Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 56 сӕр, 134 ф.–135 ф., 1 абз.
  • Иоси Хуыцауы Закъон уарзта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иоси Хуыцауы Закъон уарзта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иосийӕн уыди хорз ӕмбӕлттӕ
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Израилы фӕстаг хорз паддзах
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Иоси равзӕрста раст фӕндаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Ӕрыгӕттӕ, уӕхицӕн цавӕр цард равзардзыстут?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 56 сӕр, 134 ф.–135 ф., 1 абз.
Шафан паддзах Иосийӕн тыхтонӕй Хуыцауы Закъон кӕсы

56 СӔРГОНД

Иоси Хуыцауы Закъон уарзта

Иоси Иудӕйы паддзах сси, 8 азы йыл куы цыди, уӕд. Уыцы рӕстӕджы адӕм хинтӕ-кӕлӕнтӕ кодтой ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой. Иосийыл 16 азы куы цыд, уӕд архайын райдыдта, цӕмӕй базыдтаид, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый. 20 азы йыл куы цыди, уӕд та бавнӕлдта, Иудӕйы зӕххыл цыдӕриддӕр къухӕйконд хуыцӕуттӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ уыд, уыдон пырх кӕнынмӕ. 26 азы йыл куы цыд, уӕд та адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндон сцалцӕг кодтаиккой.

Хистӕр сауджын Хелки кувӕндоны ссардта Йегъовӕйы Закъоны тыхтон. Чи зоны, уый уыд, Моисей Хуыцауы Закъон цы тыхтоныл ныффыста, уый. Писыр Шафан уыцы тыхтон паддзах Иосимӕ бахаста ӕмӕ йын Закъон хъӕрӕй кӕсын райдыдта. Иоси йӕм лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ бамбӕрста, адӕм бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ кастысты. Иоси Хелкийӕн загъта: «Йегъовӕ нӕм тынг мӕсты у. Ацу ӕмӕ йӕм скув. Уый дын зӕгъдзӕн, цы кӕнын нӕ хъӕуы, уый». Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ус-пехуымпар Олдамӕйы уылты фехъусын кодта: «Иудӕйы адӕм мӕ ныууагътой. Ӕз сӕ бафхӕрдзынӕн, ӕрмӕст паддзах Иосийы рӕстӕджы нӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхи мӕ разы ӕрныллӕг кодта».

Хелки ссардта, Йегъовӕйы Закъон фыст кӕм уыд, ахӕм тыхтон

Паддзах Иоси уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд кувӕндонмӕ ацыд ӕмӕ Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын Йегъовӕйы Закъон хъӕрӕй кӕсын райдыдта. Иоси йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ адӕм дӕр Йегъовӕйӕн дзырд радтой, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты.

Бирӕ азты дӕргъы Иудӕйы адӕм Куадзӕны бӕрӕгбон нӕ бӕрӕг кодтой. Фӕлӕ Закъоны афтӕ фыст кӕй уыд, ӕмӕ йӕ алы аз дӕр хъӕуы бӕрӕг кӕнын, уымӕ гӕсгӕ Иоси адӕмӕн загъта: «Йегъовӕйы номыл хъуамӕ Куадзӕн скӕнӕм». Уый фӕстӕ Иоси бирӕ фосы нывӕндтӕ ӕрцӕттӕ кӕнын кодта ӕмӕ кувӕндоны зарӕггӕнджыты сӕвӕрын кодта. Адӕм Куадзӕн сбӕрӕг кодтой ӕмӕ стӕй авд боны бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куадзӕн Самуилы замантӕй уӕды онг афтӕ никуы сбӕрӕг кодтой. Иоси Хуыцауы Закъон ӕцӕгдӕр бирӕ уарзта. Дӕуӕн дӕр ӕхсызгон нӕ вӕййы, Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ куы базоныс, уӕд?

«Дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн» (Псалом 119:105)

Фарстатӕ. Паддзах Иосийӕн Хуыцауы Закъон куы бакастысты, уӕд куыд бакодта? Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ Иосимӕ цы зӕрдӕ дардта?

2 Паддзӕхты 21:26; 22:1–23:30; 2 Азфыстыты 34:1–35:25

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын