Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 7 сӕр 1–4 хӕйттӕ
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 АРХАЙУТ, ЦӔМӔЙ УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН УЕМӔ НЫХАС КӔНЫН ӔНЦОН УА
  • 2 АФТӔ ЦӔМӔН ДЗУРЫНЦ, УЫЙ-ИУ БАМБАРУТ
  • 3 ИУ ХЪУЫДЫЙЫЛ ХӔСТ УТ
  • 4 ПЪЛАН СКӔНУТ
  • Сывӕллоны хъомыл кӕнут йӕ гыццылӕй
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн дын Библи баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уа
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 7 сӕр 1–4 хӕйттӕ
Фыд ӕмӕ фырт иумӕ велосипед цалцӕг кӕнынц

7 ХАЙ

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

«Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы. Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы» (Дыккаг закъон 6:6, 7)

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд ныййарджытӕн бахӕс кодта сӕ цот хъомыл кӕнын (Колоссӕгтӕм 3:20). Уӕдӕ уын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд сӕ хъуамӕ ахуыр кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:15). Стӕй ма хъуамӕ зонат, уӕ лӕппу кӕнӕ уӕ чызджы зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сын уӕхӕдӕг фӕзминаг уат. Йегъовӕйы Ныхас уӕхи зӕрдӕйы куы уа, уӕд ӕй уӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр амондзыстут (Псалом 40:8).

1 АРХАЙУТ, ЦӔМӔЙ УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН УЕМӔ НЫХАС КӔНЫН ӔНЦОН УА

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕн» (Иаковы 1:19). Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уемӕ ӕргом ныхас кӕной, уӕд хъуамӕ зоной, уемӕ сӕ аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд сӕм кӕй байхъусдзыстут. Куы архайат, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа, уӕд, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын сын ӕнцондӕр уыдзӕн (Иаковы 3:18). Афтӕ сӕм куы кӕса, ӕмӕ сӕм смӕсты уыдзыстут кӕнӕ сӕ бафхӕрдзыстут, уӕд сын уемӕ ӕргом ныхас кӕнын зын уыдзӕн. Уӕ сывӕллӕттимӕ фӕразон ут ӕмӕ-иу сын арӕх дзурут, кӕй сӕ уарзут (Матфейы 3:17; 1 Коринфӕгтӕм 8:1).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕ сывӕллӕтты уемӕ истӕуыл аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу сӕм ӕнӕмӕнгӕй байхъусут.

  • Семӕ-иу ӕдзух ныхас кӕнут, исты куы ӕрцӕуа, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ.

2 АФТӔ ЦӔМӔН ДЗУРЫНЦ, УЫЙ-ИУ БАМБАРУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Хъуыддаг хорз чи ӕмбары, уый ссардзӕн хорздзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 16:20). Хатт фӕхъӕуы бамбарын, уӕ сывӕллӕттӕ уын цы дзурынц, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, уый дӕр. Арӕх сывӕллӕттӕ хъуыддаг ныддиссаг кӕнынц кӕнӕ та дзургӕ иу фӕкӕнынц, хъуыды та ӕндӕр цыдӕр. «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми» (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Уӕдӕ-иу уайтагъд ма рамӕсты у (Ӕмбисӕндтӕ 19:11).

Чызг цыдӕр загъта, ӕмӕ йӕм йӕ мад загъд кӕны

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Сывӕллон уын цыфӕнды ма дзура, уӕддӕр-иу ын йӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуынут ӕмӕ-иу ма рамӕсты ут.

  • Уӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕнут, уӕхӕдӕг уый карӕнӕй куыд уыдыстут ӕмӕ уӕм ахсджиаг цы каст, уый.

3 ИУ ХЪУЫДЫЙЫЛ ХӔСТ УТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Сывӕллон хъомыл кӕныны хӕс Йегъовӕ сӕвӕрдта фыдыл дӕр ӕмӕ мадыл дӕр. Хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнат, цӕмӕй уын аргъ кӕной ӕмӕ уӕ коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 6:1–3). Ныййарджытӕ «иу зондыл хӕст» куы нӕ вӕййынц, уӕд уый сывӕллӕттӕ фембарынц (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Кӕрӕдзиимӕ истӕуыл разы куы нӕ уат, уӕд-иу ууыл сывӕллӕтты раз ма ныхас кӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ныййарджыты кад сывӕллӕтты цӕсты дӕлӕмӕ ’рхауы.

Фыд йӕ фыртӕн хибарӕй зонд амоны, мад ӕмӕ сӕ иннӕ лӕппу та сты иннӕ къомнӕты

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд амондзыстут, ууыл-иу ныхас кӕнут ӕмӕ-иу иу хъуыдымӕ ’рцӕут.

  • Уӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзыстут, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат, уӕд-иу бацархай, дӕ цардӕмбал хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл.

4 ПЪЛАН СКӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Уӕ сывӕллӕттӕй хорз адӕймӕгтӕ сӕхихъӕдӕй нӕ рауайдзӕн. Куыд сӕ хъомыл кӕндзыстут, уый фӕдыл уын хъуамӕ пълан уа, стӕй уӕ рох ма уӕд, хатт сӕ бафхӕрын дӕр кӕй фӕхъӕуы (Псалом 127:4; Ӕмбисӕндтӕ 29:17). Дзырд «ӕфхӕрын» Библийы фӕамоны «зонд амонын» дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ исты куы фӕдомут, уӕд-иу сын бамбарын кӕнут, уый сӕ цӕмӕн домут, уый (Ӕмбисӕндтӕ 28:7). Стӕй ма сӕ ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы Ныхас уарзой ӕмӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый ӕмбарой (Псалом 1:2). Афтӕмӕй базондзысты, цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ цӕсгом Хуыцауы раз алкӕддӕр сыгъдӕг уа (Дзуттӕгтӕм 5:14).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы базоной ӕмӕ йыл сӕ ныфс дарой.

  • Бамбарын сын кӕнут, Интернет сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕн тӕссаг цӕмӕй у ӕмӕ сӕхи куыд хъахъхъӕной. Бацамон сын, хӕлд адӕмӕй сӕхи куыд бахизой.

Ныййарджытӕ сӕ гыццыл лӕппуйы ахуыр кӕнынц Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста

«Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр»

ЙЕГЪОВӔ УЫН УӔ ФЫДӔБОНӔН РААРФӔ КӔНДЗӔН

Ныййарджытыл ис тынг ахсджиаг хӕс – хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕной, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын (Ефесӕгтӕм 6:4). Йегъовӕ зоны, уый ӕнцон кӕй нӕу, фӕлӕ фидарӕй зонут, уӕ фыдӕбон Йегъовӕйӕн стыр кад кӕй ӕрхӕсдзӕн, сымахӕн та – стыр циндзинад (Ӕмбисӕндтӕ 23:24).

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй мӕ сывӕллонӕн мемӕ алцӕуылдӕр ныхас кӕна?

  • Иннӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнынц, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын