Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 7 сӕр, 107–121 фф.
  • «Ӕз фӕллад адӕймаджы фӕфидар кӕндзынӕн»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕз фӕллад адӕймаджы фӕфидар кӕндзынӕн»
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АДӔЙМАДЖЫ НЫФС ЦӔМӔН АСӔТТЫ
  • ФӔЛЛАД ЧИ У, УЫДОНӔН НЫФСЫ ХОС УЫДЗЫНӔ?
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 7 сӕр, 107–121 фф.

ӔВДӔМ СӔР

«Ӕз фӕллад адӕймаджы фӕфидар кӕндзынӕн»

1. Ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын, уыдонӕй тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

«НОГ ДУНЕ». Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дӕ цӕстытыл цы ауайы? Чи зоны, алцӕмӕй дӕр ӕххӕст куыд суыдзынӕ, хӕрзад хӕринаг дын парахатӕй куыд уыдзӕн, сырдтӕй куыд нал тӕрсдзынӕ ӕмӕ дӕ хӕдзары ӕдасӕй куыд цӕрдзынӕ, уыдӕттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабӕртты тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, уый дӕр зоныс. Фӕлӕ дӕ мӕнӕ ацы арфӕдзинӕдтӕ дӕр рох ма уӕнт – Йегъовӕимӕ алкӕддӕр ӕнгом уыдзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фарнӕй дзаг уыдзӕни. Адӕймаг ацы арфӕдзинӕдтӕй хайджын куы нӕ уа, уӕд йӕ цин бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.

2, 3. Йеремийы чингуытӕ нӕ цавӕр ныфс уадзынц?

2 Хуыцау Йеремийӕн, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд ын йӕ хъус ӕрдардта, куыд цин кӕндзысты, уымӕ: «Ӕрцӕудзӕн та ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ райсдзынӕ далатӕ ӕмӕ, хъӕлдзӕг чи у, уыдонимӕ кафдзынӕ». (Бакӕс Йеремийы 30:18, 19; 31:4, 12–14.) Стӕй ма йын загъта, дӕу дӕр стыр ныфс чи бауадздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз фӕллад адӕймаджы фӕфидар кӕндзынӕн ӕмӕ, чи ӕрлӕмӕгъ, уыцы адӕймаджы хъару бауадздзынӕн». Ацы стих ӕндӕр тӕлмацы та афтӕ у: «Ӕз фӕлмӕцыд адӕймӕгты, цы сӕ хъӕуы, уымӕй бафсаддзынӕн ӕмӕ, тыхст чи у, уыдонӕн удӕнцой ратдзынӕн» (Йер. 31:25, NET Bible).

3 Диссаджы фидӕн! Йегъовӕ загъта, чи бафӕллад ӕмӕ йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоны кӕй бафидар кӕндзӕн. Ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Йеремийы чингуытӕ нӕ ныфс уадзынц, Йегъовӕ фидӕны мах дӕр кӕй бафсаддзӕн йӕ хорздзинӕдтӕй. Уымӕй уӕлдай ма нын уыцы чингуытӕ ӕмбарын кӕнынц, абон дӕр цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй цардыл цин кӕнӕм. Стӕй ма нын амонынц, нӕ бон куыд у, фӕллад чи у, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ сын удӕнцой хӕссын.

4. Нӕ бон цӕмӕн у, Йеремийы зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕнтӕ уыди, уый ӕмбарын?

4 Уыцы зӕрдӕвӕрд стыр ныфс уагъта Йеремийы, ӕмӕ ныфсы хос у махӕн дӕр. Цӕмӕн? Ацы чиныджы 1 сӕры куыд загътам, афтӕмӕй Йереми дӕр Илийайау уыди «мах хуызӕн адӕймаг» (Иак. 5:17). Иу гыццыл-ма ахъуыды кӕн, Йеремийӕн-иу йӕ ныфс цӕй тыххӕй асастаид ӕмӕ-иу йӕхимӕ дӕр цӕй тыххӕй ныхъхъуыстаид, уыдӕттыл. Ахӕм уавӕрты дӕуӕн ӕнцон уыдаид? Ӕмӕ дӕхицӕн та дӕ ныфс цавӕр уавӕрты асӕтты ӕмӕ цӕмӕн? (Ром. 15:4).

5. Йеремийӕн-иу йӕ ныфс цӕй тыххӕй асаст?

5 Хатт-иу Йеремийӕн йӕ ныфс асастой йӕ райгуырӕн горӕты цӕрджытӕ. Йереми схъомыл Анафофы, левитты горӕты. Уый уыд Иерусалимӕй цӕгат-скӕсӕнырдӕм цалдӕр километры дарддӕр. Йеремийӕн Анафофы зонгӕтӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕстӕджытӕ дӕр уыди. Йесо загъта, зӕгъгӕ, пехуымпарӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы кад нӕ вӕййы, ӕмӕ уый Йереми йӕхиуыл бавзӕрста (Иоан. 4:44). Горӕты цӕрджытӕ йын йӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ йын йӕхи дӕр ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ ууыл дӕр куы ’рлӕууыдаиккой! Иухатт Хуыцау Йеремийӕн загъта, Анафофы адӕм ӕй марынмӕ кӕй хъавынц. Уыдон Йеремимӕ мӕстӕй фыцгӕйӕ бартхъирӕн кодтой: «Йегъовӕйы номӕй ма дзур, кӕннод дӕ ныммардзыстӕм». Дӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ дӕм дӕ хӕстӕджытӕ – дӕ фарс чи хъуамӕ уаид, уыдон – ахӕм зӕрдӕ дарой, уымӕй зындӕр ма цы хъуамӕ уа! (Йер. 1:1; 11:21).

Ныв 110 фарсыл

6. Кӕд де ’мкусджытӕ кӕнӕ иннӕтӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕд дын Йеремийы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн?

6 Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ сыхӕгтӕ, де ’мкусджытӕ кӕнӕ, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдон, йе та дӕ бинонтӕй дӕр исчи дӕ ныхмӕ цӕуы, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, уый ӕмӕ дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Анафофы цӕрджытӕй Йеремийы ныхмӕ чи цыд, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ загъта, сӕ хъуыддӕгтӕм сын кӕй ӕркӕсдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 11:22, 23.) Уыцы ныхӕстӕ Йеремийӕн ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой. Фӕстӕдӕр Хуыцау Анафофы адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕцӕгдӕр ӕркаст, ӕмӕ сыл бӕллӕх ӕруагъта. Уӕдӕ Йегъовӕ, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны дӕр уыны ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн (Пс. 11:4; 66:7). Библийы ахуырӕдтыл фидар кӕй хӕцыс ӕмӕ рӕстӕй кӕй цӕрыс, уый фӕрцы, чи зоны, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй чидӕртӕ аирвӕзой, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй (1 Тим. 4:16).

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕны, уый Йеремийы чиныгӕй куыд зыны? Уый Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодтаид?

АДӔЙМАДЖЫ НЫФС ЦӔМӔН АСӔТТЫ

7, 8. Йереми цавӕр ӕфхӕрд баййӕфта ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд?

7 Йеремийы ныхмӕ ӕрмӕст йӕ горӕты цӕрджытӕ нӕ цыдысты. Иухатт ӕфхӕрд баййӕфта Иерусалимы дзырддзӕугӕ лӕгтӕй сӕ иуы, сауджын Пашхуры, къухӕйa. Хуыцау Йеремийы уылты цы загъта, уый фехъусгӕйӕ «Пашхур пехуымпар Йеремийы ныццавта» ӕмӕ йӕ «хъӕдын хъадаманты бакодта» (Йер. 20:1, 2). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, амонынц, ӕнӕуи йӕ кӕй нӕ ныдздзӕхст кодта, уымӕ. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Пашхур Йеремийы 40 цӕфы фӕкодта (Дык. з. 25:3). Йереми ахӕм над кӕй баййӕфта, уымӕй уӕлдай ма йыл адӕм, ӕвӕццӕгӕн, худтысты, хъӕртӕ йыл кодтой ӕмӕ ма йыл суанг тутӕ дӕр кодтой. Фӕлӕ хабар ууыл дӕр нӕ ахицӕн. Пашхур Йеремийы «хъӕдын хъадаманты» фӕдардта ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. Ацы дзырдбаст цы дзуттаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уымӕн ис ахӕм хъуыды, ӕмӕ Йеремийӕн йӕ буар ныкъкъӕдзтӕ ӕмӕ ныддыдӕгътӕ. Ахъуыды-ма кӕн, цы ’хсӕв арвыстаид ӕмӕ цы тухӕнтӕ фӕкодтаид.

8 Уыцы ӕфхӕрд Йеремийыл куыд фӕзынд? «Бон-изӕрмӕ мыл худынц»,– дзырдта Хуыцауӕн (Йер. 20:3–7). Йӕхицӕн ма афтӕ дӕр загъта, Хуыцауы номӕй нал дзурдзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ бакӕнын йӕ бон нӕ баци. Хуыцау ын цы хабар бахӕс кодта фехъусын кӕнын, уый «пиллон артау сыгъд [йе] стджыты мидӕг», ӕмӕ дарддӕр дӕр дзырдта Йегъовӕйы номӕй. (Бакӕс Йеремийы 20:8, 9.)

Ныв 112, 113 фӕрстыл

9. Йеремийы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

9 Кӕд махыл дӕр нӕ хӕстӕджытӕ, нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ йе та, кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон фӕхудынц, уӕд нын Йеремийы хабар уыдзӕн стыр ӕххуыс. Ахӕм уавӕры хатт нӕ ныфс кӕй асӕтты, уый нӕм диссаг хъуамӕ ма кӕса. Чи зоны ма нӕхимӕ ныхъхъусӕм, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы баййафӕм, уӕд дӕр. Ахӕм уавӕрты-иу Йеремийӕн дӕр йӕ ныфс асаст, ӕмӕ мах дӕр уый хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ стӕм. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: Йегъовӕйы фӕрцы-иу Йеремийы ныфс бацыд ӕмӕ та-иу йӕ зӕрдӕ циндзинадӕй байдзаг. Кӕд-иу йӕ ныфс асаст, уӕддӕр-иу ахӕм уавӕры бирӕ нӕ фӕци. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕдзух ӕнкъард ма уӕм (2 Кор. 4:16–18).

10. Йеремийӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, уый тыххӕй Библийӕ цы ис базонӕн?

10 Хатт-иу Йеремийӕн йӕ зӕрдӕйы уаг тынг фӕивта. Чи зоны, дӕуӕн дӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы хъӕлдзӕг дӕ, фӕлӕ стӕй ӕвиппайды нынкъард дӕ, раст дыл цыма зиан ӕрцыд, уыйау. Йереми иуафон куыд хъӕлдзӕг уыди, уый тыххӕй ма дӕ хъус ӕрдар Йеремийы 20:12, 13 фыст ныхӕстӕм. (Бакӕс сӕ.) Ацы ныхӕстӕ Йереми загъта, Пашхур ын хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодта, уый фӕстӕ. Йегъовӕ йын йӕ уд «фервӕзын кодта фыдгӕнӕджы къухӕй», ӕмӕ цин кодта. Дӕу дӕр Йегъовӕ цавӕрдӕр тӕссаг уавӕры куы бахъахъхъӕны кӕнӕ дыл царды йе та дӕ лӕггады исты ӕхсызгон хабар куы ’рцӕуы, уӕд ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фӕцин кӕныс ӕмӕ дӕ фӕфӕнды Йегъовӕйӕн зарын. Ӕвӕдза, ахӕм рӕстӕг адӕймаг цӕй амондджын вӕййы! (Хъуыд. 16:25, 26).

Ныв 114 фарсыл

Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ ныл куы фӕхудынц, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?

11. Кӕд нӕ зӕрдӕйы уаг арӕх фӕивы, уӕд нӕ Йеремийы тыххӕй нӕ зӕрдыл дарын цы хъӕуы?

11 Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй махӕн дӕр нӕ зӕрдӕйы уаг ӕвиппайды фӕивы. Йереми цингӕнгӕйӕ афтӕ куы загъта, зарут Йегъовӕйӕн, зӕгъгӕ, уый фӕстӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕугӕ дӕр фӕкодта. (Бакӕс Йеремийы 20:14–16.) Йӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ йӕм йӕ цард дӕр ницыуал каст. Йӕ фыртыхстӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕ райгуырды тыххӕй хӕрзӕггурӕггаг чи фӕци, уый ӕлгъыст фӕуӕд ӕмӕ йыл Содом ӕмӕ Гоморрӕйы бон акӕнӕд. Фӕлӕ цымӕ Йереми йӕ къухтӕ бынтондӕр ӕруагъта? Цымӕ йӕхицӕн загъта, афтӕ ныфссастӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цардыбонтӕ, зӕгъгӕ? Нӕ. Йеремийы хъуыди ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй ӕрхӕндӕг хъуыдытыл фӕуӕлахиз уыдаид, ӕмӕ уӕвгӕ уый йӕ къухы дӕр бафтыд. Ӕркӕс-ма, Йеремийы чиныджы дарддӕр цӕй кой цӕуы, уымӕ. Вавилойнӕгтӕ Иерусалимы алыварс кӕй лӕууыдысты, уымӕ гӕсгӕ паддзах Седеки, кънйаз чи уыд, уыцы Пашхуры Йеремимӕ арвыста, зӕгъгӕ, цы бауыдзыстӕм, уый базон. Йереми нӕ фӕтарст, фӕлӕ хъӕбатырӕй фехъусын кодта, Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ горӕтмӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый (Йер. 21:1–7). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йереми дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта.

12, 13. Цӕмӕй нӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ сӕ быны ма скӕной, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

12 Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕвиппайды ӕрӕнкъард вӕййынц. Хатт уый баст вӕййы нервыты низтимӕ, ӕмӕ уӕд адӕймаджы фӕхъӕуы хорз дохтыр ссарын, цӕмӕй йын йӕ уавӕр иу гыццыл фенцондӕр кӕна (Лук. 5:31). Фӕлӕ нӕм ӕнӕуи та хатт фырцинӕй зарын кӕй фӕцӕуы, хатт та кӕй ӕрӕнкъард вӕййӕм, уым диссагӕй ницы ис. Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ-иу нӕм ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ ма фӕзына, уымӕн ӕмӕ кӕм фӕллайгӕ бакӕнӕм, кӕм та ныл зиан дӕр ӕрцӕуы. Ахӕм уавӕры-иу Йеремийы ӕрхъуыды кӕнӕм: кӕд-иу хатт йӕхимӕ ныхъхъуыста, уӕддӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй йӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкодта. Ӕрхӕндӕг хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн адӕймаджы хатт фӕхъӕуы царды цыдӕртӕ фӕивын, цӕмӕй йӕ бон уа фылдӕр улӕфын. Кӕд ныл зиан ӕрцыд, уӕд та нӕ рох ма уӕд, зӕрдӕйы хъӕдгом байгас кӕнынӕн рӕстӕг кӕй хъӕуы. Фӕлӕ сӕйрагдӕр у, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм ӕмӕ иннӕ чырыстон хъуыддӕгты дӕр архайӕм. Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн уый хуызӕн ницы ӕххуыс кӕны (Матф. 5:3; Ром. 12:10–12).

13 Дӕхимӕ арӕх ныхъхъусыс ӕви искуы иухатт,– Йеремийы цӕвиттон дын уыдзӕн стыр ныфсы хос. Кӕд-иу ӕй хатт ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, уӕддӕр семӕ тох кодта, цӕмӕй, кӕй уарзта ӕмӕ иузӕрдионӕй кӕмӕн лӕггад кодта, уыцы Хуыцауӕй ма адард уыдаид. Йе знӕгтӕ-иу ын йӕ хорздзинад ӕвзӕрдзинадӕй куы бафыстой, уӕд та-иу Йегъовӕмӕ сдзынӕзта ӕмӕ-иу йӕхи уый бар бакодта (Йер. 18:19, 20, 23). Уӕдӕ ды дӕр афтӕ кӕн (Йер. хъ. 3:55–57).

Кӕд хатт ӕрӕнкъард вӕййыс кӕнӕ дӕ ныфс асӕтты, уӕд дын, Йеремийы чиныджы цы хорз хъуыдытӕ ис, уыдон куыд баххуыс кӕндзысты?

ФӔЛЛАД ЧИ У, УЫДОНӔН НЫФСЫ ХОС УЫДЗЫНӔ?

14. Йеремийӕн-иу йӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафтыд?

14 Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Йеремийӕн-иу йӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафтыд ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, фӕллад чи уыд, уыдоны куыд фидар кодта, уымӕ (Йер. 31:25). Йегъовӕ Йеремийы ныфс бауагъта ахӕм ныхӕстӕй: «Абон дӕ ӕз... скодтон фидаргонд горӕты хуызӕн... Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“» (Йер. 1:18, 19). Йегъовӕ ахӕм ныхӕстӕ дӕуӕн куы загътаид, уӕд дыл базыртӕ нӕ базадаид? Йереми Йегъовӕйӕн афтӕ дӕр уымӕн загъта, зӕгъгӕ, ды дӕ «мӕ хъару, мӕ фидар мӕсыг, ме ’мбӕхсӕн зын сахат» (Йер. 16:19).

15, 16. Йегъовӕ Йеремийы ныфс куыд бауагъта, уымӕ гӕсгӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын?

15 Бафиппайдтай, Йегъовӕ Йеремийӕн афтӕ кӕй загъта, «ӕз демӕ дӕн», зӕгъгӕ? Ацы ныхӕстӕ дын цӕуыл дзурӕг сты? Куы йӕ зонай, ӕмӕ кӕйдӕр бафидар кӕнын хъӕуы, уӕд цы ис саразӕн? Дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕй кӕмӕндӕр йӕ ныфсыл ныфс бафтауын кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын иу хъуыддаг у, баххуыс ын кӕнай, уый та – ӕндӕр хъуыддаг. Арӕх ӕппӕты хуыздӕр вӕййы, Йегъовӕ куыд бакодта, афтӕ бакӕнын – тыхст адӕймагӕн йӕ фарсмӕ балӕууын. Стӕй ма йӕ дӕ бон у ныхасӕй дӕр бафидар кӕнын, ӕрмӕст-иу ӕй ныхӕсты бын ма фӕкӕн. Фӕлтау ын, ныфс дзы чи бауадздзӕн, дыууӕ ахӕм ныхасы зӕгъ, ӕмӕ йын уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Рӕсугъд ныхӕстӕ дзы ницӕмӕн хъӕуы. Кӕй йыл тыхсыс ӕмӕ дын зынаргъ кӕй у, уый йын хуымӕтӕг ныхӕстӕй равдис. Ахӕм ныхӕстӕ адӕймагӕн уыдзысты ӕвдадзы хосау. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 25:11.)

16 Йереми Хуыцаумӕ скуывта: «О Йегъовӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕркӕс мӕм». Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд? Пехуымпар загъта: «Дӕ ныхӕстӕ мӕм ӕрбахӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ бахордтон. Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны» (Йер. 15:15, 16). Ныфссаст адӕймаг хъуамӕ уына, кӕй йыл хъуыды кӕныс, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы ныхӕстӕн цы тых ис, дӕ ныхӕстӕн ахӕм тых нӕй. Фӕлӕ йын дӕ бон у Хуыцауы Ныхасӕй исты ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ зӕгъын. Уый фӕрцы ахӕм адӕймаджы зӕрдӕмӕ рухс бакӕлдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 17:7, 8.)

17. Йереми Седекиимӕ ӕмӕ Иохананимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм?

17 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йереми йӕхӕдӕг дӕр фидар кодта иннӕты. Куыд? Иухатт паддзах Седеки Йеремийӕн загъта, вавилойнӕгтимӕ чи баиу, уыцы дзуттӕгтӕй кӕй тӕрсы. Пехуымпар дзы ныфс бауагъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ байхъус, ӕмӕ алцыдӕр уыдзӕн хорз (Йер. 38:19, 20). Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд ма дзуттӕгтӕй Иудӕйы зӕххыл чи баззад, уыдоны ӕфсады хистӕр Иоханан сфӕнд кодта Египетмӕ акӕнын. Фӕлӕ уал уый размӕ Йеремимӕ бацыд. Йереми йӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ стӕй Йегъовӕмӕ скуывта. Фӕстӕдӕр ын фехъусын кодта, Йегъовӕ цы дзуапп радта, уый ӕмӕ йын загъта, Хуыцаумӕ куы байхъусой ӕмӕ Иудӕйы зӕххыл куы баззайой, уӕд сын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (Йер. 42:1–12). Йереми Седекийӕн дӕр ӕмӕ Иохананӕн дӕр цалынмӕ дзуапп радта, уӕдмӕ сӕ дыууӕмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъуыста. Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаджы бафидар кӕнай, уый тыххӕй йӕм фыццаджыдӕр хъӕуы байхъусын. Бауадз-иу ӕй, цӕмӕй дын, цӕуыл тыхсы ӕмӕ цӕмӕй тӕрсы, уыдӕттӕ радзура. Кӕд хъӕуа, уӕд-иу ын ныфсы ныхӕстӕ дӕр зӕгъ. Хуыцау дын йӕхӕдӕг нӕ зӕгъдзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый. Фӕлӕ дӕ бон у адӕймагӕн йе ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ раздахын ӕмӕ нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй йын радзурын (Йер. 31:7–14).

Ныв 121 фарсыл

18, 19. Йереми рехавитты ӕмӕ Авдемелехы куыд бафидар кодта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

18 Седеки дӕр ӕмӕ Иоханан дӕр нӕ байхъуыстой, Йереми сын цы хорз уынаффӕ радта, уымӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕумӕ дӕр алчи нӕ байхъусы. Фӕлӕ уый тыххӕй дӕ къухтӕ ма ’руадз. Йеремийы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, ахӕмтӕ дӕр уыди. Ӕмӕ дӕумӕ дӕр бирӕтӕ байхъусдзысты. Ӕрхъуыды-ма кӕн рехавитты. Кӕд уыдон кенейтӕ уыдысты, уӕддӕр рагӕй фӕстӕмӕ дӕр дзуттӕгтимӕ лымӕнӕй цардысты. Сӕ фыдӕл Ионадавы фӕдзӕхстытӕй иу уыди ахӕм, зӕгъгӕ, ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ сӕн ма нуазут. Вавилойнӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ’рбабырстой, уӕд Йереми рехавитты бакодта кувӕндоны хӕрӕндонмӕ ӕмӕ сын Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ сӕ разы сӕн ӕрӕвӕрдта. Дзуттӕгтӕй уӕлдай рехавиттӕ уыдысты коммӕгӕс. Уыдон аргъ кодтой, сӕ фыдӕл сын цы бафӕдзӕхста, уымӕн ӕмӕ сӕн нуазын нӕ бакуымдтой (Йер. 35:3–10). Йереми сын загъта, Йегъовӕ сӕ кӕй раппӕлыд ӕмӕ сын хорз фидӕнӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый тыххӕй. (Бакӕс Йеремийы 35:14, 17–19.) Уӕдӕ дӕ адӕймаджы бафидар кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу дзы ды дӕр, хорзӕй цы аразы, уый тыххӕй зӕрдиагӕй раппӕл.

19 Йереми ма бафидар кодта ефиопаг Авдемелехы дӕр, паддзах Седекийы фӕсдзӕуины. Иудӕйы кънйӕзтӕ Йеремийы ӕнаххосӕй дзыхъхъы куы ныппӕрстой, уӕд Авдемелех паддзахмӕ бацыд, цӕмӕй йын бар раттаид Йеремийы фервӕзын кӕнынӕн. Паддзах ын бар радта, ӕмӕ уый дӕр Йеремийы уыцы дзыхъхъӕй сласта, кӕд иннӕтӕ йӕ ныхмӕ суыдаиккой, уымӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр (Йер. 38:7–13). Авдемелех афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, Иудӕйы кънйӕзтӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой, ӕмӕ куыннӕ мӕт кодтаид, йӕ хабар куыд уыдзӕн, ууыл. Уыцы рӕстӕг Йереми хъусӕй нӕ лӕууыд ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Авдемелех йӕ зӕрдӕйы тас йӕхӕдӕг фӕсурдзӕн. Уый Авдемелехы ныфс бауагъта – загъта йын, Хуыцау ын куыд раарфӕ кӕндзӕн, уый тыххӕй (Йер. 39:15–18).

20. Павелы ныхӕстӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?

20 Ӕцӕгдӕр, Йеремийы чиныджы хорз цӕвиттонтӕ ис, иннӕты куыд фидар кӕнӕм, уымӕн. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ бон уа, апостол Павел Фессалоникӕйы чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта, уый аразын: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут... Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут» (1 Фес. 5:11, 28).

Йеремийы чиныгӕй цы базыдтай, уымӕй куыд спайда кӕндзынӕ фӕллад адӕймӕгты фидар кӕнгӕйӕ?

a Седекийы рӕстӕджы ма уыд ӕндӕр Пашхур дӕр. Уый уыди, паддзахӕн Йеремийы чи марын кодта, уыцы кънйаз (Йер. 38:1–5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын