Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 5 сӕр, 71–88 фф.
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДЕ ’МБӔЛТТӔ ЧИ СТЫ?
  • ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ ЧИ НЕ ’УУӔНДЫ, УЫДОНИМӔ ЛЫМӔН КӔНДЗЫНӔ?
  • ЙЕРЕМИ ЙӔХИЦӔН ЦАВӔР ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗӔРСТА?
  • ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗАРГӔЙӔ ЗОНДӔЙ АРХАЙ
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Ӕз фӕллад адӕймаджы фӕфидар кӕндзынӕн»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 5 сӕр, 71–88 фф.

ФӔНДЗӔМ СӔР

Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?

1, 2. а) Чырыстӕттӕ цавӕр уавӕрты бахауынц? ӕ) Йереми йӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзӕрста, уый зонын дӕ цӕмӕн хъӕуы?

ЗӔГЪӔМ, де ’мкусджытӕ, дӕ сыхӕгтӕ кӕнӕ та дӕ де ’мкъласонтӕ Ног азы бӕрӕгбонмӕ фӕхуыдтой. Кӕнӕ дӕ куысты хицау сайын кӕны йе та дын, закъонмӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, ахӕм исты аразын кӕны. Науӕд та дӕ хицауад домы, цӕмӕй ӕфсадмӕ ацӕуай йе та политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайай. Куыд бакӕнис? Ӕвӕццӕгӕн дын де ’фсарм уый бар нӕ раттид, цӕмӕй ацы хъуыддӕгтӕй иу дӕр бакӕнай, куы дыл худой ӕмӕ дӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр.

2 Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй-иу Йереми дӕр арӕх бахауди ахӕм зын уавӕрты. Аныхас кӕндзыстӕм, пехуымпарӕй лӕггадгӕнгӕйӕ цы адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй. Чидӕртӕ дзы архайдтой, цӕмӕй йӕ ныфс асастаид ӕмӕ пехуымпарӕй мауал лӕггад кодтаид. Кӕд-иу Йеремийы семӕ ныхас кӕнын бахъуыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ йе ’мбӕлттыл нымадта. Йереми йӕхицӕн ӕмбалӕн ӕвзӕрста, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ йӕ чи разӕнгард кодта ӕмӕ йын чи ӕххуыс кодта, ахӕм адӕймӕгты. Уӕдӕ ацы хъуыддаджы Йеремийӕ нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын.

ДЕ ’МБӔЛТТӔ ЧИ СТЫ?

3. Седеки Йеремийӕ цы агуырдта ӕмӕ Йереми куыд бакодта?

3 Иерусалим пырхгонд куы нӕма ’рцыд, уӕдмӕ паддзах Седеки Йеремиимӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уынаффӕ кодта. Цӕмӕн? Ныфс ӕй уыд, пехуымпар ын хорзӕй исты кӕй зӕгъдзӕн. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй йын Йереми фехъусын кодтаид, Хуыцау Иудӕйы паддзахад знӕгтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕм йӕ минӕвӕртты арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Дӕ хорзӕхӕй, Йегъовӕйы-ма мах тыххӕй бафӕрс. Вавилоны паддзах Навуходоносор немӕ схӕцыд. Кӕд Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕй иу саразид, ӕмӕ Вавилоны паддзах немӕ нал хӕцид» (Йер. 21:2). Паддзахы нӕ фӕндыди Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын ӕмӕ йӕхи Вавилоны дӕлбар бакӕнын. Иу ахуыргонд Седекийы абарста, «дохтырмӕ ныфсы ныхӕстӕ фехъусынмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй чи ’рбацӕуы, фӕлӕ йын цы хостӕ рафыста, уыдон чи нӕ нуазы, ахӕм рынчынимӕ». Йереми паддзахӕн, цы фехъусын ӕй фӕндыд, уый куы загътаид, уӕд ын йӕ зӕрдӕ балхӕдтаид. Ӕрмӕстдӕр ӕй хъуыди, цы хабар хъусын кодта, уый фӕивын, ӕмӕ, йӕ удӕн ӕнцондӕр куыд уыди, афтӕ цардаид. Фӕлӕ Йереми афтӕ нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бахӕс кодта, Иерусалим пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй хъусын кӕнын. (Бакӕс Йеремийы 32:1–5.)

Ныв 72, 73 фӕрстыл

Библийы Йереми ӕмӕ Авдемелехы тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд дӕм цы хъуыдытӕ фӕзыны? Фидарӕй дӕ уырны, уыцы адӕймӕгтӕ ӕцӕгдӕр кӕй цардысты? Йеремийы чиныджы 38 сӕры ӕцӕг хабӕртты кой кӕй цӕуы, уый ӕрӕджы археологтӕ дӕр сбӕрӕг кодтой, кӕддӕр Давиды горӕт кӕм уыд, уыцы ран цы дыууӕ дзаумайы ссардтой, уый фӕрцы.

Археолог Эйлат Мазар фехъусын кодта, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл уыд, ахӕм гыццыл ӕлыджы къӕртт кӕй ссардтой (бынӕй галиуырдыгӕй). Ссардтой йӕ 2005 азы ӕмӕ, куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хауы, н. э. размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уыцы заманмӕ. Уыцы ӕлыджы къӕрттыл ис рагон дзуттаг ном «Иегухал бен Шелемияху», ома «Шелемийы фырт Иухал».

Фӕстӕдӕр ма уыцы ран, цалдӕр метры фалдӕр, ссардтой ноджыдӕр иу ӕлыджы къӕртт (бынӕй рахизырдыгӕй). Ууыл та ис ахӕм ном, «Гедалияху бен Пашхур», зӕгъгӕ, ома «Пашхуры фырт Гедали».

Ныр-ма, дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Йеремийы 38:1. Дӕ хъус-ма ӕрдар, паддзах Седекимӕ чи бацыд ӕмӕ йын Йеремийы чи марын кодта, фӕлӕ Авдемелех сӕ фыдвӕнд кӕмӕн фехӕлдта, уыцы дыууӕ кънйазы цы хуындысты, уымӕ. Уӕдӕ, Йеремийы чиныджы 38 сӕры цы адӕмы кой цӕуы, уыдон ӕцӕгдӕр цардысты.

4. Арӕх кӕимӕ ӕмбӕлӕм, уыдоныл, зӕгъӕм, не ’мкусджытыл, нӕхи бӕтдзыстӕм ӕви нӕ, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

4 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ды дӕр дӕ Йеремийы уавӕры. Фӕнда дӕ, нӕ дӕ фӕнда,– арӕх вӕййыс дӕ сыхӕгты, де ’мкусджыты кӕнӕ, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ куы уынай, Хуыцау цы дзуры, уымӕ хъусын ӕмӕ сӕ сӕ цард фӕивын кӕй нӕ фӕнды, уӕд сыл дӕхи бӕтдзынӕ? Йеремийӕн йӕ бон афтӕ бакӕнын нӕ уыди, ӕмӕ Седекиимӕ ӕппындӕр ма ӕмбӕлдаид, уымӕн ӕмӕ, кӕд Хуыцауы ныхас ницӕмӕ дардта, уӕддӕр паддзах уыди. Фӕлӕ хӕсджын нӕ уыд, цӕмӕй паддзахы зондыл цыдаид кӕнӕ йын йӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдтаид. Паддзахы курдиат куы сӕххӕст кодтаид, уӕд ӕй бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодтаид. Фӕлӕ Йереми ууыл никуы архайдта, цӕмӕй паддзахимӕ балымӕн уыдаид. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыди, Йегъовӕ йын цы хабар бафӕдзӕхста хъусын кӕнын, уый фӕивын. Йеремийы цӕвиттон дӕ зӕрдыл даргӕйӕ ахъуыды кӕн: «Мӕхицӕн ӕмбӕлттӕн кӕй равзӕрстон, уыдон мӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнынц?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕмимӕ ӕппындӕр ма ӕмбӕлай, уый гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ хъӕуы скъоламӕ кӕнӕ куыстмӕ, стӕй дӕ сыхӕгты ’хсӕнмӕ дӕр цӕуын (1 Кор. 5:9, 10). Фӕлӕ уый дӕр ӕмбарыс, ӕмӕ дӕхицӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ куы агурай, уӕд Хуыцауы хӕлар нал уыдзынӕ.

Ныв 75 фарсыл

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ ЧИ НЕ ’УУӔНДЫ, УЫДОНИМӔ ЛЫМӔН КӔНДЗЫНӔ?

5, 6. Иуӕй-иутӕ цы арӕзтой, цӕмӕй сын Йереми мацыуал дзырдтаид?

5 Йеремийӕн ӕрмӕст Седеки нӕ уыди къуылымпыйы хос. Иухатт ӕй сауджын Пашхур «ныццавта», ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ 39 хатты (Йер. 20:2; Дык. з. 25:3). Иудӕйы кънйӕзтӕй дӕр чидӕртӕ Йеремийы фӕнадтой ӕмӕ йӕ стӕй «ахӕстоны ныккӕнды» ныппӕрстой. Уым пехуымпар ахӕм ӕвзӕр уавӕры уыди, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, уым кӕй амӕлдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 37:3, 15, 16.) Фӕстӕдӕр ӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕд иннӕ кънйӕзтӕ Седекийы нал уагътой, амар ӕй, зӕгъгӕ. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ Йереми Иудӕйы ӕфсӕдтӕн сӕ ныфс сӕтты. Ӕмӕ та пехуымпары ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ цъыфӕй йедзаг дзыхъхъы ныппӕрстой, цӕмӕй уым амардаид (Йер. 38:1–4). Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй Йеремийы уыцы ӕвирхъау мӕлӕтӕй фервӕзын кодтой. Фӕлӕ ацы хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, пехуымпары знӕгтӕ куыд фыдзонд уыдысты, уый: кӕд ӕй ӕмбӕрстой, ӕмӕ цы аразынц, уый раст нӕу, уӕддӕр Хуыцауы пехуымпары ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы сӕ ныхтӕ ныссагътой.

6 Йеремийы ныхмӕ ӕрмӕст хицӕуттӕ нӕ цыдысты. Иухатт ӕм йӕ райгуырӕн горӕт Анафофы цӕрджытӕ – йӕ сыхӕгтӕ – бартхъирӕн кодтой, куы нӕ банцайай, уӕд дӕ ныммардзыстӕм, зӕгъгӕ (Йер. 11:21). Цы сын дзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди, ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕн дӕр уый тыххӕй кодтой. Фӕлӕ Йереми йӕ сыхӕгты зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайдта – уый йӕхицӕн хӕларӕн равзӕрста Йегъовӕйы. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ та ӕрмӕст ӕртхъирӕнтыл дӕр не ’рлӕууыдысты. Йереми сӕм ӕфсондзимӕ куы бацыд ӕмӕ сын куы бамбарын кодта, сӕхи Вавилоны паддзахы дӕлбар куы бакӕной, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй баззайдзысты удӕгасӕй, уӕд Ананийӕ уыцы хъӕдын ӕфсондз Йеремийы бӕрзӕйӕ стыдта ӕмӕ йӕ ныссаста. Мӕнг пехуымпар загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз Вавилоны паддзахы ӕфсондз ныссӕтдзынӕн». Уыцы аз Ананийӕ амард, ӕмӕ уӕд рабӕрӕг, сӕ дыууӕйӕ ӕцӕг пехуымпар чи уыд, уый (Йер. 28:1–11, 17). Йереми куыд загъта, афтӕ Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд ӕфсады хистӕрты, Иохананы ӕмӕ иннӕты, нӕ бафӕндыд Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын ӕмӕ Иудӕйы зӕххыл баззайын. Уыдон Йеремийӕн загътой: «Мӕнг ныхӕстӕ кӕныс! Дӕу уыцы ныхӕстимӕ, Египетмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕй цӕрынмӕ ма ацӕут, зӕгъгӕ, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ рарвыста». Ӕмӕ Египетмӕ ӕрмӕст сӕхӕдӕг нӕ ацыдысты, фӕлӕ ма Йеремийы ӕмӕ Варухы дӕр семӕ тыхӕй акодтой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ ноджы тынгдӕр рацыдысты (Йер. 42:1–43:7).

Ныв 78 фарсыл

Йереми цавӕр адӕмы ’хсӕн цард? Цӕуыл ахуыр кӕныс Йеремийы цӕвиттонӕй?

7. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын ӕнцон цӕуылнӕ у?

7 Бирӕ азты дӕргъы Йереми цард, йӕ ныхмӕ чи цыди ӕмӕ Хуыцауы ныхас чи ницӕмӕ дардта, ахӕм адӕмы ’хсӕн – кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, алкӕмдӕр сыл ӕмбӕлди. Ахъуыды-ма кӕн, куыд ӕнцонтӕй уыди сӕ зондыл ацӕуӕн. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Йеремийау дӕу дӕр, ӕвӕццӕгӕн, бахъӕуы ахӕм адӕмимӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Чи зоны дзы чидӕртӕ дӕ ныхмӕ ӕмӕ дӕ Хуыцауы ныхмӕ карзӕй цӕуынц, чидӕртӕ та дӕм хорз адӕймӕгтӕ кӕсынц. Куыдфӕнды ма уа,– ахӕм адӕмимӕ лымӕн кӕндзынӕ? Хуыцау Библийы цы пехуымпар-ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕмыл дӕхи куы бӕттай, уӕд уый зондыл дзурӕг уыдзӕн? Йереми дӕ бынаты куы уаид, уӕд куыд бакӕнид? Йӕ цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ чи нӕ аразы ӕмӕ йӕ ныфс зӕххон адӕмыл чи дары, уыдонӕй йӕхицӕн ӕмбал равзарид? (2 Аз. 19:2). Йегъовӕ Йеремийӕн бӕлвырд бамбарын кодта, адӕймаг йӕ ныфс Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ адӕмыл куы дара, уӕд ӕй уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. (Бакӕс Йеремийы 17:5, 6.) Ды та ацы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

Ныв 83 фарсыл

8. Кӕм цӕрыс, уым ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

8 Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты вӕййы сӕхи бизнес, чидӕртӕ та кӕмӕдӕр фӕкусынц. Ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цӕмӕй сӕ куыст размӕ цӕуа кӕнӕ сын куысты уӕлдӕр бынат раттой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы клиентты истӕмӕйты ирхӕфсын, семӕ ныхӕстӕ кӕнын. Фӕлӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ, чи зоны, бахъӕуа се ’нӕгъдау ныхӕстӕм хъусын кӕнӕ семӕ ануазын дӕр. Ӕмӕ цымӕ уӕд сӕхи тӕссаг уавӕры не ’ппарынц? Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй бирӕтӕ дзӕгъӕлы нӕ рахӕссынц ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, цӕйнӕфӕлтау мӕ рӕстӕг ахӕм адӕмимӕ ӕрвитон, фӕлтау мӕ нӕдӕр фылдӕр ӕхца хъӕуы, нӕдӕр хуыздӕр бынат. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ куысты хицау, стӕй кусджытӕ дӕр клиентты асайынц, ӕмӕ сӕм уый худинаг дӕр нӕ кӕсы. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕты зондыл нӕ цӕуынц. Хатт уыцы хъуыддӕгты раст уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ вӕййы. Куыд хорз у, Йереми ӕмӕ нын ӕндӕр ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ кӕй ис. Йереми йӕ цард куыд арӕзта, уый фӕрцы йӕ цӕсгом алкӕддӕр уыди сыгъдӕг, ӕмӕ сӕйраджыдӕр та – Йегъовӕ уыди йӕ хӕлар.

9. Иннӕты зондыл цӕуын тӕссаг цӕмӕн у?

9 Йереми Хуыцауы ныхасыл фидар кӕй хӕцыд, уый тыххӕй йыл дзуттӕгтӕй чидӕртӕ худтысты (Йер. 18:18). Фӕлӕ уӕддӕр, «иннӕтӕ цы фӕндагыл цыдысты», ууыл никуы цыди (Йер. 8:5, 6). Цӕйнӕфӕлтау адӕмы ’хсӕн уыдаид, фӕлтау «зыбыты иунӕгӕй» дӕр бадтаид. Уый йӕхи хызта, йӕ зонд ын чи фӕхъӕстӕ кодтаид, ахӕм адӕмӕй. (Бакӕс Йеремийы 9:4, 5; 15:17.) Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарынц. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уой ӕмбаргӕ. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йеремийӕн ӕппындӕр нӕ уыди ӕмбӕлттӕ. Чидӕртӕ-иу йӕ сӕрыл рахӕцыдысты ӕмӕ-иу ӕм зын сахат се ’ххуысы къух дӕр бадардтой. Уыцы адӕм чи уыдысты, уый куы зонай, уӕд дын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн ӕмбӕлттӕ ’взаргӕйӕ.

ЙЕРЕМИ ЙӔХИЦӔН ЦАВӔР ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗӔРСТА?

10, 11. а) Йереми йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ цӕмӕ гӕсгӕ ӕвзӕрста? ӕ) Йе ’мбӕлттӕ чи уыдысты ӕмӕ цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

10 Йереми йӕхи цавӕр адӕмыл баста? Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр арӕзтой ӕвзӕр, хӕрам хъуыддӕгтӕ, сайдтой, тыхми кодтой ӕмӕ ӕнӕгъдау, ӕнӕмӕт цард кодтой. Уыдон Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ се ’ргом мӕнгхуыцӕуттӕм аздӕхтой, ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ семӕ хӕтыдысты. Ӕмӕ Йереми уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ сӕ рӕдыд ӕргом дзырдта ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста: «Курӕг уӕ дӕн, алчидӕр уӕ йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут» (Йер. 18:11). Суанг Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ дӕр Йереми дзырдта Йегъовӕйы «ӕнувыд уарзт» ӕмӕ «фӕлмӕнзӕрдӕдзинады» тыххӕй, стӕй алкӕддӕр «иузӕрдион» кӕй у, уый тыххӕй дӕр (Йер. хъ. 3:22–24). Йереми йӕхицӕн агуырдта, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, ӕрмӕстдӕр ахӕм ӕмбӕлттӕ. (Бакӕс Йеремийы 17:7.)

11 Мах Йеремийӕн йе ’мбӕлтты тыххӕй цыдӕртӕ зонӕм. Се ’хсӕн уыдысты Авдемелех, Варух, Серайӕ ӕмӕ Шафан. Чи зоны дӕм ахӕм фарстатӕ фӕзына: «Цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты? Йеремиимӕ сӕ цы иу кодта? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ йын хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты? Ӕмӕ Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид?» Ацы фарстатыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу нӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд: «Мӕнӕн та ме ’мбӕлттӕ чи сты?»

12. а) Йереми ӕмӕ Варухы цы иу кодта? (Кӕс нывмӕ 78 фарсыл.) ӕ) Серайӕ чи уыд, уый тыххӕй цы зонӕм?

12 Пехуымпарӕн йӕ хуыздӕр ӕмбал, ӕвӕццӕгӕн, уыди Варух. Йереми йыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, ӕмӕ-иу ын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта. Йереми Варухӕн тыхтӕтты ныффыссын кодта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр дзырдта, уый, ӕмӕ сӕ стӕй Варух хъӕрӕй бакаст ӕппӕт адӕмӕн, уый фӕстӕ та – Иудӕйы кънйӕзтӕн хицӕнӕй (Йер. 36:4–8, 14, 15). Варух дӕр Йеремийау уыди фидар уырнындзинады хицау. Уый ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау цы загъта, уымӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй. Иудӕйы паддзахадӕн йӕ фӕстаг 18 азы цы зын рӕстӕджытӕ скодта, уыдон сӕ дыууӕ дӕр сӕхиуыл бавзӕрстой. Хуыцау сын цы куыст бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнгӕйӕ, иумӕ бирӕ рӕстӕг арвыстой. Дыууӕ дӕр алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, се знӕгтӕй-иу сӕ ӕмбӕхсын дӕр бахъуыди. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Йегъовӕ бафидар кодта. Куыд зыны, афтӕмӕй Варух уыди кадджын хӕдзарвӕндагӕй – писырты хӕдзарвӕндагӕй. Ӕмӕ йӕ Фыстад дӕр афтӕ хоны, «писыр», зӕгъгӕ. Варухӕн йе ’фсымӕр Серайӕ дӕр паддзахы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ахста стыр бынат. Варухау уый дӕр Йеремийӕн ӕххуыс кодта Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ хъусын кӕнынӕн (Йер. 36:32; 51:59–64). Уыцы уӕззау рӕстӕг Нирийы фырттӕ Йеремийы фарсмӕ кӕй балӕууыдысты ӕмӕ йемӕ иумӕ кӕй лӕггад кодтой, уый йын стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаид. Демӕ иумӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бахъуаджы сахат дӕуӕн дӕр дӕ ныфсыл ныфс бафтаудзысты.

Йереми йӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзӕрста, уымӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?

13. Авдемелех Йеремийӕн хорз ӕмбал кӕй уыд, уый куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ 83 фарсыл.)

13 Йеремийӕн ма ноджыдӕр уыди иу ӕрдхорд – ефиопаг Авдемелех. Кънйӕзтӕ Йеремимӕ куы смӕсты сты ӕмӕ йӕ дзыхъхъы куы ныппӕрстой, уӕд уыцы ӕндӕрбӕстаг лӕг ахӕм хъӕбатыр разынди, ӕмӕ пехуымпары сӕрыл рахӕцыд. Авдемелех уыди паддзах Седекийы фӕсдзӕуин. Гъемӕ паддзах Вениамины кулдуары раз куы бадти, уӕд ӕм Авдемелех адӕмы раз бацыд ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, бар мын ратт, цӕмӕй Йеремийы дзыхъхъӕй сисон. Паддзах ын бар куы радта, уӕд йемӕ акодта 30 лӕджы. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бакодта, ӕмӕ тӕссаг уыди, Йеремийы знӕгтӕ сӕ куы бахъыгдардтаиккой, уымӕй (Йер. 38:7–13). Авдемелех ӕмӕ Йереми арӕх ӕмбӕлдысты ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дӕр хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты. Авдемелех зыдта, Йеремийы пехуымпарӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта. Кънйӕзтӕ Йеремийӕн цы ми бакодтой, уый тыххӕй загъта, «уый раст нӕу», зӕгъгӕ. Ӕмӕ цӕттӕ уыд, раст куыд у, афтӕ бакӕнынмӕ, кӕд уый тыххӕй йӕ бынатӕй фӕхаудаид, уӕддӕр. Авдемелех ахӕм хорз адӕймаг уыди, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕу... ӕз [Иерусалимыл бӕллӕх куы ’рцӕуа, уыцы бон] фервӕзын кӕндзынӕн... [...] ...Уымӕн ӕмӕ ды дӕ зӕрдӕ дарыс мӕныл». (Бакӕс Йеремийы 39:15–18.) Ӕвӕдза, цӕй хорз ном ын уыди Хуыцауы раз! Дӕуӕн дӕр ахӕм ӕмбал уа, уый дӕ нӕ фӕнды?

14. Шафаны цоты тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодтой?

14 Йеремийы ӕмбӕлтты ’хсӕн ма уыдысты Шафаны ӕртӕ фырты ӕмӕ йӕ фырты фырт дӕр. Шафан йӕ рӕстӕджы стыр бынат ахста, уыди паддзах Иосийы писыр. Йеремийы йе знӕгтӕ фыццаг хатт марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ӕй «хъахъхъӕдта Шафаны фырт Ахикам», цӕмӕй адӕмы къухмӕ лӕвӕрд ма ӕрцыдаид (Йер. 26:24). Ахикамӕн ма уыди ӕфсымӕр, Гемари, зӕгъгӕ. Варух Хуыцауы тӕрхӕттӕ адӕмы раз куы касти, уӕд ӕм Гемарийы фырт Михей дӕр хъуыста, ӕмӕ йӕ фыдӕн ӕмӕ иннӕ кънйӕзтӕн уыцы тӕрхӕтты тыххӕй радзырдта. Уыдон ӕмбӕрстой, уыцы ныхӕстӕ Иоакимы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йереми ӕмӕ Варухы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕхи искуыдӕм айстаиккой. Паддзах Хуыцауы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ куы смӕсты ӕмӕ тыхтон судзын куы райдыдта, уӕд ын иннӕ кънйӕзтимӕ Гемари дӕр лӕгъстӕ кодта, ма сӕ басудз, зӕгъгӕ (Йер. 36:9–25). Йеремийӕн ма ӕххуыс кодта Шафаны иннӕ фырт Елеасӕ дӕр. Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕм пехуымпар Йегъовӕйы номӕй цы фыстӕг ныффыста, уый сӕм Елеасӕйӕн арвыста (Йер. 29:1–3). Куыд уынӕм, афтӕмӕй-иу Хуыцауы пехуымпарӕн йӕ фарсмӕ балӕууыдысты Шафанӕн йе ’ртӕ фырты ӕмӕ йӕ фырты фырт дӕр. Йереми уыцы адӕймӕгтӕй бузныг куыннӕ уыдаид! Шафаны фырттӕ Йеремийӕн уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Фӕлӕ хӕлӕрттӕ уый тыххӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ иухуызон хӕринаг кӕнӕ нозт уарзтой, йе та сын сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитын ӕхсызгон уыди. Сӕ хӕлардзинады уидӕгтӕ бирӕ арфдӕр уыдысты.

ӔМБӔЛТТӔ ӔВЗАРГӔЙӔ ЗОНДӔЙ АРХАЙ

15. Йереми йӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзӕрста, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

15 Йереми хорз адӕмимӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмимӕ дӕр куыд уыди, уымӕй дӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Паддзах, кънйӕзтӕй бирӕтӕ, мӕнг пехуымпартӕ ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ ууыл архайдтой, цӕмӕй, цы хабар хъусын кодта, уый фӕивтаид. Фӕлӕ Йереми ууыл хъуыды дӕр никуы акодта. Раст диныл фидар кӕй хӕцыд, уый тыххӕй дзы кӕд се сӕфт уыдтой, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайдта. Йеремийӕн йӕ хуыздӕр хӕлар алкӕддӕр уыди Йегъовӕ. Ӕмӕ йыл цӕмӕй иузӕрдионӕй баззадаид, уый тыххӕй цӕттӕ уыди йе знӕгты къухӕй ӕфхӕрд баййафынмӕ дӕр. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:52–59.) Фӕлӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй ӕрмӕст Йереми нӕ лӕггад кодта.

16, 17. а) Ӕмбырды хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕн куыд баххуыс кӕнынц? ӕ) Дӕ бон кӕм у ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ссарын?

16 Авдемелех хорз ӕмбал уымӕн уыди, ӕмӕ йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта. Уый ахӕм хъӕбатырдзинад равдыста, ӕмӕ Йеремийы фервӕзын кодта. Варух та йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта, цӕмӕй Йеремийӕн ӕххуыс кодтаид Йегъовӕйы ныхас хъусын кӕнынӕн. Кӕд дӕуӕн дӕр ӕмбырды ахӕм ӕмбӕлттӕ ис, уӕд уый стыр хӕзна у. Нӕ хо Камероныл цӕуы 20 азы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Йе ’мбал Карӕ дӕр у пионер. Камерон дзы куыд бузныг у, уый тыххӕй дзуры: «Карӕ мӕ ӕдзухдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕ мӕ царды фыццаг бынаты уыдаид, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕй кодта, уымӕй мын уыд фӕзминаг». Ацы дыууӕ хойы кӕрӕдзийӕ дард цардысты, фӕлӕ-иу Карӕ Камеронмӕ арӕх телефонӕй фӕдзырдта кӕнӕ та-иу ӕм писмо ныффыста, цӕмӕй-иу базыдтаид, куыд у, цы хабӕрттӕ йӕм ис, ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтыдтой. «Нӕ бинонты хабӕрттӕ нын Карӕ иууылдӕр зыдта,– дзуры Камерон.– Зыдта, мӕ хо Йегъовӕйы ныхмӕ цӕуын куы райдыдта ӕмӕ рӕстдзинад куы ныууагъта, уӕд мын куыд зын уыди, уый. Уыцы рӕстӕг-иу мӕ Карӕ тынг бафидар кодта. Ӕнӕ уымӕй куыдтӕтӕ кодтаин, уый нӕ зонын. Ахӕм ӕмбалӕн аргъ нӕй!»

Ныв 86 фарсыл

17 Ӕмбырды дӕуӕн дӕр дӕ бон у хорз ӕмбӕлттӕ ссарын, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй дӕхи карӕн уой. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕр ӕууӕндынц, ды цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл, царды дӕуӕн цы у сӕйраг, уыдонӕн дӕр уый у, ды цы ныфсӕй цӕрыс, уыдон дӕр уыцы ныфсӕй цӕрынц ӕмӕ ды куыд уарзыс Йегъовӕйы, уыдон дӕр ӕй афтӕ уарзынц. Стӕй дзы, чи зоны, чидӕртӕ, ды цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс, ахӕм фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынц. Дӕ бон у семӕ иумӕ хъусын кӕнын дӕр. Зын дын куы уа, уӕд дӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзысты, уыдонӕн куы уа зын, уӕд та сӕ ды бафидар кӕндзынӕ. Йегъовӕйы хъуыддаджы дын исты куы бантыса, уӕд демӕ цин кӕндзысты. Ӕмӕ дын уыдон ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уыдзысты ӕнустӕм (Ӕмб. 17:17; 18:24; 27:9).

18. Йереми йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куыд ӕвзӕрста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

18 Йереми йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куыд ӕвзӕрста, уымӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ, йӕ цард Библимӕ гӕсгӕ чи нӕ аразы, ахӕм адӕмимӕ лымӕн кӕнай ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл дӕр фидар хӕцай. Ацы хъуыддаг Йеремийы рӕстӕджы куыд хъуыди зӕрдыл дарын, афтӕ хъӕуы абон дӕр. Йереми йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй кӕй хицӕн кодта, уымӕй не ’фсӕрмы кодта. Уый фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаид. Дӕуӕй дӕр уый ис зӕгъӕн? Йереми йӕхицӕн ӕмбӕлттӕн ӕвзӕрста, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ йын пехуымпарӕй лӕггад кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, ахӕм адӕймӕгты. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Йеремийы бафӕзмын ӕмӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ зондӕй архайын (Ӕмб. 13:20; 22:17).

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ дын Йеремийы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын