Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 32:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Мӕ масты азарӕй ссыгъд пиллон арт+

      Ӕмӕ судздзӕн суанг ингӕны*, тӕккӕ арфы+.

      Уый аныхъуырдзӕн зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр зайы, уыдон+,

      Ссудздзӕн хӕхты бындуртӕ+.

  • 2 Паддзӕхты 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар+ ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+.

  • Псалом 89:46
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 46 О Йегъовӕ, кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ дӕхи? Цӕрӕнбонтӕм?+

      Дӕ маст артау кӕдмӕ судздзӕн?+

  • Исай 42:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕмӕ Уый дӕр Израилыл йӕ фыдӕх, йӕ маст ӕмӕ йӕ хӕсты цӕхӕр калдта+. Уыцы цӕхӕр ӕй алырдыгӕй сыгъта+, фӕлӕ йӕм нымады дӕр нӕ уыд+. Йӕ алыварс сыгъди, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ ницы айста+.

  • Йереми 4:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ, Йегъовӕйы тыххӕй сунӕт скӕнут, сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн+. Кӕннод мӕ маст артау ссудздзӕн, уый ссудздзӕн уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕ ничи ахуыссын кӕндзӕн»+.

  • Йереми 7:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ацы бынатыл+, адӕмыл ӕмӕ хӕдзарон фосыл, быдырон бӕласыл+ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл калын мӕ маст ӕмӕ мӕ фыдӕх, ӕмӕ уыдон судздзысты ӕмӕ нӕ ахуысдзысты“+.

  • Йеремийы хъарӕг 4:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йегъовӕ йӕ фыдӕх иууылдӕр ныккалдта+. Йӕ судзгӕ маст ныууарын кодта+.

      Сионыл бандзӕрста, йӕ бындуртӕ йын чи ныхъуыры, ахӕм арт+.

  • Дзуттӕгтӕм 12:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын