Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 9 сӕр, 1–5 фарстатӕ
  • Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Уӕ бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 9 сӕр, 1–5 фарстатӕ

9 СӔР

Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

1. Лӕг ӕмӕ усы сӕ къухтӕ ӕрфыссын цӕмӕн хъӕуы?

Лӕг ӕмӕ ус сӕ къухтӕ ӕрфыстой

Библийы цы хорз хабары кой цӕуы, уый у Йегъовӕйӕ. Йегъовӕ у амондджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ дӕр амондджын уой (1 Тимофеймӕ 1:11). Бинонты цардӕн бындур Хуыцау ӕрӕвӕрдта. Лӕг ӕмӕ усы ӕнӕмӕнг хъӕуы сӕ къухтӕ ӕрфыссын, уымӕн ӕмӕ уӕд ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдзысты амондджын ӕмӕ сӕ алчидӕр зондзӕн, йӕ бинонтӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц. Чырыстӕттӕ хъуамӕ аргъ кӕной, бинонтӕ скӕныны фӕдыл сӕ бӕстӕйы цы закъӕттӕ ис, уыдонӕн. Бакӕс Лукайы 2:1, 4, 5.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонты уой иумӕ. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард хъуамӕ баиу кӕной закъонмӕ гӕсгӕ (Лукайы 2:1, 4, 5). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой (Дзуттӕгтӕм 13:4). Уый йе «сӕфт уыны хицӕн кӕнынӕй» (Малахи 2:16). Фӕлӕ йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацӕуа, уыцы адӕймагӕн Хуыцау уый бар дӕтты, цӕмӕй дзы ахицӕн уа ӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕна. Бакӕс Матфейы 19:3–6, 9.

2. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой?

Амондджын лӕг ӕмӕ ус

Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ скодта, ӕмӕ дзы бинонты царды алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат (Райдиан 2:18). Нӕлгоймаг бинонты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ бинонты дара ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый сын амона. Стӕй хъуамӕ йӕ усы удуӕлдай уарзтӕй уарза. Уӕвгӕ, лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ сӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной. Иу адӕймаг дӕр ӕнӕрӕдийгӕ нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ сахуыр уой кӕрӕдзийӕн барын. Уый фӕрцы иумӕ амондджынӕй цӕрдзысты. Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32; 5:22–25, 33; 1 Петры 3:7.

3. Бинонтӕн сӕ цард куы нӕ цӕуа, уӕд куыд кӕнгӕ у?

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы не ’мбарой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ сӕхиуыл кусой ӕмӕ сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисой (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Хуыцауы Ныхас афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ бинонтӕ куы нӕ фидауой, уӕд хъуамӕ хицӕнтӕй цӕрой, ома ус йӕ цӕгатмӕ алидза кӕнӕ лӕг йӕ усы ныууадза. Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:10–13.

4. Хуыцауы зӕрдӕ сывӕллӕттӕн цы зӕгъы?

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хӕдзары ӕххуыс кӕнынц

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сывӕллӕттӕ амондджын уой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Сӕ ныййарджытӕ фылдӕр кӕй зонынц ӕмӕ царды фылдӕр кӕй федтой, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сӕ зондмӕ хъусой (Колоссӕгтӕм 3:20). Стӕй Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын сывӕллӕттӕ йӕхи зӕрдӕ дӕр ӕмӕ йӕ Фырт Йесойы зӕрдӕ дӕр рухс кӕной, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, уый сын стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Бакӕс Екклесиаст 11:9–12:1; Матфейы 19:13–15; 21:15, 16.

5. Ныййарджыты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ амондджын уой?

Фыд ныхас кӕны йӕ сывӕллонимӕ

Цӕмӕй сывӕллӕттӕн хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый уа, уый тыххӕй ныййарджыты хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ цӕмӕй сывӕллӕттӕ амондджын уой, уый тыххӕй ма сӕ хъӕуы ахуыр кӕнын Хуыцауы уарзын ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕм хъусын дӕр (Ефесӕгтӕм 6:4). Ныййарджытӕ Хуыцауы кӕй уарзынц, уый сывӕллон куы уына, уӕд ӕй йӕхӕдӕг дӕр бауарздзӕн. Сывӕллонӕн зонд Хуыцауы Ныхасӕй куы амоной, уӕд ӕй афтӕмӕй раст фӕндагыл сараздзысты. Бакӕс Дыккаг закъон 6:4–7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6.

Сывӕллӕтты хъӕуы рӕвдауын ӕмӕ сӕ ӕппӕлын, уымӕн ӕмӕ сыл уӕд базыртӕ базайы. Фӕлӕ сын хатт фӕхъӕуы бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ зонд бацамонын дӕр. Уый сӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнӕзонд митӕй ӕмӕ уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Ӕцӕг, сывӕллоны бафхӕрын куы хъӕуа, уӕд ныййарджытӕ хъуамӕ ӕгӕр карз кӕнӕ ӕгъатыр ма уой. Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:21.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мыхуыры рауагътой, ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн стыр ӕххуыс чи у, цалдӕр ахӕм чиныджы. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон ист сты Библийӕ. Бакӕс Псалом 19:7, 11.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 14 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын