63 зарӕг
Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм
1. Мах Хуыцауыл стӕм ӕнувыд,
Ууыл у нӕ зӕрдӕ баст.
Стӕм йӕ адӕм, ’мӕ йӕ закъон
Мах фӕнды ӕмбарын раст.
У пайда йӕ фӕдзӕхст махӕн,
Хъусӕм ын йӕ амындтӕм.
Уый йӕхӕдӕг у ӕнувыд.
Мах дӕр иузӕрдион уӕм!
2. Цӕй ’мӕ не ’ппӕт уӕм ӕнувыд
Абон не ’фсымӕртыл дӕр.
Уӕм лӕмбынӕг ӕмӕ ’ууӕнкджын,
Уӕм фӕлмӕн, хӕларзӕрдӕ.
Мах сын кад кӕнӕм зӕрдӕйӕ,
Се ’ппӕтӕн дӕр аргъ кӕнӕм.
Скӕнӕд Библи мах ӕнгомдӕр,
Алкӕддӕр сӕ фарсмӕ уӕм.
3. Уӕм ӕнувыд ӕмӕ хъусӕм
Абон не ’фсымӕртӕм, цӕй!
Уыдон махӕн дзурынц алкӕд,
Цӕмӕй архайӕм рӕстӕй.
Арфӕ нын кӕндзӕн Йегъовӕ
’Мӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн.
Кӕд мах алкӕд стӕм ӕнувыд,
Уӕд Йегъовӕйы ыстӕм.
(Кӕс ма Пс. 149:1; 1 Тим. 2:8; Дзут. 13:17.)