Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йеремийы хъарӕг 2
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Йеремийы хъарӕг 2:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хър 3:44
  • +Хър 2:15; Йез 16:14
  • +Мф 11:23
  • +1Аз 28:2; Пс 99:5; 132:7; Ис 60:13

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2007, 8, 9 фф.

Йеремийы хъарӕг 2:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:30; Хър 2:17; 3:43
  • +Д.з 28:52; Мх 5:11
  • +Ис 25:12; 26:5
  • +Пс 89:39; Ис 47:6; Йез 21:27
  • +Ис 39:7; 43:28

Йеремийы хъарӕг 2:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Иов 16:15; Пс 75:10
  • +Пс 74:11
  • +Д.з 32:22; 2Пд 25:9; Пс 89:46; Ис 42:25; Йер 4:4; 7:20; Хър 4:11; Дзт 12:29

Йеремийы хъарӕг 2:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Иов 6:4; Ис 63:10; Йер 21:5; 30:14
  • +Д.з 28:63
  • +Рц 15:6
  • +2Пд 25:21; Хър 5:12
  • +Йер 10:20
  • +Ис 42:25; Йер 4:4

Йеремийы хъарӕг 2:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 30:14
  • +2Аз 36:16
  • +2Пд 25:9; Йер 52:13; Ос 8:14
  • +Йер 5:17
  • +Йез 2:10

Йеремийы хъарӕг 2:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Аз 36:19; Пс 78:60; Ис 63:18; 64:11
  • +Пс 80:12; 89:40; Ис 1:8
  • +Хър 1:4; Ос 2:11; Сф 3:18
  • +Иов 34:19; Йер 52:24; Ро 2:11

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2007, 9 ф.

Йеремийы хъарӕг 2:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 52:18
  • +Лв 26:31; Йер 26:6; 52:13; Йез 24:21; Мх 3:12
  • +2Аз 36:19; Йер 32:29; Ос 8:14
  • +Пс 74:4

Йеремийы хъарӕг 2:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пд 25:10; Йер 39:8
  • +2Пд 21:13; Ис 28:17; Ам 7:7
  • +Иов 13:21; Хър 2:2
  • +Ис 3:26

Йеремийы хъарӕг 2:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Не 1:3; Йер 14:2
  • +Д.з 28:36; 2Пд 24:15; 25:7; Ис 39:7; Йер 52:9; Хър 1:6; 4:20; Йез 12:13; Дан 1:3
  • +2Аз 15:3; Йез 7:26
  • +Пс 74:9; Йер 23:16; Хър 2:14; Йез 13:3

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йереми», 97 ф.

Йеремийы хъарӕг 2:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 3:26; Йер 8:14; Хър 3:28; Ам 5:13
  • +ЙсН 7:6; Иов 2:12
  • +Йер 6:26; Йез 7:18; 27:31
  • +Хър 1:4

Йеремийы хъарӕг 2:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 6:7; Хър 1:16; 3:48
  • +Хър 1:20
  • +Ис 22:4; Йер 14:17
  • +Иов 30:16
  • +Йер 11:22; Хър 2:19; 4:4

Йеремийы хъарӕг 2:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:51; 2Пд 25:3; Ис 3:1; Йер 18:21

Йеремийы хъарӕг 2:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хър 1:12
  • +Ис 51:19
  • +Йер 8:21; 14:17; Дан 9:12
  • +Йер 30:12

Йеремийы хъарӕг 2:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 2:8; 5:12, 31; 23:16; 27:14; 29:9; Йез 13:2
  • +Ис 58:1; Йер 23:14
  • +Йер 23:32; 27:9; Мх 3:5; Сф 3:4

Йеремийы хъарӕг 2:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йез 25:6; На 3:19
  • +1Пд 9:8; Йер 18:16; 19:8; 25:9; Мх 6:16
  • +Пс 22:7; 44:14; Мф 27:39; Мч 15:29
  • +Пс 48:2; 50:2; Йез 16:14

Йеремийы хъарӕг 2:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Иов 16:10; Пс 22:13; 35:21; 109:2
  • +Иов 16:9; Пс 37:12; Хъд 7:54
  • +Ис 49:19; Йер 51:34
  • +Мх 4:11
  • +Пс 35:21; Авд 13

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2007, 9 ф.

Йеремийы хъарӕг 2:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 18:11; Мх 2:3
  • +2Пд 23:27; Ис 46:10; 55:11
  • +Лв 26:17; Д.з 28:15
  • +Йез 5:11; 7:9; 9:10
  • +Пс 38:16; 89:42
  • +Хър 1:5

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йереми», 205 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2007, 9 ф.

Йеремийы хъарӕг 2:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 119:145
  • +Хър 2:8
  • +Йер 9:1; 13:17; 14:17; Хър 1:16

Йеремийы хъарӕг 2:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 119:148
  • +1См 1:15; Пс 62:8; 142:2
  • +Пс 88:1; Дан 9:3
  • +1Пд 8:54
  • +Ис 51:20; Хър 4:9; Йез 5:16

Йеремийы хъарӕг 2:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 14:21
  • +Лв 26:29; Д.з 28:53; Йер 19:9; Хър 4:10; Йез 5:10
  • +Пс 78:64; Мф 23:35

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2007, 9 ф.

Йеремийы хъарӕг 2:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:50; 2Аз 36:17
  • +Пс 18:42
  • +Йер 9:21; 18:21; Хър 1:15
  • +Йер 21:7
  • +Йез 9:6
  • +Рц 34:7; Йер 13:14; Хър 2:2; 3:43; Йез 5:11; 7:4

Йеремийы хъарӕг 2:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 16:16
  • +Йер 46:5; Ам 9:1
  • +Д.з 28:18; Йер 16:4; Ос 9:12

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Йер. хъ. 2:1Хър 3:44
Йер. хъ. 2:1Хър 2:15; Йез 16:14
Йер. хъ. 2:1Мф 11:23
Йер. хъ. 2:11Аз 28:2; Пс 99:5; 132:7; Ис 60:13
Йер. хъ. 2:2Д.з 28:30; Хър 2:17; 3:43
Йер. хъ. 2:2Д.з 28:52; Мх 5:11
Йер. хъ. 2:2Ис 25:12; 26:5
Йер. хъ. 2:2Пс 89:39; Ис 47:6; Йез 21:27
Йер. хъ. 2:2Ис 39:7; 43:28
Йер. хъ. 2:3Иов 16:15; Пс 75:10
Йер. хъ. 2:3Пс 74:11
Йер. хъ. 2:3Д.з 32:22; 2Пд 25:9; Пс 89:46; Ис 42:25; Йер 4:4; 7:20; Хър 4:11; Дзт 12:29
Йер. хъ. 2:42Пд 25:21; Хър 5:12
Йер. хъ. 2:4Йер 10:20
Йер. хъ. 2:4Ис 42:25; Йер 4:4
Йер. хъ. 2:4Иов 6:4; Ис 63:10; Йер 21:5; 30:14
Йер. хъ. 2:4Д.з 28:63
Йер. хъ. 2:4Рц 15:6
Йер. хъ. 2:5Йер 30:14
Йер. хъ. 2:52Аз 36:16
Йер. хъ. 2:52Пд 25:9; Йер 52:13; Ос 8:14
Йер. хъ. 2:5Йер 5:17
Йер. хъ. 2:5Йез 2:10
Йер. хъ. 2:62Аз 36:19; Пс 78:60; Ис 63:18; 64:11
Йер. хъ. 2:6Пс 80:12; 89:40; Ис 1:8
Йер. хъ. 2:6Хър 1:4; Ос 2:11; Сф 3:18
Йер. хъ. 2:6Иов 34:19; Йер 52:24; Ро 2:11
Йер. хъ. 2:7Йер 52:18
Йер. хъ. 2:7Лв 26:31; Йер 26:6; 52:13; Йез 24:21; Мх 3:12
Йер. хъ. 2:72Аз 36:19; Йер 32:29; Ос 8:14
Йер. хъ. 2:7Пс 74:4
Йер. хъ. 2:82Пд 25:10; Йер 39:8
Йер. хъ. 2:82Пд 21:13; Ис 28:17; Ам 7:7
Йер. хъ. 2:8Иов 13:21; Хър 2:2
Йер. хъ. 2:8Ис 3:26
Йер. хъ. 2:9Не 1:3; Йер 14:2
Йер. хъ. 2:9Д.з 28:36; 2Пд 24:15; 25:7; Ис 39:7; Йер 52:9; Хър 1:6; 4:20; Йез 12:13; Дан 1:3
Йер. хъ. 2:92Аз 15:3; Йез 7:26
Йер. хъ. 2:9Пс 74:9; Йер 23:16; Хър 2:14; Йез 13:3
Йер. хъ. 2:10Ис 3:26; Йер 8:14; Хър 3:28; Ам 5:13
Йер. хъ. 2:10ЙсН 7:6; Иов 2:12
Йер. хъ. 2:10Йер 6:26; Йез 7:18; 27:31
Йер. хъ. 2:10Хър 1:4
Йер. хъ. 2:11Пс 6:7; Хър 1:16; 3:48
Йер. хъ. 2:11Хър 1:20
Йер. хъ. 2:11Ис 22:4; Йер 14:17
Йер. хъ. 2:11Иов 30:16
Йер. хъ. 2:11Йер 11:22; Хър 2:19; 4:4
Йер. хъ. 2:12Д.з 28:51; 2Пд 25:3; Ис 3:1; Йер 18:21
Йер. хъ. 2:13Хър 1:12
Йер. хъ. 2:13Ис 51:19
Йер. хъ. 2:13Йер 8:21; 14:17; Дан 9:12
Йер. хъ. 2:13Йер 30:12
Йер. хъ. 2:14Йер 2:8; 5:12, 31; 23:16; 27:14; 29:9; Йез 13:2
Йер. хъ. 2:14Ис 58:1; Йер 23:14
Йер. хъ. 2:14Йер 23:32; 27:9; Мх 3:5; Сф 3:4
Йер. хъ. 2:15Йез 25:6; На 3:19
Йер. хъ. 2:151Пд 9:8; Йер 18:16; 19:8; 25:9; Мх 6:16
Йер. хъ. 2:15Пс 22:7; 44:14; Мф 27:39; Мч 15:29
Йер. хъ. 2:15Пс 48:2; 50:2; Йез 16:14
Йер. хъ. 2:16Иов 16:10; Пс 22:13; 35:21; 109:2
Йер. хъ. 2:16Иов 16:9; Пс 37:12; Хъд 7:54
Йер. хъ. 2:16Ис 49:19; Йер 51:34
Йер. хъ. 2:16Мх 4:11
Йер. хъ. 2:16Пс 35:21; Авд 13
Йер. хъ. 2:17Йер 18:11; Мх 2:3
Йер. хъ. 2:172Пд 23:27; Ис 46:10; 55:11
Йер. хъ. 2:17Лв 26:17; Д.з 28:15
Йер. хъ. 2:17Йез 5:11; 7:9; 9:10
Йер. хъ. 2:17Пс 38:16; 89:42
Йер. хъ. 2:17Хър 1:5
Йер. хъ. 2:18Пс 119:145
Йер. хъ. 2:18Хър 2:8
Йер. хъ. 2:18Йер 9:1; 13:17; 14:17; Хър 1:16
Йер. хъ. 2:19Пс 119:148
Йер. хъ. 2:191См 1:15; Пс 62:8; 142:2
Йер. хъ. 2:19Пс 88:1; Дан 9:3
Йер. хъ. 2:191Пд 8:54
Йер. хъ. 2:19Ис 51:20; Хър 4:9; Йез 5:16
Йер. хъ. 2:20Йер 14:21
Йер. хъ. 2:20Лв 26:29; Д.з 28:53; Йер 19:9; Хър 4:10; Йез 5:10
Йер. хъ. 2:20Пс 78:64; Мф 23:35
Йер. хъ. 2:21Д.з 28:50; 2Аз 36:17
Йер. хъ. 2:21Пс 18:42
Йер. хъ. 2:21Йер 9:21; 18:21; Хър 1:15
Йер. хъ. 2:21Йер 21:7
Йер. хъ. 2:21Йез 9:6
Йер. хъ. 2:21Рц 34:7; Йер 13:14; Хър 2:2; 3:43; Йез 5:11; 7:4
Йер. хъ. 2:22Д.з 16:16
Йер. хъ. 2:22Йер 46:5; Ам 9:1
Йер. хъ. 2:22Д.з 28:18; Йер 16:4; Ос 9:12
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Йеремийы хъарӕг 2:1–22

Йеремийы хъарӕг

א [А́леф]

2 Оуу, Йегъовӕ мӕстӕй судзгӕйӕ Сионы чызджы сау мигътӕй куыд бамбӕрзта!+

Израилы фидыц+ арвӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста+.

Ӕмӕ йӕ судзгӕ масты бон йӕ къӕхтӕвӕрӕн+ йӕ зӕрдыл нал ӕрлӕууыд.

ב [Бет]

 2 Йегъовӕ Иаковы цӕрӕнбынӕттӕ+ аныхъуырдта, нӕ сыл бацауӕрста.

Мӕстӕй цӕхӕртӕ калгӕйӕ Иудӕйы чызджы фидаргонд горӕттӕ+ ныппырх кодта.

Зӕххӕмвӕз скодта+ паддзахад+ ӕмӕ кънйӕзты+, фегад сӕ кодта.

ג [Ги́мел]

 3 Мӕстӕй судзгӕйӕ Израилы сыкъатӕ иууылдӕр ныссаста+.

Знагӕй йӕ рахиз къух иуварс айста+.

Иаковмӕ йӕ маст судзы, бӕстӕ фӕнык чи фестын кӕны, ахӕм пиллон артау+.

ד [Да́лет]

 4 Знагау йе ’рдын ӕрбакъӕдз кодта+. Фыдгулау+ йӕ рахиз къух+ размӕ ракодта,

Ӕмӕ мардта, нӕ цӕсты зынаргъ чидӕриддӕр уыд, уыдоны+.

Сионы чызджы цатырыл+ артау+ ныккалдта йӕ фыдӕх.

ה [Хе]

 5 Йегъовӕ сси знаджы хуызӕн+. Израилы аныхъуырдта+.

Аныхъуырдта йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ иууылдӕр+. Йӕ фидаргонд горӕттӕ ныппырх кодта+.

Иудӕйы чызгӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ кӕуынӕй ӕмӕ хъарджытӕ кӕнынӕй не ’нцайы+.

ו [Вав]

 6 Йӕ халагъуд ныппырх кодта+, дыргъдоны халагъуд куыд ныппырх кӕнынц, афтӕ+. Йӕ бӕрӕгбонӕн кӕрон скодта.

Йегъовӕ Сионыл бӕрӕгбон+ ӕмӕ сабат ферох кӕнын кодта.

Мӕстӕй судзы паддзахмӕ ӕмӕ сауджынмӕ ӕмӕ сӕ ницӕмӕ дары+.

ז [За́йин]

 7 Ныууагъта йӕ нывондхӕссӕн Йегъовӕ+. Йӕ кувӕндоныл йӕ къух систа+.

Йӕ цӕрӕн мӕсгуыты къултӕ йын радта знаджы къухмӕ+.

Йегъовӕйы хӕдзарӕй сӕ хъӕр цӕуы, цыма дзы бӕрӕгбон ис, уыйау+.

ח [Хет]

 8 Йегъовӕ сфӕнд кодта Сионы чызджы къултӕ+ ныппырх кӕнын.

Барӕн бӕндӕн айвӕзта+. Йӕ къух нӕ айста, аныхъуырдта сӕ+.

Афтӕ бакодта, ӕмӕ сыджытӕй конд быру ӕмӕ къултӕ кӕуынц+. Иууылдӕр иумӕ ныккалдысты.

ט [Тет]

 9 Йӕ кулдуӕрттӕ+ зӕххы нынныхстысты. Йӕ дуарӕхгӕнӕнтӕ йын ныппырх кодта, ныссаста сӕ.

Йӕ паддзах ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕ сты адӕмты ’хсӕн+. Закъон нал ис+.

Йӕ пехуымпартӕн ын Йегъовӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уынын кӕны+.

י [Йод]

10 Сионы чызджы хистӕр лӕгтӕ зӕххыл бадынц, ныхъхъус сты+.

Сӕ сӕртыл рыг ӕркалдтой+, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтой+.

Иерусалимы чызджытӕ сӕ сӕртӕ зӕхмӕ ӕруагътой+.

כ [Каф]

11 Мӕ цӕстытӕ фыркуыдӕй бафӕлладысты+, мӕ хуылф судзы+.

Мӕ адӕмы чызджы сӕфтӕй+ мӕ игӕр къӕртгай зӕхмӕ фӕкалд+,

Уымӕн ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ горӕты фӕзты ӕххормагӕй зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕнынц+.

ל [Ла́мед]

12 Сӕ мадӕлты фарстой: «Кӕм ис дзул? Сӕн кӕм ис?»+ –

Ӕмӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кодтой ӕмӕ, мӕлӕтдзаг цӕф кӕй фӕкӕнынц, уыдонау горӕты фӕзты хаудӕй лӕууыдысты,

Сӕ мадӕлты хъӕбысты сӕ уд истой.

מ [Мем]

13 Цӕмӕн мын уыдзынӕ ӕвдисӕн? Цӕимӕ дӕ абарон, Иерусалимы чызг?+

Цӕй ӕнгӕс дӕ рахонон, Сионы чызг, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа?+

Дӕ хъӕдгом+ у денджызау стыр. Чи дӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн?+

נ [Нун]

14 Дӕ пехуымпарты цӕстылуайӕнтӕй дын пайда ницы уыд, мӕнг уыдысты+.

Уыдон дын дӕ фыдракӕндтӕ не ’ргом кодтой, афтӕмӕй та ды уый фӕрцы уацарӕй аирвӕзтаис+.

Цӕстылуайӕнты цы уыдтой, уый дӕуӕн ницы пайда уыд, дӕ зонд дын хӕццӕ кодта, ӕндӕр ницы+.

ס [Са́мех]

15 Дӕ рӕзты-иу фӕндагыл чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд ныккодтой+.

Ныхситт-иу кодтой+ ӕмӕ-иу сӕ сӕртӕ батылдтой+ Иерусалимы чызгыл ӕмӕ-иу загътой:

«Ау, ацы горӕтӕй дзырдтой, ай у фидыцты фидыц ӕмӕ ӕгас зӕххы стыр цин, зӕгъгӕ?»+

פ [Пе]

16 Де знӕгтӕ дӕм се ’ппӕт дӕр сӕ дзыхтӕ бахӕлиу кодтой+.

Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕуы+, ӕмӕ дзурынц: «Аныхъуырӕм ӕй+.

Ацы бонмӕ кӕдӕй нырмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм!+ Ӕмӕ мӕнӕ ӕрцыд! Ныр ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм!»+

ע [А́йин]

17 Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый+. Сӕххӕст кодта йӕ ныхас+,

Раджы заманты цы загъта, уый+. Ныппырх кодта, нӕ бацауӕрста+.

Афтӕ бакодта, ӕмӕ дыл де знаг фӕуӕлахиз ӕмӕ цин кӕны+. Дӕ фыдгулы сыкъа дын бӕрзонд систа+.

צ [Ца́де]

18 Сӕ зӕрдӕ Йегъовӕмӕ дзыназы+, о Сионы чызджы къул+.

Ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ цӕссыг цӕугӕдонау кӕлӕд+.

Ӕнцад ма лӕуу, дӕ цӕстыгагуытӕн ӕнцой ма дӕтт, дӕ цӕссыг кал.

ק [Коф]

19 Сыст! Дзыназ ӕхсӕвыгон – райсомы хъахъхъӕнӕн афон куы райдайы, уӕд+.

Дӕ цӕссыг калгӕйӕ дӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадз+ Йегъовӕйы раз+.

Дӕ къухтӕ йӕм иваз+, лӕгъстӕ йын кӕн дӕ хъӕбулты тыххӕй,

Уынгты тигътыл ӕххормагӕй зӕрдӕхъӕрмттӕ чи кӕны, уыдоны тыххӕй+.

ר [Реш]

20 Рафӕлгӕс, Йегъовӕ, ӕркӕс+, афтӕ карзӕй кӕй бафхӕрдтай, уымӕ.

Ау, сылгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты хӕрой, сӕ гуыбыны кӕй фӕхастой, уыдоны?+

Йегъовӕйы кувӕндоны хъуамӕ сауджыны ӕмӕ пехуымпары марой?+

ש [Шин]

21 Лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ+ уынгты астӕу хаудӕй лӕууынц+.

Мӕ чызджытӕ ӕмӕ ме ’рыгон лӕппутӕ хъамайӕ фӕцагъды сты+.

Ды сӕ цагътай дӕ судзгӕ масты бон+. Мардтай сӕ+, нӕ сыл ауӕрстай+.

ת [Тав]

22 Мӕ адӕм ӕрцӕуӕггӕгтау кӕмыты цардысты, уырдыгӕй сӕ, бӕрӕгбонмӕ+ хонӕгау, ӕрхуыдтай.

Ӕмӕ Йегъовӕйы мастисӕн бон иу дӕр нӕ аирвӕзт, иу дӕр сӕрӕгасӕй нӕ баззад+.

Кӕй ныййардтон ӕмӕ кӕй схъомыл кодтон, уыдоны мын ме знаг ныццагъта+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын