕ ныфс.
Дӕуыл ӕз дарын мӕ зӕрдӕ,
Дӕумӕ кувын алы бон.
Ӕз бӕллын, цӕмӕй де стыр хорзӕхӕй
Цӕрӕнбонты хайджын уон.
Бӕллын, цӕмӕй де стыр хорзӕхӕй
Цӕрӕнбонты хайджын уон.