40 зарӕг
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад
1. Цин Йегъовӕйӕн цы хӕссы,
Аргъ цӕмӕн кӕны уый ныр,
Уый у Паддзахад – йӕ фӕрцы
Алцы сраст кӕндзӕн йӕ Фырт.
БАЗАРД
Агур Паддзахад фыццагдӕр
’Мӕ Йегъовӕйы рӕстад.
У ӕнувыд ууыл алкӕд,
Хӕсс бӕрзонд йӕ номы кад.
2. Цардӕн нӕ цы хъӕуы, ууыл
Мах ӕгӕр нӕ мӕт кӕнӕм –
Кӕд нын Паддзахад сӕйраг у,
Уӕд Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн.
БАЗАРД
Агур Паддзахад фыццагдӕр
’Мӕ Йегъовӕйы рӕстад.
У ӕнувыд ууыл алкӕд,
Хӕсс бӕрзонд йӕ номы кад.
3. Аккаг адӕймӕгты ссарӕм,
Уадз ’мӕ зоной се ’ппӕт дӕр,
Иунӕг ныфс кӕй у Йегъовӕ
’Мӕ йӕ хицаудзинад дӕр.
БАЗАРД
Агур Паддзахад фыццагдӕр
’Мӕ Йегъовӕйы рӕстад.
У ӕнувыд ууыл алкӕд,
Хӕсс бӕрзонд йӕ номы кад.
(Кӕс ма Пс. 27:14; Матф. 6:34; 10:11, 13; 1 Пет. 1:21.)