ФАРӔСТӔМ СӔР
«Ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» ма дом дӕхицӕн
1, 2. а) Иоаким цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, уыцы рӕстӕг Варухы цы тыхсын кодта? ӕ) Йегъовӕ Варухӕн куыд баххуыс кодта?
ЙЕРЕМИЙЫ иузӕрдион писыр Варухӕн йӕ зӕрдӕйы цыдӕр мӕт бацыд. Уый уыди, мӕнгард паддзах Иоакимы хицаудзинады цыппӕрӕм аз, н. э. размӕ 625 азмӕ ’ввахс. Йереми йӕ писырӕн загъта, цӕмӕй чиныджы тыхтоны ныффыстаид, Йегъовӕ йын Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Йереми пехуымпар куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын 23 азы дӕргъы цы дзырдта, уыдон иууылдӕр (Йер. 25:1–3; 36:1, 2). Варух тыхтоны фыст ныхӕстӕ дзуттӕгтӕн уайтагъд нӕ бакаст. Хъуамӕ сӕ иннӕ аз бакастаид (Йер. 36:9, 10). Фӕлӕ цымӕ Варухы цы тыхсын кодта?
2 «Мӕнӕ куыд мӕгуыр дӕн, мӕнӕ!– дзынӕзта Варух.– Мӕ рыст мын фаг нӕ уыд, ӕмӕ ма мын ыл Йегъовӕ маст бафтыдта. Мӕ уды хъӕрзынӕй мӕ бон нал у». Чи зоны, дӕуӕн дӕр афтӕ уыди, ӕмӕ-иу цӕуылдӕр дзынӕзтай, йе хъӕрӕй йе та дӕхинымӕр. Варух уыцы ныхӕстӕ хъӕрӕй загъта ӕви йӕхинымӕр,– Йегъовӕ йӕ хъуыста. Адӕмы зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уыцы Хуыцау зыдта, Варухӕн йӕ мӕт цӕуыл уыди, уый ӕмӕ йын Йеремийы уылты фӕлмӕнӕй зонд бацамыдта. (Бакӕс Йеремийы 45:1–5.) Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ Варух афтӕ тынг цӕмӕн тыхсти, зӕгъгӕ. Мыййаг ын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта кӕнӕ йӕ уыцы куыст цы уавӕрты кӕнын хъуыди, уый тыххӕй тыхсти? Нӕ. Бӕллӕхӕн йӕ уидаг зӕрдӕйы мидӕг уыди. Варух йӕхицӕн домдта «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ», кӕнӕ стыр цыдӕртӕ. Цымӕ цы уыдысты уыцы «бирӕ цыдӕртӕ»? Йегъовӕйы уынаффӕмӕ куы байхъуыстаид, уӕд ын куыд раарфӕ кодтаид? Ӕмӕ Варухы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
«ӔГӔР БИРӔ ЦЫДӔРТӔ» ЦЫ УЫДЫСТЫ?
3. Варухы цы хъыгдардта Хуыцауы фӕндон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнын?
3 Уыцы «бирӕ цыдӕртӕ» цы уыдысты, уый Варух, бӕгуыдӕр, зыдтаид. Уый хорз ӕмбӕрста, Хуыцау адӕймаджы фӕндӕгтӕм кӕй кӕсы ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕф дӕр кӕй уыны (Иов 34:21). Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ дзырдта, уыдон фысгӕйӕ Варух йӕхицӕн «ӕнцой нал ардта». Фӕлӕ хъуыддаг хӕслӕвӕрды мидӕг нӕ уыд. Варухӕн йӕ зӕрдӕйы фӕзынд рӕдыд фӕндтӕ, ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр стыр цы у, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй нал касти. Йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» кӕй домдта, уымӕ гӕсгӕ дзы айрох, ахсджиагдӕр цы уыд, уый – Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Фил. 1:10). Йеремийы 45:5 «домын»-ӕй цы мивдисӕг у тӕлмац, уый дзуттаг тексты, ӕвиппайды чи фӕзыны ӕмӕ стӕй цыбыр рӕстӕгмӕ чи ӕрбайсӕфы, ахӕм фӕндмӕ нӕ амоны. Уӕдӕ Йегъовӕ Варухы куы бафӕдзӕхста, уӕдмӕ дӕр йӕ хабар хорз нӕ уыд. Кӕд уыцы иузӕрдион писыр Хуыцауы хъуыддаджы лӕуд уыди, уӕддӕр ма уыцы иу рӕстӕг йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» дӕр домдта.
4, 5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Варух бӕллыд кадмӕ? Йегъовӕ йӕ цӕмӕн бафӕдзӕхста, дӕхицӕн ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ ма дом, зӕгъгӕ?
4 Чи зоны, Варухӕн йӕ бӕллӕх уый уыди, ӕмӕ йӕхицӕн кад агуырдта. Кӕд Йеремийӕн Хуыцауы ныхӕстӕ фыссынӕн ӕххуыс кодта, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕрмӕст Йеремийы писыр уыд. Йеремийы 36:32 стихмӕ гӕсгӕ Варух ӕнӕуи дӕр уыди «писыр». Археологты бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ Варух паддзахы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн стыр бынат ахста. Писыр ма хуынди Иудӕйы кънйӕзтӕй сӕ иу, Елишамӕ, зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Варухӕн дӕр Елишамӕйау уыди «паддзахы хӕдзармӕ, писыры хӕрӕндонмӕ» бацӕуыны бар (Йер. 36:11, 12, 14). Уӕдӕ Варух, ӕвӕццӕгӕн, уыд, паддзахы хӕдзары чи лӕггад кодта ӕмӕ стыр ахуырдзинад кӕмӕ уыди, ахӕм фӕсдзӕуин. Варухӕн йе ’фсымӕр Серайӕ та уыд паддзах Седекийы «хӕдзармӕгӕсӕг», ӕмӕ паддзах Вавилонмӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл куы ацыд, уӕд уый дӕр йемӕ уыди. (Бакӕс Йеремийы 51:59.) Серайӕ хӕдзармӕгӕсӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ балцы рӕстӕг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дзуапп лӕвӕрдта, паддзах цы хордтаид ӕмӕ кӕм цардаид, уымӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй уый дӕр хуымӕтӕг лӕг нӕ уыди.
5 Уӕдӕ Варух ахӕм стыр бынат кӕй ахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, Хуыцау Иудӕйӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон фысгӕйӕ цӕмӕн тыхсти, уый. Йеремийӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, тӕссаг уыди, йӕ кадджын бынатӕй куы фӕхаудаид, уымӕй дӕр. Фӕлӕ, Йеремийы 45:4 куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ, цы сарӕзта, уый ныппырх кӕнинаг уыди. Ӕмӕ ма уӕд, Варух йӕхицӕн цы агуырдта, уыдӕттӕй исты пайда уыдаид? Цы кад кӕнӕ цы хъӕздыгдзинадмӕ бӕллыд, уыдон ма йӕ искуы бахъуыдаиккой? Иудӕйы паддзахадӕн йӕ бонтӕ уыдысты нымад. Ӕмӕ кӕд Варух уыцы паддзахады йӕхицӕн хъарм бынат агуырдта, уӕд ӕй Хуыцау куыннӕ хъуамӕ бафӕдзӕхстаид!
6, 7. Кӕд Варух хъӕздыгдзинадмӕ бӕллыд, уӕд ӕй кӕимӕ ис абарӕн?
6 Иннӕмӕй та, чи зоны, Варух бӕллыд хъӕздыгдзинадмӕ. Иудӕйы алыварс цӕрӕг адӕм ныфсджын уыдысты сӕ мулк ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинадӕй. Моавӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой се ’нтыстдзинӕдтыл ӕмӕ сӕ хӕзнатыл. Уӕдӕ аммонӕгтӕ дӕр афтӕ. Ӕмӕ Вавилоны паддзахадмӕ дӕр уыди «бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ» (Йер. 48:1, 7; 49:1, 4; 51:1, 13). Фӕлӕ Хуыцау уыцы адӕмтӕн тӕрхон рахаста.
7 Уӕдӕ кӕд Варух хъӕздыгдзинадмӕ бӕллыд, уӕд ӕй Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхста. Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, Иудӕйы адӕммӕ мӕ къух куы сисон, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ сӕ быдыртӕ дӕр се знӕгты бауыдзысты (Йер. 6:12; 20:5). Ды дӕр Варухы рӕстӕджы Иерусалимы куы цардаис, уӕд куыд бакодтаис? Горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр, уыимӕ кънйӕзтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ паддзах йӕхӕдӕг дӕр, афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ вавилойнӕгты ныхмӕ хӕцын хъӕуы. Фӕлӕ ды фехъуыстай, Йереми цы загъта, уый: «Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ цӕрат» (Йер. 27:12, 17). Уыцы горӕты дын бирӕ мулк куы уыдаид, уӕд дын Хуыцауы разамындмӕ байхъусын ӕнцондӕр уыдаид? Дӕ мулк дын дӕ зӕрдӕ кӕцырдӕм фӕкодтаид? Йеремийы ныхӕстӕм байхъуыстаис ӕви ды дӕр адӕмы зондыл ацыдаис? Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Иудӕйы паддзахады ӕмӕ Иерусалимы, стӕй кувӕндоны дӕр, цыдӕриддӕр хӕзнатӕ уыди, уыдон знӕгтӕ Вавилонмӕ фӕхастой. Уӕдӕ мулк ӕмбырд кӕнын дзӕгъӕлы уыди (Йер. 27:21, 22). Ацы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?
Варух йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» кӕй домдта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ фӕлмӕнӕй зонд куыд бацамыдта? Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕйы уынаффӕмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?
«ДӔ УД ДЫН ХӔРЗИУӔГӔН РАТДЗЫНӔН»
8, 9. Варух йӕ уд хӕрзиуӕгӕн кӕй райста, уый гыццыл хъуыддаг схонӕн цӕуылнӕ ис?
8 Ныр та ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстайыл: Варух Хуыцауы зондамындмӕ куы байхъуыстаид, уӕд ын уый цы пайда ӕрхастаид? Йӕ цард бахъахъхъӕдтаид. Йегъовӕ йын йӕхӕдӕг загъта: «Дӕуӕн... дӕ уд бахъахъхъӕндзынӕн». Ацы ныхӕстӕн дзуттаг тексты ис ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, «дӕ уд дын хӕрзиуӕгӕн ратдзынӕн». (Бакӕс Йеремийы 45:5.) Уыцы рӕстӕг адӕмӕй ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ аирвӕзтысты. Чи? Хуыцауы разамындмӕ чи байхъуыста ӕмӕ халдейты къухмӕ йӕхи чи радта, уыдон (Йер. 21:9; 38:2). Чи зоны, исчи зӕгъа: «Ӕмӕ сӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй хӕрзиуӕгӕн ӕндӕр ницы райстой?»
9 Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, вавилойнӕгтӕ Иерусалимы алыварс куы лӕууыдысты, уӕд уым мидӕгӕй адӕм цытӕ кодтаиккой! Горӕты уавӕр бонӕй-бон фыддӕр кодта. Иерусалимӕй уӕлдай Содомӕн йе сӕфт, зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕрцыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Содомы цӕрджытӕн ӕнцондӕр уыд, уыдон бирӕ нӕ фӕудхар кодтой (Йер. хъ. 4:6). Варух ныффыста, Иерусалимы цӕрджытӕ хъамайӕ, ӕххормагӕй ӕмӕ фыднизӕй кӕй фӕцагъды уыдзысты. Ӕмӕ стӕй йӕхи цӕстӕй федта, уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Горӕты хӕринаг кӕй нал уыд, уый тыххӕй адӕм ӕххормаг бирӕгътӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Ӕрдзӕй «фӕлмӕнзӕрдӕ» чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ хъӕбулты фыхтой ӕмӕ сӕ хордтой. Уымӕй ӕвирхъаудӕр ма цы хъуамӕ уыдаид! (Йер. хъ. 2:20; 4:10; Йер. 19:9). Фӕлӕ Варух та удӕгасӕй баззад. Уыцы змӕст рӕстӕг адӕймагӕн йӕ цард уыди, хӕсты фӕстӕ уӕлахиздзаутӕ кӕй райсынц, ахӕм стыр хӕрзиуӕджы хуызӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Варух Хуыцауы уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» нал домдта. Ӕмӕ удӕгасӕй кӕй баззад, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы хорзӕх кӕй ссардта (Йер. 43:5–7).
«ӔГӔР БИРӔ ЦЫДӔРТӔ» ДОМДЗЫНӔ ДӔХИЦӔН?
10, 11. Варухы хабар махмӕ куыд хауы?
10 Кӕд Варух Хуыцауы хъуыддаджы лӕуд уыд, уӕддӕр иуафон ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты бабӕллыд. Йегъовӕ йӕ бафӕдзӕхста, йӕхи тӕссаг уавӕры кӕй ӕппары, уымӕй, ӕмӕ уый фӕрцы Варух йӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ йӕ цард дӕр бахъахъхъӕдта. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразӕм, афтӕмӕй нӕ зӕрдӕйы рӕдыд фӕндтӕ фӕзына ӕмӕ ма нӕ сӕ фӕдыл дӕр акӕной?
11 Варухы йӕхицӕн стыр ном скӕнын кӕй фӕндыд, уый йын, ӕвӕццӕгӕн, уыди фӕлварӕн. Чи зоны, хъуыды кодта: «Дарддӕр ма мӕ бон уыдзӕн „писыры“ куыст кӕнын? Цымӕ мӕ кадджындӕр бынаты сӕвӕрдзысты?» Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Ахъуыды кӕн: «Мыййаг мын ацы дунейы хорз куыст йе та стыр бынат уа, уымӕ нӕ бӕллын?» Ӕрыгон чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты та хорз уаид ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Мыййаг, мӕхицӕн „ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ“ домын нӕ райдыдтон? Цӕмӕй мын адӕмы ’хсӕн ном уа, стӕй искуы хорз ран кусон ӕмӕ ӕнӕмӕт цард кӕнон, уый тыххӕй уӕлдӕр ахуырмӕ нӕ бӕллын?»
12. Иу ӕфсымӕр кад йӕхицӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн куыд агуырдта? Цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
12 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕрыл 15 азы куы цыди, уӕд ӕй ахуыргӕнджытӕ ӕрвыстой университеты ахуыр кӕнынмӕ. Фӕлӕ не ’фсымӕр уыцы фадатӕй не спайда кодта, ӕмӕ уымӕй йӕ ахуыргӕнджыты фӕфыдӕнхъӕл кодта. Уый бӕсты пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕлӕ уӕддӕр ахуыр кӕнын уарзта. Ӕмӕ йӕ дард сакъадахмӕ миссионерӕй куы арвыстой, уӕд уым сахуыр кодта, 10 000 адӕймагӕй гыццыл фылдӕр кӕуыл дзуры, ахӕм ӕвзаг. Уыцы ӕвзагыл уӕд иу дзырдуат дӕр нӕ уыд, ӕмӕ дзырдтӕ йӕхӕдӕг ӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ йӕхимӕ фыста. Уӕдмӕ ӕвзаг хорз базыдта ӕмӕ йын бахӕс кодтой, цӕмӕй нӕ публикацитӕй кӕцыдӕртӕ уыцы ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтаид. Фӕстӕдӕр, цы дзырдтӕ ӕрӕмбырд кодта, уыдоны бындурыл уыцы ӕвзагыл фыццаг дзырдуат рауагътой. Иухатт облӕстон конгрессы уыцы ӕфсымӕр бирӕ адӕмы раз загъта: «Университеты ахуыр кӕныныл куы сразы уыдаин, уӕд цыфӕнды зонадон куыст ма бакодтаин – уымӕй скадджын уыдаид мӕхи ном. Фӕлӕ уӕлдӕр ахуыр кӕй нӕ фӕдӕн, уымӕ гӕсгӕ, цы мын бантыст, уый тыххӕй кад мӕнмӕ не ’мбӕлы. Кад иууылдӕр ӕмбӕлы Йегъовӕмӕ» (Ӕмб. 25:27). Уыцы ӕфсымӕр 15-аздзыдӕй цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Бирӕ азты дӕргъы йын Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уыди алыхуызон кадджын хӕстӕ. Дӕу та куыд фӕнды дӕ курдиӕттӕй спайда кӕнын? Дӕхицӕн кад агурдзынӕ ӕви, дӕ курдиӕттӕй Йегъовӕйы куыд скадджын кӕнай, ууыл архайдзынӕ?
13. Иуӕй-иу ныййарджыты цӕмӕн хъӕуы Варухы хабарыл ахъуыды кӕнын?
13 Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕймаг «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» фӕагуры, кӕй уарзы ӕмӕ йӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн йе та – уыдоны уылты йӕхицӕн. Ацы дунейы адӕм сӕ уд хъарынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн царды сӕхицӕй фылдӕр бантыса ӕмӕ, сӕ сӕр бӕрзӕндты кӕмӕй хӕссой, ахӕм адӕймӕгтӕ сӕ рауайа. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ныхӕстӕ дӕр фехъусыс: «Мӕхӕдӕг цӕрӕнбонты сау куыст фӕкодтон, уый фаг нӕу? Мӕ хъӕбул та хъуамӕ университеты сахуыр кӕна. Кӕд уый уӕддӕр исты фенид цардӕй». Хатт чырыстон ныййарджытӕм дӕр фӕзыны ахӕм хъуыдытӕ. Чи зоны, хъуыды кӕной: «Ӕмӕ исты мӕхицӕн агурын уыдӕттӕ?» Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдӕттӕ ӕндӕр искӕй уылты агура, зӕгъӕм, йӕ фырт кӕнӕ йӕ чызджы уылты? Варух куыд бӕллыд кадмӕ кӕнӕ стыр бынатмӕ, афтӕ ныййарӕг дӕр, чи зоны, йӕ мидзӕрдӕйы бӕлла йӕ цоты ӕнтыстдзинӕдты фӕрцы йӕхицӕн кад скӕнынмӕ. Фӕлӕ цымӕ, зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уыцы Хуыцау уый нӕ уыны, Варухы зӕрдӕйы фӕндтӕ куыд уыдта, афтӕ? (Ӕмб. 17:3). Уӕдӕ хъуамӕ мах дӕр Давидау Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕйы арфӕмбӕхст хъуыдытӕ басгара. (Бакӕс Псалом 26:2; Йеремийы 17:9, 10.) Йегъовӕ нӕ алыхуызӕтты фӕдзӕхсы, «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» агурын куыд тӕссаг у, уымӕй. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ, ацы сӕры Варухы хабарыл кӕй аныхас кодтам, уый фӕрцы.
Варух йӕхицӕн цы стыр цыдӕртӕ домдта, уыдон цы уыдаиккой? Дӕхицӕн дзы зондӕн цы райстай?
ХЪӔЗДЫГДЗИНАД У КЪӔППӔГ
14, 15. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нын хъӕздыгдзинад къӕппӕг суа?
14 Кӕд Варух хъӕздыгдзинадмӕ бӕллыд, уӕд йӕ зӕрдӕ баст уыд, Иудӕйы йын цы фӕллӕйттӕ уыди, уыдоныл. Ӕмӕ йын афтӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ байхъусын ӕмӕ йӕхи халдейты къухмӕ раттын ӕнцон нӕ уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр арӕх феныс, хъӕздыг адӕймаг йӕ «хъӕздыгдзинӕдтӕй» кӕй вӕййы ныфсджын. Фӕлӕ Библийы фыст ис, уый ӕрмӕстдӕр йӕхимӕ кӕй кӕсы афтӕ, ӕмӕ йӕ йӕ хъӕздыгдзинад хъахъхъӕны (Ӕмб. 18:11). Уӕдӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр хорз уаид, йӕ зӕрдыл-иу куы ӕрлӕууын кӕнид, хъӕздыгдзинады тыххӕй Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:4.) Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Дунейы цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдонӕй ӕз дӕр исты куы фенон, уӕд уым ӕвзӕрӕй цы ис?»
15 Чырыстон мулкуарзаг куы уа, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕхсайдзӕн, ацы дунейы цытӕ ис, уыдӕттӕм, ӕмӕ дунейӕн та тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Йереми ӕмӕ Варух уыцы къӕппӕджы нӕ бахаудысты. Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо фӕдзӕхста, Адӕймаджы Фырт куы хъуамӕ фӕзындаид, уыцы рӕстӕджы цӕрӕг адӕмы: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы». Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма чырыстӕтты ис афтӕ дӕр бафӕдзӕхсӕн: «Уӕ зӕрдыл дарут Йереми ӕмӕ Варухы» (Лук. 17:30–33). Нӕхи мулкыл куы бӕттӕм, уӕд нын Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын ӕнцон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд: Варух Хуыцауы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ уый фӕрцы удӕгасӕй баззад.
16. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ мулкыл баст кӕй нӕу, уый цавӕр хабар ӕвдисы?
16 Ӕркӕсӕм, Румынийы коммунистты рӕстӕджы не ’фсымӕртӕ цы уавӕры бахаудысты, уымӕ. Хицауады кусджытӕ зылдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттыл ӕмӕ-иу сын хатт сӕ фӕллӕйттӕ дӕр байстой, уӕлдайдӕр, ауӕй кӕнӕн цы уыди, уыдӕттӕ (Йер. хъ. 5:2). Уыцы рӕстӕг бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цӕттӕ уыдысты сӕ исбоныл сӕ къух сисынмӕ. Иуӕй-иуты дзы ӕндӕр рӕттӕм цӕрынмӕ куы арвыстой, уӕд сӕ бынтӕ ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ ныууагътой, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой. Ды дӕр ахӕм фӕлварӕны куы бахауай, уӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕ? Ӕви дӕ зӕрдӕ дӕ мулк ӕмӕ дӕ исбоныл баст уыдзӕн? (2 Тим. 3:11, 12).
17. Йереми ӕмӕ Варухӕн сӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕй чидӕртӕ куыд ӕххуыс кодтой?
17 Йереми ӕмӕ Варухӕн сӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕй чидӕртӕ стыр ныфсы хос уыдысты. Зӕгъӕм, Софони пехуымпарӕй лӕггад кодта паддзах Иосийы рӕстӕджы. Цымӕ Софонийы 1:18 цы ныхӕстӕ кӕсӕм, уыдоны тыххӕй Йереми цы хъуыды кодта? (Бакӕс сӕ.) Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй Варухимӕ дӕр ныхас кодта. Йеремийы рӕстӕджы ма цард Йезекил дӕр. Н. э. размӕ 617 азы йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой. Хуыцауы номӕй цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ хаудысты, Иудӕйы зӕххыл ма чи баззад, уыцы дзуттӕгтӕм. Уӕдӕ Йереми, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, Йезекил цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ, Йезекилы 7:19 цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр куыннӕ зыдтаид. (Бакӕс сӕ.) Уыцы ныхӕстӕ Йереми ӕмӕ Варухӕн, ӕвӕццӕгӕн, стыр ӕххуыс фесты. Ӕмӕ махӕн дӕр зонды хос сты. Йегъовӕйы бон куы ралӕууа, уӕд адӕм сӕ хуыцӕуттӕм сиддзысты, фӕлӕ сӕ нӕдӕр уыдон фервӕзын кӕндзысты, нӕдӕр сӕ мулк (Йер. 2:28).
ДӔ УД ХӔРЗИУӔГӔН РАЙСДЗЫНӔ?
18. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ цы фӕнды хӕрзиуӕгӕн райсын ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы?
18 Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ нын нӕ «уд» хӕрзиуӕгӕн кӕй ратдзӕн. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг сырды сыкъатӕ, ома хицӕуттӕ, дины ныхмӕ куы рацӕуой ӕмӕ нӕ фӕдыл дӕр зилын куы райдайой, уӕд, чи зоны, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй исчи амӕла. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕй рох нӕ уыдзысты. Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы, сӕ «уд» ногӕй кӕй цӕрдзӕн – ног дунейы сӕ райгас кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд «ӕцӕг цардӕй» бафсӕддзысты (Рарг. 7:14, 15; 1 Тим. 6:19). Фӕлӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр стыр бӕллӕхы сӕрты кӕй ахиздзысты. Хуыцау адӕмтыл бӕллӕх куы рауадза, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр, «Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда», уыдоны ’хсӕн нӕ уыдзӕн (Йер. 25:32, 33).
Равзар, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уый! (Абар ӕй 60 фарсыл нывимӕ.)
19. Йереми ӕмӕ Варухы цӕвиттон дӕ куыд фидар кӕны, цӕмӕй дӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» ма домай?
19 Чи зоны, искӕмӕ хардзау фӕкӕса, хӕрзиуӕгӕн ӕрмӕстдӕр йӕ уд кӕй райсдзӕн, уый. Фӕлӕ ма удӕй зынаргъдӕр исты ис? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Иерусалимы адӕм ӕххормагӕй куы скъуыдысты, уыцы хабар. Уӕд Йеремийы цард Йегъовӕ бахъахъхъӕдта. Куыд? Паддзах Седеки Йеремийы бакодта Хъахъхъӕнджыты кӕрты ӕмӕ йын уырдӕм «алы бон дӕр дзулгӕнджыты уынгӕй хастой иу дзул, цалынмӕ горӕты дзул уыд, уӕдмӕ» (Йер. 37:21). Ӕмӕ Йереми удӕгасӕй баззад! Уӕдӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон алыхуызӕтты у йӕ адӕмыл батыхсын, цӕмӕй мацы цух уой. Ӕмӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг загъта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Варух, йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» кӕй нал домдта, уый фӕрцы, Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд удӕгасӕй баззад. Хуыцаумӕ куы хъусӕм, уӕд мах дӕр нӕ удтӕ хӕрзиуӕгӕн райсдзыстӕм – Армагеддоны сӕрты ахиздзыстӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнустӕм кадджын кӕндзыстӕм!
Нӕ хъарутӕ иууылдӕр «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» агурынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ удтӕ хӕрзиуӕгӕн райсынмӕ цӕмӕн хъуамӕ саразӕм?