Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 30 сӕр, 76 ф.
  • Раав сгарджыты бамбӕхста

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раав сгарджыты бамбӕхста
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раав ӕууӕндыд Йегъовӕйыл
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Раав бамбӕхста сгарджыты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Иерихоны систӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 30 сӕр, 76 ф.
Раав сгарджыты бамбӕхста, ӕфсӕддонтӕн та дзуры, горӕтӕй кӕй ацыдысты

30 СӔРГОНД

Раав сгарджыты бамбӕхста

Израилаг сгарджытӕ Иерихонмӕ куы ’рцыдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты иу сылгоймаджы хӕдзары. Йӕ ном хуынди Раав. Иерихоны паддзах уый куы базыдта, уӕд Раавы хӕдзармӕ йе ’фсӕддонты арвыста. Фӕлӕ Раав уыцы дыууӕ сгарӕджы йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта ӕмӕ сӕ уым бамбӕхста. Ӕфсӕддонтӕн та загъта, уыцы сгарджытӕ гыццыл раздӕр горӕтӕй кӕй ацыдысты. Раав сгарджытӕн загъта: «Ӕз уын баххуыс кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, Йегъовӕ уемӕ кӕй ис ӕмӕ ацы зӕхх кӕй бацахсдзыстут. Уӕ хорзӕхӕй, дзырд мын раттут, мӕ бинонты мын удӕгасӕй кӕй ныууадздзыстут».

Сгарджытӕ Раавӕн загътой: «Дзырд дын дӕттӕм, дӕ хӕдзары чи уа, уыдонӕй алкӕй дӕр удӕгасӕй кӕй ныууадздзыстӕм». Стӕй ма йын загътой: «Дӕ хӕдзары рудзынгыл бабӕтт сырх бӕндӕн, ӕмӕ уӕд дӕ бинонтӕ аирвӕздзысты».

Иерихоны къултӕ ныккалдысты, Раавы хӕдзар та нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ йӕ рудзынгыл баст уыд сырх бӕндӕн

Раав сгарджыты бӕндӕныл рудзынгӕй ӕруагъта. Уыдон хӕхтӕм ацыдысты ӕмӕ ӕртӕ боны уым ӕмбӕхстысты, цалынмӕ фӕстӕмӕ Йесо Навинмӕ нӕ аздӕхтысты, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ сӕхи тохмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой. Иерихон уыди, кӕй бацахстой, уыцы горӕттӕй фыццаг. Йегъовӕ сын загъта, цӕмӕй горӕты алыварс ӕрзылдаиккой, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ кодтаиккой ӕхсӕз боны дӕргъы. Ӕвдӕм бон та хъуамӕ горӕты алыварс ӕрзылдаиккой авд хатты. Ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ бакодтой. Стӕй сауджынтӕ сыкъатӕй ныууасыдысты ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ сӕ хъӕлӕсыдзагӕй ныхъхъӕр кодтой. Ӕмӕ ӕвиппайды горӕты къул ныккалд! Раавы хӕдзар къулы мидӕг уыди, фӕлӕ уымӕн йӕ хӕдзар нӕ ныккалд. Раав йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр аирвӕзтысты.

«Раав дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, ӕрвыст лӕгты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы арвыста, уӕд?» (Иаковы 2:25)

Фарстатӕ. Раав сгарджытӕн цӕмӕн баххуыс кодта? Израилӕгтӕ Иерихон куыд бацахстой? Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы баисты?

Йесо Навин 2:1–24; 6:1–27; Дзуттӕгтӕм 11:30, 31; Иаковы 2:24–26

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын