Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 2 радз., 6–7 фф.
  • Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Чызг загъта: «Цӕуын»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Исахъ ссардта хорз ус
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Куывды тых
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 2 радз., 6–7 фф.
Елиезер, Ревеккӕ, лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕс теуайы дард фӕндагыл Ханаанмӕ фӕцӕуынц

2 РАДЗЫРД

Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын

Ревеккӕ Йегъовӕйы тынг уарзта. Йӕ лӕг хуынди Исахъ, уый дӕр уарзта Йегъовӕйы. Ревеккӕ ӕмӕ Исахъ куыд базонгӕ сты? Ревеккӕйы Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Цӕй ӕмӕ уал фыццаг базонӕм Ревеккӕйы лӕг Исахъы тыххӕй.

Исахъы ныййарджытӕ уыдысты Авраам ӕмӕ Саррӕ. Ӕртӕйӕ дӕр цардысты Ханааны. Ханааны цӕрджытӕ та Йегъовӕйӕн нӕ куывтой. Фӕлӕ Авраамы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фыртӕн уыдаид, Йегъовӕйӕн чи кувы, ахӕм ус. Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы, ӕвӕццӕгӕн, Елиезеры, арвыста Харранмӕ, йӕ хӕстӕджытӕй чидӕртӕ кӕм цардысты, уырдӕм.

Ревеккӕ Елиезеры теуатӕн дон нуазынӕн кӕны

Ревеккӕ нӕ фӕзивӕг кодта, ӕмӕ теуаты донӕй бафсӕста

Елиезер ацыд Авраамы иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ. Ӕмӕ сӕ цӕуын та хъуыди тынг бирӕ. Дӕс теуайыл хӕринаг ӕмӕ лӕвӕрттӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ ацыдысты. Елиезер куыд хъуамӕ базыдтаид, Исахъӕн кӕцы чызджы равзарын хъуыди, уый? Елиезар ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ Харранмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд цъайы раз ӕрлӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ Елиезер зыдта, тагъд уырдӕм сылгоймӕгтӕ дон хӕссынмӕ цӕуын кӕй райдайдзысты. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Афтӕ цы чызгӕн зӕгъон, дон-ма мын ратт, ӕмӕ мын мӕхицӕн дӕр ӕмӕ мӕ теуатӕн дӕр дон чи ратта, уый уыдзӕн, Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг».

Уалынмӕ кӕсы, ӕмӕ иу ӕрыгон чызг, Ревеккӕ, цъайы цурмӕ ӕрбацӕуы. Библийы фыст ис, тынг рӕсугъд чызг кӕй уыд. Елиезер дзы дон ракуырдта ӕмӕ йын чызг загъта: «Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон!» Зоныс, теуатӕ дойны куы вӕййынц, уӕд тынг бирӕ дон фӕнуазынц. Ӕмӕ Ревеккӕ цъайӕ дон хаста ӕмӕ хаста. Ӕркӕс-ма нывмӕ: уыныс, цы зын куыст у, уый? ~ Елиезер дис кодта, Йегъовӕ йын йӕ куывд кӕй фехъуыста, ууыл.

Елиезер Ревеккӕйӕн ӕрхаста бирӕ рӕсугъд лӕвӕрттӕ. Ревеккӕ Елиезеры ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы лӕггадгӕнджыты сӕхимӕ фӕхуыдта. Елиезер Ревеккӕйы бинонтӕн радзырдта, Авраам ӕй уырдӕм цӕмӕн арвыста ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд куыд фехъуыста. Уыдон бацин кодтой ӕмӕ сразы сты, цӕмӕй Ревеккӕ Исахъы ус суыдаид.

Ревеккӕ Елиезеримӕ Ханаанмӕ ацыд ӕмӕ Исахъы ус сси

Куыд хъуыды кӕныс, Ревеккӕйы фӕндыд, цӕмӕй Исахъы ус суыдаид? ~ Ревеккӕ зыдта, Елиезеры сӕм Йегъовӕ кӕй ӕрбарвыста. Ӕмӕ Ревеккӕйы йӕ бинонтӕ куы бафарстой, фӕнды дӕ, цӕмӕй Харранмӕ ацӕуай ӕмӕ Исахъы ус суай, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Фӕнды». Чызг уайтагъд йӕхи арӕвдз кодта ӕмӕ Елиезеримӕ ацыд. Харранмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Ревеккӕ Исахъы ус сси.

Ревеккӕ бакодта, Йегъовӕйы куыд фӕндыд, афтӕ. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта. Бирӕ азты фӕстӕ Ревеккӕйы сывӕллӕтты сывӕллӕттӕй иуӕн райгуырд Йесо. Ды дӕр Ревеккӕйы хуызӕн куы уай ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕнай, уӕд Йегъовӕ дӕуӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн.

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Райдиан 12:4, 5; 24:1–58, 67

ФАРСТАТӔ

  • Ревеккӕ чи уыд?

  • Авраамы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй Исахъ ханаайнаг чызджы ракуырдтаид?

  • Елиезер куыд базыдта, Исахъ цы чызджы хъуамӕ ракуырдтаид, уый Ревеккӕ кӕй уыд?

  • Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мах дӕр Ревеккӕйы хуызӕн уӕм?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын