Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 3 радз., 8–9 фф.
  • Раав ӕууӕндыд Йегъовӕйыл

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раав ӕууӕндыд Йегъовӕйыл
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раав сгарджыты бамбӕхста
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Раав бамбӕхста сгарджыты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Иерихоны систӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 3 радз., 8–9 фф.
Раав ссыд хӕдзары сӕрмӕ, сгарджытӕ кӕм бамбӕхстысты, уырдӕм

3 РАДЗЫРД

Раав ӕууӕндыд Йегъовӕйыл

Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, цыма Иерихоны стӕм. Уыцы горӕт уыд Ханааны, йӕ цӕрджытӕ Йегъовӕйӕн нӕ куывтой. Уым цард иу сылгоймаг, йӕ ном хуынди Раав.

Раав ма гыццыл куы уыд, уӕд-иу арӕх хъуыста, Моисей Сырх денджызы дӕттӕ куыд адих кодта ӕмӕ израилӕгты Египетӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Фехъуыста ма, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, ӕмӕ се ’ппӕт знӕгтыл дӕр куыд фӕтых сты, уый тыххӕй дӕр. Ныр та базыдта, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ Иерихоны раз кӕй ӕрӕвӕрдтой.

Раав сгарджыты бамбӕхста, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыд

Иу изӕр дыууӕ израиладжы Иерихонмӕ ӕрбацыдысты. Уыдон уыдысты сгарджытӕ. Дыууӕ лӕджы бацыдысты Раавы хӕдзармӕ. Раав сӕ мидӕмӕ бакодта, цӕмӕй ӕхсӕвы уым баззадаиккой. Ӕхсӕвы Иерихоны паддзах базыдта, сгарджытӕ горӕтмӕ кӕй бацыдысты ӕмӕ Раавы хӕдзары кӕй ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй сӕ ӕрцахстаиккой. Раав сгарджыты йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта ӕмӕ сӕ уым бамбӕхста. Паддзах кӕй ӕрбарвыста, уыцы лӕгтӕн та загъта: «Сгарджытӕ ам уыдысты, фӕлӕ ацыдысты. Тагъддӕр сӕ фӕстейӕ асурут, ӕмӕ сӕ ӕрцахсдзыстут!» Раав сгарджыты цӕуылнӕ схъӕр кодта, уый зоныс? ~ Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ Ханааны зӕхх израилӕгтӕн кӕй ратдзӕн.

Сгарджытӕ Раавы хӕдзарӕй куы цыдысты, уӕд ын загътой, Иерихон куы ныппырх уа, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр кӕй аирвӕздзысты. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй цы бакӕнын хъуыд, уый зоныс? ~ Уыдон ын загътой: «Мӕнӕ ацы сырх бӕттӕн райс ӕмӕ йӕ дӕ рудзынгыл бабӕтт. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд, дӕ хӕдзары чи ис, уыдонӕй никӕмӕн ницы уыдзӕн». Раав бакодта, сгарджытӕ йын куыддӕриддӕр загътой, афтӕ. Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый зоныс? ~

Иерихоны къулыл Раавы хӕдзары рудзынгыл ауыгъд сырх бӕндӕн

Йегъовӕ Раавы ӕмӕ йын йӕ бинонты фервӕзын кодта

Цалдӕр боны фӕстӕ израилӕгтӕ горӕты алыварс зилын райдыдтой, ӕппындӕр ницы дзырдтой, афтӕмӕй. Алы бон дӕр-иу йӕ алыварс иу хатт ӕрзылдысты. Ӕмӕ афтӕ ӕхсӕз боны. Фӕлӕ йыл ӕвдӕм бон ӕрзылдысты авд хатты. Стӕй иууылдӕр иумӕ сӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодтой. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ, горӕты алыварс цы къултӕ уыд, уыдон ныккалдысты. Фӕлӕ сырх бӕттӕн цы хӕдзары рудзынгыл баст уыд, уый нӕ ныппырх! Нывы йӕ уыныс? ~ Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕ удӕгасӕй баззадысты!

Раавы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Раав Хуыцауыл уый тыххӕй баууӕндыд, ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый. Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй ды дӕр бирӕ цыдӕртӕ зоныс. Ды дӕр ыл Раавы хуызӕн ӕууӕндыс? ~ Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о!

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Йесо Навин 2:1–24; 6:1–5, 14, 15, 20–25

  • Дзуттӕгтӕм 11:31

ФАРСТАТӔ

  • Раав ма гыццыл куы уыд, уӕд цавӕр хабӕрттӕ фехъуыста?

  • Раав израилаг сгарджытӕн куыд баххуыс кодта? Цӕмӕн сын баххуыс кодта?

  • Сгарджытӕ Раавӕн цы загътой?

  • Раавӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын