108 зарӕг
Йегъовӕйӕн скад кӕн йӕ Паддзахады тыххӕй
1. Йегъовӕйы Фырт у ӕвӕрд,
Цӕмӕй Паддзах уа зӕххӕн.
Рӕстӕй уый тӕрхон кӕндзӕн алкӕд,
Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн.
БАЗАРД
Йегъовӕ Хуыцауӕн ыскад кӕн –
Чырысти йӕ сӕрст Паддзах у!
Ӕнувыдӕй уый фарс алкӕддӕр лӕуу,
Ӕрвылбон йӕ фӕдыл цу.
Йегъовӕ Хуыцауӕн ыскад кӕн –
Йӕ Фырты кад систа бӕрзонд!
Стыр хъомыс ӕрцыди уымӕн лӕвӕрд –
Ысрухс кӕндзӕн Йагъы ном.
2. Чырыстийы ’фсымӕртӕ сты
Хуыцауӕй ӕвзӕрст, сыгъдӕг.
Ысуыдзысты паддзӕхтӕ уыдон
’Мӕ скӕндзысты ’гас зӕхх Дзӕнӕт.
БАЗАРД
Йегъовӕ Хуыцауӕн ыскад кӕн –
Чырысти йӕ сӕрст Паддзах у!
Ӕнувыдӕй уый фарс алкӕддӕр лӕуу,
Ӕрвылбон йӕ фӕдыл цу.
Йегъовӕ Хуыцауӕн ыскад кӕн –
Йӕ Фырты кад систа бӕрзонд!
Стыр хъомыс ӕрцыди уымӕн лӕвӕрд –
Ысрухс кӕндзӕн Йагъы ном.
(Кӕс ма Ӕмб. 29:4; Ис. 66:7, 8; Иоан. 10:4; Рарг. 5:9, 10.)