105 зарӕг
Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад
1. Йегъовӕйӕн йӕ кадыл ӕрвтӕ дзурынц.
Йӕ къухты конд ысты ӕгӕрон уӕлӕрвтӕ.
Йӕ номӕн кад алы ног бон хӕссы.
Кӕнынц ӕргом йӕ тых, йӕ зонд Ӕхсӕв ыстъалытӕ.
2. Ӕнаипп у Йегъовӕйӕн йӕ закъон,
Ыссардзыстӕм дзы зонд чысылӕй-стырӕй мах.
Мыдау сты адджын йӕ фӕдзӕхстытӕ,
Йӕ рухс ныхас у алкӕд раст, Нӕ фӕндагӕн – цырагъ.
3. Ӕнустӕм дӕр Хуыцауӕй тӕрсын хорз у.
Йӕ уагӕвӕрдтӕ сты сызгъӕринӕй хуыздӕр,
Фӕндаг нын амонынц, хъахъхъӕнынц нӕ.
Хуыцауы ном кӕнӕм бӕрзонд Мах абон не ’ппӕт дӕр.
(Кӕс ма Пс. 111:9; 145:5; Рарг. 4:11.)