8 РАДЗЫРД
Иосийӕн уыди хорз ӕмбӕлттӕ
Куыд хъуыды кӕныс, раст цы у, уый аразын ӕнцон у? ~ Бирӕтӕм уый ӕнцон нӕ кӕсы. Библийы фыст ис, иу лӕппуйӕн, Иосийӕн, тынг зын кӕй уыди, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ йын хорз ӕмбӕлттӕ уыд ӕмӕ йын уыдон ӕххуыс кодтой. Цӕй ӕмӕ Иосийы ӕмӕ йе ’мбӕлтты тыххӕй фылдӕр базонӕм.
Иосийы фыд уыд Амон, Иудӕйы паддзах. Амон уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг ӕмӕ куывта къухӕйконд хуыцӕуттӕн. Куы амард, уӕд Иудӕйы паддзах сси Иоси. Фӕлӕ йыл аст азы йеддӕмӕ нӕма цыд! Куыд дӕм кӕсы, уый дӕр йӕ фыды хуызӕн ӕвзӕр адӕймаг уыд? ~ Нӕ, нӕ уыд!
Софони адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй къухӕйконд хуыцӕуттӕн ма куывтаиккой
Иосийы гыццылӕй дӕр фӕндыд Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн ӕмбӕлттӕн равзӕрста, Йегъовӕйы чи уарзта, ӕрмӕстдӕр ахӕмты. Уыдон ын ӕххуыс кодтой, раст цы у, уый аразынӕн. Иосийы ӕмбӕлттӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?
Иу дзы уыд Софони. Софони уыд пехуымпар ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн дзырдта, къухӕйконд хуыцӕуттӕн куы кувой, уӕд сыл бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Иоси хъуыста Софонимӕ ӕмӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ куывта, фӕлӕ Йегъовӕйӕн.
Иосийӕн йӕ иннӕ ӕмбал та уыд Йереми. Ууыл дӕр цыд, Иосийыл цал азы цыд, уал азы. Уыдон рӕзгӕ дӕр иумӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг цардысты. Ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты, ӕмӕ Иоси куы амард, уӕд Йереми ныффыста зарӕг, куыд тынг ӕй мысыд, уый тыххӕй. Йереми ӕмӕ Иоси кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой, раст цы у, уый аразынӕн ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсынӕн.
Йереми ӕмӕ Иоси кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой, раст цы у, уый аразынӕн
Иосийӕ цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Иоси нырма гыццыл куы уыд, уӕд дӕр ӕй фӕндыд, раст цы у, уый аразын. Зыдта йӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ йын кӕй хъуамӕ уа. Ды дӕр дӕхицӕн ӕвзар, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ, раст цы у, уый аразынӕн дын чи ӕххуыс кӕна, ахӕм ӕмбӕлттӕ.