85 зарӕг
Йегъовӕ дын раарфӕ кӕндзӕн
1. Хуыцау у ӕнувыд, нӕ рох кӕны уый
Йӕ адӕмы ’нувыд лӕггад.
Сӕ удуӕлдай царды Хуыцауы тыххӕй
Зындзинӕдтӕ баййафынц хатт.
Кӕд бахъуыд дӕу искӕй ныууадзын, уӕд зон:
Дӕ зын дын ӕмбары Хуыцау.
Дӕтты дын ӕмбӕлттӕ, ӕфсымӕртӕ уый
’Мӕ ’нӕкӕрон диссаджы цард.
БАЗАРД
Стыр хӕрзтӕй дын Йегъовӕ хай кӕнӕд,
Ӕххӕстӕй раарфӕ кӕнӕд дӕуӕн.
Дӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕн ды –
Хуыцау у ӕнувыд, ӕххуыс дын кӕндзӕн.
2. Кӕмӕндӕрты бинонтӕ, цардӕмбал нӕй,
Кӕд уый нӕу сӕхи фӕнд, уӕддӕр.
Сӕ царды сӕйраг у Хуыцауы хъуыддаг.
Хӕссы сын уый бирӕ хӕрзтӕ.
Кӕд сын абон бирӕ ӕнтысы, уӕддӕр
Хатт иунӕгӕй фенкъард кӕнынц.
Цӕй, уыцы ӕфсымӕртӕн, хотӕн мах уӕм
Сӕ удӕнцой ӕмӕ сӕ ныфс.
БАЗАРД
Стыр хӕрзтӕй дын Йегъовӕ хай кӕнӕд,
Ӕххӕстӕй раарфӕ кӕнӕд дӕуӕн.
Дӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕн ды –
Хуыцау у ӕнувыд, ӕххуыс дын кӕндзӕн.
(Кӕс ма Тӕрх. 11:38–40; Руф 2:12; Матф. 19:12.)