41 зарӕг
Уе ’взонджы бонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут
1. Лӕппутӕ, чызджытӕ, цинӕфсӕст ут!
Тынг зынаргъ уе ’ппӕт Хуыцауӕн ыстут.
Уый уӕ рӕвдауы, ӕххуыс уын кӕны
Хистӕрты, бинонты, ’мбӕлтты фӕрцы.
2. Кад кӕнут алкӕд уӕ ныййарджытӕн,
Макуы уӕд уе ’хсӕн быцӕутӕ, хылтӕ.
Уарзут Хуыцауы, стӕй адӕмы дӕр,–
Уе ’взонджы бонты уат амондджындӕр.
3. ’Взонгӕй дӕ зӕрдыл Йегъовӕйы дар,
Уарз ын йӕ рӕстдзинад – уый дӕтты цард.
Алкӕд Хуыцауӕн йӕ фӕндагыл цу,
Стыр цин йӕ зӕрдӕйӕн афтӕмӕй у.
(Кӕс ма Пс. 71:17; Йер. хъ. 3:27; Еф. 6:1–3.)