ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 1–5
«Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут»
Алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон у иннӕты фидар кӕнын. Зӕгъӕм, мах не ’мчырыстӕтты бафидар кӕнӕм, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды куы фӕцӕуӕм, уӕд, кӕд рынчын стӕм кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр (1Фс 2:2). Стӕй ма, не ’мчырыстӕттӕй ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаудзыстӕм, нӕ бон сын цӕмӕй у баххуыс кӕнын, ууыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕнӕм кӕнӕ-иу уый фӕдыл исты ӕрмӕг куы бацагурӕм, уӕд.
Зын уавӕры чи ис, уыдоны бафидар кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл дӕ бон кӕм у ӕрмӕг ссарын?
Ӕмбырды дӕ кӕй фӕнды бафидар кӕнын?