104 зарӕг
Йагъы мемӕ кадджын кӕн
1. Кад Йагъӕн кӕн!
Мемӕ йын зар!
Уый нын дӕтты улӕфт, рухс ӕмӕ цард.
Сбӕрзонд кӕнӕм
Уымӕн йӕ ном.
Диссаг у йе стыр тых, уарзт ӕмӕ зонд.
Уый тыххӕй хъусын кӕнӕм мах ӕргом.
2. Кад Йагъӕн кӕн!
Уый у рӕдау,
Хъусы нӕ алкӕд, тыхсы ныл Фыдау.
Чи ’рлӕмӕгъ, уый
Фидар кӕны,
Сабыртӕн алкӕд йӕ тыхӕй дӕтты.
Алкӕд ӕй кадджын кӕнын мах фӕнды.
3. Кад Йагъӕн кӕн!
Уый у рӕстаг,
Ратты нын удӕнцой, хъарутӕ фаг.
Алцыдӕр тагъд
Рараст кӕндзӕн.
Адӕмӕн йе стыр хӕрзтӕй хай уыдзӕн.
Цӕй уӕдӕ скад кӕнӕм не Скӕнӕгӕн!
(Кӕс ма Пс. 94:18, 19; 145:21; 147:1; 150:2.)