Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 10 сӕр, 152–169 фф.
  • Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕРЕМИ ӔДЗУХДӔР КУЫВТА ЙЕГЪОВӔМӔ
  • ЙӔ ЗӔРДӔ ӔФСӔСТА ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔЙ
  • АХУЫР КОДТА ЙӔХИ ЦАРДӔЙ ӔМӔ ИННӔТЫ ЦАРДӔЙ
  • ДЫ ТА АЛЫ БОН ДӔР ФӔХЪУЫДЫ КӔНЫС, «КӔМ ИС ЙЕГЪОВӔ», ЗӔГЪГӔ?
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 10 сӕр, 152–169 фф.

ДӔСӔМ СӔР

Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»

1, 2. а) Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕн сӕ уырнындзинад цы уавӕры уыди? ӕ) Уый зонгӕйӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой?

ЙЕРЕМИ йӕ цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта. Дзуттӕгтӕ цы уавӕры уыдысты ӕмӕ сӕм Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый йын уыд стыр масты хос. Афтӕ зын ын уыди, ӕмӕ ӕрдиаг кодта, зӕгъгӕ, мӕ сӕр дон куы фестид, мӕ цӕстытӕ та – суадӕттӕ, уӕд ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕуин. Ӕмӕ уӕвгӕ ӕрдиаг дӕр куыннӕ кодтаид (Йер. 9:1–3; бакӕс Йеремийы 8:20, 21). Дзуттӕгтӕ Хуыцауы закъоныл сӕ къух кӕй систой ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ кӕй нӕ хъуыстой, уый тыххӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ каст бӕллӕх (Йер. 6:19; 9:13).

2 Адӕм ӕппындӕр нӕ хъуыды кодтой, Йегъовӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй каст, ууыл. Сӕ дины разамонджытӕ сын афтӕ кӕй дзырдтой, алцыдӕр хорз у, зӕгъгӕ, уымӕй сӕхи сабыр кодтой (Йер. 5:31; 6:14). Иуӕй-иу рынчынтӕ фӕагурынц, сӕ хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый зӕгъыны бӕсты сын ныфсытӕ чи бавӕра, ахӕм дохтыры. Гъемӕ уыцы дзуттӕгтӕ дӕр раст ахӕм рынчынты хуызӕн уыдысты. Ды уӕззау низӕй рынчын куы уаис, уӕд дӕ нӕ фӕндид дӕ низы хатт бӕлвырд базонын, цӕмӕй дӕхицӕн афоныл схос кӕнай? Афтӕ Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты дӕр хъуамӕ фӕндыдаид, сӕ уырнындзинад ӕцӕгӕй цы уавӕры уыд, уый базонын. Хъуамӕ ахъуыды кодтаиккой: «Кӕм ис Йегъовӕ?» (Йер. 2:6, 8).

3. а) Ацы ныхӕстӕ, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты? ӕ) Дзуттӕгтӕн сӕ бон куыд уыди Йегъовӕйы агурын?

3 Ацы ныхӕстӕ, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты? Цыфӕнды хъуыддаг ма скъуыддзаг кодтаиккой – стыр уыдаид ӕви гыццыл,– хъуамӕ ӕдзухдӕр агуырдтаиккой Хуыцауы разамынд. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд, уӕддӕр, Йереми загъта, зӕгъгӕ, Иерусалим пырхгонд куы ’рцӕуа ӕмӕ стӕй дзуттӕгтӕ Вавилонӕй фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхой, уӕд Йегъовӕйы агурын райдайдзысты. Ӕмӕ йӕ куы агуырдтаиккой, уӕд та йӕ ӕнӕмӕнг ссардтаиккой ӕмӕ базыдтаиккой, куыд архайы, уый. (Бакӕс Йеремийы 29:13, 14.) Фӕлӕ сӕ бон куыд уыди Йегъовӕйы агурын? Иу уый, ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы куывтаиккой ӕмӕ дзы разамынд куы агуырдтаиккой. Афтӕ-иу кодта паддзах Давид дӕр. Уый Хуыцаумӕ куывта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын» (Пс. 25:4). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Седеки дӕсӕм аз паддзах куы уыд, уӕд, куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау йӕ адӕмӕн Йеремийы уылты цы загъта, уымӕ: «Фӕдзур мӕм, ӕмӕ дын дзуапп ратдзынӕн ӕмӕ дын ӕхсызгонӕй радзурдзынӕн, цы нӕ зоныс, уый – диссаг цы у ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕуыл не ’ххӕссы, уый» (Йер. 33:3). Паддзах ӕмӕ мӕнгард дзуттӕгтӕ Хуыцаумӕ куы куывтаиккой, уӕд сын раргом кодтаид, «адӕймаджы зонд цӕуыл не ’ххӕссы, уый» – Иерусалим кӕй сафтид уыдзӕн ӕмӕ 70 азы фӕстӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн.

4, 5. Дзуттӕгтӕн ма Йегъовӕйы агурын сӕ бон ноджыдӕр куыд уыди?

4 Уымӕй уӕлдай ма дзуттӕгтӕн Йегъовӕйы агурын сӕ бон уыди, раздӕры хабӕрттӕ иртасгӕйӕ ӕмӕ, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕр. Афтӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, сӕ фыдӕлтӕ-иу Хуыцауы хорзӕх цӕй фӕрцы ссардтой ӕмӕ-иу сӕ йӕ фыдӕх та цӕй тыххӕй баййӕфта, уый. Уыдонмӕ уыди Моисейы чингуытӕ ӕмӕ ма Хуыцауы комытӕфӕй фыст чи ӕрцыд, ӕндӕр ахӕм чингуытӕ дӕр, стӕй Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕрттӕ кӕм уыдысты фыст, уыцы чингуытӕ дӕр. Уыцы чингуыты цы фыст уыди, ууыл куы хъуыды кодтаиккой ӕмӕ ӕцӕг пехуымпартӕм куы хъуыстаиккой, уӕд ӕмбӕрстаиккой, Йегъовӕ кӕм ис, уый.

5 Йегъовӕйы агурынӕн ма сын уыди ноджыдӕр иу фадат. Хъуыди сӕ сӕхи цардӕй дӕр ӕмӕ иннӕты цардӕй дӕр ахуыр кӕнын. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ алцыдӕр сӕхиуыл бавзӕрстаиккой ӕмӕ ӕдзухдӕр сӕхи рӕдыдтытыл ахуыр кодтаиккой. Раздӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, ууыл куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сын уый стыр пайда ӕрхастаид. Лӕмбынӕгдӕр куы уыдаиккой, уӕд бамбӕрстаиккой, сӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыдысты ӕви нӕ (Ӕмб. 17:10).

Ныв 156 фарсыл

6. Иовы цӕвиттон дӕ куыд фидар кӕны?

6 Абон та Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй цы ис зӕгъӕн? Дӕ царды исты уынаффӕ куы фӕхӕссыс, уӕд фӕхъуыды кӕныс, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ? Иуӕй-иутӕ ӕргом зӕгъынц, исты хъуыддаг скъуыддзаг кӕнгӕйӕ алы хатт кӕй нӕ ахъуыды кӕнынц ацы ныхӕстыл. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ къухтӕ ма ӕруадз. Суанг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕн дӕр уыди афтӕ. Фӕлварӕнты куы бахауд, уӕд йӕхиуыл ӕгӕр бирӕ хъуыды кӕнын райдыдта. Ӕмӕ йын Елиуй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, адӕмӕн сӕ фылдӕр цы зондыл хӕст уыдысты, уый: «Ничи фӕзӕгъы: „Кӕм ис ме сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау?“» (Иов 35:10). Ӕмӕ йӕ стӕй баразӕнгард кодта: «Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн» (Иов 37:14). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ Иовы хъуыды кӕнын хъуыди, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ скодта, уыдоныл, стӕй адӕмыл куыд тыхсы ӕмӕ сын разамынд куыд дӕтты, ууыл дӕр. Иов ӕй йӕхи цардӕй бамбӕрста, Йегъовӕ куыд архайы, уый. Фыдӕвзарӕнты иузӕрдионӕй куы баззад ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы йӕ зондахаст куы сраст кодта, уӕд загъта: «Ӕз дзырдтон, фӕлӕ не ’мбӕрстон, мӕ зонд кӕуыл не ’ххӕссы, кӕй нӕ зонын, уыцы диссаджы хъуыддӕгтӕ. Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй» (Иов 42:3, 5).

7. Ацы сӕры ныхас цӕуыл цӕудзӕн? (Кӕс нывмӕ 156 фарсыл.)

7 Йеремийӕн йӕхи кой куы кӕнӕм, уӕд уый дарддӕр дӕр Йегъовӕйы агуырдта, ӕмӕ йӕ ссардта. Иннӕ дзуттӕгтӕй уӕлдай дӕсгай азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнгӕйӕ алкӕддӕр хъуыды кодта, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ. Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, махӕн дӕр нӕ бон куыд у Йеремийау Йегъовӕмӕ кувын, Фыстад иртасын ӕмӕ нӕ царды хабӕрттыл хъуыды кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы агурын (1 Аз. 28:9).

Ацы ныхӕстӕ, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты? Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕн сӕ бон куыд уыди Хуыцауы агурын?

ЙЕРЕМИ ӔДЗУХДӔР КУЫВТА ЙЕГЪОВӔМӔ

8. Йереми Хуыцаумӕ цавӕр уавӕрты куывта?

8 Йереми Иудӕйы адӕмы ’хсӕн пехуымпарӕй лӕггад кӕнгӕйӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй агуырдта. Зӕгъӕм, уыцы азты дӕргъы йӕ хъусын кӕнын хъуыди, адӕмы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм хабӕрттӕ. Хатт-иу ӕм афтӕ дӕр каст, ӕмӕ йӕ бон нал у дарддӕр лӕггад кӕнын. Стӕй-иу, цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцыдысты, уый дӕр не ’мбӕрста. Ӕмӕ-иу уыцы уавӕрты Йереми алы хатт дӕр Хуыцауӕй ӕххуыс куырдта. Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ хъуыста ӕмӕ-иу ӕй цы бакӕнын хъуыд, уый-иу ын бацамыдта. Ӕркӕсӕм йӕ цардӕй цалдӕр хабармӕ.

9. а) Йеремийы 15:15, 16 стихтӕм гӕсгӕ пехуымпар цӕй тыххӕй куывта ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта? ӕ) Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Хуыцауӕн ӕргом дзурын цӕмӕн хъӕуы?

9 Иуафон Йеремийы тӕрхоны хабар хъусын кӕнын куы хъуыди, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр йӕ ныхмӕ систы. Ӕмӕ пехуымпар Хуыцаумӕ сдзынӕзта, ӕрхъуыды мӕ кӕн, зӕгъгӕ. Ӕркӕсӕм-ма уыцы куывды ныхӕстӕм. Фыст сты Йеремийы 15:15, 16. (Бакӕс сӕ.) Ам Йереми ӕргом дзуры йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, стӕй йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Хуыцауы ныхӕстӕ йӕм куы «ӕрбахӕццӕ сты» ӕмӕ сӕ куы «бахордта», уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг! Йегъовӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй аргъ кодтаид, цы кад ӕм ӕрхауд, уымӕн – йӕ бон уыд Хуыцауы ном хӕссын ӕмӕ йын йӕ фӕндты тыххӕй хъусын кӕнын. Уый фӕрцы Йереми бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй каст, уый. Ацы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10. Йереми афтӕ куы загъта, Йегъовӕйы номӕй нал дзурдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд ын Хуыцау куыд баххуыс кодта?

10 Иуахӕмы та Иммеры фырт, сауджын Пашхур, Йеремимӕ йӕ къух куы систа, уӕд пехуымпар загъта, Йегъовӕйы номӕй нал дзурдзынӕн, зӕгъгӕ. Хуыцау Йеремийы куывдӕн дзуапп куыд радта? (Бакӕс Йеремийы 20:8, 9.) Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ йӕм Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта. Фӕлӕ Хуыцауы ныхас пиллон артау ссыгъд йе стджыты мидӕг, ӕмӕ йӕ йӕ бон нал уыди йӕхи мидӕг уромын. Йереми йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Хуыцауӕн ӕргом радзырдта ӕмӕ, кӕд Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ не ’мбӕрста, уӕддӕр, цы зыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон баци дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын.

11, 12. Йеремимӕ афтӕ куы касти, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕуынц, уӕд ын Йегъовӕ куыд равдыста, уый афтӕ кӕй нӕу?

11 Фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз кӕй цӕуынц, уый Йеремийӕн ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. (Бакӕс Йеремийы 12:1, 3.) Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстдзинадыл бынтондӕр дызӕрдыг кодта, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн дзырдта, мӕ «хъастмӕ» мын ӕркӕс, зӕгъгӕ. Йегъовӕимӕ афтӕ ӕргом ныхас кӕй кодта, уымӕй бӕрӕг у, фыд ӕмӕ фырт кӕрӕдзиимӕ куыд ӕнгом вӕййынц, уыдон дӕр кӕрӕдзиимӕ афтӕ ӕнгом кӕй уыдысты. Хъуыддаг ӕрмӕстдӕр уый мидӕг уыди, ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, дзуттӕгтӕй бирӕтӕ, фыдхъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ, царды афтӕ ӕнтыстджын цӕмӕн уыдысты, уый. Цымӕ Йереми йӕ фарстайӕн бӕлвырд дзуапп ссардта? Йегъовӕ йын загъта, фыдгӕнджыты бындзарӕй кӕй стондзӕн (Йер. 12:14). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас куыд ӕххӕст кодта, уый уынгӕйӕ Йереми ноджы тынгдӕр куыннӕ ӕууӕндыдаид, Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Ӕмӕ йӕ уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ арӕхдӕр куывтаид ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕргом дзырдтаид.

12 Седекийы хицаудзинады фӕстаг азты вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ’ртыхстысты, уыцы рӕстӕг Йереми Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Ды дӕ цӕст дарыс адӕмы ӕппӕт фӕндӕгтӕм дӕр, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттай, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕм йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый» (Йер. 32:19). Уӕдӕ Йереми уыдта, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр рӕстдзинад кӕй уарзы, чи цы аразы, уый кӕй уыны ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын куывдтытӕ кӕй хъусы. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхи цӕстӕй уыдтой, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр кӕй дӕтты, «йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕм йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый».

13. Йегъовӕ йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыс?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ алкӕддӕр рӕстӕй ӕмӕ йе стыр зондӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ кӕй архайдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хорз уаид, Йеремийы хабарыл куы ахъуыды кӕниккам ӕмӕ мах дӕр нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Хуыцауӕн ӕргом куы дзуриккам. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы фидардӕрӕй уырндзӕн, Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Хатт, цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуынц кӕнӕ Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕныныл тагъд цӕуылнӕ кӕны, уый кӕронмӕ нӕ фембарӕм. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр ӕм нӕ бон у кувын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм, уый йын дзурын. Алцыдӕр уый къухы ис, ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн йӕ афоныл, стӕй ӕппӕты хуыздӕр куыд у, афтӕ. Райсом кӕй сбон уыдзӕн, ууыл куыд ничи дызӕрдыг кӕны, афтӕ уыцы хабар дӕр дызӕрдыггаг нӕу! Уӕдӕ дарддӕр дӕр хъуыды кӕндзыстӕм, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, ома йӕм кувдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон хуыздӕр ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый уынӕм (Иов 36:5–7, 26).

Йереми Йегъовӕйы куыд агуырдта ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд лӕвӕрдта, уый дӕ нӕ фидар кӕны?

ЙӔ ЗӔРДӔ ӔФСӔСТА ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔЙ

14. Йереми Хуыцауы адӕмы царды хабӕрттӕ лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уый кӕцӕй зонӕм?

14 Цӕмӕй адӕймаг, «Йегъовӕ кӕм ис», уый бамбара, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Йегъовӕйы зонын. Ӕмӕ Йереми уый хорз ӕмбӕрста (Йер. 9:24). Абон мах 1 ӕмӕ 2 Паддзӕхты чингуытӕ кӕй хонӕм, уыдон куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бӕстон раиртӕста Хуыцауы адӕмы царды хабӕрттӕ. Йӕ фыстыты кӕны цалдӕр чиныджы кой: «Соломоны царды хабӕртты чиныг», «Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныг» ӕмӕ «Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы» кой (1 Пад. 11:41; 14:19; 15:7). Уыцы хабӕрттӕ иртасгӕйӕ Йереми бамбӕрста, Йегъовӕ алыхуызон уавӕрты куыд архайдта, уый. Ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы цыди ӕмӕ, йӕ адӕм цы уынаффӕтӕ хастой, уымӕ цы цӕстӕй каст, уый дӕр. Стӕй-иу, ӕвӕццӕгӕн, арӕх ӕркаст, уӕдмӕ Хуыцауы комытӕфӕй цы чингуытӕ ӕрцыд фыст, уыдонмӕ дӕр. Се ’хсӕн уыдысты, Моисей, Йесо Навин, Самуил, Давид ӕмӕ Соломон кӕй ныффыстой, уыцы чингуытӕ. Уымӕй уӕлдай Йереми куыннӕ зыдтаид, йӕ размӕ чи цард ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрӕййӕфта, уыцы пехуымпарты царды хабӕрттӕ дӕр. Йереми уыцы фыстытӕ йӕхӕдӕг кӕй иртӕста, уый йын цы пайда хаста?

15. Йереми пехуымпар Илийайы ныхӕстыл лӕмбынӕг кӕй хъуыды кодта, уый йын куыд баххуыс кодта?

15 Йереми ныффыста Самарийы паддзах Ахавӕн йӕ фыдзонд ус Йезавелы тыххӕй. Уый ныффыста, Йезавелы тыххӕй Илийа цы загъта, уый дӕр, зӕгъгӕ йӕ Изреелы зӕххыл куыйтӕ бахӕрдзысты (1 Пад. 21:23). Ӕмӕ раст афтӕ рауад: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йезавелы рудзынгӕй раппӕрстой, Ииуйы бӕхтӕ йыл балӕгӕрстой ӕмӕ йӕ стӕй куыйтӕ бахордтой (2 Пад. 9:31–37). Йереми пехуымпар Илийайы ныхӕстыл лӕмбынӕг кӕй хъуыды кодта ӕмӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг куыд сӕххӕст сты, уый йӕхи цӕстӕй кӕй федта, уый фӕрцы Хуыцауы ныхасыл ноджы тынгдӕр куыннӕ баууӕндыдаид. Уӕдӕ, Йегъовӕ раздӕр куыд архайдта, уый Йереми бӕстон кӕй иртӕста, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад уыди фидар ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕнӕфӕцудгӕйӕ уый фӕрцы лӕггад кодта.

16, 17. Йеремийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ рӕстӕджы цы ӕвзӕр паддзӕхтӕ уыди, уыдоны фӕдзӕхстаид?

16 Ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ дӕр. Куыд хъуыды кӕныс, кӕд Йеремийӕн йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр дарддӕр цӕй фӕрцы фӕдзӕхста мӕнгард паддзӕхты, зӕгъӕм, Иоаким ӕмӕ Седекийы? Сӕйраджыдӕр уый фӕрцы, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Иудӕйы паддзӕхты раз скодта «фидаргонд горӕты хуызӕн, ӕфсӕйнаг цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы къулты хуызӕн» (Йер. 1:18, 19). Фӕлӕ ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йереми бӕстон иртӕста, Иудӕйы ӕмӕ Израилы раздӕр цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоны хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, Манассийы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ дыууӕ кӕрты дӕр». Ныффыста ма, йӕ фырты арты кӕй басыгъта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, стӕй ма бирӕ ӕнаххос туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй дӕр (2 Пад. 21:1–7, 16; бакӕс Йеремийы 15:4). Фӕлӕ ма Йереми, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр зыдта, ӕмӕ Манасси йӕхи Хуыцауы раз куы ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йӕм куы куывта, уӕд ын Йегъовӕ йӕ лӕгъстӕ кӕй фехъуыста ӕмӕ йын паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ кӕй радта. (Бакӕс 2 Азфыстытӕ 33:12, 13.)

17 Йегъовӕ Манассимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый кой Йереми йӕ чингуыты не скодта. Фӕлӕ Манассийы мӕлӕтӕй, Йереми пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕды онг иу-15 азы йеддӕмӕ нӕ рацыд. Уӕдӕ пехуымпар бӕгуыдӕр зыдтаид, уыцы паддзах йӕ раздӕры фыдхъуыддӕгтыл куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд цы ’рцыд, уый. Йереми Манассийы царды хабӕрттӕ бӕстон куы раиртӕста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, дарддӕр дӕр ӕй кӕй хъӕуы Седекийы хуызӕн мӕнгард паддзӕхты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой. Куы йӕм байхъуыстаиккой, уӕд сӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыстаид ӕмӕ сӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдтаид. Мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта ӕмӕ ӕнаххос туг чи фӕкалдта, ахӕм паддзахӕн дӕр уыди уый фадат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаид ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. Йеремийы бынаты ды куы уыдаис, уӕд дын Манассийы хабар дӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид, ӕмӕ ахӕм ӕвзӕр паддзӕхты рӕстӕджы Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтаис?

АХУЫР КОДТА ЙӔХИ ЦАРДӔЙ ӔМӔ ИННӔТЫ ЦАРДӔЙ

18. Йереми Урийы хабарӕй зондӕн цы райста? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

18 Пехуымпарӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йереми уыдта, йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм-иу алыхуызон уавӕрты куыд бакодтой, уый ӕмӕ афтӕмӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кодта. Уыцы адӕмӕй сӕ иу уыд пехуымпар Ури. Уый хъусын кодта паддзах Иоакимы рӕстӕджы, ӕмӕ дзырдта, Иерусалиммӕ ӕмӕ Иудӕмӕ бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ паддзах кӕй амардзӕн, уымӕй тарст, ӕмӕ Египетмӕ алыгъд. Цасдӕры фӕстӕ паддзах йӕ адӕмы Урийы фӕдыл Египетмӕ арвыста, фӕстӕмӕ йӕ ӕркӕнын кодта ӕмӕ йӕ амардта (Йер. 26:20–23). Цымӕ Урийы хабарӕй Йереми зондӕн исты райста? Бӕгуыдӕр. Афтӕ зӕгъӕн уымӕн ис, ӕмӕ дзуттӕгты дарддӕр дӕр фӕдзӕхста, цы стыр бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста суанг кувӕндоны дӕр. Кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыди, уӕддӕр нӕ фӕтарст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ дӕр нӕ ныууагъта. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ Шафаны фырт Ахикамы дӕр Йегъовӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй йын йӕ хъӕбатыр лӕггадгӕнӕджы цард бахъахъхъӕдтаид (Йер. 26:24).

19. Йегъовӕ йӕ адӕммӕ пехуымпарты ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыста, уый Йеремийӕн цӕуыл дзурӕг уыд?

19 Йереми ма бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр, Йегъовӕйы номӕй адӕмы кӕй фӕдзӕхста, уымӕй дӕр. Иоаким цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй ныффыстаид, Иосийы рӕстӕджытӕй йын уӕды онг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдӕттӕ. Цымӕ йын сӕ цӕмӕн фыссын кодта? Цӕмӕй адӕм се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. (Бакӕс Йеремийы 36:1–3.) Йереми-иу раджы сыстад, цӕмӕй адӕмы Хуыцауы номӕй фӕдзӕхстаид, суанг ма сын лӕгъстӕ дӕр кодта, уе ’лгъаг хъуыддӕгтӕ ныууадзут, зӕгъгӕ (Йер. 44:4). Цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йереми йӕхи хабарӕй дӕр ӕмбӕрста, Хуыцауӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ кӕй рысти ӕмӕ сӕм йӕ пехуымпарты дӕр уый тыххӕй кӕй ӕрвыста? Ӕмӕ цымӕ афтӕмӕй йӕхи зӕрдӕ дӕр адӕмыл нӕ рыстаид? (2 Аз. 36:15). Уӕдӕ йӕ ӕмбарӕм, Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ Йереми афтӕ цӕмӕн загъта: «Мах нӕ фесӕфтыстӕм Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы райсом дӕр сног вӕййы» (Йер. хъ. 3:22, 23).

Ныв xxx фарсыл

Йегъовӕ раздӕр куыд архайдта, уый Йереми бӕстон кӕй иртӕста, стӕй йӕхи царды ӕмӕ иннӕты царды хабӕрттыл кӕй хъуыды кодта, уый йын цавӕр пайда ӕрхаста? Йӕ цӕвиттонӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

ДЫ ТА АЛЫ БОН ДӔР ФӔХЪУЫДЫ КӔНЫС, «КӔМ ИС ЙЕГЪОВӔ», ЗӔГЪГӔ?

20. Дӕ бон куыд у Йеремийау Йегъовӕйы агурын?

20 Дӕу дӕр алы бон дӕр фӕхъӕуы цавӕрдӕр уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ-иу ахъуыды кӕныс, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ? Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый базоныныл фӕархайыс? (Йер. 2:6–8). Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй уӕлдай Йереми алы хатт дӕр агуырдта Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы разамынд, цӕмӕй-иу бамбӕрстаид, куыд ӕй хъӕуы бакӕнын, уый. Уӕдӕ хорз уаид, уынаффӕ хӕсгӕйӕ-иу нӕ алчидӕр Йеремийау куы ахъуыды кӕнид, ацы хъуыддагмӕ Хуыцау та цы цӕстӕй кӕсы, зӕгъгӕ.

21. Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уацамындмӕ раст цӕстӕй кӕсай? Уӕлдайдӕр дӕ ныхмӕ исчи куы дзура, уӕд дӕ цӕмӕн хъӕуы кувын?

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хатт нӕ стыр хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнын нӕ фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, спълан кодтай уацамынды ацӕуын. Фӕлӕ райсомӕй райхъал дӕ, ӕмӕ федтай, арв хъуынтыз кӕй у, уый. Ӕмӕ хъуыды кӕныс, гъеныр ахӕм бон куыд ацӕуон, зӕгъгӕ. Зоныс ӕй, кӕм хъусын кӕныс, уым цы адӕм цӕры, уыдонӕн бирӕ хӕттыты кӕй хъусын кодтой. Чи зоны ма дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, чидӕртӕ дын дзы уӕзданӕй кӕй загътой, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, чидӕртӕ та дӕ ӕфхӕргӕ дӕр кӕй бакодтой. Хорз уаид, раст уыцы афон Хуыцаумӕ куы скувис ӕмӕ куы ахъуыды кӕнис, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ. Уый фӕрцы фылдӕр хъуыды кӕндзынӕ, адӕммӕ цӕй диссаджы хабар хӕссыс, ууыл. Стӕй хуыздӕр ӕмбардзынӕ, хъусын кӕнынмӕ дӕ Йегъовӕ кӕй ӕрвиты. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр Йеремийау Йегъовӕйы ныхас суыдзӕн цины хос (Йер. 15:16, 20). Ӕмӕ уыцы бон уацамынды куы ацӕуай ӕмӕ дӕ исчи куы бафхӕра кӕнӕ дӕм куы ’ртхъирӕн кӕна, уӕд дӕр та-иу Хуыцаумӕ скув ӕмӕ-иу ын радзур, цӕуыл тыхсыс, уый. Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры, раст куыд у, афтӕ бакӕнай. Ӕмӕ дӕ уӕд хорз хабар хъусын кӕнын афтӕ тынг фӕнддзӕн, ӕмӕ дӕ ницыуал бахъыгдардзӕн (Лук. 12:11, 12).

22. Хуыцау иуӕй-иу куывдтытӕ цӕуылнӕ хъусы?

22 Зӕрдыл дарын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ иуӕй-иу куывдтытӕ Хуыцаумӕ нӕ хӕццӕ кӕнынц, ома сӕ нӕ хъусы. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:44.) Зӕгъӕм, Йегъовӕ нӕ хъуыста ӕгоммӕгӕс дзуттӕгты куывдтытӕ, уымӕн ӕмӕ дзы сӕхи иннӕрдӕм аздӕхтой ӕмӕ дарддӕр дӕр фыдхъуыддӕгтӕ кодтой (Ӕмб. 28:9). Сӕ хабарӕй Йереми, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста иу хъуыддаг: адӕймаг йӕ куывдтытӕм гӕсгӕ куы нӕ архайа, уӕд Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕудзӕн, ӕмӕ йын йӕ куывдтытӕ нал хъусдзӕн. Уый махӕн дӕр у зондзонӕн. Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр нӕхи хизӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕй.

23, 24. а) Йегъовӕйы фӕндон базонынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы? ӕ) Дӕ бон куыд у Библи афтӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй дын фылдӕр пайда хӕсса?

23 Цӕмӕй, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарӕм, уый тыххӕй ма нӕ кувынӕй уӕлдай ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы Ныхас ӕдзух ахуыр кӕнын дӕр. Йеремийӕ уӕлдай махмӕ ис Библи ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы уый стыр ӕххуыс у. Йереми хабӕрттӕ бӕстон куыд иртӕста, афтӕ ды дӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасай ӕмӕ хъуыды кӕнай, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, дӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дарыс, уый. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ «доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ уидӕгтӕ цӕугӕдонмӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн». (Бакӕс Йеремийы 17:5–8.)

Ныв 166 фарсыл

24 Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсыс ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд-иу архай, Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бамбарыныл. Агур, алыхуызон уавӕрты дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Хуыцауы адӕмы хабӕрттӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ, алыхуызон уагӕвӕрдтӕ йе та куырыхон зонды ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, цы базыдтай, уымӕй дӕ бон куыд у уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ пайда кӕнын. Алкӕддӕр Йегъовӕйы разамынд куы агурай, уӕд дын йӕ Ныхасы уылты бамбарын кӕндзӕн, суанг дӕ зын уавӕрты дӕр куыд архайын хъӕуы, уый. Афтӕмӕй бамбардзынӕ, раздӕр цы нӕ зыдтай ӕмӕ «адӕймаджы зонд цӕуыл не ’ххӕссы», уыдӕттӕ! (Йер. 33:3).

25, 26. Нӕхи царды ӕмӕ иннӕты царды хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

25 Дӕ бон ма ноджыдӕр хъуыды кӕнын у дӕхи царды ӕмӕ иннӕты царды хабӕрттыл дӕр. Чи зоны, уыныс, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ Урийау сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй нал дарынц (2 Тим. 4:10). Сӕ хабар дын хорз зондзонӕн уыдзӕн, цӕмӕй ахӕм рӕдыд ма ӕруадзай ӕмӕ дӕхи фыдбылызӕй бахизай. Йереми нын фӕзминаг у, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кодта, уымӕй. Уӕдӕ-иу ды дӕр арӕх дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ-иу дӕм йе ’нувыд уарзт куыд равдыста, уый. Цыфӕнды зын уавӕры ма уай,– дӕ сӕрмӕ ахӕм хъуыды уадзгӕ дӕр ма бакӕн, ӕмӕ дыл Дунескӕнӕг Хуыцау ӕппындӕр нӕ тыхсы. Уый Йеремийыл куы тыхсти, афтӕ тыхсы дӕуыл дӕр.

26 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн абон куыд ӕххуыс кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй ӕмбардзынӕ, ӕнӕ разамындӕй нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Японийӕ иу ӕрыгон хо, Аки, зӕгъгӕ, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уа. Иухатт хъусын кодта районон цӕстдарӕджы бинойнагимӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзырдта. Раргомады чиныджы Йесо цы абарст скодта, уымӕ гӕсгӕ йын загъта: «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тагъд Йегъовӕ хъӕрмуст донау йӕ дзыхӕй рату кӕндзӕн. Фӕлӕ йын ӕз лӕгъстӕ кӕнын, иу гыццыл ма мын рӕстӕг ратт, зӕгъгӕ». Районон цӕстдарӕджы бинойнаг дзы ныфс бауагъта: «Ӕз демӕ разы нӕ дӕн, ӕз афтӕ никуы хъуыды кодтон, ӕмӕ „хъӕрмуст“ дӕ». Аки уыцы ныхӕстыл бирӕ фӕхъуыды кодта ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕйы цӕсты «хъӕрмуст» чырыстон кӕй никуы уыди. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ скуывта: «Кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм мӕ арвит. Цыфӕнды мын ма бахӕс кӕнай,– сараздзынӕн ӕй». Цасдӕры фӕстӕ Аки ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыд ӕмӕ дзы иуцасдӕр фӕци. Уым уыди гыццыл япойнаг къорд, ӕмӕ уыцы къорды хъуыди, япойнагау чи дзырдтаид, ахӕм хъусынгӕнджыты ӕххуыс. Аки уыцы бӕстӕйы кӕй райгуырд, уымӕ гӕсгӕ йын ӕнцондӕр уыди уырдӕм цӕрынмӕ ацӕуын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ цӕргӕ та кӕм хъуамӕ кодтаид? Раст уыцы рӕстӕг иу хойӕн йӕ чызг ӕндӕр ранмӕ ацыд цӕрынмӕ, ӕмӕ йын хо йӕ хӕдзары иу къомнӕт радта. Мӕнӕ цы загъта Аки: «Адӕймаг мигъы куыд ницы фӕуыны, фӕлӕ стӕй хур куы ракӕсы, уӕд алцыдӕр куыд разыны, афтӕ мӕнӕн дӕр Йегъовӕ равдыста, цы бакӕнын мӕ хъӕуы, уый».

27. Цыфӕнды хъуыддаг аразгӕйӕ дӕр дӕ цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ?

27 Ӕцӕгдӕр, адӕймаг Библи куы фӕкӕсы кӕнӕ йӕ куы фӕахуыр кӕны, уӕд фены, куыд бакӕнын ӕй хъӕуы, уый. Бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уый сӕхицӕй зонынц. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр дӕхицӕй афтӕ зӕгъдзынӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕ ӕмӕ йӕм ныр ноджы арӕхдӕр, стӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй фӕкувыс. Уӕдӕ йӕ фидарӕй зон: алы бон дӕр куы хъуыды кӕнай, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, уӕд дын йӕ «фӕндаг» бацамондзӕн (Ис. 30:21).

Ацы ныхӕстӕ, «кӕм ис Йегъовӕ», зӕгъгӕ, дӕуӕн цӕуыл дзурӕг сты? Дӕ бон куыд у Хуыцауы разамынд агурын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын