Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/10 1–2 фф.
  • Хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хайад исӕм хуымгӕрдӕны!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 11/10 1–2 фф.

Хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ

1. Нӕ рӕстӕджы цавӕр ахсджиаг куыст цӕуы?

1 Чырысти самариаг сылгоймагимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35, 36). Уыцы рӕстӕг дӕр уыди, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъуыста, ахӕм адӕм ӕмӕ йӕ Йесо зыдта, фидӕны уыцы адӕм бирӕ фылдӕр кӕй уыдзысты ӕмӕ хуымгӕрдӕны куыст ӕгас зӕххыл кӕй цӕудзӕн. Уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕдӕй нырмӕ Чырысти уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дары (Матф. 28:19, 20). Цӕмӕй бӕрӕг у, хуымгӕрдӕны хъуыддагӕн йӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр у, уыйас размӕ тынгдӕр кӕй цӕуы?

2. Цӕмӕй бӕрӕг у, хуымгӕрдӕны куыст размӕ кӕй цӕуы, уый?

2 Хуымгӕрдӕн ӕгас зӕххыл. 2009 лӕггады азы ӕппӕт дунейы хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр 3,2 проценты. Сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ кӕм нӕ уадзынц, уыцы бӕстӕты та – 14 проценты. Алы мӕй дӕр уагътам 7 619 000 Библийы ахуырӕй фылдӕр – уый у, уый размӕ аз хъусынгӕнджыты уӕлдӕр нымӕц цас уыди, уымӕй фылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма ацы нымӕц ууыл дзурӕг у, Библийы ахуыртыл кӕй бафтыд ӕрдӕг милуаны бӕрц. Бирӕ бӕстӕты хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй уым хъӕуы, Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы миссионерты ӕххуыс. Фӕстаг рӕстӕг бирӕ бӕстӕты Хуыцауы ныхасмӕ хорз хъусынц ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕм дӕр. Бӕрӕг у, хуымгӕрдӕны кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Йегъовӕ дӕр ацы куыстӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ куыст тагъддӕр кӕй цӕуы (Ис. 60:22). Ды та дӕ «хуыммӕ» цы цӕстӕй кӕсыс?

3. Иуӕй-иутӕ сӕ участоктӕм цы цӕстӕй фӕкӕсынц?

3 Нӕ «хуымтӕ» – нӕ участоктӕ. Чи зоны исчи зӕгъа: «Мӕ участокы ничи хъусы». Ӕцӕгдӕр, иуӕй-иу рӕтты иннӕтимӕ абаргӕйӕ адӕм Хуыцауы ныхасмӕ хорз нӕ хъусынц кӕнӕ раздӕрау зӕрдиагӕй нал хъусынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ чидӕртӕ афтӕ фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, байхъусын кӕй зӕрды уыди, уый байхъуыста, ныр та ма ’руидзын хъӕуы, хуымты ма фӕстагмӕ цы иугай ’фсиртӕ аззад, уыдон. Цымӕ ӕцӕгдӕр хъуыддаг афтӕ у?

4. Нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

4 Хуымгӕрдӕн афон райдианӕй кӕронмӕ фӕхъӕуы зӕрдиагӕй архайын. Уыцы хъуыддаг ӕвӕстиатӕй аразын кӕй хъӕуы, уый хорз зыны Чырыстийы ныхӕстӕй: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Хуымы Хицау Йегъовӕ у, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ уый зоны, тыллӕг кӕд ӕмӕ кӕм ӕрзайдзӕн (Иоан. 6:44; 1 Кор. 3:6–8). Уӕдӕ махӕй та цы кӕнгӕ у? Библийы фыст ис: «Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт» (Еккл. 11:4–6). Хуымгӕрдӕн йӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ ныр уыцы рӕстӕг нӕу, цӕмӕй «нӕ къухтӕн ӕнцой... дӕттӕм»!

5. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм нӕ участокты ничиуал хъусы, уӕд дӕр зынгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

5 Хуымгӕрдӕны ӕнӕрынцойӕ архайӕм. Кӕд нӕ участокты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз зонынц ӕмӕ нӕм афтӕ кӕсы, ничиуал нӕм хъусы, уӕд дӕр хъуамӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, ацы хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй (2 Тим. 4:2). Дунейы алыхуызон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ адӕм дӕр сӕ зондахаст фӕивынц ӕмӕ сӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын райдайынц. Ӕрыгӕттӕ дӕр куыд стыр кӕнынц, афтӕ уыдонӕй дӕр чидӕртӕ ӕмбарын райдайынц, фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Чидӕр та хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсы, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй нӕ уадзӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ, раздӕр чи нӕ хъуыста, уыдон дӕр нырма, чи зоны, сӕ хъуыды фӕивой. Цы хабар дзурӕм, уымӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, суанг уыдоны дӕр хъӕуы фӕдзӕхсын (Йез. 2:4, 5; 3:19).

6. Адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы зынг ма ахуысса?

6 Адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы зынг ма ахуысса? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕй уӕлдай ма, чи зоны, афӕлварӕн ис адӕмимӕ ныхас кӕнын, кӕм кусынц, уыцы рӕтты кӕнӕ телефонӕй. Йе та ис бацархайӕн, цӕмӕй-иу нӕ ныхас алы хатт уыцы иухуызон ма райдайӕм, фӕлӕ-иу ногӕй исты бацӕттӕ кӕнӕм. Нӕ бон ма у, уацамынды цы рӕстӕг фӕцӕуӕм, уый фӕивын. Зӕгъӕм, ис ацӕуӕн изӕрӕй кӕнӕ та, адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕдзӕртты куы вӕййынц, уӕд. Кӕнӕ та, чи зоны, нӕ бон у сахуыр кӕнын ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн нӕ бон уа хорз хабар радзурын. Йе та ис пионерӕй лӕггад кӕнӕн, ӕмӕ афтӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнӕн. Науӕд ис ацӕуӕн, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Хуымгӕрдӕны куыстмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕхиуыл нӕ ауӕрддзыстӕм ӕмӕ, нӕ бон цас у, уыйас уыцы ахсджиаг куысты архайдзыстӕм.

7. Хуымгӕрдӕны куысты кӕдмӕ хъуамӕ архайӕм?

7 Зӕхкусджытӕн сӕ хор бафснайынӕн бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ вӕййы, уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ хуымгӕрдӕн нӕ фӕвӕййы, уӕдмӕ сӕ иу ран бадынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ нӕ февдӕлы. Абон цы хуымгӕрдӕны куыст цӕуы, уым дӕр фӕстиат кӕнӕн нӕй. Цымӕ ацы куысты кӕдмӕ хъуамӕ архайӕм? Цалынмӕ «ацы цардӕвӕрды кӕрон» не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 24:14; 28:20). Мах дӕр Йегъовӕйы ӕппӕты зындгонддӕр лӕггадгӕнӕг Йесо Чырыстийау фӕнды, цы куыст нын бабар кодтой, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын (Иоан. 4:34; 17:4). Цӕй уӕдӕ нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнӕм, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 24:13). Хуымгӕрдӕн нӕма фӕци!

[Хицӕнгонд текст 2 фарсыл]

Хуымгӕрдӕн афон райдианӕй кӕронмӕ фӕхъӕуы зӕрдиагӕй архайын

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын