Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 1 сӕр, 3 ф.
  • Уыцы хорз хабар цы у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уыцы хорз хабар цы у?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зонд Хуыцауӕй агурын цӕмӕн хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 1 сӕр, 3 ф.

1 СӔР

Уыцы хорз хабар цы у?

1. Хуыцау нын цавӕр хабар хъусын кӕны?

Адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрынц

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зӕххыл амондджынӕй цӕрӕм. Адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй сфӕлдыста зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый. Тагъд Хуыцау ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр скӕндзӕн хорз цард. Адӕм сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕздзысты. Бакӕс Йеремийы 29:11.

Абоны онг иу хицауадӕн дӕр йӕ бон нӕ баци фыддзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт фесафын. Фӕлӕ Библийы фыст ис хорз хабар. Тагъд рӕстӕджы Хуыцау, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдоны бӕсты ӕрӕвӕрдзӕн йӕхи хицауад. Уыцы хицауады дӕлбар йӕхи чи бакӕна, уыдон ӕнӕнизӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзысты. Бакӕс Исайы 25:8; 33:24; Данелы 2:44.

2. Хорз хабар абон ахсджиаг цӕмӕн у?

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, Хуыцау зӕххӕй ӕвзӕр адӕмы куы фесафа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Софони 2:3). Кӕд уыдзӕн уый? Абон зӕххыл цы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цы уӕззау уавӕрты цӕрынц, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы раджы ӕрцыд фыст. Уыцы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм куы ӕркӕса, уымӕ бирӕ нал хъӕуы. Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–5.

3. Мах цы хъӕуы аразын?

Мах хъӕуы Хуыцауы тыххӕй базонын йӕ Ныхас Библийӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи у, нӕ уарзӕгой Фыд нӕм кӕй ныффыста, ахӕм писмо. Хуыцауы Ныхас нын ӕмбарын кӕны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй абон дӕр царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ фидӕны та зӕххыл ӕнустӕм цӕрӕм. Ӕцӕг, адӕймаг Библи бамбарыныл куы фӕархайы, уӕд уый алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы. Ӕмӕ, чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ ныхмӕ цӕуой. Фӕлӕ уый тыххӕй уыцы диссаджы фидӕнӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн! Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25; Раргомад 14:6, 7.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын