ФЫНДДӔСӔМ СӔР
«Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
1. Йеремийӕн дӕр ӕмӕ Хуыцауы иннӕ пехуымпартӕн дӕр сӕ бон хъусӕй лӕууын цӕуылнӕ уыд?
«БАЙХЪУСУТ Йегъовӕйы ныхасмӕ». Ацы ныхӕстӕ н. э. размӕ 647 азӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр хъуыстысты Иерусалимы уынгты ӕмӕ-иу, бирӕ адӕм кӕм ӕрӕмбырд, ахӕм рӕтты. Хуыцауы пехуымпары бауромӕн нӕ уыд. Суанг, 40 азы фӕстӕ горӕт пырхгонд куы ’рцыд, уӕд дӕр ма пехуымпар адӕмӕн дзырдта уыцы ныхӕстӕ (Йер. 2:4; 42:15). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау-иу йӕ адӕммӕ йӕ пехуымпарты арвыста, цӕмӕй-иу сын фехъусын кодтаиккой, цы зӕгъинаг сын уыди, уый, ӕмӕ-иу ӕрфӕсмон кодтаиккой. Ацы чиныгӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй уыцы пехуымпартӕй се ’ппӕтӕй дӕр Йереми тынг хицӕн кодта. Хуыцау ӕй пехуымпарӕй куы сӕвӕрдта, уӕд ын ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Сыст ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдон сын дзур. Ӕппындӕр сӕ ма тӕрс» (Йер. 1:17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы уыцы куыст кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Йеремийыл адӕм худтысты ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, стӕй-иу ын фыдмитӕ дӕр бакодтой. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы зынг сыгъди ӕмӕ йӕ фӕндыд, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый дарддӕр кӕнын. Уый загъта: «Мӕ зӕрдӕ мӕ мидӕг скатай. Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын» (Йер. 4:19).
2, 3. а) Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ Йеремийы куыд бафӕзмыдтой? ӕ) Дӕу дӕр Йеремийау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
2 Йереми пехуымпары хӕс куыд ӕххӕст кодта, уымӕй хорз цӕвиттон ныууагъта Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Иак. 5:10). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ дзуттӕгты разамонджытӕ ӕрцахстой Петры ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сӕ карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ зоныс, цы дзуапп сын радтой, уый. Уыдон загътой: «Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20). Хицӕуттӕ сӕм бартхъирӕн кодтой, хъусынгӕнгӕ ма уӕ куы фенӕм, уӕд афтӕ нал аирвӕздзыстут, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы ’рцыди, уый дӕр хорз зоныс – уыцы иузӕрдион апостолтӕ дарддӕр хъусын кодтой.
3 Петр ӕмӕ Иоанны ныхӕстӕ дын дӕ зӕрдыл нӕ лӕууын кӕнынц, Йереми куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уый? Ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ цард, Хуыцауы ныхасмӕ байхъусдзысты ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ у. Ӕмӕ ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕхицӕн фӕзӕгъыс, мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Йеремийау фидар уӕм ӕмӕ, кӕд дунейы уавӕр бонӕй-бонмӕ ӕвзӕрдӕр кӕны, уӕддӕр хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм.
КУЫ НӔ ДӔМ ХЪУСОЙ, УӔД ДӔР ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД
4. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕм цы цӕстӕй кастысты?
4 Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ йӕ Фырт зӕххыл скӕндзӕн диссаджы цард. Уымӕй хуыздӕр хабар ма цы хъуамӕ уа? Фӕлӕ нын уӕддӕр хъусын кӕнгӕйӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, кӕддӕр дзуттӕгтӕ Йеремийӕн куыд дзырдтой, афтӕ: «Йегъовӕйы номӕй нын цы загътай, уымӕ мах нӕ байхъусдзыстӕм» (Йер. 29:19; 44:16). Йереми ахӕм ныхӕстӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыста. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд сын адӕм арӕх фӕзӕгъынц, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Хорз хабармӕ бирӕтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый тыххӕй хатт хъусынгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг вӕййы. Кӕд де ’мбырды дӕр чидӕртӕ раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал хъусын кӕнынц, йе та дӕхӕдӕг дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд цы ис саразӕн?
5. а) Кӕд адӕм Хуыцауы ныхас ницӕмӕ дардтой, уӕддӕр Йереми цы ӕмбӕрста? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уыдонӕн сӕ цард ӕрдуйыл лӕууы?
5 Дӕ хъус-ма ӕрдар, кӕд Иудӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы ныхас ницӕмӕ дардтой, уӕддӕр сӕм Йереми цы цӕстӕй каст, уымӕ. Пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Йегъовӕ цӕстылуайӕны равдыста, йӕ адӕмыл йӕ фыдӕх куыд ныккалдзӕн, уый. (Бакӕс Йеремийы 4:23–26.) Уӕдӕ пехуымпар куыннӕ ӕмбӕрстаид, дзырд мингай адӕмы цардыл кӕй цӕуы. Цӕмӕй уыцы адӕм Йегъовӕйы мастисӕн бон удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, Йереми Йегъовӕйы номӕй цы дзырдта, уый фехъусын ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын. Ӕмӕ абон дӕр адӕмӕн, уыимӕ, дӕ алыварс чи цӕры, уыдонӕн дӕр, сӕ хабар афтӕ у. Хуыцау ацы фыддунейыл йӕ фыдӕх куыд ныккалдзӕн, уый тыххӕй Йесо афтӕ загъта: «Уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн. Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лук. 21:34–36). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, хорз хабармӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕн сӕ цард ӕрдуйыл кӕй лӕууы.
6. Хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уыдонӕн цӕмӕн хъӕуы дарддӕр хъусын кӕнын?
6 Фӕлӕ йӕ хъуыды чи аивы ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ чи байхъусы, уыдонмӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорздзинӕдтӕ. Хуыцау нын фадат дӕтты, цӕмӕй, ацы дуне куы сафа, уӕд удӕгасӕй баззайӕм ӕмӕ ног дунемӕ бацӕуӕм. Афтӕ уыди Йеремийы рӕстӕджы дӕр. Иудӕйы цӕрджытӕн сӕ бон уыди бӕллӕхӕй аирвӕзын. (Бакӕс Йеремийы 26:2, 3.) Йеремийы фӕндыд уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ дӕсгай азты дӕргъы фӕдзӕхста, ӕцӕг Хуыцауы ныхасмӕ байхъусут ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд, зӕгъгӕ. Пехуымпармӕ чи байхъуыста ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи ӕрфӕсмон кодта, ахӕмтӕ бирӕ уыди ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ бӕлвырдӕй зонӕм уый, ӕмӕ йӕм чидӕртӕ байхъуыстой. Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ байхъусынц. Арӕх фехъусӕм, хорз хабармӕ ӕппындӕр чи нӕ хъуыста, ахӕм адӕймӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ӕрфӕлмӕн вӕййынц, уый тыххӕй. (Кӕс рамкӕ «Чи нӕ хъуыста, уыдон дӕр байхъусынц», 246 фарс). Ӕмӕ дӕ уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, адӕмы цард кӕмӕй кӕнгӕ у, уыцы хъуыддаджы дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайай?
Кӕд адӕм хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр дӕ цӕмӕн фӕнды дарддӕр хъусын кӕнын?
ЗНӔГТӔН СӔ БОН НИЦЫ У
7. Знӕгтӕ Йеремийы хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕныныл куыд архайдтой?
7 Бафиппаинаг ма уый дӕр у, ӕмӕ знӕгтӕ арӕх кӕй хъавыдысты Йеремийы амарынмӕ ӕмӕ, цы хъуыддаджы лӕуд уыд, уый ныкъкъуылымпы кӕнынмӕ. Мӕнг пехуымпартӕ-иу адӕмы раз йӕ ныхмӕ дзырдтой, ды раст нӕ дзурыс, зӕгъгӕ (Йер. 14:13–16). Иерусалимы уынгты-иу ӕй фӕцӕйцӕугӕ чи федта, уыдон-иу йӕ фӕдыл алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзырдтой, худтысты йыл ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой (Йер. 15:10). Уыди ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ-иу йӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой, цӕмӕй йын йӕ номыл цъыф бакалдтаиккой (Йер. 18:18). Иннӕтӕ та Йеремийы тыххӕй сусу-бусу кодтой, цӕмӕй йӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ма хъуыстаиккой (Йер. хъ. 3:61, 62). Фӕлӕ уӕддӕр Йеремийӕн йӕ ныфс нӕ асаст – дарддӕр дӕр хъусын кодта. Цӕй фӕрцы?
8. Знӕгтӕ-иу Йеремийы ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр куы архайдтой, уӕд-иу куыд бакодта?
8 Йеремийӕн йӕ ныхмӕ куыдфӕнды ма цыдаиккой,– алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый уыди йӕ сӕйраг хӕцӕнгарз. Пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Йегъовӕ загъта, ӕдзухдӕр йемӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Йеремийы 1:18, 19.) Йереми фидарӕй ӕууӕндыд уыцы ныхӕстыл, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фыдӕнхъӕл никуы фӕкодта. Йе знӕгтӕ йӕ ныхмӕ цас карздӕрӕй архайдтой, уыйас кодта ныфсджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы миниуджытӕ йын куыд ӕххуыс кодтой, уымӕ.
9, 10. Йеремийы цардӕй дӕ цавӕр хабӕрттӕ фидар кӕнынц?
9 Иухатт, ӕцӕг Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ Йеремийы Иудӕйы кънйӕзты раз ӕрлӕууын кодтой, ацы адӕймаджы амарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Цымӕ Йереми се ’ртхъирӕнтӕй фӕтарст ӕмӕ Хуыцауы номӕй нал дзырдта? Кӕцӕй! Уыцы мӕнгард дзуттӕгты ныхмӕ афтӕ хъӕддыхӕй ӕрлӕууыд ӕмӕ сын ахӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, ӕмӕ йӕ ныхмӕ сӕ бон ницы уыди зӕгъын. Гъемӕ йӕ удӕгасӕй ныууагътой. (Бакӕс Йеремийы 26:11–16; Лук. 21:12–15.)
10 Ӕрхъуыды-ма кӕн, кувӕндоны сӕйраг разамонӕг Пашхур Йеремийӕн цытӕ бакуыста, уый дӕр. Йереми цы карз тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон куы фехъуыста, уӕд ӕй хъӕдын хъадаманты бакодта. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ йӕ бон базона ӕмӕ ныхъхъус уа. Ӕмӕ йӕ хъадаманты ӕхсӕв-бонмӕ куы фӕдардта, уӕд ӕй стӕй дыккаг бон ауагъта. Фӕлӕ Пашхурӕн йӕ фӕндӕй ницы рауад. Кӕд Йереми йӕ буары рыстӕй удхар кодта, уӕддӕр дарддӕр хъусын кодта, ӕмӕ ма Пашхурӕн дӕр комкоммӕ загъта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Цы хъизӕмӕрттӕ ’взӕрста, уыдон дӕр ӕй нӕ баурӕдтой (Йер. 20:1–6). Цӕуылнӕ? Йереми йӕхӕдӕг загъта: «Йегъовӕ уыд мемӕ, тас чи уадзы, ахӕм тыхджын ӕфсӕддонау. Гъе уый тыххӕй, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты ӕмӕ мыл нӕ фӕтых уыдзысты» (Йер. 20:11). Знӕгтӕ Йеремийы ныхмӕ цыфӕнды карзӕй ма цыдаиккой, уӕддӕр сӕ нӕ фӕтарст. Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ афтӕ фидарӕй дардта, ӕмӕ уыди ӕнӕфӕцудгӕ. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ фидарӕй дарын.
11, 12. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Ананийӕ Йеремийы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йереми уӕззау зондӕй архайдта? ӕ) Исчи нӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд нӕ нӕхиуыл хӕцын цӕмӕн хъӕуы?
11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йереми фанатик нӕ уыд. Знӕгтӕ йӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд архайдта уӕззау зондӕй. Зӕгъӕм, адӕймагимӕ ма дарддӕр ныхас кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уый-иу зыдта. Иухатт мӕнг пехуымпар Ананийӕ Йеремийы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта, Хуыцауы номӕй цы дзурыс, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уӕд Йереми комкоммӕ загъта, мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Стӕй бамбарын кодта, Хуыцауы ӕцӕг пехуымпар чи у, уый куыд ис базонӕн. Уыцы рӕстӕг Йеремийӕн йӕ бӕрзӕйыл уыди хъӕдын ӕфсондз, дзуттӕгтӕ Вавилоны ӕфсондзы бын кӕй уыдзысты, уый равдисынӕн. Гъемӕ Ананийӕ Йеремимӕ фӕлӕбурдта, йӕ бӕрзӕйӕ йын ӕфсондз ратыдта ӕмӕ йӕ ныссаста. Ӕмӕ ууыл дӕр ӕрлӕууыдаид, уый зын зӕгъӕн уыд. Куыд бакодта Йереми? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уый фӕстӕ пехуымпар Йереми ацыд». Куыд уынӕм, афтӕмӕй йӕхи иуварс айста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ Ананийӕйӕн загъта, Хуыцау цы саразинаг у, уый: дзуттӕгты Вавилоны паддзах уацары акӕндзӕн, Ананийӕ та амӕлдзӕн (Йер. 28:1–17).
12 Ацы хабар хорз ӕвдисы иу хъуыддаг: уацамынды нӕ ӕрмӕст хъӕбатырдзинад нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ма нӕ фӕхъӕуы уӕззау зондӕй архайын дӕр. Зӕгъӕм, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ афтӕ вӕййы, ӕмӕ кӕйдӕрты нӕ фӕфӕнды, Библийы цы фыст ис, уымӕ байхъусын ӕмӕ нӕм рамӕсты вӕййынц, стӕй нӕм ӕртхъирӕнтӕ дӕр фӕкӕнынц. Ахӕм уавӕры хорз уаид, адӕймагӕй хатыр куы ракуриккам ӕмӕ дарддӕр куы ацӕуиккам. Йемӕ быцӕу кӕнын райдайӕм ӕмӕ тыхныхас кӕнӕм, уый ницы пайда у. Исчи нӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд хъуамӕ «нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм», уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаджы раз фӕндаг не ’рӕхгӕндзыстӕм, ӕмӕ, чи зоны, фӕстӕдӕр хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айса. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:23–25; Ӕмб. 17:14.)
Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Уацамынды ӕрмӕст хъӕбатыр нӕ, фӕлӕ ма уӕззаузонд дӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
«МА ТӔРС»
13. Йегъовӕ Йеремийӕн афтӕ цӕмӕн загъта, ма тӕрс, зӕгъгӕ? Уыцы ныхӕстӕ мах дӕр нӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы?
13 Цалынмӕ Иерусалим н. э. размӕ 607 азы пырхгонд не ’рцыди, уӕдмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыдысты тынг тӕссаг уавӕры. Йегъовӕ Йеремийӕн афтӕ дӕр уымӕн загъта, ма тӕрс, зӕгъгӕ (Йер. 1:8; Йер. хъ. 3:57). Пехуымпар уыцы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ хъуамӕ фӕхӕццӕ кодтаид иннӕтӕм дӕр. (Бакӕс Йеремийы 46:27.) Уыцы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ацы фӕстаг бонты мах дӕр тынг тӕссаг уавӕрты бахауӕм ӕмӕ хатт тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнӕм. Йегъовӕ Йеремийы уылты махӕн дӕр дзуры, ма тӕрс, зӕгъгӕ, ӕмӕ хорз уаид, зын рӕстӕг-иу ацы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕниккам. Ацы чиныджы ӕркастыстӕм, уыцы змӕст рӕстӕг Хуыцау Йеремийӕн йӕ цард куыд хъахъхъӕдта, уымӕ. Уӕдӕ ма иу хатт цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон дзы цы у зондӕн райсын.
14, 15. а) Иуафон Йереми цавӕр тӕссаг уавӕры бахауд? ӕ) Йегъовӕ Йеремийӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст кодта?
14 Вавилойнӕгтӕ Иерусалимы алыварс лӕууыдысты ӕмӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ дӕр ӕмӕ мидӕмӕ дӕр никӕй уагътой. Хӕринаг къаддӕрӕй-къаддӕр кодта, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ бирӕтӕн, цы хордтаиккой, уый нал уыди (Йер. 37:21). Фӕлӕ Йеремийӕн ӕрмӕст ӕххормагдзинадӕй нӕ уыди тӕссаг. Иуафон Йереми уыди цард ӕмӕ мӕлӕты ’хсӕн. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Иудӕйы кънйӕзтӕ тӕппуд паддзах Седекийы куыд сразы кодтой, цӕмӕй Йеремийы амарын кодтаид. Гъемӕ йӕ, цъыфӕй йедзаг чи уыд, ахӕм арф дзыхъхъы ныппӕрстой. Йереми уыцы цъыфы ныгъуылын куы райдыдта, уӕд, чи зоны, афтӕ дӕр ахъуыды кодта, ныр фесӕфтӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм уавӕры, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр фӕтарстаис (Йер. 38:4–6).
15 Фӕлӕ кӕд Йереми дӕр мах хуызӕн зӕххон адӕймаг уыди, уӕддӕр фидарӕй ӕууӕндыд: Йегъовӕ йӕ ныхас нӕ фӕсайдзӕн ӕмӕ йӕ никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Йеремийы 15:20, 21.) Ӕмӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ ныхасӕн ӕцӕгдӕр хицау разынд. Хуыцау Авдемелехы сразӕнгард кодта, цӕмӕй Иудӕйы кънйӕзты ныхмӕ ӕрлӕууыдаид ӕмӕ Йеремийы фервӕзын кодтаид. Гъемӕ Авдемелех паддзахӕй бар ракуырдта ӕмӕ ацыд ӕмӕ пехуымпары уыцы дзыхъхъӕй сласта (Йер. 38:7–13).
16. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цард цавӕр тӕссаг уавӕрты бахъахъхъӕдта?
16 Фӕлӕ кӕд Йереми дзыхъхъӕй раирвӕзт, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ йын ныр тӕссаг ницӕмӕйуал уыди. Йеремийы тыххӕй Авдемелех паддзахӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕххормагӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ горӕты дзул нал ис» (Йер. 38:9). Иерусалимы хойраг афтӕ кадавар уыди, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийы фыд хӕрын райдыдтой. Фӕлӕ уыцы фыдуавӕрты дӕр Йегъовӕ йӕ пехуымпары ӕххормагӕй амӕлын нӕ бауагъта. Хуыцау нӕ ферох кодта Авдемелехы дӕр. Йеремийы уылты йын загъта, йӕ цард ын кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Йер. 39:16–18). Йеремийӕ рох никуы уыдысты Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон» (Йер. 1:8). Кӕд знӕгтӕ уыцы дыууӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы ӕнцад нӕ уагътой, стӕй сын ӕххормагдзинадӕй дӕр тӕссаг уыди, уӕддӕр сын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сӕ цард бахъахъхъӕдта – адӕм цагъды кӕм кодтой, уыцы горӕты удӕгасӕй баззадысты. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, хъахъхъӕндзынӕн уӕ, зӕгъгӕ, афтӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта (Йер. 40:1–4).
17. Йегъовӕ йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕндзӕн, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
17 Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йесо Чырысти цы загъта, уый нӕ цӕстыты раз ӕххӕст кӕны – дуне фӕдисы цыдӕй цӕуы йе сӕфтмӕ. Тагъд адӕм «уындзысты ӕнахуыр диссӕгтӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл. Зӕххыл та адӕм хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ... сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты. Ӕмӕ адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты» (Лук. 21:25, 26). Уыцы диссаджы хабӕрттӕ куыд ӕрцӕудзысты ӕмӕ адӕм куыдтӕтӕ кӕндзысты, уый абон бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕма ис. Фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын йӕ бон кӕй у, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын чи нӕу, уыдонӕн та сӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон уыдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 8:20; 14:9.) Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ уавӕр, талынг дзыхъхъы куыд уай, уымӕй уӕлдай нӕу, уӕддӕр нӕ Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн! Кӕддӕр Йегъовӕ Авдемелехӕн загъта: «Ӕз дӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕн. Ды хъамайы амӕттаг нӕ бауыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ды дӕ зӕрдӕ дарыс мӕныл» (Йер. 39:18). Кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты йӕ лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр!
УЫЦЫ НЫХӔСТӔ ФЫСТ СТЫ ДӔУӔН
18. а) Йеремийы цард цавӕр ныхӕстӕ фӕивтой? ӕ) Йеремийы 1:7 цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕуӕн цӕуыл дзурӕг сты?
18 «Кӕмӕдӕриддӕр [дӕ] арвитон, уыдонмӕ ацӕудзынӕ. Цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уый дзурдзынӕ» (Йер. 1:7). Хуыцау Йеремийӕн ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йеремийӕн йӕ царды уымӕй сӕйрагдӕр ницы уыди, ӕмӕ «Йегъовӕйы ныхас» хъусын кодтаид. Ацы дзырдбаст, Йегъовӕйы ныхас, зӕгъгӕ, Йеремийы чиныджы арӕх ӕмбӕлы. Фӕстаг сӕры Йереми дзуры, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куыд бацахстой ӕмӕ Седекийы, Иудӕйы фӕстаг паддзахы, уацары куыд акодтой, уый тыххӕй. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Йереми Иудӕйы адӕмӕн дарддӕр зонд амыдта ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ байхъуыстаиккой. Ӕмӕ цалынмӕ, йӕ хӕслӕвӕрд кӕронмӕ кӕй сӕххӕст кодта, уый бӕрӕг нӕ уыд, уӕдмӕ уыцы хъуыддаг нӕ ныууагъта.
19, 20. а) Йереми куыд лӕггад кодта, уымӕй дын фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Хъусын кӕнын ӕмӕ циндзинад кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты? б) Йеремийы фыст чингуытӕй цы базыдтай, уый дӕ цӕмӕ сразӕнгард кодта?
19 Йереми цы куыст кодта ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хъуыддаджы лӕуд сты, уыдон бирӕ цӕмӕйдӕрты сты ӕмхуызон. Йеремийау мах дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм тӕрхоны рӕстӕг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, царды нын ӕндӕр хӕстӕ дӕр ис, ӕмӕ уыдон ӕххӕст кӕнынӕн дӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр абон хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй. Ӕмӕ ды дӕр уыцы хъуыддаджы кӕй архайыс, уымӕй бӕрзонд кӕныс Йегъовӕйы ном ӕмӕ ӕвдисыс, Дунедарӕг Стыр Хуыцауыл ӕй кӕй нымайыс ӕмӕ, йӕ бар алкӕуыл дӕр кӕй цӕуы, уый кӕй ӕмбарыс. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 5:19.) Стӕй ма афтӕмӕй ӕвдисыс, адӕмы кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕг Хуыцауы базоной ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Йер. 25:3–6).
20 Йереми, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Дӕ ныхӕстӕ мӕм ӕрбахӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ бахордтон. Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16). Ахъуыды-ма кӕн, Йеремийӕн йӕ лӕггад цӕй стыр циндзинад хаста! Ӕмӕ абон дӕр ахӕм циндзинадӕй хайджын сты, йӕ зӕрдӕйы зынг кӕмӕн судзы ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы номӕй чи дзуры, уыдон. Цӕй уӕдӕ Йеремийау дарддӕр дӕр хъусын кӕн, Йегъовӕ адӕмӕн цы зӕгъинаг у, уый!
Йеремийы ӕмӕ дӕ Авдемелехы цӕвиттон куыд фидар кӕны? Йеремийы миниуджытӕй дӕ кӕцы фӕнды хъусын кӕнгӕйӕ ӕвдисын?