Йереми
16 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 2 «Ус ма ракур ӕмӕ ацы бынаты фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ ма рауадз+. 3 Уымӕн ӕмӕ, ацы бынаты чи райгуыра, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджыты тыххӕй, чи сӕ ныййара, уыцы мадӕлты тыххӕй ӕмӕ сын ацы зӕххыл+ цард чи ратта, уыцы фыдӕлты тыххӕй Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: 4 „Уыдон амӕлдзысты низтӕй+. Ӕмӕ сыл ничи кӕудзӕн+ ӕмӕ сӕ ничи баныгӕндзӕн+. Зӕххы цъарыл уыдзысты фаджысау+. Сӕ мӕлӕт ссардзысты хъамайӕ, амӕлдзысты ӕххормагӕй+. Ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ уыдзысты хӕринаг уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн“+.
5 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Хист кӕм ис, уыцы хӕдзармӕ ма бацу, ма ацу, цӕмӕй мардыл фӕкӕуай ӕмӕ сын сӕ зианыл семӕ фӕхъыг кӕнай“+.
„Ӕз ацы адӕмӕй мӕ фарн байстон,– зӕгъы Йегъовӕ,– байстон сӕ ме ’нувыд уарзт ӕмӕ мӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+. 6 Уыдон амӕлдзысты ацы зӕххыл – кадджынтӕ дӕр ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ дӕр. Ничи сӕ баныгӕндзӕн+, йӕхи сыл ничи хойдзӕн, уыдоны тыххӕй йӕхи ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн+ ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн+. 7 Зианыл чи хъыг кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕныны тыххӕй хӕринаг ничи дӕтдзӕн+. Ӕмӕ йӕ фыдыл кӕнӕ йӕ мадыл чи хъыг кӕны, уымӕ йӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабыр кӕныны тыххӕй сӕны къус ничи бадӕтдзӕн+. 8 Куывд кӕм ис, уыцы хӕдзармӕ дӕр ма бацу, фынгыл семӕ ма ’рбад, ма бахӕр ӕмӕ ма бануаз“+.
9 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз уӕ цӕстыты раз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ацы бынаты нал хъуысдзӕн цины хъӕр ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс“+.
10 Ӕмӕ ацы адӕмӕн ӕппӕт ацы ныхӕстӕ куы зӕгъай, уӕд дын зӕгъдзысты: „Цӕмӕн дзуры Йегъовӕ, ахӕм стыр бӕллӕх нӕ кӕй баййафдзӕн? Цӕй мидӕг ис нӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕд ракодтам нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз?“+ 11 Ӕмӕ-иу сын уӕд зӕгъ: „Уӕ фыдӕлтӕ мӕ кӕй ныууагътой, уый тыххӕй+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Уыдон цыдысты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, куывтой сын, сӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+. Мӕн та ныууагътой ӕмӕ мын мӕ закъон дӕр не ’ххӕст кодтой+. 12 Ӕмӕ сымах та уӕ фыдӕлтӕй дӕр фӕфыддӕр стут+, фыддӕр митӕ кодтат. Алчидӕр уӕ цӕуы йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+ ӕмӕ мӕм нӕ хъусы+. 13 Гъемӕ уӕ ӕз ацы зӕххӕй раппардзынӕн+, ӕмӕ бахаудзыстут, уӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтат, уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы зӕхмӕ+. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй кувдзыстут ӕндӕр хуыцӕуттӕн+, уымӕн ӕмӕ уын ӕз нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн“.
14 „Уымӕ гӕсгӕ, ӕрхӕццӕ кӕнынц ахӕм бонтӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ афтӕ нал дзурдзысты, зӕгъгӕ, сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы фыртты Египеты зӕххӕй чи ракодта, уымӕй+. 15 Фӕлӕ дзурдзысты афтӕ: „Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй ӕмӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кодта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй чи ракодта, уымӕй!“ Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ“+.
16 „Ӕз фӕдзырдтон бирӕ кӕсагахсджытӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ уыдон агурдзысты ӕмӕ сӕ ахсдзысты. Уый фӕстӕ фӕдзурдзынӕн бирӕ цуанӕттӕм+, ӕмӕ сыл уыдон цуан кӕндзысты алы хохыл дӕр, алы къуыбырыл дӕр, стӕй къӕдзӕхты скъуыдты+. 17 Мӕ цӕстытӕ кӕсынц се ’ппӕт фӕндӕгтӕм дӕр. Уыдон мӕнӕй ӕмбӕхст не сты, ӕргом мын сты сӕ фыдракӕндтӕ+. 18 Фыццаджыдӕр сын ӕз ӕххӕстӕй бафиддзынӕн сӕ фыдракӕндты тыххӕй+ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй, мӕ зӕхх мын кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй+. Мӕ бынтӕ мын байдзаг кодтой се ’наккаг, се ’лгъаг хуыцӕутты мӕрдтӕй“»+.
19 О Йегъовӕ, мӕ хъару, мӕ фидар мӕсыг, ме ’мбӕхсӕн зын сахат+. Дӕумӕ ӕрбацӕудзысты адӕмтӕ зӕххы кӕрӕттӕй+ ӕмӕ дын зӕгъдзысты: «Нӕ фыдӕлтӕн бынӕн баззадысты мӕнгдзинад+, афтид цы у ӕмӕ ӕппындӕр чи ницы пайда у, ахӕм цыдӕртӕ»+. 20 Зӕххон адӕймагӕн йӕ бон хуыцӕуттӕ скӕнын у? Цы скӕны, уыдон цӕй хуыцӕуттӕ сты!+
21 «Уымӕ гӕсгӕ сын ӕз мӕхи раргом кӕндзынӕн. Уыцы рӕстӕг сын раргом кӕндзынӕн мӕ къух ӕмӕ мӕ хъомыс+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, мӕ ном кӕй у Йегъовӕ»+.