119 зарӕг
Ӕрцу ӕмӕ удӕнцой ссар!
1. Нӕ алыварс дуне у хивӕнд ’мӕ хӕлд,
Хуыцауы фӕндагӕй у дард.
Йегъовӕйы разамынд тынг хъӕуы мах,
Цӕмӕй уа ӕнтыстджын нӕ цард.
Сты не ’мбырдтӕ махӕн ӕнцой ӕмӕ ныфс,
Хуыцаумӕ нӕ ’ввахсдӕр кӕнынц,
Уым хорздзинад аразын ахуыр кӕнӕм,
Нӕ хъарутыл хъарутӕ ’фтынц.
Ӕххӕст кӕнӕм алкӕд Хуыцауы фӕндон,
Уый махӕн у ’ппӕты сӕйраг.
Рӕстдзинад нын не ’мбырдтӕ уарзын кӕнынц,
Ӕвдисынц нын царды фӕндаг.
2. Цӕуыл тыхсӕм, зоны Йегъовӕ уый хорз,
Йӕ зондмӕ нӕ хъусын хъӕуы.
Кӕд не ’мбырдтӕн алкӕд ыссарӕм рӕстӕг,
Уӕд раст зондыл дзурӕг у уый.
Уым не ’фсымӕртӕ махӕн амонынц зонд,
Цӕмӕй уа фӕзминаг нӕ цард.
Кӕрӕдзийӕн бинонтау адджын ыстӕм,
Ис не ’мбырды иудзинад, фарн.
Цӕй, цалынмӕ ног дуне ’рцӕуа, уӕдмӕ
Кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм.
Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд агурӕм мах,
’Мӕ царды фӕндагыл цӕуӕм.
(Кӕс ма Пс. 37:18; 140:1; Ӕмб. 18:1; Еф. 5:16; Иак. 3:17.)