Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • kr 9 сӕр, 98–109 фф.
  • Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
  • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бирӕ куыст ӕмӕ стыр циндзинад
  • Нӕ Паддзах нын разамынд дӕтты ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕн афон
  • Йесо дзырдта стыр тыллӕджы тыххӕй
  • Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр цин кӕнынц
  • «Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ»
  • Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хайад исӕм хуымгӕрдӕны!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
kr 9 сӕр, 98–109 фф.

9 СӔР

Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕ рӕстдзинады мыггӕгтӕ рӕзын кӕны

1, 2. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы нӕ бамбӕрстой? ӕ) Йесо цавӕр хуымгӕрдӕнты кой кодта?

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ». Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой. Йесо сын цы хуымтӕм бацамыдта, уыдоны ’рдӕм акастысты ӕмӕ федтой, хуымтӕ бур кӕй не сты, фӕлӕ цъӕх, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор нырма ныр сзади. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой: «Хуымгӕрдӕнтӕм нырма цалдӕр мӕйы куы хъӕуы, уӕд цӕй кӕрдыны кой кӕны?» (Иоан. 4:35).

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой нӕ кодта. Фӕлӕ уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодтаид, адӕмы чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕмбырд кӕндзысты, уыимӕ баст дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй ацы скъуыддзагмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

Бирӕ куыст ӕмӕ стыр циндзинад

3. а) Йесо цӕмӕн загъта, хуымтӕ «фӕурс сты», зӕгъгӕ? (Кӕс фиппаинаг.) ӕ) Йесо куыд бамбарын кодта, цӕй кой кодта, уый?

3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ загъта н. э. 30 азы кӕрон самариаг горӕт Сихармӕ хӕстӕг. Бӕлвырдӕй та хабар афтӕ уыди. Ахуыргӕнинӕгтӕ горӕтмӕ ацыдысты, Йесо та цъайы раз бадт ӕмӕ иу сылгоймагимӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын райдыдта. Уыцы сылгоймаг уайтагъд бамбӕрста, Йесо тынг ахсджиаг хабӕрттыл кӕй дзуры. Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сылгоймаг Сихармӕ азгъордта ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн радзырдта, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдта, уыдон. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы афтӕ тынг бацымыдис кодтой, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уайтагъд цъайы ’рдӕм Йесойы фенынмӕ атындзыдтой. Йесо хуымтӕм акаст ӕмӕ дардмӕ федта, горӕты ’рдыгӕй самариӕгтӕ кӕй ӕрбацӕуынц. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уӕд загъта ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты [«фӕурс сты», «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз] ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»a. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуымгӕрдӕг... тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн». Ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой кӕй нӕ кӕны (Иоан. 4:5–30, 36).

4. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта, ууыл. Фыццаг: хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Йесо афтӕ кӕй загъта, хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта ӕвӕстиатӕй архайынмӕ. Цӕмӕн, уый та сын бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ныридӕгӕн хуымгӕрдӕг йӕ мызд исы». Ӕцӕгдӕр, хуымгӕрдӕн райдыдта, ӕмӕ иу гыццыл дӕр фӕстиат кӕнӕн нал уыд! Дыккаг: хуымгӕрдӕн кусджытӕн хӕссы стыр циндзинад. Йесо загъта, зӕгъгӕ, тауджытӕ дӕр ӕмӕ хуымгӕрдджытӕ дӕр «иумӕ цин кӕндзысты» (Иоан. 4:35ӕ, 36). Уыцы самариӕгтӕй йыл «бирӕтӕ... баууӕндыдысты», ӕмӕ ууыл куыннӕ цин кодтаид. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй куы архайой, уӕд уыдонӕн дӕр уый стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн (Иоан. 4:39–42). Кӕд ацы хабар 1 ӕнусы ӕрцыд, уӕддӕр абон махӕн тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ хорз ӕвдисы, абон, ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕны рӕстӕг, цы хабӕрттӕ цӕуы, уый. Нӕ рӕстӕджы хуымгӕрдӕн кӕд райдыдта? Чи дзы архайы? Ӕмӕ цавӕр тыллӕг ӕрхаста?

Нӕ Паддзах нын разамынд дӕтты ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕн афон

5. а) Ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымгӕрдӕны хъуыддагӕн разамынд чи дӕтты? ӕ) Фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый Иоанны цӕстылуайӕнӕй куыд зыны?

5 Йегъовӕ апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, Йесойӕн кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй разамынд дӕтта хуымгӕрдӕны, ома адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕмбырд кӕнынц, уыцы хъуыддаджы. (Бакӕс Раргомад 14:14–16.) Цӕстылуайӕны Йесойӕн йӕ сӕрыл цы «сызгъӕрин кадыхуд» ис, уый ӕвдисы, бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ Паддзах кӕй у. Йӕ къухы цы «цыргъ ӕхсырф» ис, уый та ӕвдисы, Хуымгӕрдӕг кӕй у. Йегъовӕ зӕды уылты фехъусын кодта, зӕгъгӕ, «зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты», ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. Ӕцӕгдӕр, «кӕрдыны афон ӕрцыд», ӕмӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын! Йегъовӕ Йесойӕн бардзырд радта: «Де ’хсырф рауадз». Ӕмӕ Йесо дӕр йе ’хсырф зӕххыл рауагъта, ӕмӕ зӕхх карст ӕрцыд, ома адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ ӕмбырдгонд ӕрцыдысты. Ацы диссаджы цӕстылуайӕн нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хуымтӕ та ногӕй кӕй фӕбур сты ӕмӕ та кӕрдынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Цымӕ ацы цӕстылуайӕнӕй базонӕн ис, ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымгӕрдӕн кӕд райдыдта, уый? Ӕнӕмӕнг!

6. а) «Хуымгӕрдӕн афон» кӕд райдыдта? ӕ) «Зӕххыл хуымтӕ» кӕрдынмӕ кӕд бавнӕлдтой? Бамбарын ӕй кӕн.

6 Раргомады 14-ӕм сӕры уынӕм, Хуымгӕрдӕг Йесойӕн йӕ сӕрыл кӕй ис кадыхуд (14 стих), ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, уӕдмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уыцы хабар та ӕрцыд 1914 азы (Дан. 7:13, 14). Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесойӕн загъд уыд, цӕмӕй хуымтӕ кӕрдын райдайа (15 стих). Йесо мӕнӕу кӕрдыны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл афтӕ цӕуынц. Уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон». Уӕдӕ «хуымгӕрдӕн афон» ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон райдыдтой иу рӕстӕджы – 1914 азы (Матф. 13:30, 39). Ивгъуыд хабӕрттыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд фендзыстӕм, хуымтӕ кӕрдын кӕй райдыдтой, Йесо Паддзах куы сси, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ. Фыццаг уал, 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг, Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты фӕлвӕрдта ӕмӕ сӕ сыгъдӕг кодта (Мал. 3:1–3; 1 Пет. 4:17). Ӕмӕ уый фӕстӕ 1919 азы «зӕххыл хуымтӕ» кӕрдынмӕ бавнӕлдтой. Раст уыцы рӕстӕг нысангонд ӕрцыд ӕууӕнкджын цагъар дӕр. Ӕмӕ уыцы цагъары уылты Йесо уайтагъд не ’фсымӕртӕн баххуыс кодта, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппындӕр фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый бамбарынӕн. Ӕркӕсӕм, хабӕрттӕ куыд цыдысты, уымӕ.

7. а) Не ’фсымӕртӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй? ӕ) Ӕууӕнкджын цагъар ӕфсымӕрты цӕмӕ разӕнгард кодта?

7 1920 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, ӕмбырдмӕ уыцы стыр кад кӕй ӕрхауд, цӕмӕй Хуыцауы паддзахады хабар хъусын кӕна». Зӕгъӕм, пехуымпар Исайы ныхӕсты фӕрцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа хъуыстгонд (Ис. 49:6; 52:7; 61:1–3). Уыцы стыр куыстыл куыд ис аххӕссӕн, уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ фидарӕй зыдтой, Йегъовӕ сын сӕ разы фӕндӕгтӕ кӕй байгом кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 59:1.) Фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый ӕууӕнкджын цагъар хуыздӕр куы бамбӕрста, уӕд ӕфсымӕрты разӕнгард кӕнын райдыдта, цӕмӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой?

8. 1921 азы ӕфсымӕртӕ цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбӕрстой?

8 1921 азы декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм хъусинаг: «Ацы азӕй хуыздӕр аз никуыма уыд. Рӕстдзинады тыххӕй 1921 азы цас адӕм фехъуыста, уыйбӕрц уый размӕ азты нӕ фехъуыстой». Дарддӕр уыцы журналы фыст уыд: «Фӕлӕ уӕддӕр нырма тынг бирӕ куыст ис. [...] Уӕдӕ уыцы куыст дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ кӕнӕм». Ӕфсымӕртӕ дӕр бамбӕрстой, Йесо йӕ апостолтӕн цы дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы кой кодта, уыдон: хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй ӕмӕ уыцы куыст хӕссы стыр циндзинад.

9. а) 1954 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» хуымгӕрдӕны тыххӕй цы уыди фыст ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Фӕстаг 50 азы дӕргъы ӕгас дунейы хъусынгӕнджыты нымӕцыл цас бафтыд? (Кӕс таблицӕ «Хъусынгӕнджыты нымӕц».)

9 1930-ӕм азты ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, ӕндӕр фыстӕй чи у, уыцы тынг бирӕ адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Ӕмӕ уӕд хъусын кӕнынмӕ се ’ргом ноджы тынгдӕр аздӕхтой (Ис. 55:5; Иоан. 10:16; Рарг. 7:9). Ӕмӕ уый цавӕр тыллӕг ӕрхаста? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кодта, уыдонӕн сӕ нымӕц 1934 азы уыди 41 мины, ӕмӕ 1953 азмӕ та схызт 500 минмӕ! Уый тыххӕй 1954 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Ӕнӕхъӕн зӕххыл ахӕм стыр тыллӕг карст ӕрцыд Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы стыр тых ис, уый фӕрцы»b (Зах. 4:6).

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТЫ НЫМӔЦ

Бӕстӕ

1962

1987

2013

Австрали

15 927

46 170

66 023

Бразили

26 390

216 216

756 455

Франци

18 452

96 954

124 029

Итали

6 929

149 870

247 251

Япони

2 491

120 722

217 154

Мексикӕ

27 054

222 168

772 628

Нигери

33 956

133 899

344 342

Филиппинтӕ

36 829

101 735

181 236

АИШ

289 135

780 676

1 203 642

Замби

30 129

67 144

162 370

БИБЛИЙЫ АХУЫРТЫ НЫМӔЦ

1950

234 952

1960

646 108

1970

1 146 378

1980

1 371 584

1990

3 624 091

2000

4 766 631

2010

8 058 359

Йесо дзырдта стыр тыллӕджы тыххӕй

10, 11. Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы ис базонӕн?

10 Хуымгӕрдӕны рӕстӕг стыр тыллӕг карст кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йесо хорз бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоны фӕрцы. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ: хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй. Уӕлдайдӕр нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, кӕроны рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ.

11 Фӕсномыг ныхас хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй. Иу лӕг йӕ хуымы ныссагъта хъыцъыйы нӕмыг. Уыцы нӕмыг куы сырӕзт, уӕд дзы бӕлас рауад, ӕмӕ йӕ къалиутыл мӕргътӕ сӕхицӕн бынат скодтой. (Бакӕс Матфейы 13:31, 32.) Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн, нӕмыг куыд сырӕзы, уый тыххӕй? 1) Куыд сырӕзы, уый у диссаг. Кӕд «тауинӕгтӕй уымӕй гыццылдӕр нӕй», уӕддӕр дзы рауайы стыр бӕлас ӕмӕ «йӕ къалиутӕ дардыл айтындзы» (Мар. 4:31, 32). 2) Ӕнӕмӕнг сырӕзы. Йесо загъта, зӕгъгӕ, хъыцъыйы нӕмыг «куы ныссадзынц ӕмӕ куы сырӕзы...». Афтӕ нӕ загъта, «чи зоны, сырӕза», фӕлӕ, дам, «сырӕзы». Ӕндӕр ныхасӕй, уыцы хъуыддагӕн бауромӕн нӕй. 3) Бӕлас куы сырӕзы, уӕд ӕм «мӕргътӕ ӕртӕхынц» ӕмӕ «йӕ аууоны сӕхицӕн бынат скӕнынц». Ацы ӕртӕ хъуыддаджы абон адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ куыд сты баст?

12. Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ куыд у баст? (Ноджыдӕр кӕс таблицӕ «Библийы ахуырты нымӕц».)

12 1) Куыд сырӕзы. Фӕсномыг ныхас ӕвдисы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд «рӕзы», ома куыд парахат кӕны, ӕмӕ чырыстон ӕмбырд стырӕй-стырдӕр куыд кӕны, уый. 1919 азӕй фӕстӕмӕ зынгзӕрдӕ кусджытӕ ӕмбырдгонд цӕуынц чырыстон ӕмбырдмӕ. Райдианы тынг гыццыл уыдысты, фӕлӕ сӕ нымӕцыл тагъд ӕфтыд. Ӕмӕ 1900-йӕм азты райдиантӕй абонмӕ куыд сбирӕ сты, уый ӕцӕгдӕр диссаг у! (Ис. 60:22). 2) Ӕнӕмӕнг сырӕзы. Чырыстон ӕмбырд афтӕ рӕзы, ӕмӕ йӕ никӕй бон у бауромын. Уыцы гыццыл нӕмыг Хуыцауы знӕгтӕ цал ӕмӕ цал хатты хъавыдысты дурты бын фӕкӕнынмӕ, фӕлӕ уӕддӕр уыцы дуртӕ афӕлдахы ӕмӕ стырӕй-стырдӕр кӕны (Ис. 54:17). 3) Бынат скӕнынц. Бӕласы къалиутыл йӕхицӕн бынат чи скӕны, уыцы мӕргътӕ ӕвдисынц, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста ӕмӕ чырыстон ӕмбырдмӕ чи ’рбацыд, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты. Абон ахӕм адӕм сты милуантӕ иу-240 бӕстӕйы (Йез. 17:23). Уыдон чырыстон ӕмбырды ссарынц уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ удӕнцой, стӕй сын уым тӕссаг ницӕмӕй у (Ис. 32:1, 2; 54:13).

Хъыцъыйы нӕмыгӕй цы бӕлас сырӕзт, ууыл алыхуызон цъиутӕ сӕхицӕн бынат скодтой.

Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕвдисы, чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр кӕй ис бынат ӕмӕ сын уым тӕссаг кӕй ницӕмӕй у (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

13. Ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн?

13 Фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй. Сылгоймаг ссадыл ӕнхъизӕн куы бафтауы ӕмӕ дзы хыссӕ куы скӕны, уӕд уыцы ӕнхъизӕн хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизын кӕны. (Бакӕс Матфейы 13:33.) Ацы фӕсномыг ныхасӕй та цы ис базонӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ. 1) Ӕнхъизӕн хыссӕ аивы. Ӕнхъизӕнӕй «хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр... сӕнхъызт». 2) Ӕнхъизӕн хыссӕйы алы ран дӕр ахъары. Ӕнхъизӕн сӕнхъизын кодта «ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссад» иууылдӕр. Ацы дыууӕ хабары куыд баст сты адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ?

14. Ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхас абон хуымгӕрдӕнимӕ куыд у баст?

14 1) Адӕмы ивы. Ӕнхъизӕн ӕвдисы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, ссад та – адӕмы. Ӕнхъизӕн ӕмӕ ссад иумӕ куы сызмӕнтынц, уӕд ссад фӕивы ӕмӕ дзы хыссӕ рауайы. Афтӕ адӕймаг дӕр хорз хабарыл куы баууӕнды, уӕд ын уыцы хабар йӕ зӕрдӕйы скӕны стыр ивындзинӕдтӕ (Ром. 12:2). 2) Алы ран дӕр ахъары. Ӕнхъизӕн хыссӕ куыд сӕнхъизын кодта, уый ӕвдисы, хорз хабар куыд апарахат, уый. Ӕнхъизӕн ахъардта хыссӕйы алы ран дӕр ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизын кодта. Афтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дӕр фӕхӕццӕ «суанг зӕххы кӕрӕттӕм» (Хъуыд. 1:8). Ацы фӕсномыг ныхасӕй ма ноджыдӕр бӕрӕг у, хорз хабар кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн, хъусын кӕныны бар нын кӕм нӕ дӕттынц, уыцы бӕстӕтӕм дӕр, кӕд дзы нӕ архайд ӕргом нӕ зыны, уӕддӕр.

15. Исайы 60:5, 22 стихты ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕтӕ «Йегъовӕйӕн алцыдӕр у йӕ бон!» ӕмӕ «„Армыдзаг адӕмӕй“ равзӕрд „тыхджын адӕм“»)

15 Йесо ацы фӕсномыг ныхӕстӕ куы радзырдта, уымӕй иу-800 азы размӕ Йегъовӕ Исайӕн ирд абарстыты фӕрцы ныффыссын кодта, абон адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддаг ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй аххӕсдзӕн ӕмӕ хуымгӕрдӕн стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн, уый тыххӕйc. Йегъовӕ дзуры, адӕм йӕ организацимӕ «дардӕй» кӕй цӕуынц. Йӕ ныхас кӕмӕ у, уыцы «усы» номӕй абон архайынц, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон. Гъемӕ Йегъовӕ уыцы «усӕн» загъта: «Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом ныррухс уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕудзӕн, дӕ зӕрдӕ фырцинӕй дӕ риуы нал цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕрцӕудзысты денджызы хӕзнатӕ, ӕрбацӕудзысты дӕм адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ» (Ис. 60:1, 4, 5, 9). Ӕвӕдза, куыд раст сты ацы ныхӕстӕ! Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, сӕ бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц армыдзагӕй минтӕм куыд схызт, уый. Ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ӕцӕгдӕр фырцинӕй куыннӕ хъуамӕ ныррухс уой!

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр цин кӕнынц

16, 17. «Тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ» цӕмӕн цин кӕнынц? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Дыууӕ буклеты дыууӕ зӕрдӕйы бацагайдтой».)

16 Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта, уый: «Хуымгӕрдӕг... тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн, цӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕной» (Иоан. 4:36). Ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымтӕ кӕрдгӕйӕ не ’ппӕт дӕр иумӕ куыд цин кӕнӕм? Циндзинад нын бирӕ хъуыддӕгтӕ хӕссынц. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕмӕ.

17 Фыццаг: мах цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уынӕм, Йегъовӕ ацы хъуыддаджы куыд архайы, уый. Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд мах байтауӕм мыггӕгтӕ (Матф. 13:18, 19). Искӕмӕн чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд та ӕркӕрдӕм тыллӕг. Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ Паддзахады мыггаг «ӕвзар суадзы» ӕмӕ «сырӕзы» (Мар. 4:27, 28). Ӕмӕ уый уынгӕйӕ, нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ зӕрдӕтӕ циндзинадӕй байдзаг вӕййынц. Адӕмы зӕрдӕты цы мыггӕгтӕ ныппарӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сырӕзынц фӕстӕдӕр ӕмӕ тыллӕг ӕндӕр чидӕр ӕркӕрды. Чи зоны, ахӕм хабар дӕуыл дӕр ӕрцыд. Зӕгъӕм, нӕ хо Джоан, у Великобританийӕ, донаргъуыд райста 60 азы размӕ. Джоан радзырдта: «Чидӕртӕ-иу мӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу мын загътой, бирӕ азты размӕ сын сӕ зӕрдӕты рӕстдзинады мыггаг ӕз кӕй байтыдтон. Ӕз ӕй нӕ зыдтон, афтӕмӕй ӕндӕр хъусынгӕнджытӕ фӕстӕдӕр семӕ Библи ахуыр кодтой ӕмӕ сын баххуыс кодтой Йегъовӕйы фӕндагыл слӕууынӕн. Тынг ӕхсызгон мын у, цы мыггӕгтӕ байтыдтон, уыдон кӕй сырӕзтысты ӕмӕ тыллӕг кӕй ӕрхастой». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7.)

ЙЕГЪОВӔЙӔН АЛЦЫДӔР У ЙӔ БОН!

ИУХАТТ Йесо загъта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон» (Лук. 18:27). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой. Кӕд не знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй архайынц, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы дарддӕр хъусын кӕнӕм.

Закари.

Закари Элегбе (цӕуы йыл 66 азы, донаргъуыд райста 1963 азы) радзырдта, Бенины Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци куы сӕхгӕдтой, уӕд ма уый ӕфсымӕртӕн ӕххуыс дӕр кӕй фӕци. Уый радзырдта: «1976 азы Бенины уыди 2 300 хъусынгӕнӕджы. Уыцы аз нын нӕ организаци сӕхгӕдтой, ӕмӕ хицауад бардзырд радта, цӕмӕй уый тыххӕй радиойӕ фехъусын кодтаиккой, сӕ бӕстӕйы цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр. Ахӕм хабар уӕдмӕ никуыма ӕрцыд. Бенины цӕрӕг адӕм 60 ӕвзагӕй фылдӕрыл дзурынц, ӕмӕ дзы уӕды рӕстӕджы радиопередачӕтӕ та ӕрмӕстдӕр фондз ӕвзагыл уыди. Ӕмӕ нын хъусын кӕныны бар кӕй нал ис, уый тыххӕй ӕппӕт ӕвзӕгтыл дӕр куы фехъусын кодтой, уӕд дард рӕтты цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ мах тыххӕй фыццаг хатт фехъуыстой. Ӕмӕ дис кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та чи сты ӕмӕ сӕ цӕмӕн сӕхгӕдтой, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр уыцы дард рӕттӕм куы бахӕццӕ стӕм, уӕд дзы цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕтӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты». Абон Бенины Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 11 500 фылдӕр.

Марийӕ.

Марийӕ Зинич (цӕуы йыл 74 азы, донаргъуыд райста 1957 азы): «12 азы мыл куы цыди, уӕд нӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй арвыстой Украинӕйӕ Сыбырмӕ, Уӕрӕсемӕ. Хицауад тынг архайдта, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Советон Цӕдисы дӕр Йегъовӕйы тыххӕй мауал дзырдтаиккам. Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм уавӕрты дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кодтам. Ӕмӕ мӕ уый фӕрцы тынгдӕр уырныдта, ацы хъуыддаг Йегъовӕ кӕй аразы. Никӕй бон ӕй у бауромын!» Стӕй ма ӕндӕр хо, уый дӕр Марийӕ (цӕуы йыл 73 азы, донаргъуыд райста 1960 азы), загъта: «Хицауад не ’фсымӕрты Сыбырмӕ кӕй арвыста, уый фӕрцы уыцы дард рӕтты бирӕ адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй фехъуыстаиккой».

Хесус.

Хесус Мартин (цӕуы йыл 77 азы, донаргъуыд райста 1955 азы): «Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд Испанийы уыди 300 хъусынгӕнӕджы. 1960 азы нӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Хицауад пъӕлицӕйы кусджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ хурхыл ныххӕцыдаиккой. Уыцы рӕстӕг нӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, ӕмӕ искуы хорз хабар ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр хъусын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ абон Испанийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 111 000 бӕрц. Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, кӕд нӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр куыд кодтам, уый. Ӕмӕ мӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уырны, Йегъовӕимӕ алцыдӕр кӕй у нӕ бон!»

18. 1 Коринфӕгтӕм 3:8 стихмӕ гӕсгӕ нын циндзинад ноджыдӕр цы хӕссы?

18 Дыккаг: мах азӕй-азмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8). Хуыцау алкӕмӕн дӕр хӕрзиуӕг дӕтты, куыд бафыдӕбон кодта, уымӕ гӕсгӕ – йӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхаста, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ. Ацы хъуыды стыр ныфсы хос у, хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм рӕтты чи хъусын кӕны, уыдонӕн. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ зӕрдиагӕй чи тауы, уыдонӕй алчидӕр Йегъовӕйы цӕсты хӕссы «бирӕ дыргъ», ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕной (Иоан. 15:8; Матф. 13:23).

19. а) Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый нӕ циндзинадимӕ куыд у баст? ӕ) Иу ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын дӕр нын куы нӕ бантыса, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл цы дарӕм?

19 Ӕртыккаг: мах цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уымӕй ӕххӕст кӕны пехуымпарад. Иухатт Йесойы йӕ апостолтӕ бафарстой: «Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» Йесо сын загъта, зӕгъгӕ, хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕудзӕн, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, ацы дунейы фӕстаг бонтӕ кӕй ралӕууыдысты. Цымӕ Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны кой кодта? Нӕ, уый кой нӕ кодта. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:3, 14). Уӕдӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый бӕрӕг у, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, ома мыггӕгтӕ тыд кӕй цӕуынц, уымӕй. Ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: иу ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын дӕр нын куы нӕ бантыса, уӕддӕр ӕнтыстджын стӕм, уымӕн ӕмӕ адӕм хорз хабар «фехъусынц»d. Адӕм хорз хабармӕ цыфӕнды цӕстӕй ма ракӕсой, уӕддӕр мах ӕххӕст кӕнӕм Йесойы пехуымпарад. Стӕй нӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд, цӕмӕй «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» уӕм (1 Кор. 3:9). Ӕмӕ нын уый дӕр стыр циндзинад куыннӕ хӕссы!

«Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ»

20, 21. а) Малахийы 1:11 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? ӕ) Дарддӕр дӕр ӕппӕт хъарутӕй цы араздзынӕ ӕмӕ цӕмӕн?

20 Фыццаг ӕнусы Йесо йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. 1919 азӕй фӕстӕмӕ та уыцы хъуыддаг ӕмбарын кӕны, нӕ рӕстӕджы йын зӕххыл цы фӕдылдзӕуджытӕ ис, уыдонӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынц. Хуымгӕрдӕны хъуыддаг никӕй бон у бауромын. Пехуымпар Малахи куыд загъта, афтӕ абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ» (Мал. 1:11). Ӕцӕгдӕр, хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ тауджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджытӕ иумӕ фыдӕбон кӕнынц ӕмӕ иумӕ цин кӕнынц, зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Стӕй хурыскастӕй хурныгуылдмӕ, ома райсомӕй изӕрмӕ, кӕнӕ ӕнӕхъӕн бон, ӕппӕт хъарутӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй.

21 Сӕдӕ азы размӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты, абон та сты «тыхджын адӕм». Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд фырцинӕй «нӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕуы, нӕ зӕрдӕ фырцинӕй нӕ риуы нал фӕцӕуы» (Ис. 60:5, 22).Цӕй уӕдӕ уыцы циндзинад ӕмӕ, «хуымы Хицау» Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ алкӕй дӕр дарддӕр дӕр разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕны хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм! (Лук. 10:2).

a Йесо афтӕ куы загъта, хуымтӕ фӕурс сты, зӕгъгӕ, уӕд, гӕнӕн ис, чи йӕм ӕрбацӕйцыд, уыцы самариӕгты урс уӕлӕдарӕсы кой кодта.

b Уыцы азты цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй фылдӕр базондзынӕ чиныгӕй «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 425–443, 444–461, 462–501, 502–520 фӕрстӕ (уырыс.). Уым дзырд цӕуы, 1919–1992 азты нын хуымгӕрдӕны цы бантыст, ууыл.

c Ацы пехуымпарад бӕстон ӕвзӕрст цӕуы 2002 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 19–29 фӕрстӕ.

d Ацы ахсджиаг хабар Библииртасджытӕ раздӕр дӕр ӕмбӕрстой. 1895 азы 15 ноябры «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Кӕд мӕнӕу хӕрзгыццыл йеддӕмӕ дӕр нӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм, уӕддӕр рӕстдзинады тыххӕй бирӕ адӕм фехъусдзысты. [...] Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у хорз хабар хъусын кӕнын».

Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый бӕлвырдӕй уыныс?

  • Хуыцауы Паддзахадӕн хуымгӕрдӕны хъуыддаджы цы бантыст?

  • Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ дӕ куыд разӕнгард кӕнынц хъусын кӕнынмӕ?

  • Уацамынды нын циндзинад цавӕр хъуыддӕгтӕ хӕссынц?

ДЫУУӔ БУКЛЕТЫ ДЫУУӔ ЗӔРДӔЙЫ БАЦАГАЙДТОЙ

Антониу Симойнш.

Антониу Симойнш

ИУЗӔРДИОН хистӕр нӕлгоймаг Антониу Симойншыл цӕуы 91 азы. Уыцы зӕрдиагӕй фӕдзуры, йӕ фыд ӕмӕ йӕ фыды хойы лӕг дыууӕ буклеты фӕрцы рӕстдзинад куыд базыдтой, уый тыххӕй. «Уыцы хабар уын радзурон?» – афарста Антониу, чи йӕ абӕрӕг кодта, уыцы ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Уыдон ын загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, радзур-ма нын ӕй». Антониуйы цӕстытӕ фырцинӕй ссыгъдысты, йӕ мидбылты бахудт, ӕрбадт ӕмӕ дзурын райдыдта:

«Мӕ фыд Зено уыди баптистты пастор. Сӕ аргъуанӕй иу сылгоймаг цард Амазонийы джунглиты дард хъӕуы. Ӕмӕ 1931 азы мӕ фыд уырдӕм ацыд уыцы сылгоймаджы бабӕрӕг кӕнынмӕ. Йӕ хӕдзары йӕ цӕст ӕрхӕцыд, Библи чи ӕмбарын кодта, дыууӕ ахӕм буклетыл. Уыцы сылгоймаг сӕ аргъуаны ссардта, фӕлӕ сӕ уырдӕм чи ’рбахаста, уый нӕ зыдта. Буклеттӕй иуы дзырд цыди зындоны тыххӕй, иннӕйы та – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй. Мӕ фыд уыцы буклетты цы бакаст, уый йын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Ӕмӕ уайтагъд йӕ хойы лӕг Гильерми йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд. Гильерми йын-иу арӕх дзырдта: „Зындон ис, уый мӕ нӕ уырны. Адӕмы чи уарзы, уыцы Хуыцау ахӕм бынат куыд хъуамӕ скодтаид?!“ Мӕ фыды Гильермийӕн уыцы буклеттӕ равдисын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ йӕ бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ цӕугӕдоныл аст сахаты фӕцыд, Гильерми кӕм цард, уырдӕм. Цӕргӕ та кодта горӕт Манаусмӕ хӕстӕг хъӕу Манакирийы.

Антониу Симойнш хӕцы, Манакарийы фыццаг ӕмбырд ӕвдыст кӕм у, дыууӕ ахӕм къамыл (штат Амазонас, Бразили).

Штат Амазонасы фыццаг ӕмбырд

Мӕ фыд ӕмӕ Гильерми уыцы буклеттӕ лӕмбынӕг куы бакастысты, уӕд дыууӕйӕ дӕр загътой: „Ай рӕстдзинад у!“ Ӕмӕ уайтагъд Бразилийы филиалмӕ ныффыстой, цӕмӕй сын литературӕ ӕрбарвыстаиккой. Мӕ фыд йӕ пасторы бынат ныууагъта, ӕмӕ Гильермиимӕ, Библийӕ цы базыдтой, уый уыцы дард ран хъусын кӕнын райдыдтой. Адӕм сӕм афтӕ хорз хъуыстой, ӕмӕ афӕдзмӕ Манакирийы фӕзынд ӕмбырд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хъӕуы цӕрджытӕй 70 адӕймаджы ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой. Уӕды рӕстӕджы Бразилийы уымӕй стырдӕр ӕмбырд нӕ уыд». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Антониу иуцасдӕр ӕнӕдзургӕйӕ алӕууыд, ӕмӕ стӕй йӕ уазджыты афарста: «Хуыцауы Паддзахады хабар Амазонимӕ куыд ӕрхӕццӕ, уый диссаг нӕу?» Бӕгуыдӕр у диссаг! Рӕстдзинады дыууӕ гыццыл мыггаджы, ома дыууӕ гыццыл буклеты, Амазонийы хъӕдты уидӕгтӕ ауагътой, сырӕзтысты ӕмӕ стыр тыллӕг ӕрхастой – ӕнӕхъӕн ӕмбырд дзы рауад. Ныр Манакирийы ӕмбырдыл цӕуы 83 азы. Ӕмӕ кӕд кӕддӕр Бразилийы штат Амазонасы уый иунӕг ӕмбырд уыди, уӕд ныр та ӕдӕппӕтӕй сты 143 ӕмбырды!

«АРМЫДЗАГ АДӔМӔЙ» РАВЗӔРД «ТЫХДЖЫН АДӔМ»

«АРМЫДЗАГ адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн» (Ис. 60:22). Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст? Ӕмӕ уый куыд бандӕвта, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдоныл?

Бёрье Нильссон.

Бёрье Нильссон (цӕуы йыл 84 азы, донаргъуыд райста 1943 азы): «Мӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы иу сӕрст ӕфсымӕр. 1920-ӕм азты лӕггад кодта чиныгхӕссӕгӕй. Цы территори йын снысан кодтой, уый уыди Швецийӕн йе ’мбис. Фӕлӕ уый коммӕгӕсдзинад равдыста ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдта. Ӕмӕ Йегъовӕ тынг раарфӕ кодта йӕ фыдӕбонӕн, стӕй иннӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты фыдӕбонӕн дӕр. Абон Швецийы ис 22 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр! Кӕд мыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕрау мӕн дӕр фӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Мах ӕй нӕ зонӕм, Йегъовӕ нын нырма цы лӕвӕрттӕ цӕттӕ кӕны, уый».

Этьенн Эстерхёйсе.

Этьенн Эстерхёйсе (цӕуы йыл 83 азы, донаргъуыд райста 1942 азы): «Хуссар-Африкаг Республикӕйы Йегъовӕйы адӕм куыд сбирӕ сты, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. 1942 азы уыдысты 1 500 бӕрц, абон та сты 94 000 фылдӕр. Ахӕм стыр организацийы кӕй дӕн, уый мын мӕ уырнындзинад тынг фидар кӕны!»

Кит Гейдон.

Кит Гейдон (цӕуы йыл 82 азы, донаргъуыд райста 1948 азы): «Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, Великобританийы хъусынгӕнджыты нымӕц 1948 азӕй абоны онг куыд фылдӕр кодта, уый. Уӕд уыдысты 13 700 бӕрц, абон та сты 137 000 бӕрц. Уый мӕнӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы хъуыддаг Йегъовӕ аразы. Адӕймагӕн уый йӕхи хъарутӕй йӕ къухы ницы хуызы бафтыдаид, фӕлӕ Йегъовӕ „аразы диссӕгтӕ“» (Рац. 15:11).

Ульрике Кролоп.

Ульрике Кролоп (цӕуы йыл 77 азы, донаргъуыд райста 1952 азы): «Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Германийы хъусынгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссыгътой, нацистты къухӕй карз ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Адӕмӕн хъуыди сӕ рыст зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон уыди уыцы хъуыддаг сыгъдӕг цӕсгомӕй аразын, уымӕн ӕмӕ мах уыцы тугкалӕн хӕсты нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ райстам. Ныр 60 азӕй фылдӕр мӕхӕдӕг уынын, Хуыцау йӕ адӕмӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд куыд дӕтты, уый. Абон нӕ бӕстӕйы ис 164 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у!»

Марийӕ Бринецкая.

Марийӕ Бринецкая (цӕуы йыл 77 азы, донаргъуыд райста 1955 азы): «Цӕмӕй нӕ ма ӕрцахстаиккой, уый тыххӕй донаргъуыд райстон ӕхсӕвыгон. Фӕстӕдӕр мын мӕ сӕрыхицауы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй уыди, уый тыххӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ дард ранмӕ лагермӕ арвыстой. Ӕз дарддӕр дӕр хъавгӕйӕ хъусын кодтон ам, Уӕрӕсейы, мӕ хъӕуы цӕрджытӕн. Ӕмӕ мӕ сыхӕгтӕй цалдӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд. Уӕд бирӕ нӕ уыдыстӕм. Ныр та Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 168 000 фылдӕр!»

Кимико Ямано.

Кимико Ямано (цӕуы йыл 79 азы, донаргъуыд райста 1954 азы): «1970 азы куы базыдтон, Японийы 10 000 хъусынгӕнӕджы кӕй ис, уӕд фырцинӕй мӕ цӕссыгтӕ ӕргӕр-гӕр кодтой. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ногӕй дзырд радтон: „Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ дыл иузӕрдион уыдзынӕн“. Абон та ноджы тынгдӕр цин кӕнын. Ахъуыды-ма кӕнут: ныр нӕ бӕстӕйы ис 216 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр!»

Дэниел Одоган.

Дэниел Одоган (цӕуы йыл 83 азы): «1950 азы донаргъуыд куы райстон, уӕд Нигерийы уыди 8 000 хъусынгӕнӕджы. Абон та сӕ нымӕц у 351 000 бӕрц! Конгрессы уыйбӕрц адӕмы куы фенын, уӕд фырцинӕй мӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы, ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы Аггей 2:7 стих. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр змӕлын кӕны адӕмты, ӕмӕ зынаргъ хӕзнатӕ цӕуынц ӕмӕ цӕуынц йӕ организацимӕ. Абоны онг дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕ бон у зӕгъын: „Стыр бузныг дын, Йегъовӕ!“»

Карлуш Силва.

Карлуш Силва (цӕуы йыл 79 азы): «1952 азы донаргъуыд куы райстон, уӕд Бразилийы уыди 5 000 хъусынгӕнӕджы. Уыцы аз конгресс уыди Сан-Паулуйы спортзалы. Машинӕтӕ кӕм февӕрынц, уым лӕууыд дыууӕ машинӕйы. Иу ӕфсымӕр мын уырдӕм хӕстӕг стадион „Пакаэмбу“-мӕ ацамыдта ӕмӕ мӕ афарста: „Куыд дӕм кӕсы, искуы ацы стадионы дзаг уыдзыстӕм?“ Уый ӕнхъӕл ничи уыд, фӕлӕ 1973 азы уыцы стадионы ӕрӕмбырд стӕм 94 586 адӕймагӕй! Абон Бразилийы нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты 767 000 фылдӕр. Йегъовӕйы адӕм куыд сбирӕ сты, уый мӕхи цӕстӕй федтон. Уымӕй диссагдӕр ма цы хъуамӕ уа!»

Карлос Касарес.

Карлос Касарес (цӕуы йыл 73 азы): «1954 азы донаргъуыд куы райстон, уӕд Мексикӕйы уыди 10 500 хъусынгӕнӕджы. Куыст тынг бирӕ уыди, кусджытӕ та – тынг гыццыл. Ӕмӕ мӕ уымӕ гӕсгӕ 21-аздзыдӕй районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Мӕ цӕстыты раз сӕххӕст сты Исайы 60:22 стихы ныхӕстӕ. Ныртӕккӕ нӕ бӕстӕйы ис 806 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ милуан адӕймагӕй фылдӕримӕ та Библи ахуыр кӕнынц! Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы!»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын