Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 1 сӕр, 4–17 фф.
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ ӔЙ РАВЗӔРСТА ПЕХУЫМПАРӔЙ
  • МАХ ХУЫЗӔН АДӔЙМАГ
  • АЦЫ ЧИНЫГӔН ЙӔ НЫСАН ЦЫ У?
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 1 сӕр, 4–17 фф.

ФЫЦЦАГ СӔР

«Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»

1, 2. Библийы цы фыст ис, ууыл дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?

«ВӔЙЙЫ ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» (Ӕмб. 18:24). Дӕуӕн дӕр ис ахӕм ӕмбал? Ӕцӕг ӕмбал дӕ никуы фӕсайдзӕн. Хорзӕй дын исты куы зӕгъа кӕнӕ цыдӕр бакӕнинаг кӕй у, уый дын куы радзура, уӕд ын йӕ ныхӕстыл нӕ фӕдызӕрдыг уыдзынӕ. Дӕ рӕдыд дын куы бацамона, уӕд ӕм байхъусдзынӕ ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕ. Ӕмӕ дын исты куы бауынаффӕ кӕна, уӕд дӕр ӕй зондзынӕ, кӕй дыл тыхсы, уымӕн ӕмӕ дын иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта. Уӕ дыууӕ дӕр хъуыды кӕнут уӕ кӕрӕдзийы хорздзинадыл, ӕмӕ афтӕмӕй уӕ хӕлардзинад кӕны фидарӕй-фидардӕр.

2 Раст ахӕм ӕмбӕлттӕ дын сты, Хуыцау Библи кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдон дӕр. Цы дзурынц, ууыл дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын. Сӕ ныхӕстӕ сты дӕ пайдайӕн. Раджы заманты израилӕгтӕ дӕр ахӕм цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой, «Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» чи дзырдта, уыдонмӕ (2 Пет. 1:20, 21). Хуыцау Библи кӕмӕн ныффыссын кодта, уыдонӕй сӕ иу уыд Йереми. Уый ныффыста, пехуымпарты чингуытӕй ӕппӕты стырдӕр чи у, уый, стӕй Йеремийы хъарӕджы чиныг ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ чиныджы.

3, 4. Иуӕй-иутӕ Йеремийы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныгмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

3 Фӕлӕ, чи зоны, бафиппайдтай, иуӕй-иутӕ Йеремийы фыст чингуытӕ кӕсын кӕй нӕ уарзынц. Афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый уыдонмӕ нӕ хауы. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йеремийы чиныджы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныджы карз ныхӕстӕ ӕмӕ, цыдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, уый кой йеддӕмӕ ӕндӕр ницы ис. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

4 Раст у, Йереми комкоммӕ дзырдта, адӕммӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ касти, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕг ӕмбал дӕр афтӕ нӕ бакӕны? Йесо дӕр-иу йе ’мбӕлттимӕ, йӕ апостолтимӕ, ӕргом ныхас кодта – раст-иу кӕм нӕ хъуыды кодтой, уый-иу сын загъта ӕмӕ-иу сын сӕ зондахаст сраст кодта (Мар. 9:33–37). Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн йӕ ныхас сӕйраджыдӕр уыд, адӕймаджы ныфс цы уагъта, ууыл – ӕмбарын кодта, адӕймаджы цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссара ӕмӕ фидӕны амондджын уа (Матф. 5:3–10, 43–45). Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, Йереми цы чингуытӕ ныффыста, уыдонӕй дӕр. Уыцы чингуытӕ дӕр сты Фыстады хай ӕмӕ пайда сты «хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тим. 3:16). Йереми ӕргом дзырдта, йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнӕг чи хуыдта, афтӕмӕй та ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ сӕ уыцы хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркодтаиккой, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма йӕ чингуыты фыст ис ныфсы хабӕрттӕ дӕр. Йереми нын ӕмбарын кӕны, цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй фидӕны арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм. Йеремийы чиныджы ма ис бирӕ пехуымпар-ныхӕстӕ, Йегъовӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ куыд архайдзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ абон уыдон ӕххӕст кӕнынц махыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма ацы дыууӕ чиныджы фыст ис, нӕ циныл нын цин чи ӕфтауы ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм ныхӕстӕ. (Бакӕс Йеремийы 31:13, 33; 33:10, 11; Йеремийы хъарӕг 3:22, 23.)

5. Йеремийы фыст чингуытӕ нын цы пайда сты?

5 Йереми цы хъуыддӕгты кой кодта, уыдонӕй кӕнгӕ у, абон Хуыцауы адӕмы ’хсӕн амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый дӕр ӕмӕ нӕ фидӕн дӕр. Зӕгъӕм, Йеремийы фыст чингуытӕ нын баххуыс кӕндзысты не ’фсымӕртимӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ хӕларӕй цӕрынӕн ӕмӕ апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Павел фыста: «Ме ’фсымӕртӕ, дарддӕр дӕр цин кӕнут, цы хъӕуы, уый-иу аивут, иннӕтӕ уын цы удӕнцой ӕрхӕссынц, уымӕн аргъ кӕнут, иу зондыл хӕст ут, кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут, ӕмӕ уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн уемӕ» (2 Кор. 13:11). Йеремийы фыст чингуыты дзырд цӕуыл цӕуы, уый комкоммӕ баст у, цы хабар хъусын кӕнӕм, уыимӕ дӕр. Кӕд адӕмӕн фӕстаг бонты тыххӕй ӕмӕ, ацы дунейӕн тагъд йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр фӕдзурӕм, уӕддӕр нӕ ныхас сӕйраджыдӕр у, адӕмы ныфс цы уадзы, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма, Йереми цы ныффыста, уый стыр пайда у царды алы хъуыддаджы дӕр. Йеремийы царды ӕмӕ нӕ царды, стӕй цы хабар хъусын кодта ӕмӕ мах цы хабар хъусын кӕнӕм, уым дӕр бирӕ цыдӕртӕ ис ӕмхуызонӕй. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, уыцы фӕзминаг пехуымпар, Хуыцау афтӕ кӕмӕн загъта, «ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл», зӕгъгӕ, уый, цы уавӕрты схъомыл ӕмӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕ (Йер. 1:9).

Ныв 8 фарсыл

6, 7. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцаумӕ Йеремийы тыххӕй бӕлвырд фӕнд уыди? Йереми куы райгуырд, уыцы рӕстӕг Иудӕйы паддзахад цы уавӕры уыд?

6 Лӕг ӕмӕ ус сывӕллоны райгуырдмӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсынц, уӕд арӕх фӕхъуыды кӕнынц сӕ гыццыл хуры фидӕныл: цавӕр адӕймаг дзы рауайдзӕн, цӕмӕ тырндзӕн, цы куыст кӕндзӕн ӕмӕ йын царды цы бантысдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, дӕ райгуырдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ дӕ ныййарджытӕ дӕр уыдӕттыл хъуыды кодтой. Ӕмӕ Йеремийы ныййарджытӕм дӕр куыннӕ уыдаид ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ Йеремийы хабар иннӕ сывӕллӕттӕй тынг хицӕн кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йеремийы тыххӕй Дунесфӕлдисӕгмӕ уыди бӕлвырд фӕнд. (Бакӕс Йеремийы 1:5.)

7 Йереми цалынмӕ нӕ райгуырд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕ зыдта, пехуымпарӕн кӕй сбӕздзӕн. Йӕ фыд уыд сауджынты хӕдзарвӕндагӕй ӕмӕ царди Иерусалимы цӕгатырдыгӕй. Йегъовӕ тынг ӕнхъӕлмӕ каст Йеремийы райгуырдмӕ. Йереми райгуырд, Иудӕйы паддзах Манасси куы уыди, уӕд. (Кӕс схемӕ 23 фарсыл.) Уӕд хорз рӕстӕг нӕ уыд. Манасси паддзах уыди 55 азы дӕргъы, ӕмӕ фылдӕр арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Йӕ къахвӕдтыл ацыд йӕ фырт Амон дӕр (2 Пад. 21:1–9, 19–26). Уавӕр цӕхгӕр фӕивта, Амоны фӕстӕ Иудӕйы паддзах Иоси куы сси, уӕд. Иоси агуырдта Йегъовӕйы. Ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ Иудӕйы зӕхх мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодта. Ӕмӕ уый Йеремийы ныййарджытӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид – Хуыцау сын сӕ фырты пехуымпарӕй растдӕр уыцы рӕстӕг сӕвӕрдта (2 Аз. 34:3–8).

Цӕмӕн дӕ хъӕуы Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг раиртасын?

ХУЫЦАУ ӔЙ РАВЗӔРСТА ПЕХУЫМПАРӔЙ

8. Хуыцау Йеремийӕн цы бахӕс кодта ӕмӕ Йереми уыцы хӕсмӕ цы цӕстӕй ракаст?

8 Хуыцау Йеремийӕн ацы ныхӕстӕ куы загъта, «ӕз дӕ скодтон адӕмтӕн пехуымпар», зӕгъгӕ, уӕд ыл цал азы цыд, уый нӕ зонӕм. Ӕвӕццӕгӕн ыл цыдаид 25 азы – левиттӕ-иу Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнын уыцы кары райдыдтой (Ным. 8:24). Цасфӕнды йыл ма цыдаид, уӕддӕр Йереми Йегъовӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ӕз нырма ӕрыгон дӕн, ӕмӕ дзурынмӕ дӕр нӕ арӕхсын» (Йер. 1:6). Йереми уыцы ахсджиаг хъуыддагмӕ йӕ ныфс нӕ хаста, афтӕ йӕм каст, ӕмӕ нырма ӕгӕр ӕрыгон у ӕмӕ адӕмы раз дзурын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

9, 10. Йереми пехуымпар куы сси, уӕд Иудӕйы цавӕр уавӕр уыд, фӕлӕ, рӕстӕг куы рацыд, уӕд ын уыцы куыст кӕнын цӕмӕн фӕзындӕр?

9 Хуыцау Йеремийы пехуымпарӕй сӕвӕрдта, паддзах Иоси, адӕм цы ӕлгъаг мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, уыдоны куы фесӕфта ӕмӕ адӕмы ӕцӕг Хуыцаумӕ раздахыныл куы архайдта, уыцы рӕстӕг. Йереми ӕмӕ Иоси кӕрӕдзи арӕх уыдтой ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Хуыцауы ӕцӕг пехуымпарӕн хорз рӕстӕг скодта лӕггад кӕнынӕн. Иосийы хицаудзинады райдианы ма Иудӕйы пехуымпартӕй лӕггад кодтой Софони ӕмӕ Наум дӕрa. Иосийы рӕстӕджы пехуымпарӕй лӕггад кодта Олдамӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы ус-пехуымпар дзырдта, Иудӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджытӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы рӕстӕджытӕ Йереми дӕр ӕрӕййӕфта (2 Пад. 22:14). Хатт-иу Йереми ахӕм уавӕры уыд, ӕмӕ-иу ӕй йе ’мбӕлттӕ, Авдемелех ӕмӕ Варух, мӕлӕтӕй фервӕзын кодтой кӕнӕ-иу ӕй ӕгъатыр знӕгтӕй бахъахъхъӕдтой.

10 Хуыцау пехуымпарӕй дӕу куы сӕвӕрдтаид ӕмӕ дын куы бахӕс кодтаид, адӕмӕн сӕ фылдӕры зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хабӕрттӕ хъусын кӕнын, уӕд куыд бакодтаис? (Бакӕс Йеремийы 1:10.) Ӕркӕсӕм, Йереми цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдонӕй иумӕ. Н. э. размӕ 609 азы вавилойнӕгтӕ сӕ ных сарӕзтой Иерусалиммӕ. Ӕмӕ уӕд паддзах Седеки Йеремимӕ арвыста, зӕгъгӕ, Хуыцауы бафӕрс, кӕд нын исты хорз хабар зӕгъид. Фӕлӕ Хуыцау уыцы паддзахӕн хорзӕй ницы зӕгъинаг уыд. (Бакӕс Йеремийы 21:4–7, 10.)

МАХ ХУЫЗӔН АДӔЙМАГ

11. Йеремийӕн йӕ хӕс ӕххӕст кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид, фӕлӕ дзы ныфс цы уагъта?

11 Зӕгъӕм, бахъуыди нӕ фыдгӕнӕг паддзӕхтӕн, гӕртамхор сауджынтӕн ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕн фехъусын кӕнын, Хуыцауы фыдӕх сӕ кӕй баййафдзӕн, уый. Йереми раст ахӕм адӕмӕн хъуамӕ дзырдтаид Хуыцауы ныхас. Фӕлӕ Йегъовӕ абон махӕн куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ ӕххуыс кодта Йеремийӕн дӕр (Йер. 1:7–9). Кӕд Йереми ӕрыгон уыди, уӕддӕр ыл Хуыцау ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, ӕмӕ дзы ныфс бауагъта ахӕм ныхӕстӕй: «Абон дӕ ӕз ӕгас зӕххы раз, Иудӕйы паддзӕхты раз, йӕ кънйӕзты раз, йӕ сауджынты раз ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджыты раз, скодтон фидаргонд горӕты хуызӕн, ӕфсӕйнаг цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы къулты хуызӕн. Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“» (Йер. 1:18, 19).

12. Йеремиимӕ нын иумӕйагӕй цы ис?

12 Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ Йереми, тас цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта. Уый дӕр уыди хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг. Стӕй кӕд ӕндӕр заман царди, уӕддӕр-иу уый дӕр бахауд мах хуызӕн уавӕрты. Йереми ӕмбӕлд алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ мах дӕр алыхуызон адӕймӕгтыл ӕмбӕлӕм ӕмбырды дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр. Уӕдӕ Йеремийы цардӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын, уымӕн ӕмӕ уый дӕр, пехуымпар Илийайау, уыди «мах хуызӕн адӕймаг» (Иак. 5:17). Ӕркӕсӕм йӕ цардӕй иу цалдӕр хабармӕ.

13, 14. Йереми Пашхуры къухӕй ӕфхӕрд куы баййӕфта, уӕд цытӕ бавзӕрста, уый чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн зын бамбарӕн цӕуылнӕ у? (Кӕс нывмӕ 12 фарсыл.)

13 Ӕвӕццӕгӕн дын-иу царды афтӕ уыди, ӕмӕ-иу дыл куы хур ракаст, куы та-иу дӕ сӕрмӕ сау мигътӕ ӕрбамбырд сты. Раст афтӕ уыди Йеремийы царды дӕр. Иухатт ӕй дзырддзӕугӕ сауджын Пашхур бафхӕрдта ӕмӕ йӕ хъӕдын хъадаманты бакодта. Йеремийӕн йӕ къӕхтӕ, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ бӕрзӕй дӕр уыцы хъӕдын хъадаманты конд, афтӕмӕй фӕци дзӕвгар рӕстӕг. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ буар куыд рыстаид. Фӕлӕ ма дзы уымӕй уӕлдай йе знӕгтӕ бон-изӕрмӕ хынджылӕг дӕр кодтой. Дӕуӕй дӕр афтӕ куы хынджылӕг кодтаиккой ӕмӕ ма дын фыдмитӕ дӕр куы кодтаиккой, уӕд бафӕрӕзтаис? (Йер. 20:1–4).

Ныв 12 фарсыл

14 Йереми ахӕм фыдӕвзарӕнты кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, афтӕ цӕмӕн загъта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, цы бон райгуырдтӕн, уый! [...] Цӕмӕн райгуырдтӕн? Цӕмӕй уӕззау фыдӕбон ӕмӕ маст уынон ӕмӕ цӕмӕй мӕ царды бонтӕ ӕгадӕй аивгъуыйой?» (Йер. 20:14–18). Уӕдӕ Йереми ахӕм уавӕры йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста, уый диссаг нӕу. Дӕумӕ дӕр искуы ахӕм хъуыдытӕ уыд, зӕгъгӕ, ницӕмӕн бӕззын, цы аразын, уый никӕй хъӕуы ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый дӕр дзӕгъӕлы у? Ахӕм хъуыдытӕ кӕмӕ фӕзыны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр стыр пайда уаид, Йереми цытӕ бавзӕрста ӕмӕ-иу хъуыддаг цӕуыл ахицӕн, уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын.

Йегъовӕ Йеремийӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Йеремиимӕ дын иумӕйагӕй цы ис?

15. Йеремийӕн-иу йӕ зӕрдӕйы уаг ӕвиппайды кӕй фӕивта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

15 Йеремийы 20:14–18 мах кӕсӕм ныфссаст адӕймаджы ныхӕстӕ. Афтӕмӕй та уый хӕдразмӕ пехуымпар дзырдта, зӕгъгӕ, зарут Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ кадджын кӕнут. (Бакӕс Йеремийы 20:12, 13.) Хатт дӕуӕн дӕр афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ ӕвиппайды дӕ зӕрдӕйы уаг фӕивы? Иуафон фырцинӕй зӕххыл дӕр нал фӕлӕууыс, фӕлӕ стӕй дӕхимӕ ныхъхъусыс. Дзырд дӕр ыл нӕй, алкӕмӕн дӕр нӕ пайда уыдзӕн Йеремийы цардыл ахъуыды кӕнын. Уымӕн дӕр уыди мах хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ, фӕлӕ йӕ Сфӕлдисӕг равзӕрста пехуымпарӕй, ӕмӕ уый дӕр Хуыцауы номӕй ныфсджынӕй дзырдта. Уӕдӕ бӕстондӕр ӕркӕсӕм, Йереми-иу цы уавӕрты бахауд ӕмӕ-иу куыд бакодта, уымӕ. Уый нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (2 Аз. 36:12, 21, 22; Езд. 1:1).

16. Йеремийӕн бинонтӕ кӕй нӕ уыд, ууыл ахъуыды кӕнын пайда кӕмӕн уаид?

16 Иуӕй-иутӕн ма Йеремиимӕ иумӕйагӕй уый ис, ӕмӕ йын бинонтӕ нӕ уыд. Йегъовӕ йын бафӕдзӕхста, ус ма ракур, зӕгъгӕ. Уыцы фӕдзӕхст Йеремимӕ ӕнахуыр куыннӕ фӕкастаид ӕмӕ йын йе ’ххӕст кӕнын дӕр ӕнцон кӕм уыдаид. (Бакӕс Йеремийы 16:2.) Йегъовӕ йын ахӕм фӕдзӕхст цӕмӕн радта ӕмӕ уый йӕ цардыл куыд фӕзынди? Абон дӕр чырыстӕттӕй чидӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, бинонтӕ кӕй не скӕндзысты, кӕмӕндӕрты та уый тыххӕй нӕй бинонтӕ, ӕмӕ сӕ цард афтӕ рауад. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон цы у Йеремийы хабарӕй зондӕн райсын? Стӕй, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр хорз цӕмӕн уаид, Хуыцау Йеремийӕн цы бафӕдзӕхста, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын? Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис, «фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ» кӕмӕн нӕй, уыцы бинонтӕй та? Йеремийы цӕвиттон дӕуӕн та куыд баххуыс кӕндзӕн?

17. Йеремийы 38:20 цы фыст ис, уый нӕ цавӕр хъуыдытыл ӕфтауы?

17 Дӕ хъус-ма ноджыдӕр ӕрдар, иухатт Йереми Иудӕйы паддзахӕн цы загъта, уымӕ: «Курын дӕ, кӕй кой дын кӕнын, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъус, ӕмӕ дыл ницы ӕрцӕудзӕн, удӕгасӕй баззайдзынӕ» (Йер. 38:20). Ацы ныхӕстӕ нын хорз ӕвдисынц, иннӕтимӕ куыд хъуамӕ уӕм, уый. Ӕмӕ уый хауы, Йегъовӕйӕн чи нӕма лӕггад кӕны, фӕлӕ нӕ бон баххуыс кӕнын кӕмӕн у, уыдонимӕ куыд хъуамӕ уӕм, уымӕ дӕр. Стӕй Йереми, Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕй дӕр нын у фӕзминаг. Ӕцӕгдӕр, Йеремийы цӕвиттонӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн.

АЦЫ ЧИНЫГӔН ЙӔ НЫСАН ЦЫ У?

18, 19. Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг куыд ис иртасӕн?

18 Цы чиныг кӕсыс, уый дын баххуыс кӕндзӕн Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг раиртасынӕн, ӕмӕ дзы дӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсдзынӕ. Цӕй фӕрцы? Апостол Павел Хуыцауы разамындӕй ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тим. 3:16). Ӕмӕ уый хауы ацы дыууӕ чиныгмӕ дӕр.

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй дын Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг пайда ӕрхӕссой, уый тыххӕй сӕ алыхуызон мадзӕлттӕй ис иртасӕн. Чи зоны, искӕй бафӕнда уыцы чингуытӕ стих стихы фӕдыл равзарын, цӕмӕй алы стихӕн дӕр йӕ контекст кӕнӕ йӕ хъуыды бамбара. Кӕйдӕр та, чи зоны, бафӕнда, уыцы дыууӕ чиныджы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон нӕ рӕстӕджы хабӕрттимӕ абарын. (Абар Йеремийы 24:6, 7; 1 Коринфӕгтӕм 3:6.) Уымӕй уӕлдай ма раиртасӕн ис, дыууӕ чиныджы дӕр цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон кӕд ӕмӕ куыд ӕрцыдысты, уыдӕттӕ (Йер. 39:1–9). Цӕмӕй нын уыцы чингуытӕ фылдӕр пайда ӕрхӕссой, уый тыххӕй, уӕлдӕр цӕй кой кодтам, уыдӕттӕ зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы чиныджы 2 сӕры, «Пехуымпары лӕггад „фӕстаг бонты“», зӕгъгӕ, нӕ цӕст ахӕсдзыстӕм, Йереми цы рӕстӕджы цард ӕмӕ-иу Хуыцау хабӕрттӕ куыд фӕивта, ууыл.

20. Ацы чиныджы фӕрцы Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг куыд ахуыр кӕндзыстӕм?

20 Фӕлӕ ацы чиныгӕн йӕ сӕйраг нысан уый нӕу. Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг нын сты Хуыцауы лӕвар, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной чырыстон фӕндагыл цӕуынӕн (Тит. 2:12). Мах фендзыстӕм, цы хъуыдытӕ дзы ис, уыдон стыр пайда кӕй сты «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн». Ацы чингуыты ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ цӕвиттонтӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонмӕ цӕттӕ уӕм ӕмӕ нӕ кӕм куыд бакӕнын хъӕуы, уый зонӕм. Уыцы уынаффӕтӕй сӕ бон спайда кӕнын у, цардӕмбал кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн, бинонтӕ чи дары, уыдонӕн, кусгӕ чи никуы кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, пионертӕн ӕмӕ, ахуыр чи кӕны, уыдонӕн дӕр. Ацы дыууӕ чиныджы фыст сты Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр стыр ӕххуыс уыдзысты, цӕмӕй «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тим. 3:17).

Ныв 16 фарсыл

21. Ацы чиныг ахуыр кӕнын дӕ цӕмӕн фӕнды?

21 Алы сӕры дӕр-иу дӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдар, дӕ бон спайда кӕнын кӕмӕй уыдзӕн, уыцы хъуыдытӕм. Павел ныффыста: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йеремийы чиныгӕй ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныгӕй дӕр.

Йеремийы чиныг ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныг иртасын дын царды цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

a Йереми пехуымпарӕй куы лӕггад кодта, уыцы рӕстӕджы ма фӕстӕдӕр пехуымпартӕ уыдысты Аввакум, Авди, Данел ӕмӕ Йезекил дӕр. Н. э. размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕдмӕ Йереми пехуымпар уыд 40 азы бӕрц ӕмӕ ма уый фӕстӕ фӕцард 20 азӕй фылдӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын