50 зарӕг
Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг
1. Йегъовӕ Хуыцау ыстыр зондӕй махӕн
Не ’ппӕтӕн,
Алкӕмӕн,
Ӕвдисы йӕ уарзт, цӕмӕй мах дӕр афтӕ
Уарзгӕ цӕрӕм,
Уарзгӕ цӕрӕм.
Цӕй, иумӕ цӕуӕм йӕ рӕсугъд фӕндагыл –
Уый ахуыр кӕны сыгъдӕг царды уагыл.
Йӕ диссаджы фарн нымайӕм сӕйрагыл.
Уый куы у уарзт,
Хуыцауы стыр уарзт.
2. Ӕфсымӕрон уарзт Хуыцауы фӕндагыл
Рухс кӕндзӕн,
Амондзӕн,
Цӕмӕй уӕм ӕххуыс ныхасӕй, хъуыддагӕй
Не ’фсымӕртӕн,
Не ’фсымӕртӕн.
Ӕххуыс нын кӕндзӕн рӕдыдтытӕ барын,
Кӕрӕдзи ӕцӕг, фӕлмӕн уарзтӕй уарзын,
Нӕ Фыды фӕзмын, йӕ рухс ном ын арын.
Равдисӕм уарзт,
Ӕфсымӕрон уарзт.
3. Йегъовӕйӕн мах лӕггад кӕнӕм, кувӕм
Алы бон,
Алы бон.
Йӕ коммӕ кӕсӕм, йӕ кадыл ын дзурӕм,
Срухс уа йӕ ном,
Срухс уа йӕ ном.
Цӕй, хъусын кӕнӕм йӕ хорз хабар алкӕм,
Рӕстдзинады рухс уыной ӕппӕт адӕм.
Йӕ хъуыддагӕн мах нӕ хъарутӕ раттӕм.
Уый куы у уарзт,
О, уый у ’цӕг уарзт.
(Кӕс ма Ром. 12:10; Еф. 4:3; 2 Пет. 1:7.)