30 зарӕг
Йегъовӕйы Паддзахад сфидар
1. Сбӕрзонд Хуыцауӕн йӕ кад: сфидар йӕ хицаудзинад.
’Вӕрд у Сионыл Сӕйраг Фисындур.
Цинӕйдзаг алчидӕр уӕд, арфӕ Хуыцауӕн кӕнӕд –
Йесо Чырысти ныр уӕлӕрвты Паддзах у.
БАЗАРД
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Раст тӕрхон, сабырдзинад, фарн.
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.
Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,
Иузӕрдион у йӕ уарзт.
2. Йесо ныр Паддзах у, зон. Ӕрхӕстӕг Армагеддон.
Нал уыдзӕн Хӕйрӕджы дугӕн йӕ кой.
Мах хъуамӕ хъусын кӕнӕм, бирӕтӕн баххуыс кӕнӕм,
Сабыртӕ ныр Хуыцауы фарс куыд ыслӕууой.
БАЗАРД
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Раст тӕрхон, сабырдзинад, фарн.
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.
Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,
Иузӕрдион у йӕ уарзт.
3. Хицау ӕмӕ Паддзахӕн кад ӕмӕ аргъ мах кӕнӕм.
Уый у Хуыцауӕй, нымайӕм ӕй мах.
Ссарӕм Йегъовӕйы ном, йӕ кад ын сисӕм бӕрзонд.
Алцыдӕр бакӕндзӕн йӕ Фырты бар уый тагъд.
БАЗАРД
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Раст тӕрхон, сабырдзинад, фарн.
Тагъд Йагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?
Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.
Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,
Иузӕрдион у йӕ уарзт.
(Кӕс ма 2 Сам. 7:22; Дан. 2:44; Рарг. 7:15.)