Куывды тых
Хур фӕныгуылы Астӕуккаг Скӕсӕны Нахоры сахарыл. Иу сириаг лӕг, йӕ ном Елиезер, ӕрлӕууыд дӕс теуаимӕ, сахары ӕдде цы цъай ис, уый цур. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Елиезер у фӕллад ӕмӕ йын у дойны, фӕлӕ йӕ уӕддӕр йӕхи мӕт нӕй. Уый ӕрцыд фӕсарӕйнаг бӕстӕй йӕ хицауы фыртӕн ус агурӕг. Уымӕй уӕлдай ма йӕ хъуамӕ ӕрцагура йӕ хицауы хӕстӕджыты ’хсӕн. Цымӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн уыцы зын хӕслӕвӕрд?
ЕЛИЕЗЕР зоны, куывдӕн цӕйас тых ис, уый. Уый ууыл сывӕллонау ӕууӕнды ӕмӕ сӕрныллӕгӕй кувы: «Хицау [«Иегъовӕ», АМТ], мӕ хицау Авраамы Хуыцау! Дӕ хорзӕхӕй, абон ӕй мӕ размӕ рарвит ӕмӕ мӕ хицау Авраамӕн хорзӕх скӕн; мӕнӕ, ӕз лӕууын суадоны цур, ӕмӕ сахары цӕрджыты чызджытӕ цӕуынц ардӕм дон исынмӕ; ӕмӕ чызджытӕй кӕмӕн зӕгъон: „Ӕркъул ма кӕн дӕ дурын, ӕз мӕ дойны басӕттон“, ӕмӕ мын чи зӕгъа: „Бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн дон“, уӕд уый уыдзӕн, Дӕ цагъар Исахъӕн кӕй снысан кодтай, уыцы чызг; афтӕмӕй ӕз базондзынӕн, Ды мӕ хицауӕн хорзӕх кӕй кӕныс, уый» (Уӕвынад 24:12—14).
Елиезер ӕнӕхъуаджы не ’ууӕндыд, куывдӕн йӕ бон бирӕ кӕй у, ууыл. Цъаймӕ фыццаг цы сылгоймаг ӕрбацыд, уый разынд Авраамы ӕфсымӕры фырты чызг! Йӕ ном хуыйны Ревеккӕ, уый у ӕнӕцыд, ӕгъдауджын ӕмӕ рӕсугъд чызг. Диссаг уый у, ӕмӕ уый канд Елиезерӕн нӕ дары дон, фӕлӕ ма йын хӕларзӕрдӕйӕ зӕгъы, йӕ теуатӕн дӕр ын дон кӕй бадардзӕн. Фӕстӕдӕр Ревеккӕ, йӕ бинонтимӕ аныхасгӕнгӕйӕ, ӕнӕзивӕгӕй сразы Елиезеримӕ дард бӕстӕмӕ ацӕуыныл ӕмӕ сси Авраамы фырт Исахъы бинойнаг. Хуыцау диссаджы хуызы цаутыл кӕй къухдариуӕг кодта, уый уыд диссаджы ӕмӕ бӕлвырд дзуапп Елиезеры куывдӕн йӕ рӕстӕгыл!
Елиезеры куывдӕй бирӕ цӕуылдӕртыл ис сахуыргӕнӕн. Йӕ куывдӕй рабӕрӕг йӕ диссаджы уырнындзинад, йӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ иннӕтыл кӕй тыхст, уый. Елиезеры куывдӕй ма бӕрӕг уыд, уый разы кӕй уыд, Иегъовӕ адӕймагадӕн цы аразы, уыимӕ. Уый нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау Авраамыл тынг ӕнувыд кӕй уыд, ӕмӕ ма йын Йӕ зӕрдӕвӕрдыл дӕр ӕууӕндыд, зӕгъгӕ, фидӕны ӕппӕт адӕймагад ӕрцӕудзӕн арфӕгонд Авраамы уылты (Уӕвынад 12:3). Уымӕ гӕсгӕ Елиезер кувын райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Хицау [«Иегъовӕ», АМТ], мӕ хицау Авраамы Хуыцау!»
Йесо Чырысти уыд Авраамы байзӕддаг, коммӕгӕс адӕймагад кӕй уылты хъуамӕ ӕрцыдаид арфӕгонд, уый (Уӕвынад 22:18). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ куывтытӕн абон дзуапп исӕм, уӕд хъуамӕ сӕрныллӕгӕй разы уӕм, Хуыцау йӕ Фырты уылты адӕймагадӕн цы аразы, уыимӕ. Йесо Чырысти загъта: «Сымах мемӕ иудзинады куы уат, ӕмӕ мӕ дзырдтӕ уӕ зӕрдӕты куы уой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый ракурут, ӕмӕ уын уыдзӕни» (Иоанны 15:7, НД).
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй ацы ныхӕсты рӕстдзинад йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдонӕй иу уыд апостол Павел. Уый ӕцӕгдӕр дзӕгъӕлы не ’ууӕндыд куывды тыхыл. Уый разӕнгард кодта йе ’мчырыстӕтты, цӕмӕй цӕуыл тыхсынц, уый Хуыцауӕн куывды мидӕг дзурой, ӕмӕ загъта: «Ӕппӕтдӕр мӕ бон у мӕ фидаргӕнӕг (Йесо) Чырыстийы мидӕг [«Йесо Чырыстийы фӕрцы», НФ]» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13). Цымӕ уый нысан кӕны, Хуыцау Павелы куывтытӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кодта? Цӕй ӕркӕсӕм ӕм.
Алы курдиатӕн дзуапп лӕвӕрд нӕ цӕуы
Кӕд Павел сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уӕддӕр хъизӕмар кодта, «буары... сындз» кӕй схуыдта, уымӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:7, НФ). Гӕнӕн ис, уый хъизӕмар кодта ныхмӕлӕуджытӕ ӕмӕ «мӕнг ӕфсымӕрты» тыххӕй психикон ӕмӕ эмоционалон ӕгъдауӕй (2 Коринфӕгтӕм 11:26; Галатӕгтӕм 2:4). Кӕнӕ, гӕнӕн ис, цӕстӕй ӕвзӕр уыдта (Галатӕгтӕм 4:15). Цыфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Павелӕн уыцы «буары... сындз» йӕ тыхтӕ иста. «Куырдтон дзы ӕртӕ хатты Хицауӕй, цӕмӕй йӕ мӕнӕй сласа» (НФ),— фыста уый. Фӕлӕ уӕддӕр Павелы курдиатӕн дзуапп не ’рцыд лӕвӕрд. Павелӕн бамбарынчындӕуыд, Хуыцауӕй йын цы духовон арфӕдзинӕдтӕ уыд лӕвӕрд, зӕгъӕм, тых фӕлварӕнты бафӕразынӕн, уый йын фаг кӕй уыд. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау загъта: «Мӕ тых ӕххӕст кӕны ӕдыхдзинады» (2 Коринфӕгтӕм 12:8, 9).
Елиезер ӕмӕ Павелы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иегъовӕ Хуыцау ӕцӕгӕйдӕр хъусы, сӕрныллӕгӕй йын лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны куывтытӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын се ’ппӕт курдиӕттӕ дӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕн ӕмӕ Хуыцау хъуыддӕгтӕм иу боны цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый йӕ хуыздӕр зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ уый алкӕддӕр архайы, кӕй фехъусын кодта ӕмӕ Библийы фыст чи ’рцыд, уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Духовон ӕгъдауӕй дзӕбӕх кӕныны рӕстӕг
Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ Фырты Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы адӕймагады ӕппӕт физикон, психикон ӕмӕ эмоционалон низтӕй кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн (Раргомад 20:1—3; 21:3—5). Ӕцӕг чырыстӕттӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уыцы зӕрдӕвӕрд фидӕнмӕ, уыимӕ фидарӕй ӕууӕндынц, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у уый саразын, ууыл. Уыдон не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, диссаджы хуызы абон кӕй сдзӕбӕх уыдзысты, фӕлӕ кувынц Хуыцаумӕ, цӕмӕй сын уый ӕххуыс кӕна ӕмӕ сын тых дӕтта фӕлварӕнты бафӕразынӕн (Псалом 54:23). Куы фӕрынчын уой, уӕд дӕр сӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй сӕ сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ хуыздӕр медицинон фӕрӕзтӕй дзӕбӕх кӕной.
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ диссаджы хуызы кӕй дзӕбӕх кодтой, уымӕ амонгӕйӕ иуӕй-иу динтӕ рынчынты разӕнгард кӕнынц кувынмӕ, цӕмӕй абон сӕ низтӕй фервӕзой. Фӕлӕ уыцы диссӕгтӕн уыд бӕрӕг нысан. Уыдоны руаджы ӕвдыст цыд, Йесо Чырысти ӕцӕг Мессиа кӕй уыд ӕмӕ Хуыцау дзуттӕгты бӕсты ӕрыгон чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй аздӕхта йе ’ргом, уый. Уӕды рӕстӕджы диссӕгтӕ хъуыдысты ног чырыстон ӕмбырды уырнындзинад бафидар кӕнынӕн. Ног ӕмбырд йӕ къӕхтыл куы слӕууыд ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй фӕлтӕрд куы сси, уӕд диссӕгтӕ «фесты» (1 Коринфӕгтӕм 13:8, 11, НД).
Абон Иегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд дӕтты ноджы ахсджиагдӕр хъуыддагӕн — духовон ӕгъдауӕй дзӕбӕх кӕныны хъуыддагӕн. Цалынмӕ адӕмӕн ис рӕстӕг, уӕдмӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй сӕ хъус ӕрдарой ацы сидтмӕ: «Агурут Хицауы [«Иегъовӕйы», АМТ], куы Йӕ уа ссарӕн, уӕд; сидут Ӕм, ӕввахс куы уа, уӕд. Уадз ӕдзӕсгом ныууадзӕд йӕ фӕндаг, ӕмӕ закъонхалӕг — йӕ фӕндӕттӕ, ӕмӕ уадз раздӕхӕд Хицаумӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ йын Уый ныххатыр кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у бирӕхатыргӕнаг» (Исай 55:6, 7).
Йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдон духовон ӕгъдауӕй сдзӕбӕх вӕййынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы (Матфейы 24:14). Иегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыцы ирвӕзынгӕнӕн куыст сӕ бӕрны кӕй бакодта, уымӕй ӕххуыс кӕны ӕппӕт нацитӕй милуангай адӕймӕгтӕн, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йемӕ хорз ахастыты уой, цалынмӕ ацы фыддунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Духовон ӕгъдауӕй дзӕбӕх кӕныны тыххӕй зӕрдиагӕй чи кувы ӕмӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй чи кувы, уыдон иууылдӕр сӕ куывтытӕн исынц дзуапп.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]
Елиезер ӕмӕ Ревеккӕ./The Doré Bible Illustrations/Dover Publications