Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jl 7 сӕр
  • Не ’мбырдты цы вӕййы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Не ’мбырдты цы вӕййы?
  • Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Ӕмбырдтӕ «разӕнгард кӕнынц уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм»
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцауӕн кувынмӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
jl 7 сӕр

7 СӔР

Не ’мбырдты цы вӕййы?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырд Ног Зеландийы

Ног Зеланди

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырд Японийы

Япони

Ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Угандӕйы Библи кӕсы

Угандӕ

Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны Литвайы ӕвдисынц, хорз хабар куыд фӕдзурӕм, уый

Литва

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу се ’мбырдты иумӕ зарыдысты, Хуыцаумӕ куывтой, стӕй-иу Фыстад кастысты ӕмӕ-иу ыл ныхас кодтой (1 Коринфӕгтӕм 14:26). Ӕмӕ абон махӕн дӕр не ’мбырдты ахӕм ӕгъдау ис.

Цы нын амонынц, уый у Библийӕ ӕмӕ нын хӕссы пайда. Сабат кӕнӕ нын хуыцаубоны вӕййы дыууӕ хайӕ конд фембӕлд. Фыццаг уал байхъусӕм Библийыл арӕзт раныхасмӕ, вӕййы 30 минуты. Дзырд дзы фӕцӕуы, Библи нын царды куыд ӕххуыс кӕны йе та дзы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Раныхас кӕмӕн вӕййы, уый Библийӕ стихтӕ куы фӕкӕсы, уӕд алчидӕр уыцы стихтӕ йӕхи Библийы ссары. Уый фӕстӕ та сахаты дӕргъы вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ дзы статья февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ зӕгъын. Ӕрмӕгыл иумӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕй царды куыд ис пайда кӕнӕн. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕахуыр кӕнынц уыцы иу ӕрмӕг.

Уым нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонынӕн. Къуырийы мидӕг ма нын иу изӕр вӕййы ӕртӕ хайӕ конд фембӕлд, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад», зӕгъгӕ. Цы ӕрмӕг дзы ӕвзӕрст цӕудзӕн, уый алы мӕй дӕр фыст вӕййы уыцы фембӕлды «Кусӕн тетрады». Фембӕлды фыццаг хай хуыйны «Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ» ӕмӕ нӕ базонгӕ кӕны, Библийӕ рагацау кӕй бакӕсӕм, уыцы сӕрты дзырд цӕуыл цӕуы, уыимӕ. Иннӕ хай хуыйны «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» ӕмӕ дзы вӕййы равдыстытӕ, адӕмимӕ Библийыл куыд ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл. Уынаффӕтӕ чи фӕдӕтты, уый нын нӕ хъус ӕрдары, хӕслӕвӕрдты цы бафиппайдта, уымӕ, цӕмӕй хорз кӕсын ӕмӕ адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнын сахуыр уӕм (1 Тимофеймӕ 4:13). Фӕстаг хайы та, «Нӕ чырыстон цард», зӕгъгӕ, дзырд фӕцӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕй нӕ царды куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Ӕрмӕг дзы февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарӕм.

Не ’мбырдты Библийӕ цы базонӕм ӕмӕ цӕуыл сахуыр вӕййӕм, уый ницӕимӕ ис абарӕн. Ӕмӕ уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ, не ’мбырдтӕй искӕцымӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд (Исай 54:13).

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы вӕййы?

  • Алы къуыри дӕр нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонӕй дӕ кӕцымӕ фӕнды ӕрбацӕуын?

ФЫЛДӔР БАЗОН

Ӕркӕс, иннӕ къуыри фембӕлдты цы ӕрмӕг ӕвзардзыстӕм, уымӕ. Ӕмӕ ахъуыды кӕн, Библийӕ дзы цы базондзынӕ, уый дын царды куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын