ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ОСИ 1–7
Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕны. Ды дӕр ын аргъ кӕныс?
Адӕймаг ӕнувыд уарзтӕй уымӕн фӕуарзы, ӕмӕ цавӕрдӕр дзырд ратты, цавӕрдӕр уагӕвӕрдтыл фидар фӕхӕцы ӕмӕ вӕййы иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд. Осийыл йӕ ус Гомер гадзрахатӕй куы рацыд ӕмӕ йын Оси куы ныххатыр кодта, уыцы хабарӕй Йегъовӕ равдыста, ӕнувыд уарзтӕй уарзын ӕмӕ хатыр кӕнын куыд ахсджиаг у, уый (Ос 1:2; 2:7; 3:1–5).
Гомер Осийы ӕнувыд уарзтӕй кӕй нӕ уарзта, уый куыд рабӕрӕг?
Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй кӕй нӕ уарзтой, уый куыд рабӕрӕг?
Оси ӕнувыд уарзт куыд равдыста?
Йегъовӕ ӕнувыд уарзт куыд равдыста?
АХЪУЫДЫ КӔН: «Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзын, уый?»