121 зарӕг
Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм
1. Кӕрӕдзи ныфсыл ныфс ӕфтауӕм –
Хуыцауыл иузӕрдион уӕм.
Нӕ уарзты зынг тыхджындӕр судзӕд,
’Мӕ не ’хсӕн фарн фылдӕр кӕнӕм.
Хуыцауы адӕмы ’хсӕн абон
Ыссардтам мах ӕнувыд уарзт.
Фӕразӕм уый фӕрцы ӕппӕт дӕр,
Ӕмӕ стӕм не ’мбырды ӕдас.
2. Ныхас йӕ афоныл куы зӕгъай,
Уӕд уый ӕвдадзы хос вӕййы.
Раст ахӕм хорз ныхӕстӕ махӕн
Ӕнувыд, хорз ӕмбал зӕгъы.
Лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн иумӕ,
Сты иу нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ.
Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм алкӕд,
Хӕссӕм кӕрӕдзийы уӕргътӕ.
3. Уырнӕг цӕстӕй уынӕм нӕ фидӕн:
Йегъовӕйы стыр бон у ’ввахс.
Мах не ’мбырдтӕм ӕдзух цӕудзыстӕм,
Куыд уа нӕ фӕндаг алкӕд раст.
Нӕ фӕндон у, цӕмӕй Хуыцауӕн
Ӕнустӕм иумӕ кад кӕнӕм.
Цӕй, уӕм кӕрӕдзийӕн ныфсы хос,
Кӕронмӕ иузӕрдион уӕм.
(Кӕс ма Лук. 22:32; Хъуыд. 14:21, 22; Гал. 6:2; 1 Фес. 5:14.)