ӔСТӔМ СӔР
Ды дӕр Йеремийау «удӕгасӕй баззайдзынӕ»?
1, 2. Адӕймаг исты уынаффӕ хӕсгӕйӕ йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?
ЙЕСО НАВИН израилӕгты куы баразӕнгард кодта, зӕгъгӕ, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут, уый равзарут, уӕд загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15). Йесо Навин фидарӕй аскъуыддзаг кодта, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн, ӕмӕ, йӕ бинонтӕ дӕр афтӕ иузӕрдион кӕй уыдзысты, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр, Иерусалим пырхгонд куы нӕма ’рцыд, уӕд Йереми паддзах Седекийӕн загъта, зӕгъгӕ, дӕхи вавилойнӕгты дӕлбар куы бакӕнай, уӕд «дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр удӕгасӕй баззайдзыстут» (Йер. 38:17). Паддзах раст уынаффӕ нӕ рахаста, ӕмӕ уый тыххӕй ӕрмӕст йӕхи нӕ, фӕлӕ ма йӕ устыты ӕмӕ йӕ фыртты дӕр бӕллӕхы баппӕрста. Йӕ фыртты йын йӕ цӕстыты раз амардтой, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой (Йер. 38:18–23; 39:6, 7).
2 Уӕлдӕр цы дыууӕ хабары кой ракодтам, уым дзырд ӕрмӕст Йесо Навин ӕмӕ Седекийы тыххӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ сӕ бинонты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу. Алы адӕймаг дӕр Хуыцауы раз дзуапп йӕхи тыххӕй дӕтты. Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн бинонтӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ-иу, цы уынаффӕ рахастой, уый сӕ бинонтыл дӕр фӕзынд. Бинонтӕм цыдӕриддӕр хауы, уымӕ чырыстӕттӕ дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Хуыцауы Ныхасы бирӕ уынаффӕтӕ ис бинонтӕ скӕнын ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй, стӕй бинонтӕй алкӕмӕн дӕр аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай бинонты тыххӕй дзырд арӕх фӕцӕуы чырыстон ӕмбырдты дӕр (1 Кор. 7:36–39; 1 Тим. 5:8).
ӔНАХУЫР ФӔДЗӔХСТ
3, 4. Йереми дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕй цӕмӕй хицӕн кодта ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи цӕмӕй бахызта?
3 Йереми йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы, Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд удӕгасӕй баззад. Йереми цы уынаффӕ рахаста, уый йӕ бинонтыл нӕ фӕзынд, уымӕн ӕмӕ йын нӕ уыди бинонтӕ (Йер. 21:9; 40:1–4). Йегъовӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ус ма ракуырдтаид ӕмӕ цот ма рауагътаид. Стӕй, Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ, дзуттӕгтӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдонӕй дӕр кӕцыдӕртӕ хъуамӕ ма кодтаид. (Бакӕс Йеремийы 16:1–4.)
4 Йеремийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕм худинаг уыд, нӕлгоймагӕн ус ӕмӕ сывӕллӕттӕ ма уыдаид, уый. Сӕ фылдӕр-иу бинонтӕ скодтой, цӕмӕй сӕ фӕстӕ сӕ фыдӕлты зӕххытӕ ӕндӕр мыггаджы ӕмӕ ӕндӕр хӕдзарвӕндаджы ма бауыдаиккой (Дык. з. 7:14)a. Ӕмӕ уӕд Йереми цӕуылнӕ скодта бинонтӕ? Дзуттӕгтӕм ӕвирхъау бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ гӕсгӕ йын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй мадӕр цины хабӕрттӕм цыдаид, мадӕр зианмӕ. Хъуамӕ зианджын адӕмы ма фидар кодтаид ӕмӕ зианы фӕстӕ семӕ къӕбӕр ма хордтаид. Стӕй хъуамӕ ма цыдаид цины хабӕрттӕм дӕр, зӕгъӕм, чындзӕхсӕвтӕм. Тагъд уыцы хъуыддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ ӕрцыдаид кӕрон (Йер. 7:33; 16:5–9). Йереми афтӕ кӕй цард, уый фӕрцы адӕм йӕ ныхӕстыл хъуамӕ тынгдӕр баууӕндыдаиккой ӕмӕ бамбӕрстаиккой, цӕй ӕвирхъау бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕппынфӕстаг сӕ сӕр уыцы бӕллӕх ӕцӕгдӕр баййӕфта. Адӕм ӕнӕ хӕринагӕй ахӕм уынгӕджы уавӕры уыдысты, ӕмӕ ма суанг сӕ сывӕллӕтты дӕр хордтой. Ахъуыды-ма кӕн, цавӕр зӕрдӕйӕ хъуамӕ кодтаиккой ахӕм хъуыддаг! Стӕй-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, адӕймагӕн-иу йӕ хиуӕттӕ ӕнӕныгӕдӕй куыд баззадысты ӕмӕ-иу йӕ цӕстыты раз куыд ӕмбыдысты, уый дӕр. (Бакӕс Йеремийы 14:16; Йер. хъ. 2:20.) Йереми та, бинонтӕ кӕй не скодта, уый фӕрцы ӕппӕт уыцы мӕстытӕй уыди хызт. Вавилойнӕгтӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг Иерусалимы алыварс куы лӕууыдысты ӕмӕ стӕй горӕтмӕ куы бабырстой, уыцы рӕстӕг бирӕ бинонтӕ фӕцагъды сты. Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай Йереми нӕдӕр цардӕмбалы мӕлӕт федта, нӕдӕр хъӕбулы рыст бавзӕрста.
5. Йеремийы 16:5–9 цы хъуыды ис, уымӕй чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у спайда кӕнын?
5 Цымӕ Йеремийы 16:5–9 фыст ныхӕстӕ абон махмӕ дӕр хауынц? Нӕ. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой» хӕссӕм ӕмӕ, «цин чи кӕны, уыдонимӕ» цин кӕнӕм (2 Кор. 1:4; Ром. 12:15). Йесо дӕр иухатт чындзӕхсӕвы уыди ӕмӕ адӕмӕн сӕ циныл цин бафтыдта. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, ацы дунемӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Чи зоны, уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕ дӕр алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлой ӕмӕ хъуагдзинӕдтӕ дӕр ӕййафой. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ хъуамӕ алцӕмӕ дӕр цӕттӕ уӕм, цӕмӕй, фыццаг ӕнусы Иудейӕйӕ чи алыгъд, уыцы чырыстӕттау кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уӕдӕ бинонтӕ скӕнын кӕнӕ цот рауадзын хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. (Бакӕс Матфейы 24:17, 18.)
6. Хуыцау Йеремийӕн цы бафӕдзӕхста, ууыл ахъуыды кӕнын хорз кӕмӕн уаид?
6 Хуыцау Йеремийӕн афтӕ кӕй бафӕдзӕхста, бинонтӕ ма скӕн, зӕгъгӕ, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Абон дӕр иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты бинонтӕ нӕй, чидӕртӕ та цот нӕ рауагътой. Ахӕм чырыстӕттӕн Йеремийы хабарӕй сӕ бон цы у зондӕн райсын? Стӕй, бинонтӕ чи скодта ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр хорз цӕмӕн уаид Йеремийы цардыл ахъуыды кӕнын?
7. Йеремийӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ уыд, уый нын хъуыдыйаг цӕмӕн у?
7 Фыццаг уал ахъуыды кӕнӕм, Йеремийӕн зӕнӕг кӕй хъуамӕ ма уыдаид, ууыл. Йесо афтӕ никуы загъта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цот уадзӕн нӕй. Фӕлӕ н. э. 66–70 азты Иерусалимыл цы бӕллӕх хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта, уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл «мӕгуыры бон» кӕй уыдзӕн. Уыцы рӕстӕг уыдонӕн уӕлдай зындӕр уыдаид (Матф. 24:19). Махмӕ та ноджы стырдӕр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уымӕ гӕсгӕ, сӕ зӕрды цот рауадзын кӕмӕн ис, уыцы бинонтӕ хъуамӕ алцӕуыл дӕр хорз ахъуыды кӕной. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхӕдӕг дӕр уыныс, цард зынӕй-зындӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ ныййарджытӕй дӕр бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, тынг зын у сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинады арф уидӕгтӕ ауадзой ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд аирвӕзой. Уӕдӕ ацы фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хорз уаид, алы къай дӕр Йеремийы цӕвиттон йӕ зӕрдыл куы дарид. Фӕлӕ ма Хуыцау Йеремийӕн афтӕ дӕр кӕй загъта, ус ма ракур, зӕгъгӕ, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?
Хуыцау Йеремийӕн цавӕр ӕнахуыр фӕдзӕхст радта ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ цӕмӕ сразӕнгард кӕна?
ЙЕРЕМИЙӔН БИНОНТӔ КӔЙ НӔ УЫД, УЫМӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ
8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн ус ракурын кӕнӕ мой скӕнын ӕнӕмӕнг нӕу?
8 Йегъовӕ Йеремийӕн афтӕ кӕй загъта, ус ма ракур, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр нӕ уыд уый бар. Адӕймаг ус ракура кӕнӕ мой скӕна, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕ уый тыххӕй баиу кодта, цӕмӕй цот уагътаиккой, зӕхх байдзаг кодтаиккой ӕмӕ сын бинонты цард циндзинад хастаид (Ӕмб. 5:18). Фӕлӕ Йеремийы рӕстӕджы бинонтӕ алкӕмӕн нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн, уӕд Хуыцауы адӕмы ’хсӕн царди сахъат нӕлгоймӕгтӕ дӕрb. Стӕй дзы идӕдзтӕ дӕр куыннӕ уыдаид. Уӕдӕ ӕрмӕст Йереми нӕ уыди иунӕг. Йереми барӕй не скодта бинонтӕ, ӕмӕ абон дӕр иуӕй-иу чырыстӕттӕ бинонтӕ цӕйдӕр тыххӕй не скӕнынц.
9. Йесо цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ йыл цӕмӕн хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын?
9 Чырыстӕттӕй бирӕтӕн ис бинонтӕ, фӕлӕ се ’ппӕтӕн нӕ. Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй Йесойӕн дӕр нӕ уыд цардӕмбал, ӕмӕ загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр иуӕй-иутӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнӕ цардӕмбалӕй цӕрын. Ӕмӕ ахӕмты разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ цӕрой. (Бакӕс Матфейы 19:11, 12.) Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй бинонтӕ чи не скӕны, уыдонӕн афтӕ куы нӕ дзуриккам, цӕй цы, ницыма, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу сӕ куы раппӕликкам. Чидӕртӕ та цасдӕр рӕстӕг бинонтӕ уый тыххӕй не скӕнынц, ӕмӕ сӕ цард афтӕ рауайы. Зӕгъӕм, чи зоны, чырыстӕтты ’хсӕн не ссардтой аккаг цардӕмбал, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи нӕу, ахӕмимӕ та сӕ нӕ фӕнды сӕ цард баиу кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынц Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ (1 Кор. 7:39). Стӕй ма Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ис идӕдз лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ дӕрc. Уыдонӕй хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕй тыхсынц, иунӕг чи у, уыдоныл (Йер. 22:3; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:8, 9).
10, 11. а) Кӕд Йеремийӕн бинонтӕ нӕ уыд, уӕддӕр амондджын цӕй фӕрцы уыди? ӕ) Абон бирӕ чырыстӕтты цардӕй куыд зыны, адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕ уа, уӕд дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уа?
10 Кӕд Йеремийӕн бинонтӕ нӕ уыд, уӕддӕр ын Хуыцау ӕххуыс кодта. Куыд? Йеремийӕн стыр цины хос уыди Йегъовӕйы ныхас. Уый йын дӕсгай азты дӕргъы тыхтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта. Уымӕй уӕлдай Йереми хӕстӕг дӕр нӕ цыди, иунӕг кӕй уыд, уый тыххӕй дзы хынджылӕг чи кодта, уыдонмӕ. Цӕйнӕфӕлтау ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн уыдаид, фӕлтау разы уыд «зыбыты иунӕгӕй» бадыныл дӕр. (Бакӕс Йеремийы 15:17.)
11 Иунӕг чи у, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ – фӕзмынц Йеремийы. Ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддаджы лӕуд кӕй сты, уый сын стыр ӕххуыс у. Зӕгъӕм, китайаг ӕмбырды чи ис, иу ахӕм хо афтӕ зӕгъы: «Пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны царды раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Цардӕмбал мын кӕй нӕй, уый фӕрцы мын фылдӕр фадӕттӕ ис иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн, ӕмӕ мын ӕнкъард кӕнынӕн рӕстӕг дӕр нӕ вӕййы. Изӕры хӕдзармӕ куы ’рбацӕуын ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон цы арӕзтон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕнӕй амондджындӕр нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ уынын, мӕ лӕггад адӕмӕн пайда кӕй хӕссы. Уый мын хӕссы стыр циндзинад». 38 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм хо та зӕгъы: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, амонд уымӕй кӕнгӕ у, ӕмӕ цыфӕнды уавӕры дӕр цин кӕнын куы зонай». Хурыскӕсӕйнаг Европӕйӕ иу хо та мӕнӕ цы дзуры: «Кӕд мӕ цард, мӕхи куыд фӕндыд, афтӕ нӕ рауад, уӕддӕр амондджын дӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдзынӕн».
12, 13. а) Цы зӕгъӕн ис, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй дӕр ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕй дӕр? ӕ) Павел куыд цард ӕмӕ цы уынаффӕтӕ радта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты?
12 Чи зоны, Йеремийӕн дӕр йӕ цард, ӕрыгонӕй куыд хъуыды кодта, афтӕ нӕ рауад. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдта, цардӕмбал ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕн дӕр сӕ цард, куыд ӕнхъӕл уыдысты, бынтон афтӕ кӕй нӕ рауад. Испанийӕ иу пионер-хо зӕгъы: «Ӕз зонын амондджын бинонты дӕр ӕмӕ, сӕ бинонты цардӕй райгонд чи нӕу, ахӕмты дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбарын, мӕ амонд чындзы ацӕуыныл баст кӕй нӕу». Уӕдӕ Йеремийы ӕмӕ мингай чырыстӕтты цардӕй бӕрӕг у, иунӕг чи у, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у амондджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй цӕрын. Апостол Павел дӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн дзурын: хорз уаид, ӕмӕ, ӕз куыд дӕн, дарддӕр дӕр афтӕ куы цӕриккой» (1 Кор. 7:8). Чи зоны, Павел йӕхӕдӕг дӕр идӕдз уыди. Афтӕ уыди ӕви нӕ,– бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис уый, ӕмӕ миссионерӕй куы лӕггад кодта, уӕд ын нӕ уыди цардӕмбал (1 Кор. 9:5). Павел иунӕг кӕй уыд, уый йын уыди стыр арфӕдзинад – уый фӕрцы ӕдзухдӕр Хицауӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кодта, ӕмӕ йын бирӕ цыдӕртӕ бантыст (1 Кор. 7:35).
13 Хуыцау Павелӕн ныффыссын кодта: «Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ». Ӕмӕ ма йын ахӕм ныхӕстӕ дӕр зӕгъын кодта: «Кӕд искӕмӕн йӕ бон у, ӕмӕ бинонтӕ ма скӕна... ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, ус нӕ ракурдзынӕн кӕнӕ мой не скӕндзынӕн, ӕмӕ кӕд йӕ фӕндыл фидар хӕцы, уӕд хорз кӕны. Гъемӕ уӕдӕ, ус чи ракура кӕнӕ мой чи скӕна, уый дӕр хорз бакӕндзӕн, фӕлӕ ус чи нӕ ракура кӕнӕ мой чи не скӕна, уый та – ноджы хуыздӕр» (1 Кор. 7:28, 37, 38). Йереми ацы ныхӕстӕ никуы бакаст, фӕлӕ дӕсгай азты дӕргъы куыд царди, уымӕй бӕрӕг у: адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд ӕй уый Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын нӕ хъыгдары, фӕлӕ уый фӕрцы йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы хъуыддагмӕ саразы ӕмӕ вӕййы ӕцӕг амондджын. Кӕд паддзах Седекийӕн бинонтӕ уыди, уӕддӕр Йеремийы ныхасмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ йӕ цард нӕ бахъахъхъӕдта. Уымӕй уӕлдай Йеремийӕн та бинонтӕ нӕ уыд, фӕлӕ куыд цард ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хаста, уый фӕрцы удӕгасӕй баззад.
Йереми бирӕ азты дӕргъы ӕнӕ усӕй кӕй лӕггад кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
КӔРӔДЗИ ФИДАР КӔНУТ
14. Акилӕйы бинонтӕ Павелимӕ лымӕн кӕй уыдысты, уый цӕуыл дзурӕг у?
14 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Йеремийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн уыди бинонтӕ. Афтӕ уыд Павелы рӕстӕджы дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонджын чырыстӕттӕн сӕ бон нӕ уыд Павелау дард искуыдӕм хъусын кӕнынмӕ ацӕуын, фӕлӕ, кӕм цардысты, уым ӕмбырдтӕн ӕххуыс кодтой. Стӕй ма стыр ныфсы хос уыдысты, иунӕг чи уыд, уыцы чырыстӕттӕн дӕр. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Павел Коринфмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ кӕй суазӕг кодтой ӕмӕ ма йын куыст дӕр кӕй радтой – иумӕ цатыртӕ хуыдтой. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Павелӕн йе ’мбӕлттӕ дӕр систы, ӕмӕ йын уый йӕ ныфсыл ныфс куыннӕ ӕфтыдтаид. Ахъуыды-ма кӕн, иумӕ къӕбӕр хӕргӕйӕ ӕмӕ адджын ныхас кӕнгӕйӕ цас изӕртӕ арвыстаиккой! Цымӕ-иу Йеремийы дӕр йӕ зӕрдӕйы хъармӕй исчи батавта? Кӕд бинонтӕ не скодта ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы хъуыддагмӕ сарӕзта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр ничи хъуыди. Уымӕн дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ӕнӕмӕнг уыдаид, лымӕн кӕимӕ уыд, ахӕм бинонтӕ, зӕгъӕм, Варухы ӕмӕ Авдемелехы бинонтӕ, стӕй ма ӕндӕр бинонтӕ дӕр (Ром. 16:3; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 18:1–3).
15. Чырыстон бинонтӕн сӕ бон куыд у, иунӕг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын?
15 Акилӕйы бинонтау абон дӕр бирӕ бинонтӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавынц, иунӕг чи у, уыцы чырыстӕтты. Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд сымахӕн дӕр уӕ бон нӕу ахӕм чырыстӕттӕм уӕ хъус фӕдарын? Иу хо йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзырдта: «Ӕз ацы дуне ныууагътон ӕмӕ фӕстӕмӕ нал аздӕхдзынӕн. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй мыл исчи тыхса ӕмӕ мӕ уарза. Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй-иу, иунӕг чи у, уыцы чырыстӕтты арӕхдӕр бафидар кӕна статьяты ӕмӕ раныхӕсты уылты кӕнӕ ма ӕндӕр искуыд дӕр. Иуӕй-иутӕ нӕм ӕввахс дӕр нӕ цӕуынц, адон чындзы ацӕуыны йеддӕмӕ ницӕй мӕт ис, зӕгъгӕ. Хатт нӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, цыма никӕй хъӕуӕм. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕимӕ алкӕддӕр у нӕ бон ныхас кӕнын, уӕддӕр нӕ фӕфӕнды, исчи-иу нӕ йӕ зӕрдӕйы хъармӕй куы батавид. Фӕлӕ цымӕ не ’мчырыстӕттӕй ахӕм исчи разындзӕн, адӕймаг зӕрдӕбынӕй кӕимӕ фӕныхӕстӕ кӕна?» Иунӕг чи у, мингай ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ фидарӕй зӕгъдзысты, се ’мбырдты сын кӕй ис ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ. Стӕй ӕрмӕст сӕхи карӕнтимӕ нӕ лымӕн кӕнынц. Уыдон алкӕй дӕр уарзынц, ӕмӕ сын ӕмбӕлттӕ ис се ’мбырды цы бинонтӕ ис, уыдоны ’хсӕн – ацӕргӕты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕрыгӕтты ’хсӕн дӕр.
16. Де ’мбырды, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хоты кӕнӕ ӕфсымӕрты дӕ бон куыд у бафидар кӕнын?
16 Ӕрхъуыдыджын куы уай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, иунӕг чи у, уыдоны фидар кӕнын. Дӕ бинонтимӕ иумӕ исты куы фӕаразут, зӕгъӕм, Библи куы фӕахуыр кӕнут, уӕд-иу сӕм фӕдзурут. Кӕнӕ-иу сӕ ӕнӕуи уазӕгуаты дӕр фӕхонут. Ӕмӕ сӕйраг хӕринаг дӕр нӕу – семӕ адджын ныхас куы фӕкӕнат, уӕд сын уый уыдзӕн уӕлдай ӕхсызгон. Йе та уӕ бон нӕ уаид семӕ уацамындмӕ баныхас кӕнын? Науӕд уӕ бинонтимӕ Паддзахады залы исты куы кусат кӕнӕ дуканитӕм цӕуынвӕнд куы кӕнат, уӕд уӕ бон нӕ уаид, иунӕг чи у, уыдонӕй искӕй уемӕ акӕнын? Иуӕй-иу бинонтӕ та, идӕдз чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй, науӕд та, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм пионерты семӕ акӕнынц конгресмӕ кӕнӕ искуыдӕм баулӕфынмӕ. Уыдон гыццыл хъуыддӕгтӕ сты, фӕлӕ уый фӕрцы, иунӕг чи у, уыдоны фидар кӕндзыстут, ӕмӕ-иу уӕхӕдӕг дӕр бафидар уыдзыстут.
17–19. а) Сывӕллӕттӕ, сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм куыд кӕсдзысты, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕной? ӕ) Йесо йӕ мадыл кӕй батыхст, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?
17 Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ма сӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинадыл дӕр: фӕхъӕуы сӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын. Йесойы рӕстӕджы дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ сӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агуырдтой, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн ма ӕххуыс кодтаиккой. Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ сыл сӕ ныййарджыты раз цы хӕс уыд, уымӕй сын сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ сӕйрагдӕр уыдысты (Мар. 7:9–13). Чырыстон бинонты ’хсӕн хъуамӕ афтӕ ма уа (1 Тим. 5:3–8).
18 Фӕлӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕй цалдӕр куы уой чырыстӕттӕ, уӕд та куыд? Кӕд сӕ кӕмӕндӕр бинонтӕ нӕй, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕм уый хъуамӕ кӕса? Иу япойнаг хо мӕнӕ цы ныффыста: «Ӕз афонмӕ смой кодтаин, фӕлӕ мӕ мӕ ныййарджытӕм кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй бадын. Йегъовӕ зоны, ныййарджытӕм кӕсын хатт куыд зын вӕййы, уый ӕмӕ иунӕг адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы рыст дӕр ӕмбары». Ацы хо ахӕм уавӕры цӕмӕн ис? Чи зоны йын ис бинонджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, ӕмӕ йемӕ нӕ бауынаффӕ кодтой, афтӕмӕй йын ныййарджыты йе ’ккой сӕвӕрдтой. Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ Йеремийӕн дӕр йе ’фсымӕртӕ йӕ зӕрдӕхудты цыдысты. (Бакӕс Йеремийы 12:6.)
19 Йегъовӕ уыны, иунӕг чи у, уыдоны ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбары (Пс. 103:11–14). Фӕлӕ ацӕргӕ кӕнӕ ӕнӕбон ныййарджытӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уый ныййарджытӕ не сты – се ’ннӕ сывӕллӕтты дӕр уыдон схъомыл кодтой. Чи зоны, сӕ сывӕллӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕхи бинонтӕ ис, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ ничиуал сты ӕмӕ сыл сӕ разы цы хӕс ис, уымӕй сӕрибар сты. Йесойӕ суанг хъизӕмӕртты хъӕдыл дӕр рох нӕ уыди, йӕ мады раз ыл цы хӕс уыд, уый ӕмӕ батыхст, цӕмӕй йӕм йӕ фӕстӕ фӕкӕсӕг уыдаид (Иоан. 19:25–27). Библийы лыстӕг хабӕртты онг нӕй фыст, ацӕргӕ кӕнӕ ӕнӕбон ныййарджытӕм сывӕллӕттӕй чи цас хъуамӕ кӕса, уый тыххӕй. Стӕй дзы афтӕ дӕр нӕй фыст, ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уый йӕ ныййарджыты раз фылдӕр хӕсджын у. Ацы хъуыддаджы алкӕй дӕр хъӕуы Чырыстийы цӕвиттон зӕрдыл дарын ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайын, стӕй кӕрӕдзийы уавӕртыл дӕр хъуыды кӕнын.
20. Иунӕг чи у, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай?
20 Хуыцау Йеремийӕн ныффыссын кодта, фидӕны йӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ ӕнгом кӕй уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау кӕй уарздзысты (Йер. 31:34). Ӕмӕ уӕвгӕ абон дӕр ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, се ’хсӕн, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр, афтӕ ӕнгом сты кӕрӕдзиимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕты дӕр фӕнды кӕрӕдзи фидар кӕнын ӕмӕ, иунӕг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ ног дунемӕ бацӕуын.
Дӕ бон ма цы у аразын, цӕмӕй, иунӕг чи у, уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнай, ӕмӕ-иу афтӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр бафидар уай?
a Дзуттаг Фыстыты никуы ӕмбӕлы, ӕнӕус нӕлгоймагмӕ чи амоны, ахӕм дзырд.
b Пехуымпар Исай кодта, гуырдзӕй сахъат чи уыд кӕнӕ ӕрдызт чи ӕрцыд, ӕмӕ Хуыцауӕн кувынимӕ баст хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕрты архайыны бар кӕмӕн нӕ уыд, уыцы нӕлгоймӕгты кой. Исай загъта, зӕгъгӕ, коммӕгӕс кӕй сты, уый тыххӕй сын Хуыцау ратдзӕн, «фырттӕй ӕмӕ чызджытӕй хуыздӕр цы у, уый» – Хуыцауы хӕдзары сын уыдзӕн ном ӕнустӕм (Ис. 56:4, 5).
c Чидӕр та, чи зоны, иунӕг уымӕн у, ӕмӕ йӕ йе ’нӕуырнӕг цардӕмбал ныууагъта кӕнӕ дзы закъонмӕ гӕсгӕ ахицӕн.