27 зарӕг
Йегъовӕйы фарс слӕуу!
1. Раздӕр нӕ зӕрдӕ уыд тыхст ӕмӕ ссӕст,
Мӕнг дины нуазӕн кӕронмӕ уыд нуӕзт.
Цинӕй та байдзаг и зӕрдӕ, ӕрмӕст
Хорз уац куы фехъуыстам, уӕд.
БАЗАРД
Йегъовӕйы фарс слӕуу,
Уый де стыр цин уӕд.
Никуы дӕ ныууадздзӕн,
Йӕ рухс дӕ кӕнӕд.
Сӕрибары хабар
Хӕсс алкӕмӕ дӕр.
Паддзахады бартӕ
Кӕндзысты фылдӕр.
2. Цин хӕссы абон нӕ куыст не ’ппӕтӕн –
Хорз хабар дзурӕм ӕгас дунейӕн
Ӕмӕ ӕххуыс кӕнӕм не ’фсымӕртӕн
Йагъӕн йӕ ном рухс кӕнын.
БАЗАРД
Йегъовӕйы фарс слӕуу,
Уый де стыр цин уӕд.
Никуы дӕ ныууадздзӕн,
Йӕ рухс дӕ кӕнӕд.
Сӕрибары хабар
Хӕсс алкӕмӕ дӕр.
Паддзахады бартӕ
Кӕндзысты фылдӕр.
3. Нӕ, мах Сайтанӕй нӕ фӕтӕрсдзыстӕм,
Алкӕд Йегъовӕ Хуыцауимӕ стӕм.
Знӕгтӕ нын ис, фӕлӕ фидар лӕууӕм –
Махӕн Хуыцау у нӕ ныфс!
БАЗАРД
Йегъовӕйы фарс слӕуу,
Уый де стыр цин уӕд.
Никуы дӕ ныууадздзӕн,
Йӕ рухс дӕ кӕнӕд.
Сӕрибары хабар
Хӕсс алкӕмӕ дӕр.
Паддзахады бартӕ
Кӕндзысты фылдӕр.
(Кӕс ма Пс. 94:14; Ӕмб. 3:5, 6; Дзут. 13:5.)