122 зарӕг
Ме ’фсымӕртӕ сты минтӕ
1. Мингай ӕфсымӕртӕ абон
’Ппӕт зӕххыл ис мӕнӕн.
Хъусын кӕнынц рӕстдзинад,
Кувынц Йегъовӕйӕн.
Мах стӕм ӕцӕгдӕр минтӕ
Ӕмӕ кӕнӕм фылдӕр.
Зарӕм Йегъовӕйы кадӕн мах
Алы ӕвзӕгтыл дӕр.
2. Мингай ӕфсымӕртӕ абон
Фарны хабар хӕссынц,
Хорз цард зӕххыл кӕй уыдзӕн,
Алкӕмӕн дӕр зӕгъынц.
Кӕд хатт ӕнцон нӕ вӕййы,
Хъусын кӕнӕм уӕддӕр –
Ратты Чырысти фӕллад удӕн
Удӕнцой ’мӕ тыхтӕ.
3. Мингай ӕфсымӕртӕ абон
Кувынц Хуыцауы раз.
Алкӕд ысты йӕ кӕрты,
Йемӕ сын у ӕдас.
Минтӕ стӕм абон, минтӕ!
Хъусын кӕнӕм ӕдзух.
Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ,
Уый нын ыстыр кад у.
(Кӕс ма Ис. 52:7; Матф. 11:29; Рарг. 7:15.)