Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • kr 17 сӕр, 191–215 фф.
  • Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты
  • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Мӕ Фыд [мӕ] куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын»
  • Йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕны хъусын кӕнын
  • Ӕфсымӕртӕ ахуыр кӕнынц, цы хӕстӕ сыл ис, уыдон ӕххӕст кӕнын
  • Нӕ организацийы скъолатӕ дзурӕг сты Йегъовӕйы уарзондзинадыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Йегъовӕйы организацийы цавӕр скъолатӕ ис?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Дӕуӕн дӕр Йегъовӕ дӕ ахуыргӕнӕг у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
kr 17 сӕр, 191–215 фф.

17 СӔР

Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Нӕ организацийы скъолатӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕной

1–3. а) Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ Йесо цы сарӕзта? ӕ) Цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

ЙЕСО дыууӕ азы дӕргъы хъусын кодта Галилейӕйы. (Бакӕс Матфейы 9:35–38.) Уый зылди бирӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Ӕмӕ кӕмдӕриддӕр хъусын кодта, уым-иу ӕм дуне адӕм ӕрӕмбырд. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «кӕрдинаг бирӕ» уыд, ӕмӕ хъуыди фылдӕр кусджытӕ.

2 Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ Йесо цы сарӕзта? Йӕ 12 апостолы «арвыста Хуыцауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ» (Лук. 9:1, 2). Апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтаиккой, уыцы куыст куыд кӕнын хъӕуы, ууыл. Йесо уый ӕмбӕрста, ӕмӕ сӕ цалынмӕ хъусын кӕнынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ уал сын бацамыдта, цы кӕнын сӕ хъӕудзӕн, уый. Йӕ уӕларвон Фыд ын йӕхи куыд ахуыр кодта, афтӕ уый дӕр ахуыр кодта йӕ фӕдылдзӕуджыты.

3 Фӕлӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: Йесойы йӕ Фыд цӕуыл сахуыр кодта? Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта? Ӕмӕ абон дӕр Паддзах Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ахуыр кӕны? Кӕд о, уӕд куыд?

«Мӕ Фыд [мӕ] куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын»

4. Йесойы йӕ Фыд кӕд ӕмӕ кӕм ахуыр кодта?

4 Йесо ӕргом дзырдта, йӕ Фыд ӕй кӕй ахуыр кодта. Иухатт загъта, зӕгъгӕ «мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын» (Иоан. 8:28). Йесойы йӕ Фыд кӕд ӕмӕ кӕм ахуыр кодта? Куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау йӕ фыццаггуырд Фырты ахуыр кӕнын райдыдта, куыддӕр ӕй сфӕлдыста, афтӕ (Кол. 1:15, фип.). Фырт уӕлӕрвты йӕ Фыды фарсмӕ уыди ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы. Уый лӕмбынӕг хъуыста йӕ «Кадджын Зондамонӕгмӕ» ӕмӕ, куыд архайдта, уый йӕхи цӕстӕй уыдта (Ис. 30:20). Афтӕмӕй Фырт райста, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ахуырад – йӕ Фыды миниуджытӕ, хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕндтӕ уый куыд базыдта, афтӕ ничи.

5. Фыд йӕ Фыртӕн куыд бацамыдта, зӕххыл куыд лӕггад кӕндзӕн, уый?

5 Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бацамыдта, зӕххыл куыд лӕггад кӕндзӕн, уый дӕр. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ иу пехуымпарадмӕ. Дзырд дзы цӕуы, Кадджын Зондамонӕг ӕмӕ йӕ фыццаггуырд Фырт кӕрӕдзиимӕ куыд сты, уый тыххӕй. (Бакӕс Исайы 50:4, 5.) Йегъовӕ-иу йӕ Фырты «алы райсом дӕр» райхъал кодта. Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайы ахӕм ныв: ахуыргӕнӕг райсомӕй раджы йӕ ахуыргӕнинаджы райхъал кодта, цӕмӕй йӕ ахуыр кӕна. Иу энциклопедийы уый тыххӕй афтӕ фыст ис: «Йегъовӕ йӕ... зӕгъӕн ис, ӕмӕ ракӕны скъоламӕ, ахуыргӕнинаджы скъоламӕ куыд ӕрбакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ йын амоны, цы хъуамӕ хъусын кӕна ӕмӕ йӕ куыд хъуамӕ хъусын кӕна». Уыцы уӕларвон «скъолайы» Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бацамыдта, «куыд ӕмӕ цы загътаид», уый (Иоан. 12:49). Фыд ма йӕ Фыртӕн бацамыдта, адӕмы куыд хъуамӕ ахуыр кодтаид, уый дӕрa. Ӕмӕ Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд, уый размӕ цӕуыл сахуыр, уымӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ пайда кодта, фӕлӕ ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр амыдта, куыд хъуамӕ лӕггад кӕной, уый.

6, 7. а) Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта ӕмӕ уый фӕрцы цӕттӕ цӕмӕ уыдысты? ӕ) Чырысти абон йӕ хъус цӕмӕ дары?

6 Ныр та ахъуыды кӕнӕм иннӕ фарстайыл: Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта? Матфейы Евангелийы 10-ӕм сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй сын радта бӕлвырд амындтӕ: кӕм хъуамӕ хъусын кӕной (5, 6 стихтӕ), цы хъуамӕ хъусын кӕной (7 стих), сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарой (9, 10 стихтӕ), адӕмимӕ ныхас куыд хъуамӕ райдайой (11–13 стихтӕ), куы нӕ сӕм байхъусой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕной (14, 15 стихтӕ) ӕмӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд та сын куыд кӕнгӕ у (16–23 стихтӕ)b. Йесо йӕ апостолтӕн уыдӕттӕ бӕлвырд кӕй бацамыдта, уый фӕрцы сӕ бон уыд н. э. 1 ӕнусы хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕхимӕ разамынд райсын.

7 Цы зӕгъӕн ис абон та? Ныртӕккӕ Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – хъуамӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъусын кӕной «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). Цымӕ нын, уыцы ахсджиаг хъуыддаг куыд аразгӕ у, уый амонгӕ дӕр кӕны? Бӕгуыдӕр! Нӕ Паддзах уӕлӕрвтӕй йӕ хъус дары, цӕмӕй зӕххыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амоной, адӕмӕн куыд хъӕуы хъусын кӕнын, стӕй сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон куыд хъӕуы ӕххӕст кӕнын, уый.

Йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕны хъусын кӕнын

8, 9. а) Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайӕн йӕ сӕйраг нысан цы уыд? ӕ) «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уай?

8 Йегъовӕйы организаци рагӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ архайы, цӕмӕй конгрессты ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты, зӕгъӕм, Хъусын кӕныны фембӕлды, Хуыцауы адӕмы ахуыр кӕна хъусын кӕнын. Фӕлӕ, сӕйраг хайадӕй разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ 1940-ӕм азты хъусынгӕнджыты ахуыр кӕнын райдыдтой алыхуызон скъолаты фӕрцы.

9 Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола. 16-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Хъусынгӕнджыты скъола уадзын райдыдтой 1943 азы. Ацы скъолайӕн йӕ нысан ӕрмӕст уый нӕ уыд, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ фембӕлдты хорз раныхӕстӕ дзурын сахуыр уой. Йӕ сӕйраг нысан рагӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди, цӕмӕй Хуыцауы адӕм сахуыр уыдаиккой уацамынды сӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Пс. 150:6). Хъусынгӕнджыты скъола, фыст дзы чи уыди, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уыдаиккой. Ныр та сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд.

10, 11. Ныртӕккӕ Галаады скъоламӕ кӕй фӕхонынц ӕмӕ ацы скъолайӕн йӕ нысан цы у?

10 Галаады скъола. Ныртӕккӕ Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад чи хуыйны, уыцы скъолайы ахуыр кӕнын райдыдтой 1943 азы 1 февралы, къуырисӕры. Ацы скъолайӕн ӕппӕты райдианы йӕ нысан уыди, цӕмӕй дзы пионерты ӕмӕ иннӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты цӕттӕ кодтаиккой дунейы алы рӕтты миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Фӕлӕ 2011 азы октябрӕй фӕстӕмӕ Галаады скъоламӕ хонынц ӕрмӕстдӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – сӕрмагонд пионерты, цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты, Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдоны ӕмӕ, миссионерӕй чи лӕггад кӕны, фӕлӕ Галаады скъола чи нӕма фӕци, уыдоны.

11 Галаады скъолайӕн йӕ нысан цы у? Уыцы скъолайы фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕй сӕ иу афтӕ загъта: «Йӕ нысан у, цӕмӕй студенттӕн, Хуыцауы Ныхас дзы арф кӕй фӕиртасынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уа, стӕй сӕ удыхъӕды ӕрфидар кӕной чырыстон миниуджытӕ. Уыцы миниуджытӕ сӕ бахъӕуынц, кӕм фӕлӕггад кӕнынц, уым алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Стӕй ма ацы скъолайӕн йӕ сӕйрагдӕр нысӕнттӕй иу у, цӕмӕй студенттӕн сӕ зӕрдӕты зынг ноджы тынгдӕр ссудза ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕной» (Еф. 4:11).

12, 13. Галаады скъола ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзынд? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Галаады скъола ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзынд? 1943 азӕй фӕстӕмӕ дзы сахуыр кодта 8 500 адӕймагӕй фылдӕрc. Ӕмӕ, Галаады скъола чи фӕци, ахӕм миссионертӕ ӕнӕхъӕн дунейы лӕггад кодтой 170 бӕстӕйӕ фылдӕры. Миссионертӕ скъолайы цӕуыл сахуыр вӕййынц, уымӕй ӕнтыстджынӕй фӕпайда кӕнынц: зынгзӕрдӕйӕ фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ иннӕты дӕр ууыл фӕахуыр кӕнынц. Миссионерты-иу арӕх арвыстой, цалдӕр хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ йе та хъусынгӕнджытӕ ӕппындӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕттӕм.

13 Ӕркӕсӕм, хабар Японийы куыд рауад, уымӕ. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы ацы бӕстӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бынтондӕр ӕрлӕууыд. 1949 азы августмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ дӕс дӕр нал уыдысты. Фӕлӕ уыцы азы кӕронмӕ Японимӕ ӕрцыд 13 миссионеры, Галаады скъола чи фӕци, ахӕмтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕрцыд ӕндӕр миссионертӕ дӕр. Фыццаг уал миссионертӕ сӕ хъарутӕ сарӕзтой стырдӕр горӕттӕм, уый фӕстӕ бавнӕлдтой иннӕ горӕттӕм дӕр. Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдоны дӕр ӕмӕ хъусынгӕнджыты дӕр зӕрдиагӕй разӕнгард кодтой, цӕмӕй пионертӕ суыдаиккой. Ӕмӕ уыцы зынгзӕрдӕ миссионерты фыдӕбон стыр тыллӕг ӕрхаста. Абон Японийы ис 216 мин хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ 40 проценты бӕрц лӕггад кӕнынц пионертӕй!d

14. Нӕ организацийы скъолатӕ бӕлвырдгӕнӕн цӕмӕн сты? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Хуыцауы лӕггадгӕнджыты скъолатӕ».)

14 Ӕндӕр скъолатӕ. Пионерты скъола, Скъола чырыстон бинонтӕн ӕмӕ Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс фесты, чи дзы ахуыр кодта, уыдонӕнe. Уый фӕрцы сӕ уырнындзинад сырӕзт ӕмӕ сахуыр сты алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Стӕй сӕ уыцы скъолатӕ сразӕнгард кодтой хорз хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы хъуыддаджы иннӕтӕн дӕр фӕзминаг сты. Ацы скъолатӕ иууылдӕр сты фидар бӕлвырдгӕнӕн, нӕ Паддзах йӕ фӕдылдзӕуджыты алцӕмӕй дӕр кӕй сифтонг кодта, цӕмӕй сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой (2 Тим. 4:5).

Ӕфсымӕртӕ ахуыр кӕнынц, цы хӕстӕ сыл ис, уыдон ӕххӕст кӕнын

15. Хуыцауы организацийы алыхуызон хӕстӕ кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕрты цавӕр хъуыддаджы фӕнды Йесойы фӕзмын?

15 Иу хатт ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Исайы пехуымпарад. Уӕларвон «скъолайы» Хуыцауы Фырт сахуыр, «фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауӕн» ис, ууыл (Ис. 50:4). Ӕмӕ куыд сахуыр, афтӕ кодта, зӕххыл куы уыди, уӕд – «фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста», уыдонӕн удӕнцой лӕвӕрдта (Матф. 11:28–30). Абон Хуыцауы организацийы алыхуызон хӕстӕ кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕрты дӕр фӕнды Йесойау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн удӕнцой хӕссын. Ӕмӕ цӕмӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕ сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕной, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд алыхуызон скъолатӕ.

16, 17. Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайӕн йӕ нысан цы у? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

16 Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола. Ацы скъолайы фыццаг къласӕн йӕ ахуыр райдыдта 1959 азы 9 мартъийы горӕт Саут-Лансингы (штат Нью-Йорк). Скъола цыди иу мӕй. Фӕхуыдтой йӕм цӕуӕг цӕстдарджыты, стӕй ӕмбырдты лӕггадгӕнджыты дӕр (ныр хуыйнынц хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатортӕ). Фӕстӕдӕр ацы скъолайы программӕ англисаг ӕвзагӕй ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр ратӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ гыццылгай уадзын райдыдтой ӕгас дунейы дӕрf.

Ллойд Бэрри уадзы Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Японийы, 1970 аз.

Ӕфсымӕр Ллойд Бэрри уадзы Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Японийы, 1970 аз

17 Ацы скъолайӕн йӕ нысан цы у, уый тыххӕй 1962 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Цӕмӕй ацы ӕнӕвдӕлон дунейы цӕргӕйӕ адӕймаг Йегъовӕйы ӕвдисӕнты ӕмбырды цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын зона, цӕмӕй йын ӕмбырды рохуаты мачи баззайа ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн арфӕдзинад уа. Ӕрмӕст ӕмбырды хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъуамӕ йӕ бинонты дӕр рохуаты ма ныууадза, фӕлӕ уӕззау зондӕй архайа. Ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты лӕггадгӕнджытӕн ис диссаджы фадат, цӕмӕй Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ ӕрӕмбырд уой ӕмӕ иумӕ ахуыр кӕной! Уый фӕрцы сын бантысдзӕн, цӕмӕй, Библи сӕ куыд домы, ахӕм цӕстдарджытӕ уой» (1 Тим. 3:1–7; Тит. 1:5–9).

18. Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда куыд хӕссы?

18 Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола стыр пайда хӕссы Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Куыд? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ скъолайы цӕуыл сахуыр вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд уыдон дӕр Йесойау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн вӕййынц удӕнцойы хос. Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ дыл кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕй тыхсы, уый куы фӕуыныс, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Исты хорз ныхас дын куы фӕзӕгъынц, лӕмбынӕг дӕм куы байхъусынц кӕнӕ дӕ куы абӕрӕг кӕнынц ӕмӕ дын дӕ ныфсыл ныфс куы бафтауынц, уӕд уый тыххӕй бузныг нӕ вӕййыс? (1 Фес. 5:11). Ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ се ’мбырдтӕн ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинад сты!

19. Ахуырадон комитеты бӕрны ма ноджыдӕр цавӕр скъолатӕ ис ӕмӕ сӕ нысан цы у?

19 Ӕндӕр скъолатӕ. Разамонӕг советы Ахуырадон комитеты бӕрны ма ис ӕндӕр скъолатӕ дӕр. Уыцы скъолатӕн сӕ нысан у, цӕмӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕн – хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ, филиалты комитетты чи ис, уыдонӕн – ӕххуыс кӕной, цы бирӕ хӕстӕ сыл ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕнынӕн. Уыцы скъолаты программӕ арӕзт у Библийыл ӕмӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕхи уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой, стӕй Йегъовӕйы зынаргъ фысты хизгӕйӕ архайой, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (1 Пет. 5:1–3).

Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы фыццаг кълас Малавийы.

Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы фыццаг кълас Малавийы, 2007 аз

20. а) Йесойӕн не ’ппӕты тыххӕй дӕр йӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны? ӕ) Дарддӕр дӕр цӕмӕ тырндзынӕ?

20 Куыд федтам, афтӕмӕй Паддзах Мессийӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хорз ахуыр кӕной. Ацы ахуыр иууылдӕр цӕуы Йегъовӕйӕ, ома Йегъовӕ сахуыр кодта йӕ Фырты, Фырт та ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты. Ӕмӕ мах тыххӕй Йесойӕн йӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр уымӕн уыди, зӕгъгӕ, «се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕны Йегъовӕ» (Иоан. 6:45; Ис. 54:13). Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр архайӕм, нӕ Паддзах нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, сӕйраджыдӕр нӕ уый тыххӕй кӕй ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ уый фӕрцы нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм.

a Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Фыд йӕ Фыртӕн бацамыдта, адӕмы куыд хъӕуы ахуыр кӕнын, уый? Йесо адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ фӕсномыг ныхӕстӕ кӕй дзырдта, уымӕй сӕххӕст, йӕ райгуырдӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр фыст чи ’рцыд, уыцы пехуымпарад (Пс. 78:2; Матф. 13:34, 35). Йегъовӕ йӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, бирӕ раздӕр кӕй аскъуыддзаг кодта, йӕ Фырт адӕмы фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы кӕй ахуыр кӕндзӕн (2 Тим. 3:16, 17).

b Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай адӕймаджы» ӕмӕ сӕ «дыгӕйттӕй арвыста». Ӕмӕ уыдонӕн дӕр бацамыдта, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый (Лук. 10:1–16).

c Иуӕй-иутӕ Галаады скъолайы иу хаттӕй фылдӕр ахуыр кодтой.

d Галаады скъола чи фӕци, уыцы миссионертӕ ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы цы стыр куыст бакодтой, уый тыххӕй бӕстондӕр дзырд цӕуы чиныджы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 23 сӕр (уырыс.).

e Ныртӕккӕ фӕстаг дыууӕ скъолайы бӕсты ис Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола.

f Ныр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр фӕахуыр кӕнынц Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы. Скъола фӕцӕуы цалдӕр азы иу хатт. 1984 азӕй фӕстӕмӕ ацы скъоламӕ фӕхонынц кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр.

Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый бӕлвырдӕй уыныс?

  • Йесойы йӕ Фыд цӕуыл сахуыр кодта?

  • Паддзах йӕ фӕдылдзӕуджыты хъусын кӕнын куыд ахуыр кӕны?

  • Бӕрнон ӕфсымӕртӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куыд ахуыр кӕнынц?

  • Дӕ бон куыд у равдисын, нӕ Паддзах нӕ кӕй ахуыр кӕны, уымӕн кӕй аргъ кӕныс?

ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ СКЪОЛАТӔ

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД ӔМӔ НӔ ЛӔГГАД

Йӕ нысан: хъусынгӕнджыты хорз хабар арӕхстджынӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хорз амонынмӕ цӕттӕ кӕнын.

Цас фӕцӕуы: ӕдзухдӕр.

Кӕм фӕцӕуы: бынӕттон Паддзахады залы.

Чи дзы фӕахуыр кӕны: йӕхи ныффыссын дзы йӕ бон у, ӕмбырдтӕм чи цӕуы, Библийы ахуырӕдтимӕ разы чи у ӕмӕ йӕ цард Библимӕ гӕсгӕ чи аразы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. Кӕд дӕу дӕр фӕнды, уӕд уый тыххӕй зӕгъ ацы фембӕлды цӕстдарӕгӕн.

Цы пайда хӕссы: ацы фембӕлды ахуыр кӕнӕм алыхуызон фарстатӕ иртасын, стӕй хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл бӕттын ӕмӕ сӕ раст ӕмбарын кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй фылдӕр нӕхиуыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн Хуыцауы базонынӕн куыд баххуыс кӕнӕм, ууыл.

Арни бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ къӕзӕнӕг дзурын, ӕмӕ-иу искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ йӕ цӕстытӕм кӕсын дӕр ӕфсӕрмы кодтон. Фӕлӕ ацы [фембӕлды] фӕрцы фӕныфсджындӕр дӕн. Стӕй ма дзы Йегъовӕйы фӕрцы сахуыр дӕн дзургӕ-дзурын раст улӕфын ӕмӕ, цы дзурын, ууыл хъуыды кӕнын, куыд дзурын, ууыл нӕ, фӕлӕ. Ӕз Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, мӕ бон ӕй кӕй у ӕмбырды дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр кадджын кӕнын».

Гыццыл хъусынгӕнӕг Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы кӕсы Библийӕ скъуыддзаг.

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТЫ СКЪОЛАg

Йӕ нысан: цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сахуыр уой алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын.

Цас фӕцӕуы: фондз боны.

Кӕм фӕцӕуы: уый аскъуыддзаг кӕны филиал; арӕхдӕр хӕстӕгдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Куыд ӕм фӕхонынц: хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхоны филиал.

Цы пайда хӕссы: Паттерсоны (штат Нью-Йорк, АИШ) ацы скъолайы 92-ӕм къласы чи ахуыр кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ мӕнӕ цы загътой:

«Ацы скъола мын стыр ӕххуыс фӕци. Мӕ зӕрдӕмӕ ныккастӕн ӕмӕ бамбӕрстон, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы фыстӕн хорз фыййау уон».

«Цӕрӕнбонты дӕр мӕ нӕ ферох уыдзӕн, уыцы скъолайы цӕуыл сахуыр дӕн, уый».

ПИОНЕРТЫ СКЪОЛА

Йӕ нысан: пионертӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй «сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой» (2 Тим. 4:5).

Цас фӕцӕуы: ӕхсӕз боны.

Кӕм фӕцӕуы: уый аскъуыддзаг кӕны филиал; арӕхдӕр хӕстӕгдӕр Паддзахады залы.

Куыд ӕм фӕхонынц: ӕппынкъаддӕр иу аз ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ районон цӕстдарӕг писмотӕ арвиты ӕмӕ сӕ фӕхоны. Пионерӕй бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны ӕмӕ ацы скъолайы фӕстаг фондз азы чи нӕ ахуыр кодта, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕхонынц ногӕй.

Цы пайда хӕссы: «Ацы скъолайы фӕрцы базыдтон, мӕ лӕггады ӕмӕ мӕ царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уыдоны сӕрты куыд хизон, уый. Стӕй дзы сахуыр дӕн Библи лӕмбынӕгдӕр иртасын, иннӕтӕн рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын кӕнын ӕмӕ Библийӕ арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнын. Ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, куыд хъӕуы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕнын, стӕй мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырд рӕза ӕмӕ фидардӕр кӕна» (Лили).

Брендӕ, ацы скъолайы дыууӕ хатты чи ахуыр кодта, ахӕм хо, зӕгъы: «Пионерты скъолайы фӕрцы мӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕм сарӕзтон, стӕй сахуыр дӕн, Библимӕ гӕсгӕ мын ме ’фсарм цы дзуры, уымӕ хъусын ӕмӕ, иннӕтӕн мӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, ууыл хъуыды кӕнын. Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн нымӕц нӕй!»

НОГ ВЕФИЛӔГТЫ СКЪОЛА

Йӕ нысан: Вефилы лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕной.

Цас фӕцӕуы: 4 боны, алы бон дӕр 4 сахаты.

Кӕм фӕцӕуы: Вефилы.

Куыд ӕм фӕхонынц: Вефилы бинонтӕй чи у, стӕй рӕстӕгмӕ иу азмӕ кӕнӕ фылдӕрмӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдон фыст ӕрцӕуынц, лӕггад кӕнын куы райдайынц, уӕд.

Цы пайда хӕссы: Димитриос ацы скъолайы ахуыр кодта 1980-ӕм азты. Уый загъта: «Ацы скъолайы фӕрцы сахуыр дӕн мӕ рӕстӕг афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсон ӕмӕ йӕ лӕмбынӕгдӕр иртасон. Скъола мын баххуыс кодта Вефилы бирӕ азты лӕггад кӕнынӕн. Скъола чи уагъта, уыцы ахуыргӕнджыты фӕрцы, стӕй дзы цы ӕрмӕг ӕвзӕрстам ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ фехъуыстам, уый фӕрцы дӕр ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ мыл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уон».

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ХЪУСЫНГӔНДЖЫТЫ СКЪОЛАh

Йӕ нысан: ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты (чырыстон бинонты, ӕнӕус ӕфсымӕрты ӕмӕ, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хоты) бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы къухы ноджы хуыздӕр мигӕнӕнтӕ уой ӕмӕ сын йӕ организаци сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакӕна. Ацы скъолайы фӕстӕ бирӕты снысан кӕндзысты, сӕ бӕстӕйы ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм. 50 азӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, уыдоны, гӕнӕн ис, рӕстӕгмӕ снысан кӕной сӕрмагонд пионертӕй, цӕмӕй, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕй, ахӕм дард рӕтты хорз хабар фехъусын кӕной.

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: уый аскъуыддзаг кӕны филиал; арӕхдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Хо уацамынды.

Нӕ организацийы скъолатӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр пайда хӕссынц

Куыд ӕм фӕхонынц: фӕхонынц, ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй 23 азӕй 65 азы онг кӕуыл цӕуы, йе ’нӕниздзинад хорз кӕмӕн у, кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц ӕмӕ пехуымпар Исайау цӕттӕ чи у, уыдоны (Ис. 6:8). Алчидӕр дзы хъуамӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ азы фӕд-фӕдыл лӕггад кӕна ӕххӕстрӕстӕг. Бинонтӕ хъуамӕ иумӕ цӕрой ӕппынкъаддӕр дыууӕ азы. Ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ӕппынкъаддӕр фӕстаг дыууӕ азы лӕггад кӕной хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Кӕд ацы скъола уӕ филиалы территорийы уагъд цӕуы, уӕд, скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн фембӕлд уыдзӕн регионалон конгрессы ӕмӕ сын уым алцыдӕр бӕстон бамбарын кӕндзысты.

Цы пайда хӕссы: ӕнӕус ӕфсымӕртӕн ӕмӕ чырыстон бинонтӕн цы скъолатӕ уыд, уым чи сахуыр кодта, уыдон бирӕ хорз ныхӕстӕ загътой уыцы скъолаты тыххӕй. 2013 азы Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ уыцы дыууӕ скъолайы баиу кодтой ӕмӕ ныр хуыйны Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Ныр уыцы скъола цы пайда хӕссы, уый сӕхиуыл бавзардзысты ноджы фылдӕр иузӕрдион пионертӕ, уыимӕ, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хотӕ дӕр.

ГАЛААДЫ СКЪОЛА

Йӕ нысан: чи дзы сахуыр кӕна, уыдоны, гӕнӕн ис, снысан кӕной цӕуӕг цӕстдарджытӕй, кӕцыдӕр ӕмбырдтӕм миссионертӕй кӕнӕ та Вефилмӕ. Ацы скъола чи фӕци, уыдон сӕ зонындзинӕдтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ филиалты куыст ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕуа.

Цас фӕцӕуы: фондз мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк).

Галаады скъолайы студенттӕ хъусынц сӕ ахуыргӕнӕгмӕ.

Галаады скъола, Паттерсон (штат Нью-Йорк)

Куыд ӕм фӕхонынц: фӕхонынц ӕм сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – бинонты, ӕнӕус ӕфсымӕрты ӕмӕ, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хоты. Миссионертӕй чи лӕггад кӕны, фӕлӕ ацы скъолайы чи нӕма ахуыр кодта, уыдонӕн, сӕрмагонд пионертӕн, Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн, стӕй цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн анкетӕ ратты сӕ бӕстӕйы филиалы комитет. Хъуамӕ зоной англисагау дзурын ӕмӕ фыссын.

Цы пайда хӕссы: Иугонд Штаттӕй иу бинонтӕ, Ладэ ӕмӕ Моникӕ, ныр цалдӕр азы лӕггад кӕнынц, скъолайы фӕстӕ сӕ цы бӕстӕмӕ снысан кодтой, уым. Уыдон дзурынц:

«Галаады скъолайы фӕстӕ цӕттӕ стӕм, цӕмӕй зӕххыл кӕдӕмфӕнды дӕр ацӕуӕм ӕмӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕртимӕ ӕвӕллайгӕйӕ фыдӕбон кӕнӕм» (Ладэ).

«Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайын, уӕд мын мӕ лӕггад ӕрхӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ мын уый дзурӕг у, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, ууыл» (Моникӕ).

БӔРНОН ӔФСЫМӔРТЫ СКЪОЛА

Йӕ нысан: цӕмӕй цӕуӕг цӕстдарджыты, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты сахуыр кӕной, ӕмбырды ӕмӕ ма сыл Йегъовӕйы организацийы ноджыдӕр цы хӕстӕ ис, уыдон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын (Хъуыд. 20:28). Дзырд дзы фӕцӕуы, ӕмбырдтӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы ӕмӕ ӕвӕстиатӕй цы хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, уыдоныл. Ацы скъола вӕййы цалдӕр азы мидӕг иу хатт, Разамонӕг совет кӕд спълан кӕны, уӕд.

Цас фӕцӕуы: фӕстаг азты алыхуызӕтты.

Кӕм фӕцӕуы: арӕхдӕр хӕстӕгдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Куыд ӕм фӕхонынц: хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фӕхоны районон цӕстдарӕг, цӕуӕг цӕстдарджыты та – филиал.

Цы пайда хӕссы: «Кӕд ацы скъолайы цыбыр рӕстӕгмӕ тынг бирӕ ӕрмӕг фӕхъӕуы равзарын, уӕддӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн стыр ӕххуыс вӕййы, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕной ӕмӕ, кӕм хъӕуы, уым-иу лӕгдзинад равдисой. Ӕрӕджы кӕй снысан кодтой, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хорз уынаффӕтӕ фехъусынц, ӕмӕ сын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы дзуг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хизой ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕной» (Куин).

«Скъолайы ӕвзӕрстам алыхуызон фарстатӕ. Баххуыс нын кодта Хуыцауы хъуыдытӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн, нӕ хъус нын ӕрдардта, тӕссаг нын цӕмӕй у, уыдӕттӕм ӕмӕ хорз уынаффӕтӕ фехъуыстам, Хуыцауы дзугмӕ куыд хъӕуы кӕсын, уый фӕдыл» (Майкл).

СКЪОЛА ЦӔУӔГ ЦӔСТДАРДЖЫТӔН ӔМӔ СӔ УСТЫТӔНi

Йӕ нысан: цӕмӕй цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕной, дарддӕр дӕр «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы» фыдӕбон кӕной ӕмӕ сын сӕ бар кӕй бакодтой, уыдонмӕ дзӕбӕх кӕсой (1 Тим. 5:17; 1 Пет. 5:2, 3).

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: уый аскъуыддзаг кӕны филиал.

Куыд ӕм фӕхонынц: цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты фӕхоны филиал.

Цы пайда хӕссы: «Ноджы хуыздӕр бамбӕрстам, ӕмбырдтӕн разамынд Йесо кӕй дӕтты, уый. Бамбӕрстам, куыд тынг хъӕуы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты фидар кӕнын ӕмӕ, алы ӕмбырды дӕр иудзинад уа, ууыл архайын. Нӕ зӕрдыл бадардтам иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд цӕуӕг цӕстдарӕджы фӕхъӕуы уынаффӕ раттын ӕмӕ хатт та зонд бацамонын дӕр, уӕддӕр сӕйраджыдӕр хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕна, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый ӕмбарынӕн» (Джоэл ӕмӕ Конни, АИШ-ы фыццаг кълас, 1999 аз).

СКЪОЛА ФИЛИАЛТЫ КОМИТЕТТЫ УӔНГТӔН ӔМӔ СӔ УСТЫТӔН

Йӕ нысан: филиалты комитетты уӕнгтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Вефилты хуыздӕр разамынд дӕттой ӕмӕ сӕ хъус дарой, ӕмбырдты лӕггадимӕ баст чи у, уыцы хъуыддӕгтӕм, стӕй сӕ территорийы районтӕм (Лук. 12:48ӕ).

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк, АИШ).

Куыд ӕм фӕхонынц: филиалты комитетты ӕмӕ бӕстӕты комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ устыты фӕхоны Разамонӕг советы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет.

Цы пайда хӕссы: Лоуэлл ӕмӕ Карӕ ахуыр кодтой 25-ӕм къласы, ныр лӕггад кӕнынц Нигерийы.

Лоуэлл радзырдта: «Скъолайы мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уон ӕмӕ мын цавӕрфӕнды куыст ма бахӕс кӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн сӕйраг у, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсон».

Карӕ дӕр радзырдта, скъолайӕ йӕхицӕн зондӕн цы райста, уый тыххӕй: «Кӕд иннӕтӕн исты хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнын мӕ бон нӕу, уӕд уал ӕй фыццаг хъуамӕ мӕхӕдӕг лӕмбынӕгдӕр раиртасон».

g Ацы скъола нырма алы бӕстӕйы уагъд нӕ цӕуы.

h Ацы скъола нырма алы бӕстӕйы уагъд нӕ цӕуы.

i Ацы скъола нырма алы бӕстӕйы уагъд нӕ цӕуы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын